Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Коцойты Арсен. Джанаспи (уацау)

Журнал «Ирæф», 2018, №4

Мигель де Сервантес Сааведра

ЦЫМЫДИСДЗИНАДЫ БÆЛЛÆХТÆ

Повесть

Тосканæйы провинцийы итайлаг хъæздыг æмæ кадджын горæт Флоренцийы цардысты хъæздыг æмæ уæздан мыггæгтæй рацæугæ дыууæ дворянины, Ансельмо æмæ Лотарио. Уыдон афтæ лымæн уыдысты, æмæ сæм сæ зонгæтæ сæ нæмттæй дæр нæ дзырдтой, фæлæ сæ хуыдтой «дыууæ ’рдхорды». Дыууæ дæр уыдысты æнæус, æрыгæттæ, иу зондыл хæст. Бахæлар уæвынæн та уымæй фылдæр нæ хъуыди. Раст зæгъын хъæуы, Ансельмо сылгоймæгты ’рдæм здæхтдæр уыди, Лотарио та цуан кæнын уарзта. Уыдис-иу ахæм рæстæджытæ, æмæ-иу дзы иу иннæйы хиирхæфсæнтæм куы аздæхт. Цыбыр ныхасæй, кæрæдзийы афтæ ’мбæрстой, æмæ, куыд фæзæгъынц, иу хæдон дæр сын уæрæх уыд.

Ансельмо бауарзта сæхи горæтаг уæздан мыггагæй рацæугæ рæсугъд чызджы. Йе ’рдхорд Лотариойы хъуыды куы бамбæрста — уый æвастæй та иу хъуыддаг дæр нæ кодта, уæд ус курыныл ныллæууыд. Лотарио минæвæрттимæ бацыд чызджы ныййарджытæм æмæ йе ’мбалы фæндтæ кæронмæ ахæццæ кодта. Ансельмойы бæллиц сæххæст. Къаддæр цин нæ кодта Камиллæ дæр. Дунескæнæг æмæ Лотариойæ бузныг уыди, уарзон адæймагимæ йын йæ цард чи баиу кодта. Чындзæхсæвы фæстæ, куыд вæййы, афтæ иу бон уыд иннæмæй хъæлдзæгдæр æмæ цинæфсæстдæр. Лотарио раздæры хуызæн арæх бæрæг кодта йе ’мбалы, архайдта, цæмæй йæ рæстæг хъæлдзæгдæрæй æрвыстаид, ууыл. Чындзæхсæв фæсте аззад. Уазæг сæм нал цыди, арфæгæнджытæ дæр сæ хъуыддаг кондыл банымадтой. Лотарио дæр сæм раздæры хуызæн арæх нал цыд, уымæн æмæ, йе ’рдхорд хъуыддаг куынæма бакодта, уæд æмæ уый фæстæйы рæстæг иу барæнæй баргæ нал уыди. Æцæг хæлардзинады чысыл дызæрдыгдзинадæн дæр хъуамæ бынат ма уа. Бинонтæ кæмæн уа, уый зæрдæ та къæпгæнаг у æмæ йæ зæрдæ фехсайын йæ бон у суанг йæхи ’фсымæрмæ дæр.

Ансельмо æнæбафиппайгæ нæ фæци, Лотарио сæм арæх кæй нал цæуы, уый, æмæ йыл йæ зæрдæ кæй худы, уый æргом дæр загъта, чындзæхсæвы фæстæ кæрæдзийы афтæ арæх нал уындзыстæм, уый куы зыдтаин, уæд, дам, ус ницы хуызы ракуырдтаин. Махмæ арæх цæуынæй кæй тæрсыс, уый, дам, æфсонæн нæ бæззы, цæмæй нæм фыццаджы хуызæн «дыууæ ’рдхорды» номæй мауал дзурой, æмæ Лотариойæ куырдта, цæмæй сæм фыццагау арæх цæуа, уыимæ йæ цы афон бафæнда, уыцы афон. Камиллæ, дам, раздæр не ’хсæн цы ахастдзинæдтæ уыд, уый зоны æмæ дис кæны, ныртæккæ дæхи куыд дарыс, ууыл.

Лотарио-иу уыцы ныхæстæм фæхъуыста æмæ-иу сын радта зондджын æмæ арфхъуыдыджын дзуæппытæ æмæ Ансельмойы баууæндын кодта йæ хъуыдыты рæстдзинадыл. Æппынфæстаг æрцыдысты ахæм хъуыдымæ: Лотарио къуыри дыууæ хатты æмæ бæрæгбæтты сихор хæрынмæ цæудзæни йе ’рдхордмæ. Фæлæ уæддæр Лотарио архайдта, цæмæй йе ’рдхорды намысыл къæм мацы хуызы абадтаид, уымæн æмæ йæм уый кад йæхи кадæй бæрзонддæр æвæрд уыд. Хъуыды кодта афтæ: Хуыцау лæгæн йæ хай рæсугъд ус куы фæкæна, уæд хъуамæ йæ цæст дара, йæ хæдзармæ æмбалы хуызæн кæй хоны, уыдонмæ, стæй йæ усы хæлæрттæм дæр, уымæн æмæ уынджы, аргъуаны, адæм сæ рæстæг хъæлдзæгæй кæм фервитынц, стæй фæдзæхст бынæтты (уырдæм лæгæн йæ усы нæ бауадзынæн арæх æфсон нæ вæййы) фембæлд снысан кæнынæн фадæттæ нæ вæййы, хæдзары та дын де ’мбал кæнæ дæ хæстæг ахæм уавæртæ æнцонæй сараздзæн. Лотарио ма йæ ныхасмæ бафтыдта, лæгæн дæр æмæ, дам, усæн дæр хъуамæ уа ахæм хæлар, сæ аиппытæ сын чи дзура, уымæн æмæ, йæ усы бирæ чи уарзы, ахæм лæг, дам, йæ усæн, куы йæм фæхæрам уа, уымæй тæрсгæйæ нæ фæдзуры, йæхи куыд дарын хъæуы æмæ куыннæ хъæуы, кад сын цы кæны æмæ сын цы нæ кæны, уыдæттæ. Ахæм æрдхорд, дам, кæмæн вæййы, уый йæхи бахизы бирæ рæдыдтытæй. Фæлæ Лотарио кæй кой кодта, ахæм зондджын иузæрдион, æууæнкджын æрдхорд кæм ссардæуа? Лотариойæн йæхицæй хуыздæр ахæм бынаты ничи сфидыдтаид, уымæн æмæ уый алы хуызы дæр архайдта йе ’мбалы кад хъахъхъæныныл, куыд баныхас кодтой, афтæ арæх дæр сæм уый тыххæй нал цыди. Хъуамæ, дзырдмондагæй чи мæлы, ныхæстæ рахæссбахæсс кæныны фыдæй цъæх арт чи уадзы, уыдоны дзыхы ма бахаудаид. Хæлæггæнджытæ уый хуызæн хъæздыг, уæздан æмæ æгъдауылхæст лæппулæгыл фау æвæрын сæ уд-сæ дзæцц хонынц, æмæ тарсти, йе ’мбалы хæдзары йæ арæх куы уыной, уæд ыл истытæ куы ’рымысой, уымæй. Раст зæгъын хъæуы, Лотарио йæ хæрзæгъдаудзинадæй ныфсджын уыд, цыфæнды хахуыргæнджытæн дæр аккаг дзуапп раттын кæй бафæраздзæн, ууыл йæ зæрдæ дардта, фæлæ уæддæр йæ намысыл, йе ’мбал æмæ уый бинойнаджы намысыл къæм абадынæй алы хуызы дæр йæхи хъахъхъæдта. Йæ хæлæртты хæдзармæ арæх кæй нал цыд, уымæн-иу æрхъуыды кодта алы ’фсæнттæ. Цæмæй йыл Ансельмо баууæнда, уый тыххæй йæ кæд бирæ рæстæг хардз кæны хъуыд, уæддæр æм уый тыххæй фæсмон никуы ’рцыд, уымæн æмæ, йæхи сраст кæнынæн цытæ мысыди, уыдон иууылдæр уыдысты хæлардзинады охыл.

Иуахæмы та дыууæ ’мбалы тезгъо кæнынмæ ацыдысты тыгъд быдырмæ. Ансельмо Лотариойæн загъта ахæм ныхæстæ:

Мæ хæлар Лотарио, дæумæ, æвæццæгæн, афтæ кæсы, æмæ æз не ’мбарын, Стыр Хуыцау мæнæн цы диссаджы хæрзты бацыд, уый. Тынг дзæбæх дæр сæ ’мбарын. Æз æнæкæрон бузныг дæн Бæрзондыл Бадæгæй, ахæм ныййарджытæ мын кæй радта, æрдзон курдиæттæй мæ æнæхайæ кæй нæ ныууагъта, уыдонимæ зæххон хорздзинæдтæй дæр, дæу хуызæн æрдхордыл кæй фембæлдтæн æмæ мын Камиллæйы хуызæн цардæмбал йæ цæст кæй бауарзта, уыдоны тыххæй. Уæ дыууæйы дæр æз хонын мæ хъæздыгдзинад æмæ, куыд мæ бон у, афтæ архайын сымах аккаг уæвыныл, кæд мæ къухы, куыд æмбæлы, æдзух афтæ нæ бафты, уæддæр. Кæд амондæн цыдæриддæр хъæуы, уыдонæй алцæмæйдæр хайджын дæн, уæддæр æз мæхи нымайын хъæды халонау иунæг æмæ æнамондыл. Ныр мын иуцасдæр рæстæг мæ уд хæры æнахуыр хъуыды. Мæхинымæр йемæ тох кæнын, фæлæ йын ницы мæ бон у. Мæхиуыл дис дæр фæкæнын, мæсты дæр свæййын, мæхиимæ тох кæныныл дæр ацархайын, уæддæр æнамонд, фæлæ цымыдисæй дзаг хъуыды сæрæй сурын нæ комы. Мæ сусæгдзинад æмбæхсын дæр мæ бон нæу, йæ рахъæр кæнынæй дæр тæрсын. Фæлæ, æвæццæгæн, раджы уа, æрæджы, раргом уыдзæн æмæ йæ ацы дунейы, кæмæн зæгъон, ахæм дæу йеддæмæ нæй. Æз ныфсджын дæн дæ мадзурайæ, мæнмæ цы хорз зæрдæ дарыс, уымæй. Фидар ныфс мæ ис, мæ дызæрдыгдзинæдтæ дæ фæрцы рæхджы кæй аиуварс уыдзысты æмæ мæ æрвылбоны хъизæмæрттæй кæй фервæздзынæн, мæхи цы къуырцдзæвæнмæ батардтон, уырдыгæй кæй рацæудзынæн æмæ та мæ сагъæсты бынат цин кæй бацахсдзæн.

Ансельмойы ныхæстæ Лотариойы дисы бафтыдтой. Йе ’мбал дзургæ бирæ фæкодта, фæлæ, цæй охыл, уымæн бамбарæн нæ уыд. Лотарио алырдæм дæр ахъуыды кодта, фæлæ, Ансельмойы ахæм уавæрмæ цы ’ркодта, уымæ хæстæг дæр нæ бацыд. Цæмæй йæ тыхстæй фервæза, уый тыххæй йе ’мбалæн бамбарын кодта, йæ дæлгоммæ ныхæстæй сæ хæлардзинад æфхæргæ кæй кæны æмæ йæ, кæд уый нæ фæнды, уæд хъуамæ, цы зæгъинаг у, уый æргомæй зæгъа. Афтæ куы бакæна, уæд Ансельмойæн йæ бон у Лотариойыл йæ зæрдæ дарын. Кæд йæ хъуыды, адæмы рæгъмæ хæссыны аккаг нæ уа, уæд ын, хуыздæр уынаффæ цы уа, уый нæ бахæлæг кæндзæн, кæд уый аккаг уа, уæд та йын царды рауадзынæн æппæт дæр сараздзæн.

Уымæй раст зæгъыс, — сразы Ансельмо. — Дæ ныхæстæй алкæуыл дæр кæй æууæндын, мæ сусæгдзинад дæр дын уый тыххæй раргом кæнынмæ хъавын. Фæстаг рæстæджы мын æнцой цы хъуыддаг нæ дæтты, уый баст у мæ бинойнагимæ. Камиллæйæн, æз куыд хæрзæгъдау æмæ æнæипп æнхъæл дæн, æцæгæй дæр ахæм у æви нæу, уый базонын мæ тынг фæнды. Уый сбæлвырд кæныны тыххæй та йæ æз хъуамæ бафæлварон, сызгъæрин зынгæй куыд бафæлварынц, афтæ. Сылгоймагæн йæ уарзондзинад куы ничи хъара, уæд æй æгъдауджын æмæ хиуылхæст рахонæн нæй. Æгьдауджын æмæ хиуылхæст уыцы сылгоймаг у, нæлгоймæгтæ сæ уарзондзинад кæмæн фæхъарынц æмæ сæм фæстæмæ дæр чи нæ фæкæсы, сæ лæгъстæтæ æмæ лæвæрттæ сын чи ницæмæ ’рдары. Цæмæй йæ лæгыл иузæрдион ма уа, ууыл кæд ничи бафæлвæрдта, уæд ахæм сылгоймаджы йæ лæгыл иузæрдион рахонæн куыд ис? Æддæдзаст кæй у, уый тыххæй фадæттæ кæмæн нæ уыди, стæй йыл ахæм хъуыддагæй йæ лæг истæуыл куы фæгуырысхо уа, уæд æй æгасæй кæй нæ ныууадздзæн, уый куы зона æмæ афтæмæй уæздан æмæ хиуылхæстæй йæхи куы ’вдиса, уæд уым диссагæй ницы ис. Йæ лæгæй тæрсгæйæ, кæнæ та йын йæ лæгыл гадзрахатæй рацæуыны фадат кæй нæ фæци, уый фæрцы уæздан сылгоймагæн, сæ уарзондзинад кæмæн хъардтой, фæлæ сæм фæстæмæ дæр чи нæ фæкаст, ахæм сылгоймаджы хуызæн кад куыд хъуамæ кæнон?! Уымæ гæсгæ мæ — стæй канд уымæ гæсгæ нæ — фæнды, цæмæй мæ бинойнаг ахиза уыцы зындзинæдты сæрты, йæхи асыгъдæг кæна æмæ судзгæ арты бахсида æндонау. Кæд уыцы тохæй уæлахизæй рацæуа, — уæлахизæй кæй рацæудзæн, ууыл та дызæрдыг нæ кæнын, — уæд æз мæхи нымайдзынæн дунейы æппæты амондджындæр адæймагыл. Мæ бæллицты дзæкъул та бауыдзæн йæ тæккæ дзаг æмæ зæгъдзынæн: «Хъысмæт мын балæвар кодта сылгоймæгты хуыздæры!» Кæд фæфыдæнхъæл уон, уæддæр уыцы стыр рыстæн бафæразын мæ бон бауыдзæн. Рагацау дын зæгъын, мæ фæндонимæ не сразы уæвынæн цыфæнды æфсæнттæ куы ссарай, уæддæр сыл нæ баууæнддзынæн æмæ дæ уый курæг дæн: сразы у мæ фæндтæ сæххæст кæныны сæйраг архайæгыл. Мæнырдыгæй дын алцы бартæ дæр уыдзæн, мæ бинойнаджы дæхирдæм раздахынæн дæ цыдæриддæр фæнды, уый кæн, уымæн дын æз æппæт фадæттæ дæр сараздзынæн. Табуафси, архай, алчидæр аргъ кæмæн кæны, уыцы сыгъдæгзæрдæ, хиуылхæст æмæ уæздан Камиллæйы фæрæдийын кæныныл. Ацы хъуыддаг ма дæ бар уый тыххæй дæр кæнын, æмæ æууæндын, бынтон кæронмæ йæ кæй нæ ахæццæ кæндзынæ. Цы сфæнд кодтон, ууыл баууæнддзынæн. Мæн та æндæр ницы хъæуы. Мæ кадыл къæм абаддзæн æрмæстдæр хъуыдыты, уымæн æмæ, кæй никæмæн ницы радзурдзынæ, ууыл фидарæй æууæндын. Кæд мæ цард цард рахонæн уа, уый дæ фæнды, уæд ацы уысмæй фæстæмæ бацу уарзондзинады хæсты, æрмæст зивæггæнгæ, уазалæй нæ, фæлæ, æцæг чи бауарзы, ахæм лæппуйы æнкъарæнтимæ. Ацы хæс æххæст кæнгæйæ дæ зæрдыл дар æмæ хъуыды кæн, не ’хсæн цы хæлардзинад ис, ууыл.

Лотарио Ансельмомæ хъуыста зæрдиагæй æмæ, цалынмæ йæ фæстаг ныхæстæ загъта, уæдмæ дзы иу мыр дæр нал схауд, фæлæ Ансельмо куы ныхъхъус, уæд ыл къахæй сæрмæ йæ цæст æрхаста, цыма ныронг æппындæр кæй никуыма федта, ахæм цæмæдæр каст, уый хуызæн тарст æмæ дисхуыз цæстытæй. Æппынæрæджиау райдыдта:

Цытæ фæдзырдтай, уыдон хъазгæйæ нæ дзырдтай, уый мæ ныр дæр нæма уырны, æндæр дæ уыйбæрц дзурын нæ бауагътаин. Раст дын куы зæгъон, уæд мæм афтæ кæсын райдыдта, цыма мæ кæнæ ды нæ зоныс, кæнæ дæ æз нæ зонын. Уæвгæ рæстытæ нæ дзурын. Æз тынг хорз зонын, ды Ансельмо кæй дæ, уый, ды та зоныс, æз Лотарио кæй дæн. Йæ мардæрцыд уый мидæг ис, æмæ мæнмæ кæсын райдыдта, цыма ды раздæры Ансельмо нал дæ, ды та æнхъæлыс æз, ды раздæр кæй зыдтай, уыцы Лотарио нал дæн, уымæн æмæ, æз дæуæй цы ныхæстæ фехъуыстон, уыдон ме ’рдхорд Ансельмо йæ дзыхæй не суагътаид, стæй ды цы курыс, уый, ды цы Лотариойы зоныс, уымæн нæ загътаис, уымæн æмæ поэты загъдау хæстæг æмбæлтты кæрæдзийы фæлварын хъæуы usgue ad aras1, уый та дзурæг у ууыл, æмæ Хуыцауы зæрдæмæ цы хъуыддæгтæ нæ цæуы, уым хæлардзинадæй пайдагæнæн нæй. Кæд муртаттаг хæлардзинад афтæ æмбæрста, уæд æй чырыстон та хъуамæ ноджы арфдæр æнкъара, уымæн æмæ уый зоны, уæларвон хæлардзинад зæххон хæлардзинады сæрвæлтау æрхæссæн кæй нæй. Адæймагæй, йе ’рдхордыл хъуыды кæнгæйæ, йæ удыл хъуыды кæнын куы ферох вæййы, уæд ын уымæн хъуамæ æцæг æфсон уа, ома ныхас цæуа йе ’рдхорды кад кæнæ цардыл. Куыд зæгъыс, Ансельмо, дæ кад кæнæ дæ цардæн истæмæй тæссаг у? Æрмæстдæр уæд сразы уæвæн ис ахæм худинаджы къахдзæф акæныныл. Мæнмæ гæсгæ, дæ кад дæр æмæ дæ цард дæр не сты ахæм уавæры. Уый нæ, фæлæ кæд нæ рæдийын, уæд ды дæхæдæг архайыс æмæ уымæн æппæт дæр аразыс, цæмæй дын æз байсон дæ кад дæр æмæ дæ цард дæр, стæй канд дæ кад æмæ цард нæ, фæлæ ма мæ кад æмæ цард дæр, уымæн æмæ, æз дæ кад куы байсон, уæд дын исын дæ цард дæр. Æгады цардæй мæлæт хуыздæр у. Кæд мæ дæхи фегад кæнынæн хæцæнгарзæн равзæрстай, уæд фегад уыдзынæн мæхæдæг дæр, куы фегад уон, уæд та мæ мæлæт дæр ралæудзæн. Курын дæ, Ансельмо, уыйбæрц фæразон разын, æмæ, цы дæ зæрды æрæфтыд, уый тыххæй цалынмæ мæ хъуыдытæ зæгъон, уæдмæ мæ ма бахъыгдар. Мæнимæ кæм нæ разы кæнай, уым дын дæ хъуыды зæгъыны фадат уыдзæн æмæ дæм æз лæмбынæг байхъусдзынæн.

Табуафси, — загъта Ансельмо, — хъусын дæм, æрмæст мæ мацы басусæг кæн. Алцыдæр æргомæй дзур.

Æмæ Лотарио дарддæр дзырдта:

Дæумæ ныртæккæ цы зæрдæйыуаг ис, уый мын маврты мæ зæрдыл æрлæууын кодта. Цыфæнды дæр сын кæн, дины чиныгæй сын дæнцæгтæ хæсс, æвдисæндартæй пайда кæн, уæддæр сæ ницы хуызы баууæндын кæндзынæ, сæ ахуырад мæнг кæй у, ууыл. Уыдон хъæуы, уырзæй басгарæн кæмæн ис, ахæм дæнцæгтæ, æнцонæмбарæн, сæхи цæстæй кæй уыной, фæдызæрдыг уæвæн кæуыл нæ уа, ахæм æвдисæндартæ. Дæ ныхæстыл сæ куы нæ баууæндын кæнай, уæд дæ бахъæудзæн къухæй амоныны сæр, фæлæ сæ уый дæр нæ баууæндын кæндзæн сæ сыгъдæг дины æцæгдзинадыл. Дæуимæ дæр мæ ахæм мадзæлттæй пайда кæнын бахъæудзæн, уымæн æмæ дæм цы хъуыды фæзынд, уымæй сæрхъæндæр æрымысын зын у. Галиу зондыл кæй ныххæцыдтæ, уый бæлвырд у, фæлæ цæмæй галиу у, уый амоныныл куы схæцон, уæд, æз куыд нымайын, афтæмæй мæ рæстæг дзæгъæлы фесафдзынæн, фæлæ, не ’хсæн цы ’фсымæрон ахастдзинæдтæ ис, уыдон мын бар нæ дæттынц дæу афтæмæй ныууадзынæн, уымæн æмæ зонын, де сæфты къахыл кæй ныллæууыдтæ. Афтæ мын нæ загътай, дæ бинойнаг хæдæфсарм, сыгъдæгзæрдæ, уæздан, фырнымд, цæстуарзон у, зæгъгæ? Загътай. Кæд дæ бинойнаг хæдæфсарм, сыгъдæгзæрдæ, уæздан, фырнымд, цæстуарзон у, уый зоныс, уæд ма йыл цы фæлварæнтæ кæныс? Æмæ æз йæ фæдыл зилын куы райдайон, уæд мын кæд ком иу хъуыддаджы дæр нæ ратдзæн, — ком мын кæй нæ ратдзæн, уый та бæлвырд у, — уый зоныс, уæд дæм, ныртæккæ куыд кæсы, уымæй истæмæй хуыздæр фæкæсдзæн, стæй дзы сылгоймаг æмбулгæ та цы ракæндзæни? Æви йыл æцæгæй дызæрдыг кæныс, æви дæ, цы фæнды, уый дæхæдæг дæр не ’мбарыс? Кæд æй æцæгæйдæр æддæдзаст æнхъæлыс, уæд ма йæ фæлварын цæмæн хъæуы? Кæд нæ бæззы, уæд дæ цыдæриддæр фæнды, уый йын кæн. Фæлæ ды куыд нымайыс, кæд æцæгæйдæр ахæм хорз у, уæд æцæгдзинадыл фæлварæнтæ кæнын ницæмæн хъæуы, уымæн æмæ уыцы фæлварæнтæн дæ раздæры хъуыды аивын сæ бон нæ бауыдзæн. Алчидæр зоны, йæ пайдайæ йæ зиан фылдæр кæмæн уыдзæн, ахæм къахдзæфтæ акæнынц сонт æмæ нæрæмон адæймæгтæ. Зын хъуыддæгтæ фæкæнынц Хуыцау æмæ зæххонты тыххæй кæнæ та сæ дыууæты тыххæй дæр иумæ. Хуыцауы тыххæй фæллой кæнынц, зæдтæ ’мæ дауджыты цард чи фæзмы, уыцы сыгъдæг удтæ, зæххонты хорздзинадыл та кусынц æнæкæрон денджызон тыгъдæдты ленкгæнджытæ, алы бæстæтæм балцыты цæуджытæ, æцæгæлон адæмимæ æмбæлджытæ. Хуыцау æмæ зæххонты тыххæй иумæ кусынц намысджын хæстонтæ. Уыдон, куыддæр знаджы фидар æфсæн къори кæмдæр кæй батыдта, уый куы ауынынц, афтæ сæ тас æрбайрох вæййы, æппындæр ницæмæйуал фæтæрсынц, афтæмæй абырсынц. Сæ размæ вæййы æрмæстдæр иу нысан: сæ дин, Фыдыбæстæ æмæ къаролы бахъахъхъæнын. Мин ранæй сæм мæлæт фæкæсы, фæлæ йæ ничиуал ницæмæ фæдары. Ахæм сгуыхтдзинæдтæ æвдыстæуы дунейы. Уыдон къухы æнцонæй не ’фтынц, фæлæ хонынц кад æмæ намысмæ, адæймаджы ном бæрзонд кæнынмæ. Фæлæ ды цы фæндагыл æрлæууыдтæ, уый Хуыцауы зæрдæмæ нæ фæцæудзæн, зæххон хорздзинæдтæм дæр дæ нæ бахондзæн, нæ дын фæуæлдæр кæндзæн адæмы ’хсæн дæ кад дæр, уымæн æмæ, цæмæ ’нхъæлмæ кæсыс, уый дæ къухы куы бафта, уæддæр ыл зæрдæзæгъгæ цин нæ бакæндзынæ, нæ дзы фæфылдæр уыдзæн дæ мулк, нæ дзы бафтдзæн дæ кадыл. Дæ зæрдæ цæуыл дарыс, уымæй фыдæнхъæл куы фæуай, уæд дыл мæгуыры бон бакодта, уымæн æмæ, дыл цы ’намонддзинад æрцæудзæн, уый дæхи йеддæмæ куы ничи зона, уæд дын уый æнцойдзинад не ’рхæсдзæн. Ды йæ дæхæдæг зондзынæ æмæ уый фаг уыдзæн дæхи мæлæтмæ батæрынмæ. Мæ хъуыдытæ раст кæй сты, уый тыххæй дын æрхæсдзынæн зындгонд поэт Луиджи Тансиллойы «Апостол Петры цæссыгтæй» ахæм рæнхъытæ:


Уæнтæхъил Петр у æнкъард, æрхуым,

Фæсмон кæны — æхсæв уа, бон — йæ митыл.

Йæ зонгæтæй нæ кæны иумæ сым,

Йæхинымæр йæ хъысмæты æлгъиты.

Куы ракæны сыгъдæгзæрдæ æвзæр,

Уæд æй йæхицæн цъаммарау нæ бары.

Ысдон вæййы фыркатайæ йæ сæр,

Йæ рухс бæллицтæ баныгæны тары.


Афтæ дæу дæр, дæ уавæр кæй ничи зоны, уый сусæгдзинад хъизæмæрттæй нæ фервæзын кæндзæн. Ирвæзын нæ, фæлæ кæудзынæ æмæ кæудзынæ. Цæссыгтæ дæ цæстытæй куы нæ кæлой, уæддæр кæлдзысты дæ зæрдæйы цæссыгтæ æмæ дыл, нæ поэт куыд фыста, афтæ, йæхи нуазæнæй чи фæлвæрдта, уыцы æууæндаг дохтыры æмбисонд æрцæудзæн. Уый поэты æрхъуыдыгонд фæлгонц у, фæлæ адæймаджы ахуыр кæны, цæмæй йæ бахъуыды кæна æмæ дзы царды спайда кæна. Ууыл мæ ныхас нæма фæци. Цы æвирхъау рæдыд æруадзынмæ хъавыс, уый тыххæй дын мæ зæгъинæгтæ дзырд нæма фæдæн. Дæ цæстыл-ма ауайын кæн, Ансельмо, ахæм ныв. Зæгъæм, Хуыцау ныддæлæ-уæлæ кодта æмæ æнæнхъæлæджы йæ хицау сдæ диссаджы алмасийæн. Зæрингуырдтæй йæ кæмæ нæ равдыстай, ахæм нал баззад æмæ иууылдæр æмдзыхæй дзурынц, йæ уæз, йæ сыгъдæгдзинад æмæ хæрзхъæддзинадæн æмбал нæй, зæгъгæ. Стæй дæхæдæг дæр афтæ хъуыды кæныс, сæ ныхмæ дæр уый тыххæй ницы дзурыс. Фæлæ, зæгъæм, ды уыцы алмаси куы райсис æмæ йæ, йæ хæрзхъæддзинад, æмæ, куыд фидар у, уый сбæрæг кæныны тыххæй хъæсдарæгыл куы ’рæвæрис æмæ йæ дзæбугæй хойын куы райдаис, уæд раст бакæнис? Зæгъæм, афтæ кæнгæ дæр бакодтай, алмаси нæ асасти, уæд ын фылдæр аргъ кæнын райдаис, дæ цæсты фæкадджындæр уаид? Сæтгæ куы акодтаид — уымæн та уæвæн уыд, — уæд доны къусы сæфт нæ фæкодтаид? Фæкодтаид. Алмасийы хицауыл та æдылыйы ном сбадтаид. Уæдæ дæ, Ансельмо, рох ма уæд, диссаджы алмаси, куыд дæ цæсты, афтæ алкæйы цæсты дæр, Камиллæ кæй у æмæ йыл фæлварæнтæ кæнын æнæсæрфат хъуыддаг кæй у, уымæн æмæ, æнæхъыгдардæй куы баззайа, уæд уымæй йæ кад нæ фæфылдæр уыдзæн, фæлварæнæн куы нæ бафæраза æмæ куы амæла, уæд æнæ уымæй куыд цæрдзынæ? Дæхи уæ дыууæйы мæлæты тыххæй куыд хæрдзынæ, ууыл рагацау ахъуыды кæн. Зæххыл цыдæриддæр хæзнайæ ис, уыдонæн сæ хæзнадæр у сыгъдæгзæрдæ æмæ æууæнкджын бинойнаг. Уымæн та йæ намыс æмæ йæ цæсгомæй зынаргъдæр ницы ис. Æмæ кæд дæ бинойнаджы адæм намысджын æмæ кадджын хонынц, стæй, афтæ кæй у, уый дæхæдæг дæр зоныс, уæд уыцы ’цæгдзинад дызæрдыджы цæмæ ’фтауыс? Мæ хæлар, сылгоймаг лæмæгъ у æмæ йын йæ размæ цæлхдуртæ æвæрын нæ хъæуы, кæннод сыл йæ къах скъуырдзæн æмæ размæ бахаудзæн. Цæмæй ахæм уавæры ма бахауа, уый тыххæй йын йæ фæндаг сыгъдæг кæнын хъæуы. Уæд æдыхстæй схиздзæн, йе ’ппæт хорздзинæдтæ дæр кæцæй разындзысты, ахæм бæрзæндмæ.

Сыбираг мыстулæджы хъуын миты хуызæн урс-урсид у. Цуанæттæ ахæм хин æрхъуыды кодтой: сырд арæхдæр кæуылты фæцæуы, уый базонынц æмæ йын йæ фæндаг цъыфæй байсæрдынц, стæй йæ фæтæрсын кæнынц æмæ йæ уыцы фæндагмæ сурын байдайынц, фæлæ мыстулæг, цъыфæй амæстытæ куы фены, уæд æрлæууы æмæ, счъизи уæвыны бæсты йæхи мæлæтмæ, ома цуанæтты къухмæ, ратты, уымæн æмæ йын йæ буары сыгьдæгдзинад йæ сæрибардзинад æмæ суанг йæ цардæй дæр зынаргьдæр у.

Иузæрдион æмæ æнаипп ус мыстулæг у, йæ кад та — митæй сыгьдæгдæр æмæ урсдæр, æмæ йæ цæмæй ма бабын кæна, уый кæй фæнды, уыдон хьуамæ мыстулæгыл цуангæнджыты ма фæзмой, сæ сылгоймæгтæ кæй зæрдæмæ цæуынц æмæ сæ фæдыл чи зилы, уыдонæн лæвæрттæ дæттыны уавæртæ ма аразой. Чи зоны, æрдз æй афтæ сфæлдыста, æмæ йын æххуысгæнджытæ куы уа, уæд уыцы лæвæрттæ исыныл сразы уа, æмæ йæ уыдæттæй хьахьхьæнын хьæуы, æххуыс кæнын нæ, фæлæ. Фæлмæнзæрдæ бинойнаджы абарæн ис рæсугьд фæлгæты æвæрд æрттиваг кæсæнимæ. Куы йыл баулæфай, уæд ыл мигь абады, фæлмы бын фæвæййы. Уæздан æмæ æгьдауджын сылгоймагмæ зæды цæстæй кæсын хьæуы. Аргь ын кæн, фæлæ йæм кьухæй ма ’внал. Иузæрдион бинойнаджы, хорз дидинæгдон куыд хьахьхьæнай, афтæ хьахьхьæнын хьæуы. Уырдæм дидинæгдоны хицау никæй уадзы. Цы бирæ сырхмæтæг æмæ дзы æндæр рæсугьд дидинджытæ ис, уыдонмæ кæсын кæй фæнды, уый сæм быруйы сæрты кæсæд, улæфæд сын сæ хæрздæф. Мæ зæрды дын ис иу нырыккон комедийæ цалдæр рæнхъы æрхæссын. Мæнмæ гæсгæ, ацы ран сфидаудзысты. Иу хуыцауысконд зæронд лæг, рæсугьд чызг кæмæн уыд, ахæм лæгæн зонд амоны. Дуарæхгæдæй, дам, дар дæ чызджы, макæдæм æй уадз æмæ йын радзырдта, уæлдæр цы æмдзæвгæйы рæнхъыты кой кодтон, уыдон:


Авджы хуызæн хонынц дæу

Тынг сæртæг, сылгоймаг, адæм.

Асæтдзæн — фæлваргæ нæу

Зондджынты хуызæн æрратæн.


Цард чи федта, уый хæстæг

Никуы бацæудзæни уымæ,

Авгау чи у тынг сæртæг,

Састæй чи бахауы кьуыммæ.


Цавæрфæнды уæд дæ кар,

Алкæддæр дæ зæрдыл дар:

Кæд фæзынд зæххыл Даная,

Нæй æнæзынгæ къæвдайæн.


Ансельмо, ныронг цыдæриддæр дзырдтон, уыдон иууылдæр дæумæ хаудысты. Ныр та мæ фæнды мæхи тыххæй радзурын. Кæд бирæ дзурон, уæд мын-иу бахатыр кæн. Дæхи цы къуырцдзæнмæ батардтай æмæ мæ фæрцы рацæуынмæ кæцæй хъавыс, уый мæ кæны бирæ дзурын. Ды мæ нымайыс де ’мбалыл, афтæмæй мæ фегад кæнынмæ хъавыс. Уый та хæлардзинадыл дзурæг нæу. Уый дæр дæм æгъгъæд нæ кæсы, фæлæ хъавыс, цæмæй æз уыцы-иу рæстæг дæу дæр фегад кæнон. Мæ намысыл мын цъыф къахæй бацæуынмæ кæй хъавыс, уый бæлвырд у, уымæн æмæ дæ фæндонмæ гæсгæ æз Камиллæйы фæстæ зилын куы райдайон, уæд уый æнæмæнг ахъуыды кæндзæн, æз æнаккаг æмæ æмбалхор адæймаг кæй дæн. Мæнæн та ме ’фсарм æмæ, не ’хсæн цы хæлардзинад ис, уыдон ахæм цъаммар ми бакæныны бар нæ дæттынц. Дæхи мæн фæрцы фегад кæнынмæ кæй хъавыс, уый дызæрдыггаг нæу. Камиллæйы фæстæ зилын куы райдайон, уæд банхъæлдзæни, æз ын рог сылгоймаг æнхъæл кæй дæн æмæ мæхи афтæ дарын уый тыххæй кæй райдыдтон. Ды та Камиллæйы дæ. Камиллæйыл худинаджы гакк куы сбада, уæд дзы ды дæр никæдæм аирвæздзынæ. Æппæт фыдбылызтæ дæр ардыгæй цæуынц. Ус йæ лæгыл сайдæй куы рацæуы, уæд нæлгоймаг, кæй зæгъын æй хъæуы, фæхудинаг вæййы. Уæлдай нæу: лæг уыцы хабар зоны æви нæ зоны. Стæй ус йæхи афтæ кæй дары, уымæн æппындæр куы ницы зона, уæд дæр адæм лæгæн тæригъæд нæ кæндзысты, фæлæ йæм кæсдзысты æнæуынон цæстæй, кæд цы ’рцыди, уым аххосджын ницæмæй уыди, уæддæр. Ныр дын хъуамæ бамбарын кæнон, лæг дзы ницы аххосджын уыди, афтæмæй йæ мойыл гадзрахатæй рацæуæг сылгоймаг йæ лæджы дæр цæмæн фæхудинаг кæны, уый. Уæдæ мæм лæмбынæг хъус, уымæн æмæ, цы дзурдзынæн, уыдон иууылдæр дæ пайдайæн уыдзысты.

Дины чиныджы фыст ыс: Хуыцау зæххон дзæнæт куы сфæлдыста, уæд нæ дард фыдæлы бафынæй кодта. Цалынмæ Адам фынæй кодта, уæдмæ йын йæ фæрск систа æмæ дзы нæ фыдæлты мад Евæйы сарæзта. Адам куы райхъал æмæ йæ куы федта, уæд загъта: «Уый мæ туг, ме стæгæй арæзт у». Хуыцау та загъта: «Уый у мæ туг, ме стæг». Стæй ма Хуыцау ноджыдæр загъта: «Адæймаг йæ бинойнаджы тыххæй ныууадздзæн йæ фыды дæр, йæ мады дæр æмæ уыдзысты иу буар». Уæд баст æрцыдысты ус æмæ лæг кæрæдзиуыл æмæ сæ мæлæт йеддæмæ фæхицæн кæнын никæй бон у. Уыцы иудзинадæн ахæм тых ис, æмæ дыууæ алыхуызон адæймагæй рауад иу буар. Уымæй уæлдай, хæларæй чи фæцæры, уыцы къæйттæн кæд дыууæ уды вæййы, уæддæр сæ зонд иу у. Иугæр лæг æмæ ус иу буар сты, уæд уыцы буарыл къæм куы абада, уæд аипп лæгмæ дæр хауы, уæлдæр куыд загътон, афтæмæй, куы ницы аххосджын уа, уæддæр. Адæймаг йæ къах куы ныццæвы, кæнæ йæ къух, кæнæ йæ фарс, уæд рыст банкъары æппæт буар дæр. Зæгъæм, дæ къахы æнгуылдз куы рисса, уæд сæрмæ дæр цæвы, кæд дзы сæр ницы аххосджын у, уæддæр. Раст афтæ усы худинаг лæгмæ дæр хауы, уымæн æмæ уыдон иу буар сты. Ахъуыды кæн, Ансельмо, цы кæнынмæ хъавыс, ууыл. Мæнмæ гæсгæ, дæхи фæнд куы атæрай, уæд дæ фæлмæнзæрдæ бинойнаджы сабыр цард фехалдзынæ. Тæрсын, дæ сонт цымыдисдзинадæй дæ хæрзæгъдау, æнæлаз бинойнаджы риуы фынæй æнкъарæнтæ куы райхъал кæнай, уымæй. Дæ фæнд сæххæст кæнын дæ къухы куы бафта, уæд дзы бирæ нæ рамбулдзынæ, хæрды цас фæуыдзынæ, уый тыххæй та мæ дзурын дæр нæ фæнды, стæй дын раст куы зæгъон, уæд мæм уый фаг ныхæстæ дæр нæй. Кæд мæ ныхæсты фæстæ дæ хъуыдыйыл дæ къух нæма систай, уæд дæхицæн, чи дæ фенамонд æмæ фæхудинаг кæна, ахæм æндæр адæймаг ссар. Мæн ахæм уæвын нæ фæнды. Не ’хсæн хæлардзинад нал уыдзæн, уый æмбарын, фæлæ уыимæ дæр сразы уыдзынæн, кæд мын æнæ дæу тынг зын цæрæн уыдзæн, уæддæр.

Уыцы ныхæсты фæстæ хæларзæрдæ æмæ уæззау зондылхæст Лотарио ницуал дзырдта. Хъуыдыты аныгъуылæг æмæ æфсæрмы бахауæг Лотариойы бон дзæвгар рæстæг иу ныхас скæнын дæр нæ уыд. Æрæджиау ын радта ахæм дзуапп:

Мæ иузæрдион хæлар, Лотарио, цы зæгъынмæ мын хъавыдтæ, уымæ куыд зæрдиагæй хъуыстон, уый федтай. Дæ ныхæстæ дæр, дæ дæнцæгтæ дæр, дæ абарстытæ дæр дзурæг сты дæ зондыл; цы хæлар зæрдæ мæм дарыс, ууыл.

Мæхи кой куы кæнон, уæд уынын æмæ æмбарын, куы нæ дæм байхъусон, мæхи фæнд куы атæрон, уæд æвзæрдзинад йеддæмæ мæ дарддæры царды хорзæй кæй ницы уыдзæн, уый. Уыдон иууылдæр раст сты, фæлæ мæ ды дæр бамбар: æз ныртæккæ рынчын дæн иуæй-иу сылгоймæгты низæй. Ахæм заман уыдонмæ фæцæуы сыджыт, чъыр, æвзалы хæрын. Стæй канд уыдон нæ, фæлæ, адæймаг кæсынмæ дæр æлгъ кæмæ кæны, ахæм цыдæртæ. Цæмæй мæ низæй фервæзон, уый тыххæй хиндзинадæй спайда кæнын хъæуы: мæ усы фæдыл зилын райдай, цыма йæ уарзыс, дæхи афтæ дар. Камиллæ та ахæм лæмæгъ нæу, фыццаг ныхæсты фæстæ йæ зонгуытыл чи ’рхауа. Æрмæст уый дæр фæуæлахиз уыдзæн мæ цымыдисдзинадыл æмæ мæ канд мæлæтæй нæ фервæзын кæндзынæ, фæлæ мæ баууæндын кæндзынæ, мæ кад йæ бынаты кæй баззад, ууыл дæр. Стæй ма мæ ноджыдæр иу хатт бауырндзæн, æцæг хæлар мын кæй дæ, уый. Афтæ бакæнын дæу æнæмæнг хъæуы. Иугæр ахæм фæлварæн райдайын сфæнд кодтон, уæд мæ ды æндæр искæмæ дзурын нал бауадздзынæ. Афтæ кæнын мæ куы бахъæуа, уæд тæссаг у, ды афтæ тынг кæуыл тыхсыс, мæ уыцы кад куы фæцуда, уымæй. Камиллæйыл дæ цæст куы æрæвæрай, уæд дыл йæ зæрдæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæхуддзæн, фæлæ-иу æй хъуыды дæр ма кæн. Дæ ныхæстæн дын дзуапп кæй нæ ратдзæн, ууыл мах нæ дыууæ дæр æууæндæм, æмæ йын уый хæдфæстæ нæ хиндзинад схъæр кæндзынæ æмæ та йæ цæсты скадджын уыдзынæ. Уыцы хъуыддæгтæ дæуæн зын кæнæн не сты, мæнæн та æрхæсдзысты æнæкæрон æхсызгондзинад. Уырны мæ, ды цыфæнды цæлхдурты сæрты дæр кæй ахиздзынæ. Хъæуы дæ æрмæст райдайын, кæрон та йын æз скæндзынæн.

Ансельмо йæ уынаффæ кæй нал аивдзæн, уый Лотарио бамбæрста. Цæмæй йыл баууæнда, уый тыххæй ма йын цавæр ныхæстæ зæгъа, цавæр дæнцæгтæ ма йын æрхæсса, уый куынæуал зыдта, уæд йæ домæнтимæ сразы. Ноджы ма йæ æндæр искæмæн куы зæгъа, уымæй дæр æдас нæ уыд. Уæд та ноджы фылдæр бæллæхтæ æрцыдаид æмæ, уыдæттæй тæрсгæйæ, ныхмæ дзурын йæ бон ницуал баци. Æрмæст æй архайын хъуыди афтæ, цæмæй Ансельмо дæр разыйæ баззадаид, Камиллæйы зæрдæ дæр ма скъахтаид. Ансельмойæн та бафæдзæхста, æндæр куыд никæмæнуал зæгъа, афтæ, уымæн æмæ Лотарио хъуыддаг йæхимæ исы æмæ йе ’ххæст кæнынмæ бавналдзæн, Ансельмо йын куыддæр зæгъа, афтæ. Ансельмо йын афтæ зæрдиагæй ахъæбыс кодта, ахæм арфæтæ йын ракодта, цыма йын стыр хорздзинæдты бацыд. Бадзырдтой, хъуыддаг кæнынмæ райсом кæй бавналдзысты.

Ансельмо Лотариойæн зæрдæ бавæрдта, Камиллæимæ кæд æмæ кæм фембæлдзæн, ахæм фадæттæ йын саразынæй. Зæрдæ йын бавæрдта æхца æмæ йын зынаргъ дзаумæттæ кæй ратдзæни лæвæрттæ кæнынæн, уымæй дæр. Лотариойæ ракуырдта, цæмæй йæ хъæлдзæг кæна музыкæйы зæлтæй, йæ номыл та ныффысса æмдзæвгæтæ. Кæд Лотариойы æмдзæвгæтæ фыссын нæ бафæнда, уæд уыцы хæс райсдзæн йæхимæ. Лотарио алцæимæ дæр сразы, фæлæ бынтон æндæр нысанимæ. Уыцы нысан цæимæ баст уыд, уый Ансельмойæн йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди. Ацыдысты Ансельмотæм æмæ Камиллæйы баййæфтой уыцы тыхстхуызæй, уымæн æмæ йæ лæг сæхимæ иннæ хæттытæй фæстæдæр æрбаздæхт.

Лотарио сæхимæ ацыд. Ансельмо хæдзары баззад. Уыди хъæлдзæг. Бынтон æндæрхуызон йæхи æнкъардта Лотарио, уымæн æмæ нæ зыдта, уыцы æнахъинон уавæрæй дзæбæхæй куыд рацæуа, уый. Фæлæ уыцы æхсæв æрхъуыды кодта, Камиллæйы нæ бафхæргæйæ, Ансельмойы куыд асайа, уый æмæ дыккаг бон йе ’рдхордмæ сихор хæрынмæ ацыд. Камиллæ йæм иннæ хæттыты хуызæн ракаст дзæбæх цæстæй, хорз æй федта, уымæн æмæ зыдта, йæ лæгимæ куыд хæларæй цæрынц, уый. Сихор ахицæн, фынг айстой æмæ Ансельмо Лотариойæн афтæ, ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл мæ иу сахат æмæ æрдæг кæдæмдæр ауайын хъæуы æмæ, дам, уыцы рæстæг Камиллæимæ абад. Камиллæ дзы куырдта, цæмæй ма ацæуа. Лотарио йемæ ацæуынмæ хъавыди, фæлæ йæ Ансельмо нæ рауагъта, банхъæлмæ мæм кæс, демæ, дам, мæ ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл ныхасаг ис. Камиллæйæн та бафæдзæхста, цæмæй йе ’рбацыдмæ Лотариойы иунæгæй ма ныууадза. Цыбыр ныхасæй, хъуыддаг ахæм хуызы æвдыста, æмæ йæм чи хъуыстаид, уый æнæмæнг бауырныдтаид, æцæгæйдæр, аргъæвæн кæмæн нæй, ахæм хъуыддаджы фæдыл æй цæуын кæй хъæуы. Ансельмо ацыд. Камиллæ æмæ Лотарио баззадысты цæлгæнæны. Лæггадгæнджытæ та сихор хæрынмæ ацыдысты. Лотариомæ афтæ каст, цыма аренæйы лæууыд, Ансельмо йын цы аренæмæ бæллыд, уыцы аренæйы, йæ акомкоммæ та уыди йе знаг, æрмæст йæ рæсугъддзинадæй дæр хæцæнгарзæй ифтонг рыцарты къордыл чи фæуæлахиз уыдаид, ахæм. Лотарио цæмæй фæтарстаид, уый йын уыдис. Бауырнæд уæ, цæмæй фæтарстаид, уый йын уыдис. Йæ уавæрæй фервæзыны тыххæй йæ рæмбынкъæдз бандоны уæхскмæ фæбыцæу кодта, йæ роцъо йæ армытъæпæныл æрæвæрдта æмæ Камиллæйæ хатыр ракуырдта, æз, дам, Ансельмойы æрбацыдмæ иучысыл афынæй кæнон. Камиллæ йын эстрадомæ ацамыдта, уым дын къæлæтджынæй хуыздæр уыдзæн, зæгъгæ, фæлæ Лотариойы нæ бафæндыд уым æрхуыссын æмæ Ансельмойы æрбацыдмæ къæлæтджыныл фæфынæй кодта. Ансельмо Камиллæйы йæ уаты куы ’рбаййæфта, Лотариойы та — фынæйæ, уæд ахъуыды кодта, æгæр æрæджиау кæй фæзынд, ууыл. «Æвæццæгæн, — загъта йæхинымæр, — сæ ныхæстæ конд фесты æмæ ма сæ фæллад дæр уадзынц». Лотариойы райхъалмæ æрхъæцмæ нал хъæцыд. Куыддæр йæ цæстытæй ракæса, афтæ иумæ ацæудзысты æмæ йын хабæрттæ ракæндзæн. Куыддæриддæр æй фæндыди, хъуыддæгтæ афтæ рауадысты. Лотарио райхъал æмæ, уынгмæ куы рахызтысты, уæд æм Ансельмо радта уыцы фарст. Лотарио йын загъта, фыццаг хатт æм аив кæй нæ фæкаст йе ’нкъарæнты тыххæй дзурын, фæлæ йын кæй æппæлыд йæ рæсугъддзинадæй. Дзырдта йын, горæты йе ’гъдау æмæ аивдзинады кой йеддæмæ æндæр кой кæй нæй. Уыдон, дам, уал райдайæнæн хорз сты. Бацæттæ, дам, æй кодтон, цæмæй мæм йе ’ргом раздаха. Иннæ хатт, дам, мæм хъусдзæн лæмбынæгдæр. Йæ ныхæстæ Ансельмойы зæрдæмæ фæцыдысты æмæ Лотариойæн зæрдæ бавæрдта, алы бон дæр æфсон кæй ссардзæн Камиллæимæ сæ иунæгæй ныууадзынæн: хæдзары хъуыддæгтæ кæнын, зæгъгæ-иу кæртмæ рацæудзæн, Камиллæ йыл ницæмæй фæдызæрдыг уыдзæн, афтæмæй.

Бирæ бонтæ рацыд, фæлæ Лотарио Камиллæмæ иу ныхас дæр не скодта, йе ’рдхордæн та афтæ дзырдта, цы нæ, дам, ын кæнын, фæлæ, мын ком нæ дæтты, стæй, дам, мын цыма дарддæр дæр ницы ком ратдзæн, афтæ мæм кæсы. Уый нæ, фæлæ, дам, мæм бартхъирæн кодта, де ’наккаг митæ, дам, куы нæ ныууадзай, уæд, дæ мæ лæгыл сардаудзынæн, зæгъгæ.

Иттæг хорз! — бацин кодта Ансельмо. — Камиллæ ныхæсты ныхмæ æрлæууын бафæрæзта. Ныр та йæ бафæлварæм хъуыддаджы. Райсом дын æз ратдзынæн сызгъæрин æхцатæ дыууæ мины æмæ йын сæ балæвар кæндзынæ. Дыууæ минæй та йын зынаргъ дзаумæттæ балхæндзынæ. Сылгоймæгтæн сæ тæккæ уæздандæр æмæ хиуылхæстдæр чи у, уый дæр лæвæрттæ исын бирæ уарзы. Бирæ уарзы, зынаргъ æмæ аив уæлæдарæс дæр, уæлдайдæр, йæ рæсугъддзинад хъуыстгонд кæмæн у, уый. Кæд æхцатæ æмæ лæвæртты раз нæ фæтаса, уæд дзы разыйæ баззайдзынæн æмæ дæ нал тыхсын кæндзынæн.

Лотарио йын загъта, хъуыддаг кæм райдыдтон, уым, дам, æй кæронмæ ахæццæ кæндзынæн, цыфæнды тынг архайгæйæ дæр мын дзы кæй ницы рауайдзæн, уый кæд зонын, уæддæр.

Дыккаг бон ын Ансельмо радта цыппар мин эскудойы , уыдонимæ цыппар мин зындзинады, уымæн æмæ нæ зыдта, цы хуызы ма йæ асайдзæни, уый. Фæстагмæ йын загъта, Камиллæмæ æппæлæн ныхæстæ куыннæ хъарынц, афтæ æцæгæлон цæстæй кæй кæсы æхцатæ æмæ лæвæрттæм дæр. Уымæ гæсгæ, дам, уыдон рæстæг сафæнтæ йеддæмæ ницы сты. Фæлæ хъысмæтмæ æндæр уынаффæтæ уыд. Ансельмо та иннæ хæттыты хуызæн Лотарио æмæ Камиллæйы дыууæйæ ныууагъта, йæхæдæг сæ уаты æмкъул агъуыстмæ бацыд æмæ дæгъæлы хуынкъæй каст æмæ хъуыста, Камиллæ æмæ Лотариойы ’хсæн цытæ цæудзæн, уымæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй сахаты æрдæгмæ Лотариойы дзыхæй иу ныхас дæр не схауд, стæй, æвæццæгæн, фондзыссæдз азы куы рацыдаид, уæддæр æм иу дзырд дæр не скодтаид. Ансельмойæн ма цы бамбарын хъуыд, йе ’рдхорд ын уымæй размæ цы ныхæстæ фæкодта, уыдонæй иу дæр раст кæй нæ уыди. Цæмæй дызæрдыг мауал кæна, уый тыххæй йæ уатæй рацыд, Лотарио æмæ Камиллæ кæм уыдысты, уыцы агъуыстмæ. Лотариойы иуфарс ахуыдта æмæ йæ бафарста, йæ усимæ сæ ахастдзинæдты ногæй цы ис, уымæй. Лотарио йын загъта, ардыгæй фæстæмæ æз уыцы хъуыддаджы нал лæууын, уымæн æмæ, дам, мемæ ахæм гуымиры æвзагæй дзурын райдыдта, æмæ мæхимæ æгад æркастæн.

Уый æнхъæл дын нæ уыдтæн, Лотарио. Куыд тынг дыл æууæндыдтæн æмæ мæ фыдæнхъæл куыд фæкодтай! Ныртæккæ дæм, мæнæ ацы дæгъæл тъыст кæм уыд, уыцы хуынкъæй кастæн æмæ мæ бауырныдта, Камиллæмæ иу ныхас дæр кæй не скодтай, уый. Уымæй æз скодтон ахæм хатдзæг: ды йемæ æппындæр ницæуылма ныхас кодтай. Кæд æцæг афтæ у, уый та æцæгæйдæр афтæ у, уæд мæ цæмæн расайбасай кæныс? Афонмæ æндæр мадзæлттæ не ссардтаин мæ фæндон сæххæст кæнынæн?

Уый фæстæ Ансельмо ницыуал загъта, фæлæ уый дæр фаг уыд, цæмæй йыл Лотариойы зæрдæ фæхудтаид, уымæн. Уæлдай зындæр ын уыди, сайæгыл æй кæй банымадта, уый æмæ ард бахордта, ардыгæй фæстæмæ йын, зæрдæ цæмæй бавæрдта, уыцы хъуыддаг æххæст кæнынмæ æцæгæйдæр кæй бавналдзæн. Кæд Ансельмойы фæнды, уæд æй сусæгæй дæр хъахъхъæнæд, фæлæ, дам дзы афтæ кæнын ницæмæн хъæуы, уымæн æмæ Лотарио ард бахордта æмæ йæ ныхасæн хицау кæй разындзæн. Ансельмо йыл æцæгæйдæр баууæндыд. Цæмæй Лотариойы гæнæнтæ фæуæрæхдæр уой æмæ ныфсджындæрæй архайа, уый тыххæй Ансельмо сæфсон кодта, иу къуыри горæтмæ хæстæгдæр хъæутæй иумæ ме ’рдхордмæ уазæгуаты цæуын, зæгъгæ.

Цытæ æрхъуыды кодтай дæхицæн, æнамонд æмæ цыбырзонд Ансельмо? Цавæр фæндагыл æрлæууыдтæ? Сæрсæфæнмæ дæ куы хоны, уæд ыл ныфсджынæй цæуынмæ дæхи цæмæн æрцæттæ кодтай? Дæ бинойнаг Камиллæйæ сыгъдæгдæр, иузæрдиондæр æмæ хæрзæгъдаудæр сылгоймаг зын ссарæн куы у, уæд ын цытæ æвзарын кæныс? Зæххыл æй дæу йеддæмæ куы ничи хъæуы, дæ цæрайæ куы цæры, гыццыл кæмдæр куы афæстиат вæййыс, уæд йæхицæн бынат куынæуал фæары, дæ ныхасыл дыууæ куы никуыма загъта, йæ дуне æмæ дæ йæ арв куы хоны, уæд ма дзы домыс? Йæ зæрдæйы цы хъæздыгдзинæдтæ ис: рæсугъддзинад, æгъдау, уæздандзинад, æнувыддзинад — иууылдæр дæу куы сты, уæд ма æндæр ран зæхх цы къахыс æмæ дзы уыдонæй хуыздæр хæзнатæ агурынмæ цæмæн бавнæлдтай? Цæуыннæ тæрсыс, цы дæм ис, уымæй дæр æнæхай фæуынæй? Дуне лæмæгъ быцæутыл кæй æнцой кæны, уый цæмæн рох кæныс? Дæ зæрдыл дар: уæвæн цæмæн нæй, уымæ чи хъавы, уый, уæвæн цæмæн ис, уый дæр нал фæвæййы. Уыцы хъуыды поэт ноджы хуыздæр загъта:


Агурын сæрибар ахстæй,

Сау мæлæтæй курын цард.

Стæхынмæ фæхъавын бастæй,

Уазалæй æрдомын арт.


Давæгмæ кæсын æнхъæлмæ,

Разынид æм кæд æфсарм.

Хиуарзон зындзæн мæ хъæрмæ,

Дардзæни мæныл йæ арм.


Фæлæ нæй мæ фæндтæм хъусæг,

Нæй дзы иуæн дæр бындур.

Мæй — бæрзонд арвæн йæ хъусцæг,

Мбисæхсæв нæ кæсы хур.


Дыккаг бон Ансельмо хъæумæ ацыд. Камиллæйæн загъта, цалынмæ фæстæмæ здæха, уæдмæ сæ хæдзармæ йæ цæст Лотарио кæй дардзæн, сихор дæр уыдонмæ кæй кæндзæн. Бафæдзæхста йын, цæмæй йæм зылдаид, йæ лæгмæ куыд зилы, афтæ. Камиллæйæн, сыгъдæгзæрдæ, уæздан æмæ æгъдауджын адæймагæн, хъыг уыд, йæ лæг уым нæ уæвгæйæ, йæ фынгыл æцæгæлон лæг кæй баддзæн, уый. Къаддæр хъыг ын нæ уыди, сæ хæдзары хъуыддæгтæ йыл кæй не ’ууæндыдис, уый дæр. Йæ лæгæн бамбарын кодта, цыфæнды хъуыддаг кæнынмæ дæр кæй сарæхсдзæн æмæ йæ Лотариойы æххуыс кæй никуы бахъæудзæн, фæлæ Ансельмо йæхи фæнд атардта. Мæн афтæ фæнды, æмæ, дам, хъуамæ мæ ныхас уа. Камиллæйы кæд нæ фæндыд, уæддæр ын æнæсразы уæвгæ цы гæнæн уыд?!

Ансельмо ацыд. Дыккаг бон фæзынд Лотарио. Камиллæ йæм хорз цæстæй ракаст, фæлæ йæхи дардта, куыд æмбæлы, афтæ. Архайдта, цæмæй иумæ къаддæр рæстæг уой, ууыл. Стæй йын ахæм фадæттæ уæвгæ дæр нæ уыди: æдзухдæр йæ алыфарс уыдысты æххуырстытæ æмæ лæггадгæнджытæ. Æппæты арæхдæр та йæ фарсмæ уыди йе ’ввахсдæр æххуысгæнæг Леонеллæ. Камиллæ йæ хъулон уарзт кодта, уымæн æмæ иумæ хъомыл кодтой Камиллæйы ныййарджыты хæдзары. Ансельмомæ куы смой кодта, уæд æй Камиллæ йемæ рахуыдта.

Фыццаг æртæ боны йын Лотарио ницы загъта, кæд ын фадæттæ уыдис, уæддæр: лæггадгæнджыты-иу фынг бафснайыны фæстæ Камиллæ сихор хæрынмæ арвыста. Леонеллæ Камиллæйы бардзырдмæ гæсгæ сихор раздæр хæрын райдыдта, цæмæй Камиллæйы цур уыдаид, уый тыххæй. Фæлæ Леонеллæ иу ран бадын бирæ нæ фæрæзта, йе ’хсины фæдзæхст-иу дзы æрбайрох æмæ-иу, йæхи ирхæфсæн митыл фæуæвгæйæ, Лотарио æмæ Камиллæ иунæгæй аззадысты, цыма йын æцæгæйдæр афтæ фæдзæхст уыд, уый хуызæн. Камиллæ йæхи уæзданæй дардта. Уæлдай ныхас, уæлдай змæлд кæй нæ кодта, цыбыр дзырдæй, йæхи, куыд æмбæлы, афтæ кæй дардта, уый Лотариойы дзыхыл цъутга сæвæрдта. Камиллæйы хорздзинæдтæм кæсгæйæ, кæд Лотариойы бон дзурын нæ уыди, уæддæр зæрдæ йæ куыст кодта. Уый æвдисæн уыди сылгоймаджы уды сыгъдæгдзинад æмæ рæсугъддзинадæн. Уыдоны бон сæхи бауарзын кæнын уыди адæймаджы нæ, фæлæ мармæрæй конд статуяйы дæр. Йемæ-иу ныхас кæнынмæ куы хъавыд, уæд-иу хъуыды кодта, алцæмæй дæр йæ уарзондзинады аккаг кæй у, ууыл. Ахæм заман-иу дзы, Ансельмо йе ’рдхорд кæй у, уый дæр æрбайрох. Æрфæндыд-иу æй горæтæй ахæм ранмæ ацæуын, Ансельмо йæ кæм никуыуал федтаид æмæ Камиллæимæ дæр кæм никуыуал фембæлдаид. Фæлæ, Камиллæмæ кæсгæйæ, цы ’хсызгондзинад иста, уый йæ ацæуын никуыдæм уагъта. Йæхи ныхмæ тох кодта, архайдта уыцы æнкъарæныл фæуæлахиз уæвынмæ, фæлæ ницы йæ бон уыд. Иунæгæй-иу куы баззад, уæд йæхи æфхæрыныл нæ ауæрста, цы монцтæ йæм æвзæрд, уыдон хуыдта æлгъаг, чырыстон адæймаджы æгадгæнæг. Фæстагмæ-иу æрцыди ахæм хъуыдымæ: аххостæ иууылдæр хауынц Ансельмомæ. Уый галиу зондыл куы нæ ныххæцыдаид, уæд афонмæ дыууæйæ дæр æнцад, æнæмæтæй цардаиккой.

Æппынфæстаг Лотариойыл фæуæлахиз сты Камиллæйы хорздзинæдтæ: йæ рæсугъддзинад æмæ йæ уды фæзминаг миниуджытæ. Ансельмо йын ахæм уавæртæ сарæзта, æмæ Лотарио сæ хæлардзинадыл дæр нал ахъуыды кодта, афтæмæй сылгоймагæн йæ зæрдæйы судзæгтæ, æртæ боны йæхиимæ фæтох кæныны фæстæ, фæдзырдта. Камиллæ уыцы ныхæсты фæстæ æрвдзæфау фæци. Иу ныхас дæр дзы не схауд, сыстад æмæ йæ уатмæ ацыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, Лотариойæ ахæм ныхæстæ фехъусын æнхъæл нæ уыд æмæ йæ цурæй тæргайæ уымæн ацыд. Фæлæ уыцы уазалдзинад Лотариойы ныфс нæ асаста, уымæн æмæ ныфс уарзондзинадимæ райгуыры æмæ Лотариойы уырныдта, хъуыддæгтæ дарддæр зæрдæйы фæндиаг кæй уыдзысты.

Камиллæ та, цы кодтаид, уый нæ зыдта. Цæмæй йæм дыккаг хатт дзурын мауал бауæнда, уый тыххæй уыцы изæр Ансельмомæ æххуырстæн арвыста ахæм писмо: «Куыд дзурынц, афтæмæй, æфсад æнæ разамонæгæй куы баззайы, фидар та — æнæ комендантæй, уæд æвзæр у. Æз афтæ зæгъын: уымæй ноджы фыддæр у æрыгон усы иунæгæй ныууадзын, кæд уый æнæнхъæлæджы уавæртæ нæ сæвзæрын кодтой, уæд. Æнæ дæу мын афтæ зын у æмæ, тагъд нæхимæ куы нæ ’рбаздæхай, уæд æз мæ цæгатмæ ацæудзынæн æмæ дæ хæдзар æнæ хъахъхъæнæгæй баззайдзæн, уымæн æмæ, мæнæн хъахъхъæнæгæй кæй ныууагътай — кæд æцæгæй хъахъхъæнæг у, уæд, — уый, мæнмæ гæсгæ, фылдæр йæ уды æнцойдзинадыл хъуыды кæны, дæуыл нæ, фæлæ. Ды ахæм нæ дæ, æмæ, цы дзурын, уый чи нæ бамбара. Æндæр мæ ныхæстæм ницуал бафтауинаг дæн».

Ацы писмо райсгæйæ, Ансельмо бамбæрста, Лотарио архайын кæй райдыдта, уый: Камиллæ, æвæццæгæн, йæхи, Ансельмойы куыд фæнды, афтæ дары, æмæ лæг бацин кодта, æххуырстæн та загъта, цæмæй æхсин сæ хæдзарæй макуыдæм ацæуа. Тагъд, зæгъ, æз дæр зындзынæн. Ансельмойы дзуапп Камиллæйы дисы бафтыдта. Дарддæр цы кæна, уыцы сагъæстæ йæ ноджы уæззаудæр уавæры баппæрстой, нæ зыдта, йæ ныййарджыты хæдзармæ ацæуа æви сæхимæ баззайа, уый. Сæхимæ куы баззадаид, уæд тæссаг уыд йæ кадæн. Йæ цæгатмæ куы ацыдаид, уæд та лæджы коммæ нæ бакастаид. Фæстагмæ равзæрста хъизæмайрагдæр фæндаг — сæхимæ баззад, фæлæ фыццагау æмбæлди Лотариоимæ, тарсти, йæхи дзы иуфарс ласын куы байдайа, уæд ыл лæггадгæнджытæ куы фæгуырысхо уой, уымæй. Камиллæ йæ лæгмæ ахæм писмо, кæй ныффыста, ууыл та фæсмон кæнын райдыдта. Фæтарсти, Лотарио йæм афтæ кæй суæндыди, уый йын Ансельмо йæхи аххос куы фæкæна, уымæй. Фæлæ йæхи сыгъдæгдзинадыл кæй æууæндыди æмæ Хуыцау йæ фарс кæй уыдзæни, уый йæ кæй уырныдта, уый ныфсæй сфæнд кодта, Лотарио йæм цыфæнды куы дзура, уæддæр ын дзуапп нал дæттын. Йæ лæгмæ дæр хабæрттæ хъусын кæнынвæнд нал кодта. Куы смæсты уа æмæ сын хылмæ куы расайа, уымæй тæрсгæйæ. Камиллæйы зæрды æрæфтыд, Ансельмо йæ куы фæрса, ахæм писмо цæмæн ныффыстай, зæгъгæ, уæд Лотариойы цæсты нæ бафтауын. Камиллæйы хæдæфсармдзинад фæцудыдта æмæ дыккаг бон Лотариоимæ фембæлды рæстæг дзургæ ницы кодта, фæлæ, цæмæй йæ зæрдæйы цы æнкъарæнтæ базмæлыд, уыдон йæ цæстæнгасыл ма разыной, ууыл архайдта, фæлæ йæ бон нæ баци. Лотарио æмбæрста сылгоймаджы уавæр æмæ йæ уарзондзинады арт тынгæй-тынгдæр сыгъта. Æппынфæстаг, Ансельмо уым кæй нæй, уымæй фæпайда кæнгæйæ, сфæнд кодта æрхъулайы цæджы кæрæттæ баиу кæнын. Йæ рæсугъддзинадæй йын тынг кæй феппæлыд, уымæй йæхи схотыхджын кодта æмæ Камиллæйæн ныббырста йæ сæрыстырдзинадмæ. Рæсугъд сылгоймæгты зæрдæйы цы сæрыстырдзинады мæсгуытæ вæййы, уыдон афæлдæхынц æмæ зæххы хай бавæййынц фæлывд ныхæсты фæрцы. Лотарио сылгоймаджы хæдæфсармдзинад æмæ æфсармы мæсыджы бын уыйбæрц халæн æрмæг бавæрдта, æмæ Камиллæ сыгъдæг мармæрæй конд куы уыдаид, уæддæр ын æнæрафæлдæхгæ нæ уыд. Лотарио йæ цæссыг калдта, лæгъстæ кодта, зæрдæтæ æвæрдта, æппæлыди, домдта. Йе ’нкъарæнтæ афтæ æцæгхуызæй æвдыста, æмæ йæ иу ныхас, йæ иу фезмæлдыл дæр фæдызæрдыг уæвæн нæ уыд. Камиллæйы æфсарм фæцудыдта. Лотариойы къухы бафтыд, æнхъæл кæмæн нæ уыд, фæлæ афтæ тынг кæмæ тырныдта, ахæм уæлахиз.

Камиллæ йæ гæрзтæ æрæвæрдта, басаст Камиллæ. Уæвгæ уым диссагæй ницы уыди; Лотариойы хæлардзинады æнкъарæнтæ дæр ма куы фæцудыдтой. Ацы дæнцæг ма уæлдай хатт дзурæг у, уарзондзинады монцыл фæуæлахиз уæвыны тыххæй дзы лидзын кæй хъæуы, ууыл. Хъуамæ ахæм тыхджын знаджы ныхмæ мачи тох кæна, уымæн æмæ, цæмæй йæ зæххон тыхыл фæуæлахиз уай, уый тыххæй хъæуы уæларвон тых. Леонеллæ йеддæмæ йе ’хсины хабæрттæ ничи зыдта, уымæн æмæ уымæй сæхи бамбæхсын сæ бон нæ уыд гæды æрдхæрдтæ æмæ æнæнхъæлæджы февзæрæг хæзгултæн. Лотарио йе ’нкъарæнтæн Камиллæйы цæсты фегад уæвынæй кæй тарст, уымæ гæсгæ хиндзинад рахъæр кæнын нæ уæндыд, æндæр ын бамбарын кодтаид, цыдæриддæр ын фæдзырдта, уыдон йæхи уынаффæтæ кæй нæ уыдысты, фæлæ дзы афтæ бакæнын Ансельмо кæй домдта, стæй йыл цæмæй фæуæлахиз уыдаид, уый дæр йæ лæджы фæндон кæй уыд.

Цалдæр боны фæстæ Ансельмо куы фæзынд, уæд дзы нал æрбаййæфта, æппæты къаддæр кæй хъахъхъæдта æмæ йын æппæты зынаргъдæр чи уыд, уый. Уыцы сахат йæ ных сарæзта Лотариомæ æмæ йæ сæхимæ баййæфта. Кæрæдзийæн ныхъхъæбыс кæныны фæстæ йæ бафарста, ногæй цы ис, уымæй, дарддæр ма йын цæрын æмбæлы æви йæ мæлæт хуыздæр у.

Ногдзинадæй мæм уый ис, мæ хæлар Ансельмо, — дзуапп ын радта Лотарио, — æмæ дæ ус дæнцæгæн кæй бæззы, йæ лæгыл æппæты æнувыддæр чи у, уыцы сылгоймæгтæн. Мæ ныхæстæй иумæ дæр йæ хъус не ’рдардта, цæмæйдæриддæр ын зæрдæ æвæрдтон — йæ хъус дзы никæцымæ ’рдардта, цы лæвæрттæ йын æрцæттæ кодтон, уыдонмæ кæсгæ дæр нæ фæкодта, мæ кæнгæ цæссыгтыл та йæхи худæгæй схаста. Цыбыр дзырдæй, Камиллæйæн æмбал нæй. Цы — йæ рæсугъддзинадæн, цы — йе ’гъдау æмæ уæздандзинадæн. Сылгоймаджы хорздзинæдтæй цух ницæмæй у. Мæнæ афтæ кæмæй фæзæгъынц, агургæ æмæ æнæаргæ хæзна, зæгъгæ, ахæмыл æй нымай. Де ’хцатæ, мæ хæлар, айс, нæ бахъуыдысты. Камиллæйы кад æмæ намыс лæвæрттæ æмæ зæрдæвæрæн ныхæсты раз не ’ргуыбыр уыдзысты. Курын дæ: ууыл дæ фæлварæнтæ ныууадз æмæ, цы царды бахаудтæ, уым цæрын базон. Сылгоймæгтæ сæ сæрыхицæуттæм цы дызæрдыгдзинады денджыз сæвзæрын кæнынц, уырдыгæй хусæй рацыдтæ æмæ тасæй дзаг денджызы ногæй цæуынвæнд мауал скæн. Уæллагæй дын цы диссаджы нау лæвæрд æрцыд, уый фидардзинад æндæр наутæрæджы æвджид мауал бакæн, уымæн æмæ уыцы нау æнæфыдбылызæй былгæронмæ æрбахæццæ. Нырæй фæстæмæ дзы царды денджызы дымгæйæ хызт уылæнты фæленк кæн, цалынмæ, Уæллагæй цы хæс дарыс, уый фидыны рæстæг æрцæуа, уæдмæ.

Ансельмо Лотариойы ныхæстæй разыйæ баззад æмæ йыл баууæндыд, хъысмæт рагацау чи базоны, ууыл куыд баууæндыдаид, афтæ, фæлæ уыцы-иу рæстæг йе ’мбалæй ракуырдта, цæмæй дарддæр уыцы хъуыддаг кæна цымыдисдзинад æмæ рæстæг æрвитыны тыххæй уæддæр. Раздæры хуызæн зæрдиагæй куы нæ уа, уæддæр ницы кæны. Цы ма дзы ракуырдта: цæмæй Лотарио ныффыстаид Хлорæйы номæй Камиллæйæн кадгæнæг æмдзæвгæ. Ансельмо та Камиллæйæн зæгъдзæн, Лотарио иу сылгоймаджы бауарзта æмæ йыл æмдзæвгæтæ фыссы, зæгъгæ. Кæд зивæг кæныс, уæд, дам, мæхæдæг дæр ныффысдзынæн.

Дæу фыссыны сæр дзы ницæмæн хъæуы, — не сразы Ансельмоимæ Лотарио. — Уæлтæмæнад мæм кæд арæх нæ фæзыны, уæддæр мæ хаттæй-хатт абæрæг кæны. Мæнæн цыдæриддæр радзырдтай, ома мæ æрхъуыдыгод уарзондзинады тыххæй, уый Камиллæйæн зæгъ, æмдзæвгæтæ ныффысыныл та æз бацархайдзынæн. Кæд Камиллæйы аккаг нæ разыной, уæддæр, мæ бон цы у, уыдонæн, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдзысты сæ хуыздæртæ.

Ууыл баныхас кодтой æнæзонд æрдхорд æмæ æрдхордгадзрахатæйцæуæг. Ансельмо сæхимæ куы ’рбаздæхт, уæд Камиллæйы бафарста, ахæм писмо йæм цæмæн ныффыста, уымæй. Сылгоймаг йæхинымæр дис кодта, афтæ æрæгмæ йæ кæй фарста, ууыл. Камиллæ йын загъта, афтæ йæм кæй фæкаст, ды нæхимæ куы вæййыс, уæд, дам, цыма Лотарио йæхи æндæрхуызон фæдары, фæлæ, дам, уый фæстæ мæ зæрдæ мæхиуыл æрхудт, афтæ кæй ахъуыды кодтон, уый тыххæй. Фæрæдыдтæн, æнæ дæу йæхи уæгъдибардæрæй фæдары, зæгъгæ, мæм афтæ кæй фæкаст, уымæй. Лотарио, дам, æвæццæгæн, исты бамбæрста æмæ йæхи хъахъхъæнын райдыдта, дыууæйæ иумæ куы аззайæм, уымæй. Ансельмо йын загъта, уыцы дызæрдыгдзинæдтыл хъуыды дæр мауал кæн, уымæн æмæ, дам, æз зонын Лотарио кæй бауарзта уæздан бинонты чызг Хлорæйы æмæ йыл æмдзæвгæтæ фыссын дæр кæй райдыдта, стæй куы нæ бауарзтаид, уæддæр Лотариойы сыгъдæгзæрдæдзинадыл гуырысхогæнæн нæй, уымæн æмæ, не ’хсæн цы хæлардзинад ис, уый фидар у. Лотарио Камиллæйæн бамбарын кодта, Хлорæмæ йæ уарзондзинад æрхъуыдыгонд кæй у. Ансельмойæн та йæ уымæн радзырдта, цæмæй йын фадат фæуа, Камиллæмæ цы зæрдæйыуаг дары, уый æмдзæвгæты хуызы равдисынæн. Афтæ куынæ бакодтаид, уæд Камиллæйы зæрдæ Лотариойыл фæхудтаид, æндæры бауарзта, зæгъгæ.

Дыккаг бон, сихоры фæстæ æртæйæ дæр куы бадтысты, уæд Ансельмо Лотариойæ ракуырдта, цæмæй йæ уарзон Хлорæйы номыл цы ’мдзæвгæ ныффыста, уый сын бакæса.

Камиллæ йæ уæддæр нæ зоны æмæ йæ бон у, цы хъуыды кæны, уый æргомæй зæгъын.

Куы йæ зонид, уæддæр дзы æз ницы басусæг кодтаин, — загъта Лотарио. — Лæппу йæ уарзон чызджы рæсугъддзинадæй куы феппæлы æмæ йын йæ тызмæгдзинад йæ цæстмæ куы фæдары, уæд ын йæ сыгъдæг ном не сдызæрдыггаг кæны. Ныртæккæ уын æз бакæсдзынæн, знон, ме ’нкъарæнтæн аргъ чи нæ кæны, уыцы Хлорæйы номыл цы сонет ныффыстон, уый.


Куы бафынæй уа дуне абон, уæд

Мæ цæстытæн æрцъынд уæвæн нæ уыдзæн.

Дæуыл кæндзынæн, Хлорæ, сагъæс, мæт,

Дæ фæлгонцæн æз кувдзынæн, дæ хуызæн.


Куы скæса хур сæумæрайсом, уæддæр

Нæ фæуыдзæн мæ сагъæс уымæй къаддæр,

Дæуыл хъуыдытæй дзаг уыдзæн мæ сæр,

Уæд афтæмæй куыд цæрдзынæн æз дарддæр?


Æмбисбон дæр уыдзæн мæ цæсгом тар,

Нæ йæ батавдзæн хурзæрин йæ тынтæй.

Дæу хуызæн рæсугъд нæй зæххыл, æмбар

Кæй вæййын хъал æрмæстдæр æз мæ фынтæй.


Нæ дæм хъуысы мæ хъæрзынау, мæ хъæр,

Куыннæ хонон уæд сайраг æз мæ сæр?!


Камиллæйы зæрдæмæ сонет фæцыди. Уымæй ноджы тынгдæр та бахъардта Ансельмомæ. Хорз у, зæгъгæ, загъта, фæлæ бафиппайдта, æвæццæгæн, дам, уыцы чызг дурзæрдæ у, кæд æм ахæм зæрдæйы бынæй цæугæ æнкъарæнтæ нæ хъарынц, уæд. Фæлæ ам Камиллæ радта ахæм фарст:

Чи бауарзы, уыцы поэттæ, цы фæдзурынц, ууыл æууæндæн ис?

Куыд поэттæ, афтæ æцæгдзинад нæ фæдзурынц, — дзуапп ын радта Лотарио.

Уый дызæрдыггаг нæу, — йæ фарс рахæцыд Ансельмо, æрмæстдæр уымæн, цæмæй Лотариойы ныхæстæ Камиллæйы цæсты тынгдæр сахадой, фæлæ Камиллæ Лотариойы йæ цæстытæ ныццавта, æмæ Ансельмойы хиндзинадмæ йæ хъус не ’рдардта. Лотариоимæ цыдæриддæр баст уыд, уый Камиллæйæн хаста æхсызгондзинад. Стæй зыдта, йæ хъуыдытæ æмæ йæ фыстытæ уыимæ баст кæй сты, Хлорæ дæр Камиллæ йæхæдæг кæй у, уый æмæ йæ бафарста, сонет кæнæ ма йæм æндæр исты фыстытæ дæр ис æви нæй, уымæй.

Иу сонет ма мæм ис, — дзуапп радта Лотарио, — фæлæ мæм фыццаджы хуызæн хорз нæ кæсы, растдæр зæгъгæйæ та, фыццаджы хуызæн æвзæр нæу.

Уæвгæ йæм байхъусут æмæ йын тæрхонгæнджытæ уæхæдæг ут:


Дæ цæстытæн — æцæгæлон сæ каст,

Кæнын сыл æз уæддæр мæ хуыздæр зарæг.

Дæ уынд, дæ кондæй райгуырди мæ уарзт,

Уыдзысты уыдон афтæмæй мæ марæг.


Дæ хъуыдыйы, дæ бæллицты цæргæс

Æндæр кæйдæр ды рахуыдтай мæ бæсты.

«Хæрзбон» куы зæгъон ацы цардæн æз

Дæ рæсугъддзинад ауайдзæн мæ цæстыл.


Ды дæ мæнæн мæ хур æмæ мæ мæй,

Зынаргъдæр мын дæ бирæ ды мæ цардæй.

Мæлæт дæр дæ нæ байсдзæни мæнæй,

Дæ уарзондзинад тынгдæр судзы артæй.


Ызнæт денджызы ленк кæнын мæйдары,

Фæндагамонæг нæй мæнæн ыстъалы.


Ансельмойы зæрдæмæ фæцыдис дыккаг сонет дæр. Афтæ иу цæг иннæ цæгыл æфтаугæйæ, рæхыс фидарæй-фидардæргæнгæ цыд. Лотарио йæ æгадæй-æгаддæр куы кодта, уыцы рæстæг ын Ансельмо та афтæ дзырдта, мæ кадæн, дам, ныртæккæ æппындæр ницæмæйуал тæрсын. Афтæ Камиллæ дæр, йæ худинагмæхонæг асинтыл цас дæлдæр хызт, уыйас æм афтæ каст, цыма сыгъдæгдзинад æмæ кады цъупмæ хæстæгæй-хæстæгдæр кæны.

Иуахæмы та Камиллæ йæ лæггадгæнæгимæ иунæгæй куы аззад, уæд æй бафарста:

Мæ зынаргъ Леонеллæ, мæхимæ æгад кæсын райдыдтон, афтæ тагъд кæй басастæн, уый тыххæй. Лотариойæн мæ зæрдæ æваст дæттын нæ хъуыди. Стырзæрдæ кæнын мыл куы райдайа, уымæй тæрсын. Йæ ныхмæ кæй нæ фæлæууыдтæн, уый мын рогдзинадыл куы банымайа, уæд йæ цæсты куы фегад уон, уымæй стъæлфын.

Ууыл ма æппындæр ма хъуыды кæн, ме ’хсин, — загъта Леонеллæ. — Уым æппындæр тæссагæй ницы ис: лæвар тагъд куы райсай, уæд йæ ахадындзинад къаддæр нæ кæны. Сæйрагдæр у лæварæн йæ хæрзхъæддзинад æмæ йæ аргъ. Æмбисонд дæр афтæ зæгъы: цæмæй дын дыууæйы бæсты ацæуа, уый тыххæй йæ æваст ратт.

Æндæр æмбисонд дæр ис, — йæ ныхас баппæрста Камиллæ, — «аслам фыды бас нæй».

Уыцы æмбисонд дæумæ нæ хауы, — йемæ не сразы Леонеллæ. — Æз куыд фехъуыстон, афтæмæй уарзондзинад куы базыртыл фæтæхы, куы — фистæгæй фæцæуы, куы — згъоргæ фæкæны, куы та йæ къæхтæ йæ фæдыл ласгæ фæцæуы. Иуты æруазал кæны, иннæты басудзы. Иуты фæцæф кæны, иннæты амары, йæ фæндты згъорд цы уысм райдайы, уыцы уысм фæвæййы, райсомæй гæнахмæ ныббырсы æмæ изæрæй саст æрцæуы, уымæн æмæ йæ ныхмæ чи фæлæууа, ахæм тых нæй. Кæд афтæ у, уæд тæрсгæ дæр ма кæн æмæ тыхсгæ дæр. Лотарио дæр ахæм уавæры бахауд, уымæн æмæ дæуыл фæуæлахиз уæвынæн уарзондзинад хæцæнгарзæн равзæрста мæ хицауы ацыд. Уарзондзинад цæмæ хъавыд, уый хъуамæ æрцыдаид, Ансельмо йе ’мбалмæ куы ацыд, уыцы рæстæг. Уый афонæй раздæр куы ’рбаздæхтаид, уæд хъуыддаг фехæлдаид. Уарзондзинады фæндтæ сæххæст вæййынц æнæнхъæлæджы уавæры фæрцы. Уыдæттæ мæнæн хорз зындгонд сты мæхи фæлтæрддзинадæй. Мæ хабæрттæ дын искуы ракæндзынæн, синьорæ, æз дæр дурæй конд нæ дæн. Ме уæнгты æвзонг туг хъазы. Стæй, синьорæ Камиллæ, Лотариойыл афтæ тагъд дæр нæ баууæндыдтæ. Ды йын раздæр базыдтой йæ удыхъæд йæ цæстæнгасæй, йæ улæфтытæй, йæ ныхæсты фæрцы. Цæмæй дын зæрдæтæ æвæрдта, цы лæвæрттæ дын кодта, уыдон дæ баууæндын кодтой, дæ уарзондзинады аккаг кæй у, ууыл. Иугæр кæд афтæ у, уæд цæстмæхъус æмæ хиуарзондзинады хъæлæсмæ ма хъус, фæлæ дæхи баууæндын кæн, Лотарио дæ, ды йæ куыд уарзыс, афтæ тынг кæй уарзы, ууыл. Уый цин кæны æмæ йæхи амондджын хоны, уарзондзинады хызы кæй бахаудыстут, уымæй.

Камиллæйы Леонеллæйы ныхæстæ ныфс бауагътой. Бауырныдта йæ, уарзондзинады хъуыддæгты уымæй фæлтæрдджындæр кæй у. Лионеллæ рахъæр кодта йæхи сусæгдзинад дæр. Камиллæйæн загъта, кæй базонгæ иу уыцы горæтаг æрыгон лæппуимæ æмæ йæ бирæ кæй бауарзта. Камиллæ фæтарсти, йæ кадыл уыцырдыгæй къæм куы абада, уымæй. Уæ ахастдзинæдтæ куыд арф бацыдысты, зæгъгæ, йæ куы бафарста, уæд ын уыцы æнæфсарм æмæ къæйныхæй загъта, арф бацыдысты, зæгъгæ. Уый æдзухдæр афтæ вæййы, куыддæр æхсин йæхи цæсты бафтауы æмæ йын йæ сусæгдзинад куы базоны, уæд лæггадгæнæг дæр йæ цæсгом суадзы. Камиллæйæн æндæр гæнæн нал уыд, æмæ Леонеллæйæ ракуырдта, цæмæй йын йæ хабæрттæ йæ уарзон лæппуйæн ма радзура, стæй, йæхæдæг цы митæ кæны, уыцы хабæрттæ дæр æмбæхстæй дара, кæннод, дам, Ансельмо æмæ Лотариомæ байхъуысдзысты. Леонеллæ йын зæрдæ бавæрдта, фæлæ æдзæсгом æмæ къæйных лæггадгæнæг уавæртæй фæпайда кæныныл нæ бафæстиат. Бавдæлд, æмæ йæ уарзоны хæдзармæ хонын райдыдта. Йæ зæрдæ дардта, йе ’хсин æй хæзгулимæ куы баййæфтаид, уæддæр сæ ныхмæ сдзурын йæ бон кæй ницы бауыдаид, ууыл. Æхсинтæ исты рæдыд куы ’руадзынц æмæ сæ сæ дæлдæртæ куы базонынц, уæд сæ бынæттæ баивынц: æхсинтæ свæййынц лæггадгæнджыты æххуырстытæ æмæ сæ бахъæуы сæ дæлдæрты æдзæсгомдзинæдтæ æмбæхсын. Афтæ рауад Камиллæйы хъуыддаг дæр. Цал æмæ сæ цал хатты баййæфта, фæлæ сæ ныхмæ сдзурын йæ бон никуы баци. Уый нæ, фæлæ сæ цæмæй Ансельмо ма базона, ууыл архайдта. Кæд сæхи адæмæй тынг хъахъхъæдтой æмæ дзæвгар рæстæг сæ митæ æмбæхсын сæ бон уыд, уæддæр иу сæумæрайсом Лотарио лæппуйы Ансельмойы хæдзарæй рацæугæ федта. Лотарио нæ зыдта, чи у, уый æмæ йæм фыццаг афтæ фæкаст, цыма йæ цæстытыл цыдæр ауад, фæлæ уыцы чидæр пæлæзы тыхтæй хъуызгæ куы фæцæйцыдис, уæд йæ хъуыды аивта. Уыцы уавæры йын Камиллæ куы нæ баххуыс кодтаид, уæд се ’ппæт дæр бабын уыдаиккой. Лотариойæ бынтондæр ферох Леонеллæ. Æнафоны Ансельмойы хæдзарæй чи рацæйхъуызыд, уый Леонеллæмæ кæй æрбацыдаид, ууыл хъуыды дæр нæ акодта. Камиллæ уымæн куыд æнцонæй йæ къухы бафтыд, иннæтæн дæр æй афтæ æнцон сæттæн фенхъæлдта æмæ йæ маст хæлбурцъытæ кæнынмæ фæци. Ахæм у, йæ лæджы чи асайы, уыцы сылгоймаджы хъысмæт: нал ыл феууæнды суанг йæ хæзгул дæр, цæмæй йæ къухы бафта, уый тыххæй йын бирæ лæгъстæтæ чи фæкодта, уыцы хæзгул, уымæн æмæ йæм афтæ фæкæсы, уымæн куыд æнцонæй бакуымдта æртасын, иннæмæн дæр афтæ æнцонæй бакомдзæн, зæгъгæ. Ахæм хъуыдымæ æрцыди Лотарио дæр. Йæ маст куыд тагъддæр райса, уымæн хуыздæр мадзал не ссардта: атындзыдта Ансельмомæ. Уый хуыссæнæй дæр нæма сыстад, афтæмæй йæ сынтæджы цур алæугæйæ, райдыдта:

Зынаргъ Ансельмо, бирæ бонтæ мæхиимæ тох кæнын, цæмæй дын ма зæгъон, дарддæр мæ бон æмбæхсын цы хъуыдытæ нал у, уыдон. Гæнахы хуызæн фидар кæй æнхъæлдтам, йæ ном та Камиллæ кæмæн хуыйны, уый басаст æмæ цæттæ у, цыдæриддæр ын зæгъон, уый сæххæст кæнынмæ. Æцæгдзинад зæгъынмæ уый тыххæй нæ тагъд кодтон, æмæ ма мæ зæрдæ дардтон, кæд мæ, зæгъын, фæлваргæ кæны. Кæд Камиллæ æцæгæйдæр, мах ын куыд æнхъæл уыдыстæм, ахæм æгъдауылхæст æмæ уæздан адæймаг у, уæд дын хъуамæ фехъусын кодтаид, йемæ мæхи куыд дарын, уый. Фæлæ афтæ æрæгмæ куы кодта, уæд бамбæрстон, зæрдæтæ мын цæмæй æвæрдта, уыдон æцæг кæй сты. Зæрдæ та мын æвæрдта, куыддæр, дам, ды искуыдæм ацæуай, афтæ дын фембæлд сараздзынæн гардеробы (æцæгæйдæриу уым фембæлдысты). Фæлæ æваст дæ маст исыныл ма фæу, уымæн æмæ ныхæстæ йеддæмæ хъуыддаг конд нæма ’рцыд. Ныхæстæн та аивæн ис. Чи зоны, фæсмон æм æрцæуа. Зæгъæн ис, æмæ ды æдзухдæр мæнмæ хъуыстай, байхъус мæм ныр дæр. Цы дын зæгъон, уый дæ зæрдыл бадар, уый фæстæ дæ цы фæнда, уый бакæндзынæ. Иухатты хуызæн та æфсон скæн, цыма дыууæ-æртæ боны æмгъуыдмæ кæдæмдæр цæуыс æмæ гардеробы бамбæхс. Уым гауызтæ æмæ æндæр дзаумæттæ бирæ ис æмæ дзы дæхи кæм бафæсвæд кæнай, уый ссардзынæ. Уым мах нæхи цæстæй фендзыстæм, Камиллæмæ цы фæндтæ ис, уый. Кæд йæ зæрды галиу митæ кæнын уа, уæд ды уыдзынæ æгомыг, хиуылхæст æмæ фидар зондылхæст лæгмар. Цыбыр ныхасæй, аккаг æфхæрд бакæндзынæ, æнæкæрон стыр маст дын чи скодта, уый.

Лотариойы ныхæстæ цавддурау фæкодтой Ансельмойы, уымæн æмæ сæ фехъуыста, æппындæр сæм æнхъæлмæ куы нæ каст, уæд. Уый нымадмæ гæсгæ, Камиллæ аккаг дзуапп радта Лотариойы фæлтæрæнтæн, æмæ йæхи нымадта уæлахиздзауыл. Дзæвгар рæстæг зæхмæ æнæдзургæйæ фæкаст, стæй æрæджиау загъта:

Лотарио, ды мæнæн иузæрдион æрдхорд дæ æмæ кæныс, æцæг æрдхордæн куыд æмбæлы, афтæ. Æз æнæмæнг дæ ныхасмæ байхъусдзынæн. Цы дæ фæнды, уый кæн, æрмæст æй макæмæн зæгъ.

Лотарио йын зæрдæ бавæрдта, фæлæ, Ансельмойæ куы рацыд, уæд тынг фæфæсмон кодта, цы йын загъта, уыдоныл, уымæн æмæ Камиллæйæ йæ маст йæхæдæг дæр райстаид, стæй ахæм карз æмæ худинаджы мадзалæй нæ. Йе ’нæзонд мийы тыххæй йæхи æфхæрдта, йæхимæ хæцыд, ахæм рæузонд кæй разынд, уый тыххæй, фæлæ йæ рæдыд сраст кæнынæн ницы хос ардта. Æппынфæстаг сфæнд кодта Камиллæимæ аныхас кæнын. Уый та йæ къухы æнцонæй бафтыд: уыцы бон йемæ фембæлд. Ничи сæ хъусы, уый йæ куы бауырныдта, уæд Камиллæ райдыдта:

Мæ зынаргъ Лотарио, мæ сæр афтæ тынг риссы, мæ зæрдæ йæхи риуы афтæ тынг хойы, æмæ тæрсын, куы аскъуыйа, уымæй. Æнæхъæнæй куы баззайа, уæд æрмæстдæр уæлæрвон тыхты фæрцы. Байхъус-ма мæм. Леонеллæ ахæм æдзæсгом разынд, æмæ алы бон дæр мæ хæдзары æмбæлы йæ уарзонимæ. Мæ хæдзарæй æнафоны куы рацæуы, уæд уымæй мæ сыгьдæг ном чъизи кæй кæны, уый, чи йæ фены, уыдонæй алчидæр зæгъдзæни. Уæлдай зындæр мын уый у, æмæ йæ бафхæрын мæ бон кæй нæу, уымæн æмæ мын мæхи хабæрттæ иууылдæр зоны.

Камиллæмæ хъусгæйæ, Лотарио раздæр ахъуыды кодта, цыма сылгоймаг йæ фæдтæ сафы, Лотарио йæ хæлары хæдзарæй сæумæцъæхæй рацæйцæугæ кæй федта, уый Камиллæмæ нæ, фæлæ Леонеллæмæ æрбацыд, зæгъгæ, фæлæ, йæ цæссыг куыд калы, æххуыс дзы куыд куры, уый куы федта æмæ фехъуыста, уæд ыл баууæндыд. Куы йыл баууæндыд, уæд ноджы тынгдæр йæхицæй ныфсæрмы æмæ, Ансельмойæн цытæ радзырдта, уыдоны тыххæй йæхи фæсмонæй хордта. Фæлæ уыцы-иу рæстæг Камиллæйæн зæрдæ бавæрдта, Леонеллæйы æнаккаг митæн кæрон кæй скæндзæн. Фæстагмæ йын схъæр кодта, тынг мæстджынæй Ансельмойæн цытæ радзырдта, уыдон. Загъта йын, цæмæй йæ гадзрахатдзинадыл баууæнда, уый тыххæй гардеробы кæй бамбæхсдзæн, уый дæр. Ахæм æнæзонд ми кæй бакодта, уый тыххæй дзы куырдта хатыртæ, домдта дзы, цæмæй йын феххуыс кæна, йæхæдæг йæхи цы кьуырцдзæвæнмæ батардта, уырдыгæй рацæуынмæ.

Лотариойы ныхæстæ фехъусгæйæ, Камиллæ фырадæргæй цы акодтаид, уый нал зыдта. Алывыд калынмæ йын фæци. Ахæм ницæйаг æнхъæл ын кæй у, уый тыххæй йыл уайдзæфтæ кæнынæй нал ауæрста, фæлæ сылгоймаг уæддæр уавæр тагъддæр бамбары, стæй тæригъæдгæнагдæр у, кæд нæлгоймагæй уæлæнгайдæр хъуыды кæны, уæддæр. Камиллæ уайтæккæ дæр ссардта уыцы зын уавæрæй рацæуыны мадзал: Лотариойæн бацамыдта, цæмæй Ансельмо æцæгæйдæр бамбæхса, кæм бауынаффæ кодтой, уым, цæмæй сын уый фæстæ уым сæхицæн дæр æдасæй æмбæлыны фадат уыдаид. Йæ фæнд кæронмæ нæ раргом кодта, æрмæст ын бафæдзæхста, цæмæй, Ансельмо куы бамбæхса, уæд Леонеллæйы хуындмæ фæзына æмæ æппæт фæрстытæн дæр дзуапп дæтта, цыма йæ Ансельмо кæй хъусы, уый нæ зоны, уый хуызæн. Лотарио дзы куырдта йæ фæнд кæронмæ радзурын, цæмæй уæндондæр æмæ арæхстгайдæрæй архайдтаид, уый тыххæй.

Дæу ницы архайын хъæуы, — æрмæстдæр дзуапп дæтдзынæ фæрстытæн, — æндæр ын ницы загъта Камиллæ, уымæн æмæ тарсти, йæ фæнд æм хорз куы нæ фæкæса æмæ æвзæрдæр мадзал куы равзара, уымæй. Рагацау ын йæ фæндтæ дæр уымæн не схъæр кодта.

Лотарио ацыд. Дыккаг бон хæдзары загъта, хъæумæ йе ’мбалмæ кæй цæуы. Йæхæдæг фæстæмæ ’рбаздæхт æмæ æнцонæй йæхи бамбæхста, уымæн æмæ йын хорз фадæттæ сарæзтой Камиллæ æмæ Леонеллæ.

Ансельмо бамбæхст æмæ йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп къæмисæнтæм цавта. Ахæм уавæры йæхи хуыздæр ничи ’нкъардтаид. Хæрзцыбыр рæстæг ма рацæудзæн, æмæ йæхи цæстытæй фендзæн æмæ йæхи хъустæй фехъусдзæн, йæ кад ын къæхты бын куыд кæндзысты, уымæ. Уысмы бæрцы фæстæ æнæхай фæуыдзæн, аргъ кæмæн нæй, йæ уыцы хæзна Камиллæйæ. Ансельмо бамбæхст, ууыл Камиллæ æмæ Леонеллæ фидарæй куы баууæндыдысты, уæд гардеробмæ бацыдысты. Камиллæ куыддæр къæсæрæй бахызт, афтæ, арф ныуулæфгæйæ, сдзырдта:

Мæ зæрдæхæлар Леонеллæ. Цалынмæ, цы мæ зæрды ис, уый бакæнон, уæдмæ дын, цы кæнинаг дæн, уый зæгъынмæ нæ хъавын, уымæн æмæ мæ мæ фæнд сæххæст кæнын нæ бауадздзынæ. Ансельмойы хъама райс æмæ мын æй мæ риуы ныссадз. Уæвгæ, фæлæуу. Кæйдæр тыххæй æз цæмæн хъуамæ хъизæмар кæнон? Фыццаджыдæр мæн зонын фæнды, Лотариойы æдзæсгом цæстытæ мæнмæ ахæмæй цы ссардтой, æмæ мæм сæ цъаммар хицау сылгоймаджы худинаггæнæг ныхæстæ кæнын бауæнда? Йæхи кой куынæуал кæнон, уæд мæнгардæй рацыд йæ хуыздæр хæларыл, фæхудинаг кодта мæн дæр. Рудзынгæй-ма акæс, Леонеллæ, æмæ йæм фæдзур. Уый ныр уынджы уыдзæн æмæ цæттæйæ лæудзæн йæ цъаммар митæ æххæст кæнынмæ. Фæлæ уымæй размæ хъуамæ æххæстгонд æрцæуа мæ æгъатыр, фæлæ уæздан ми.

Æллæх, ме ’хсин! — сдзырдта Леонеллæ. — Уымæн рагацау алцыдæр зындгонд уыд æмæ фæхъæр кодта: — Цæмæн дæ хъæуы хъама? Дæхи амарыны зонд дæм æрцыди æви дзы Лотариойы марынмæ хъавыс? Уыдонæй кæцыфæнды хъуыддаг куы бакæнай, уæддæр фæчъизи уыдзæн дæ кад дæр æмæ дæ ном дæр. Уый бæсты дæ маст аныхъуыр, æмæ уыцы æнаккаджы, иунæг куы уæм, уæд æй дæ хæдзары къæсæрæй æрбакæсын дæр мауал бауадз. Ахъуыды кæн, синьорæ! Мах, сылгоймæгтæ, лæмæгъ стæм. Уый та нæлгоймаг у, стæй цавæр: йæ сæрæй дуæрттæ кæны. Æмæ кæд йæ митæн дзуапдæттынхъом нал у, уæд æм алцæмæ ’нхъæлмæгæсæн дæр ис. Æмæ, куы зæгъын, йæ фæндтæ æххæст кæныны фæндагыл куы ’рлæууа, уæд æм алцæмæ дæр æнхъæлмæ кæсæн ис. Мæ хицау Ансельмо дæр зын бамбарæн у. Цæмæн радта йæ хæдзары уыйбæрц бартæ, цæсгом кæуыл нæй æмæ йе ’фсарм чи бахордта, уыцы цъаммарæн? Зæгъæм, синьорæ, куы йæ амарай, куыд кæсын, афтæмæй дæ зæрды та афтæ бакæнын ис, уæд ын йæ мард та цы фæкæндзыстæм?

Куыд цы фæкæндзыстæм? — загъта Камиллæ. Ансельмо-иу æй баныгæнæд. Уыцы куыст æм йæ фæллад уадзыны хуызæн хъуамæ фæкæса, уымæн æмæ фæдæлзæхх кæндзæн йæ худинаг. Фæдзур æм тагъддæр. Маст исын дарддæрмæ æргъæвгæ нал у.

Ансельмо алцыдæр фехъуыста. Йæ алы ныхас дæр ын сæфта йæ дызæрдыгдзинад. Лотариойы амарынвæнд скодта, уый куы бамбæрста, уæд йе ’мбæхсæн бынатæй рацæуынмæ хъавыд, цæмæй уыцы æбуалгъ хъуыддаг æрцæуын ма бауагътаид, фæлæ йæ бафæндыд, дарддæр цы хабæрттæ ’рцæудзæн, уыдонмæ бакæсын. Уавæр йæ тæккæ карзмæ куы бахæццæ уа, уæд рацæудзæн æмæ тугкалд бауромдзæн.

Уыцы рæстæг, цыма Камиллæйæн йæ зæрдæ бахъарм, уый хуызæн сынтæгыл бафæлдæхт. Леонеллæ ныккуыдта, хъарджытæ кæнынмæ фæци:

Мæнæ цы бæллæхы бахаудтæн. Цымæ ахæм æнамонд цæмæн фæдæн, зæххон адæймæгты сыгъдæгдæр мæ къухты йæ уд цæмæн исы? Бинойнаджы ном фидауцджындæрæй чи фæхаста, сылгоймæгтæн тæккæ фæзминагдæр чи уыди, уый фæстаг уысмтæн мæ Дунескæнæг æвдисæнæн цæмæн равзæрста?!

Ноджыдæр ма бирæ цыдæртæ схауди йæ дзыхæй Леонеллæйæн. Чи йæм байхъуыстаид, уый бауырныдтаид, зæххыл ахæм æнувыд лæггадгæнджытæ бирæ кæй нæй, йе ’хсины та йын рахуыдтаид дыккаг Пенелопæ. Камиллæ йæхи уайтагъд йе ’муд æрцæуын кодта:

Цæуыннæ фæдзурыс, ацы сызгъæрин хур æмæ фæлурс мæйы бын æппæты иузæрдиондæр æмæ æнувыддæр æрдхордмæ? Цалынмæ мæ маст цæхæртæ калы, уæдмæ йæм фæдзур æмæ йын æз, цы аккаг у, уыцы митæ ацы мæстыйæ бакæнон.

Цæуын, цæуын, ма кадджын æхсин, — загъта Леонеллæ, — фæлæ уал раздæр дæ хъама æри. Тæрсын, ме ’рбацыдмæ дæхицæн исты куы кæнай, уымæй.

Уымæй мæм дæ зæрдæ ма ’хсайæд, Леонеллæ. — Æз ахæмæй ницы бакæндзынæн, — загъта Камиллæ. — Дæумæ гæсгæ мæ кады сæрыл стох кæнын æнæзонд ми у, фæлæ æз Лукреция нæ дæн. Уый, дам, ницы аххос æм уыди, афтæмæй раздæр аххосджыны амарыны бæсты йæхимæ йæ къух систа. Кæд мын амæлын æмбæлы, уæд амæлдзынæн, фæлæ уал хъуамæ раздæр мæ маст райсон, цæссыгтæ кæй тыххæй калын, уыцы æнаккагæй. Исты æфсон ма йын куы уыдаид мæнмæ æрбауæндынæн!

Леонеллæйæн ма бирæ дзурын бахъуыд, цалынмæ Лотариойы æрбахоныныл сразы, уæдмæ. Æппынфæстагмæ йæм ацыди. Цалынмæ уым нæ уыди, уæдмæ йе ’хсин йæхиимæ дзурыныл фæци:

О Хуыцау! Лотариойы уымæй размæйы хуызæн цæуыннæ асырдтон? Ныр ын ноджы æфсон фæцис хæлд сылгоймагыл мæ банымайынæн. Фæлæ йæ æз уыцы æфсонæй æнæхай фæкæндзынæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ асурын хуыздæр уыд, фæлæ Лотарио ардыгæй куы ацыдаид, уæд, йæхи цы къуырцдзæвæнмæ батардта, уырдыгæй сæрæгас æмæ æнæхъыгдардæй рацыдаид. Фæлæ дзы уæд мæ маст ист не ’рцыдаид, мæ лæджы кад та цъыфæйдзагæй баззадаид. Цъаммарæн йæ царды аргъ сыстдзысты йæ æнаккаг митæ. Уадз æмæ уæздæтты æхсæнад зона (кæд æй искуы базона, уæд), Камиллæ йæ лæджы цæсгом кæй ницæмæй фæчъизи кодта, уый нæ, фæлæ йæ, чи бафхæрдта, уымæй йæ маст дæр кæй райста. Мæнмæ гæсгæ хуыздæр уыдзæн, ацы хабæрттæ Ансельмойæн фехъусын кæнын. Фæлæ йын уыдæттæ, хъæумæ йæм цы писмо арвыстон, уым дæлгоммæ хуызы куы ’мбарын кодтон. Æвæццæгæн, тагъд уымæн нæ кодта, æмæ йæ æууæндаг æмæ хæлар зæрдæйæ ныфс уыд, йæ хуыздæр æрдхорд ахæм митæ бакæнын йæ сæрмæ кæй не ’рхæсдзæн, уымæй. Раст зæгъгæйæ, мæхæдæг дæр дзæвгар рæстæг уый æнхъæл нæ уыдтæн. Фæлæ мын уарзондзинадыл дзурын куы райдыдта, лæвæрттæ хæссын, цæссыгтæ згъалын, уæд йе ’цæг цæсгом æргомæй разынд. Уæвгæ мæ ацы ныхæстæ цæмæн хъæуынц? Ныфсджын уынаффæ рахæссыны фæстæ ма искæй фæрсын цæмæн хъæуы? Ницæмæн! Уæдæ дæхи хъахъхъæн, гадзрахатдзинад! Ардæм, мастисæг! Кæм дæ æмгархор, хæстæгдæр рацу æмæ амæл! Уый фæстæ цыфæнды дæр уæд! Сыгъдæгæй æрлæууыдтæн, уæлæрвтæ мын кæй саккаг къодтой, уыцы лæджы раз, йæ цурæй дæр хъуамæ сыгъдæгæй ацæуон. Уый нæ, фæлæ ма æз ацæудзынæн мæхи æнаххос æмæ æрдхæрдты цъамардæры сау туджы æвдылдæй.

Ацы ныхæстæ дзырдта уаты рацу-бацугæнгæйæ. Йæ къухы уыди кæрддзæмæй ласт хъама æмæ-иу дзы, йæ маст тынгдæр равдисыны тыххæй, куы иуæрдæм февзыста, куы иннæрдæм. Исчи йæм куы кастаид, уæд банхъæлдтаид, фæлмæнзæрдæ сылгоймаг нæу, фæлæ йæ зонд кæмæн фæцыд, ахæм фыдгæнæг.

Ансельмо лæууыд гауызы фæстæ æмæ алцыдæр уыдта æмæ дисы бацыд. Цы федта æмæ цы фехъуыста, уыдон йæ хъуыдымæ гæсгæ цыфæнды дызæрдыгдзинадæн дæр йæ дымгæ дæр нал ныууагътаиккой. Тас дзы бацыд, исты æнæнхъæлæджы фыдбылыз куы ’рцæуа, уымæй. Нал æй фæндыд Лотариойы æрбацыд дæр. Цæттæ уыд йæхи раргом кæнынмæ, йæ бинойнаджы ныхъхъæбыс æмæ æрсабыр кæнынмæ, фæлæ Леонеллæйы Лотариойы къухыл хæцгæ куы ауыдта, уæд бар-æнæбары йæхиуыл фæхæцыд. Камиллæ Лотариойы куы ауыдта, уæд, йæ размæ хъамайæ æрхахгæнгæйæ, загъта:

Лотарио! Хъус, цы дын зæгъон, уымæ: куыддæр ацы хаххы сæрты æрбахизай, хизгæ нæ, фæлæ йæм хæстæг куы ’рбацæуай, уыцы тæккæ уысм дын хъама дæ риуы ныссадздзынæн! Цалынмæ дæ дзыхæй иу ныхас дæр нæма схауд, уæдмæ дын мæхи зæрды ис цалдæр ныхасы зæгъын. Стæй сын-иу уæд дæхæдæг, цавæр дæ фæнды, ахæм дзуапп ратт. Фыццаджыдæр, Лотарио, мæн фæнды, цæмæй мын зæгъай, мæ лæг Ансельмойы зоныс æви нæ, кæд æй зоныс, уæд цавæр адæймагæй? Дыккаджы та мæ фæнды, цæмæй мын зæгъай, мæн зоныс æви нæ? Дзуапп мын ратт æфсæрмы ма кæн. Стæй бирæ ма хъуыды кæн, уымæн æмæ мæ фæрстытæ æнцон сты.

Камиллæ йын Ансельмойы куы æмбæхсын кодта, уæд дæр Лотарио æмбæрста, Камиллæ цы кæнынмæ хъавы, уый. Æваст ын зондджын æмæ аккаг дзуæппытæ дæттын дæр уымæн райдыдта.

Рæсугъд Камиллæ, ахæм фæрстытæн мæм дзуæппытæ дæттыны тыххæй фæдзырдтай, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Æз цæй фæдыл æрбацыдтæн, уыдон уымæ тынг дард лæууынц. Кæд мын цы хæрзиуæг ракæнынмæ хъавыдтæ, уый фæстæдæрмæ аргъæвынмæ хъавыс, уæд мын рагацау зæрдæ æвæрын нæ хъуыдис, уымæн æмæ, дæ фæндон сæххæст кæныныл цас зæрдиагдæрæй архайай, уыйас дæ къухы тагъддæр бафтдзæн. Фæлæ, цæмæй афтæ ма банхъæлай, дæ фæрстытæн мæ дзуапп дæттын нæ фæнды, зæгъгæ, уый тыххæй сын дзуапп ратдзынæн.

Æз зонын дæ сæрыхицау Ансельмойы. Мах кæрæдзийы зонæм гыццылæй фæстæмæ. Нæ хæлардзинады тыххæй нæ дзурдзынæн, уымæн æмæ йæ дæхæдæг хорз зоныс. Нæ мæ фæнды, цы уавæры йæ баппæрстон, уыцы æнаккагдзинадæн æвдисæн уæвын. Йæ зæрдæхудты та бацыдтæн уарзондзинады аххосæй. Цыма мын уыцы сыгъдæг æнкъарæн мæ гадзрахатдзинад ныббардзæн, афтæ мæм кæсы. Æз дæу дæр зонын. Ды мæнæн дæр уый хуызæн зынаргъ дæ. Дæ хорздзинæдтæ куы нæ уыдаиккой, уæд мæ уæздан номыл мæ къух никуы систаин, нæ фехæлдтаин хæлардзинады табуйаг æгъдæуттæ дæр. Хæлардзинады сæрты мæ ахизын кодта уарзондзинад.

Кæд уыдæттыл сæттыс, æцæг уарзондзинады аккаг чи нæу, уый, — загъта Камиллæ, — уæд цавæр цæстытæй кæсын хæссыс дæ ныфс, дæ хуыздæр хæлар, йæхи кæсæнмæ кæсæгау кæм уыны, уый цæсгоммæ? Хъуамæ дæ хæлармæ кæсгæйæ, дæ цæстыл уайа, цы уавæры йæ æвæрынмæ хъавыс, уый. Мæнæ цы тынг æнамонд фæдæн! Ахæм фæндагыл ацæуынæн дын æппындæр ницы æфсон уыд. Мæнæн мæхиуыл мæ зæрдæ æппындæр ницæмæй худы. Дæ цуры æдзухдæр мæхи дардтон, уæздан сылгоймагæн куыддæриддæр æмбæлы, афтæ. Уæдæ æнæнхъæлæджы æнæрхъуыды мийæ дæр мæхиуыл никуы ницæмæй фæдызæрдыг дæн. Зæгъ-ма, уæйгæнæг, дæ лæгъстæтæ дын искуы истæмæ ’рдардтон?

Ныхасы ’рдæгæй дæр мæ искуы зæрдæвæрдæй баззадтæ? Искуы афтæ уыдис, æмæ дын дæ ныхæстæн аккаг ныхкъуырд нæ раттон? Дæ ныхæстæй дын искуы искæцыйыл баууæндыдтæн? Дæ зынаргъ лæвæрттæй дын искуы искæцы райстон? Мæнмæ гæсгæ, уарзондзинады хъуыдыйы уацары бирæ рæстæг уæвæн нæй, дæ зæрдæ куы ницæуыл дарай, уæд. Дæ цъаммар миты тыххæй æз мæхи хонын аххосджын, уымæн æмæ дын бирæ кæй быхсыдтон æмæ мæ уавæр кæй нæ хъæр кодтон, уый афтæ амоны, цыма дын æз цæмæйдæр ныфс æвæрдтон. Мæхицæн кæм нæ хатыр кæнын, уым нæ хатыр кæнын дæуæн дæр. Фæнды мæ, цæмæй ды æвдисæн уай, мæ лæг кæй фегад, уымæн йæ цард нывондæн чи хæссы, уый мæлæтæн. Мæ сæрыхицауы ды бафхæрдтай, дæ бон куыд уыди, афтæ. Бафхæрдтон æй æз дæр, фаг фидардзинад мæм кæй нæ разынд, уымæй. Иу хатт ма йæ зæгъын: мæхи аххосджын хонын уымæй, æмæ дын фаг ныхкъуырд нæ лæвæрдтон. Ды уымæй фæпайда кодтай, æмæ мæм бауæндыдтæ дæ цъаммар хъуыдытимæ æрбаулæфын. Æппæты тынгдæр тæрхон мæхицæн уый тыххæй хæссын. Уыимæ мæхи къухæй. Уымæн æмæ мæ марæг æндæр исчи куы уа, уæд, аххосджын кæй дæн, уый адæм базондзысты. Фæлæ мæлын æрмæст мæхи нæ фæнды. Æз хъуамæ амарон, мæ маст кæй мæлæты фæрцы ссæудзæн, уый дæр...

Уыцы ныхæсты фæстæ хъамайæ февзыста, йæ цæсгом тынг тæссаг хуыз, афтæмæй Лотариойыл йæхи ныццавта. Хъавыди йын йæ риу барæхойынмæ. Лотарио йын йæ митыл фæдызæрдыг. Афтæ йæм фæкаст, цыма йæ æцæг марынмæ хъавы æмæ иуфарс агæпп ласта. Камиллæ, цыма цы ныхæстæ кодта, уыдоны уацары бахауд, уый хуызæн сфæнд кодта, цы хъазты бацыд, уый тугæй сахорын. Уымæн та равзæрста йæхи туг. Лотариойы барæхойын йæ бон куы нæ баци, кæнæ та йæ цыма рæхойынмæ хъавыд æмæ йын нæ бантыст, йæхи афтæмæй куы равдыста, уæд загъта:

Хъысмæты нæ фæнды, цæмæй мæ фæндон кæронмæ æххæстгонд æрцæуа. Фæлæ кæд цыфæнды тыхджын у, уæддæр йæ бон нæ бауыдзæн йæ дыккаг хай сæххæст кæнын нæ бауадзын.

Фæстаг ныхас куы сдзырдта, уæд Лотариойæ йæ къух ратыдта æмæ хъамайы фындз йæ риумæ фæцарæзта. Йæхи дзы барæхуыста афтæ, цæмæй цъæрæмыхст йеддæмæ ма фæуыдаид. Цыма йæ зæрдæ бахъарм, уый хуызæн æрхауд.

Камиллæмæ кæсгæйæ, Леонеллæ æмæ Лотарио дисы бацыдысты. Сæ бон бамбарын нæ уыд, æфсон кæны æви æцæг митæ кæны, уый. Уæлдайдæр, йæ риуы туг пъолыл куы асаха, уæд. Лотарио афтæ тынг фæтарст, æмæ, йæ зæрдæ риуы гуыдыр ныххоста, афтæмæй Камиллæмæ батахт, фæлæ, рæхуысты тæссагæй ницы ис, уый куы федта, уæд йæ уд йе ’муд æрцыд æмæ та ногæй дисы бацыд, Камиллæ йæхи куыд арæхстджын æмæ зондджынæй равдыста, ууыл. Фæлæ æваст фæхъуыды кодта, йæхи йæ æндæрхуызон дарын кæй хъæуы, уый æмæ богъ-богъæй кæуын райдыдта, цыма Камиллæ æцæгæй амард. Æлгьитын райдыдта, æрмæст йæхи нæ, фæлæ, кæй аххосæй ахæм ми бакодта, уый дæр. Йæ ныхæстæ йын йæ хæлар Ансельмо дæр кæй хъусы, уый кæй зыдта, уымæ гæсгæ кодта ахæм ныхæстæ, æмæ йæм чи байхъуыстаид, уый Камиллæйæ Лотариойæн тынгдæр тæригъæд кодтаид, Камиллæ суанг мард куы уыдаид, уæд дæр.

Леонеллæ Камиллæйы систа æмæ йæ сынтæгмæ бахаста. Лотариойæн лæгъстæ кодта, цæмæй дохтырмæ фæдзырдтаид æмæ сусæгæй сдзæбæх кодтаид Камиллæйы. Ноджы йæм æрхатыд, цæмæй йын бацамыдтаид, йе ’хсины цæфы тыххæй Ансельмойæн цы зæгъдзысты, цæф куы нæма сдзæбæх уа, афтæмæй куы ’рбаздæха, уæд. Лотарио йын загъта, цы дæ фæнда, уый, дам ын-иу зæгъ. Мæнæн, дам, ныртæккæ дæ фарстæн аккаг дзуапп раттын мæ бон нæу. Ныртæккæ, дам, сæйрагдæр у туг тагъддæр бауромын, уымæн æмæ йæхи ныртæккæ ардыгæй ацæуын хъæуы. Æмæ æцæгæйдæр тынг æнкъард æмæ зæрдæрыстæй уатæй рацыд. Иунæгæй, ничи йæ уыны, ахæм ран куы аззад, уæд йæхиуыл дзуæрттæ æфтауынмæ фæци. Камиллæйы хиндзинад æй дисы бафтыдта. Дис кодта, Леонеллæ йæхи куыд дардта, ууыл дæр. Уырныдта йæ, Ансельмо нырæй фæстæмæ йæ бинойнаджы Порция хонын кæй райдайдзæн, уый. Бæллыди йæ хæларимæ фембæлынмæ, гæдыдзинад, æппæты стырдæр уæлахиз рæстдзинадыл куы фæци, уыцы бæрæгбон иумæ сбæрæг кæнын.

Леонеллæ баурæдта йе ’хсины туг. Туг дзы ракалди, цы сайæн ми æрхъуыды кодтой, уый æцæгдзинадæй равдисынæн цас хъуыдис, æрмæстдæр уыйбæрц. Уый фæстæ цæф сæнæй ныхсадта æмæ йæ арæхстгай бабаста. Уыимæ ахæм ныхæстæ кодта, æмæ уымæй размæ æппындæр куы ничи ницы загътаид, уæддæр Ансельмойы бауырныдтаид, йæ бинойнаг зæды хуызæн æнæлаз кæй у, уый. Леонеллæйы ныхæстимæ хорз бадтысты, Камиллæ цы дзырдта уыдон дæр. Йæхи хуыдта тæппуд æмæ æнæныфс. Лæмæгъдзинад равдыста, æппæты фидардæр уæвын æй куы хъуыди, уыцы уысм: йæ ницæйаг цардæн кæрон скæныны рæстæг. Йæ лæггадгæнæджы фарста, цы ’рцыди, уыдон йæ уарзон сæрыхицауæн дзура æви нæ, уымæй. Нæ, дам, ын сæ хъæуы дзурын. Банхъæлдзæн, Лотариойæ дзы дæ маст исын кæныс, зæгъгæ. Ансельмо, дам, уымæй ницы рамбулдзæн. Зондджын бинойнаг хъуамæ йæ лæджы макæуыл ардауа. Ардаугæ нæ, фæлæ, дам, æй хылæй хъахъхъæнгæ кæна.

Камиллæйы зæрдæмæ уыцы ныхæстæ фæцыдысты. Загъта йын, кæй йæм байхъусдзæн, фæлæ, дам, цæфы тыххæй Ансельмойæн цы зæгъдзыстæм, ууыл ахъуыды кæнын хъæуы. Леонеллæ йын загъта, мæнæн, дам, сайын хъазгæйæ дæр мæ бон нæу.

Æмæ дæумæ гæсгæ мæ бон у? — фæхъæр ыл кодта Камиллæ. — Мæ цард уымæй аразгæ куы уаид, уæддæр гæды ныхас ницæй тыххæй ракæнин, мæнг æвдисæн дæр нæ ныллæууин. Сайæджы ном дыл сбадыны бæсты, амал куынæуал уа, уæд рæстдзинад зæгъын бирæ хуыздæр у.

Тыхсгæ ма кæн, синьорæ, — зæрдæ йын авæрдта Леонеллæ. — Райсоммæ, цы зæгъæм, уымæн исты æрхъуыды кæндзынæн. Стæй цæф ахæм ран у, æмæ йæ нæ бафиппайдзæн. Дæхи ма тыхсын кæн, ме ’хсин. Цæмæй дæ дæ сæрыхицау æдыхст æмæ зæрдæхъæлдзæгæй æрбаййафа, ууыл бацархай. Иннæ хъуыддæгтæ мæ бар æмæ Хуыцауы бар уадз. Уый æдзухдæр раст адæмы фарс вæййы.

Тынг лæмбынæг хъуыста æмæ æдзынæг каст Ансельмо, йæ кады мæлæт æвдисæг трагеди йын куыд дæсны хъазыдысты, уымæ. Артисттæ афтæ архайдтой, цыма кæй ролты хъазыдысты, уыдоны удты бацыдысты. Тынг бæллыди изæр тагъддæр куы ралæууид, уынгмæ куы рацæуид æмæ йæ иузæрдион æмбал Лотариоимæ куы фембæлид, уымæ æмæ иумæ куы бацин кæниккой, йæ диссаджы хæзна, йе ’гъдауылхæст бинойнаг, фæлварæнтæ иттæг хорз кæй радта, ууыл.

Камиллæ æмæ йын Леонеллæ хорз фадæттæ сарæзтой æддæмæ рацæуынæн, æмæ сæ уый дæр фæпайда кодта. Куы рацыд, уæд атагъд кодта Лотариомæ. Æмæ æппынфæстаг фембæлдысты. Лотариойæн куыд хъæбыстæ кодта, куыд бузныг дзы уыди, куыд цин кодта, куыд æппæлыд йæ усæй, уый ныхæстæй равдисын тынг зын у. Лотариомæ уыд æндæр зæрдæйыуаг. Уый хъуыды кодта, йе ’мбал цы сайды фæци, ууыл. Стæй йын, не ’мбæлди, афтæмæй йæ цы хъизæмæртты баппæрста, ууыл. Ансельмо уыдта, Лотарио кæй нæ цин кæны, уый, фæлæ уымæ гæсгæ æнкъард уыд, Камиллæйы цæфæй кæй ныууагъта, уый тыххæй, æнамонддзинады та аххосджын хуыдта йæхи. Уымæ гæсгæ йын Ансельмо загъта, цæмæй Камиллæмæ йæ зæрдæ ма ’хсайа, уымæн æмæ, дам ын цæфæй ницы тæссаг у. Кæд æй Ансельмойæ бамбæхсынмæ хъавынц, уæд дзы, тæссагæй кæй ницы ис, уый бæлвырд у, æмæ хъуамæ Ансельмоимæ цин кæна, уымæн æмæ, цы хин сарæзтой, уый фæстæ Ансельмо цинæй арæзт хохы цъуппыл балæууыди. Ныр Ансельмо бавналдзæн Камиллæйы номыл æмдзæвгæтæ фыссынмæ. Уадз æмæ фæстагæттæ дæр зоной, зæххыл цы диссаджы сылгоймæгтæ цард, уый. Лотариойы зæрдæмæ фæцыд йæ фæнд æмæ йын зæрдæ бавæрдта уыцы цыртдзæвæн аразынмæ йæ хай бахæссынæй.

Ахæм сайд æрцыди Ансельмойыл. Йæхæдæг куыд хъуыды кодта, афтæмæй йæ хæдзармæ æрбахуыдта кады хæцæнгарз, хонгæ та æрбакодта йæ намыс марæг. Камиллæ Лотариойыл æмбæлдис уазал цæстæнгас æмæ судзгæ зæрдæимæ. Уыцы сайд ахаста цалдæр мæйы, уый фæстæ хъысмæт йæ цæлхытæ фæстæмæ разылдта æмæ хабæрттæ иууылдæр рахъæр сты. Ансельмойы мæрдтæм барвыста йе ’нæсæрфат цымыдисдзинад.

Ансельмо Камиллæйы сыгъдæгдзинадыл куы баууæндыд, уæд йæхицæй амондджындæр никæйуал хуыдта. Йæ дызæрдыгдзинæдтæй фæд дæр нал баззад. Камиллæ та, цæмæй йыл мацæмæй фæгуырысхо уа, уый тыххæй-иу, Лотариойы ауынгæйæ, йæ рæзты æлхынцъæрфыгæй ахызт. Лотарио та Ансельмойæ ракуырдта, цæмæй сæм мауал цæуа, уый бар ын ратта, уымæн æмæ, дам, Камиллæйæн мæ уынд, зын уыдзæн. Фæлæ Ансельмо не сразы. Афтæмæй йæ худинаджы тын уæфта æмæ уæфта, йе ’намонддзинады тын кæй уыд, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, афтæмæй. Леонеллæ та йæхи амондджын хуыдта, йæ уарзонимæ æмбæлынмæ йын диссаджы хорз фадæттæ кæй фæци, уымæй. Йе ’хсин ын йæ хабæрттæ кæй нæ рахъæр кæндзæн, уый йæ фидарæй уырныдта, хъæр нæ, фæлæ сæ йæ уарзонимæ хъахъхъæнгæ дæр ма кæй бакæндзæн, ууыл йæ зæрдæ даргæйæ, цыдæриддæр æй фæндыди, уый кодта.

Иуæхсæв Ансельмо Леонеллæйы уатæй цыдæр уынæртæ айхъуыста. Бафæндыд æй, чи дзы рацу-бацу кæны, уый базонын. Дуар байгом кæныныл ацархайдта, фæлæ, куыд бамбæрста, афтæмæй йыл чидæр мидæгæй хæцыд. Уый йын йæ цымыдисдзинад фæтыхджындæр кодта: дуар йæ тых-йæ бонæй сынæгæй сцавта æмæ фегом. Куы бахызт, уæд ауыдта, рудзынгæй чидæр куыд агæпп кодта, уый. Ансельмо йæ фæдыл рацæйтахт, хъавыди йæ æрцахсынмæ, кæнæ та, чи уыд, уый базонынмæ, фæлæ дзы иу дæр йæ къухы нæ бафтыд, уымæн æмæ йыл Леонеллæ ныззæгæл æмæ йæ фезмæлын нал уагъта.

Æрсабыр у, мæ хицау, — загъта йын Леонеллæ. — Дæхи ма тыхсын кæн, чи агæпп кодта, уый дæр ма сур. — Аххостæ иууылдæр мæнмæ хауынц. — Æрцахсынмæ кæй хъавыдтæ, уый та у мæ лæг.

Ансельмо йыл нæ баууæндыд. Фырмæстæй цы акодтаид, уый нал зыдта æмæ хъамамæ фæлæбурдта. Леонеллæмæ дзы бавзыста, ныртæккæ æцæгдзинад куы нæ зæгъай, уæд дæ скъуыхтæ кæндзынæн, зæгъгæ, æмæ йын æй йæ сæрмæ æруадзынæввонг æрцæттæ кодта. Лæггадгæнæгæн йæ зырзыр ссыд. Адæргæй йæ дзыхы ныхас нал бадт æмæ ма сдзурын бафæрæзта:

Ма мæ амар, синьор, æз дын, æнхъæлмæ кæмæ нæ кæсыс, ахæм хабæрттæ ракæндзынæн.

Дзургæ уæдæ, — фæхъæр ыл кодта Ансельмо. — Кæннод дæ марын.

Ныртæккæ мæ бон нæу, — загъта Леонеллæ. — Ныртæккæ мæхи дæр ме ’мбарын. Райсоммæ банхъæлмæ кæс. Æз дын ахæм хабæрттæ радзурдзынæн, æмæ дæ сæры хъуын арц сбаддзæн. Æрмæст тыхсгæ ма кæн: рудзынгæй цы лæппу агæпп кодта, уый ацы горæтаг у. Курынмæ мæ хъавы.

Ансельмойы зæрдæ фæфæлмæндæр æмæ сфæнд кодта райсоммæ банхъæлмæ кæсын, уымæн æмæ йæ уырныдта, Леонеллæ йын цы зæгъдзæн, уым Камиллæйы тыххæй æвзæрæй кæй ницы уыдзæн. Уыцы ныфсимæ уатæй рацыд, фæлæ Леонеллæйы уаты дуарыл гуыдыр сæвæрдта, лæггадгæнæгæн та загъта, цалынмæ йын цы зæгъынмæ хъавыд, уый зæгъа, уæдмæ йæ кæй нæ рауадздзæн.

Уырдыгæй Камиллæмæ бацыд æмæ йын хабæрттæ радзырдта. Загъта йын, Леонеллæ йын райсом тынг ахсджиаг хабар фехъусынæй зæрдæ кæй бавæрдта, уый дæр. Камиллæ катайы кæй бацыд, уый тыххæй дзурын дæр нæ хъæуы. Леонеллæ Ансельмойæн йæ гадзрахаты тыххæй радзурынмæ кæй хъавы (æндæр ын хъуамæ цавæр ахсджиаг хабар фехъусын кодтаид!), ууыл куы ахъуыды кодта, уæд йæ зæрдæ йæ риуæй рацæйхауд. Дарддæр æнхъæлмæ кæсæн нал уыд. Куыддæр Ансельмо бафынæй, афтæ йæ зынаргъдæр дзаумæттæ амбырд кодта, иучысыл йемæ æхца дæр райста, куыд ничи йæ базона, афтæ хæдзарæй рацыд æмæ Лотариомæ фæцагайдта. Цы ’рцыди, уыдæттæ йын радзырдта æмæ йын лæгъстæ кæнынмæ фæци, искуы мæ бамбæхс кæнæ та иумæ алидзæм, Ансельмо нæ кæм никуы ссара, ахæм ранмæ. Уыцы хабæрттæ фехъусгæйæ, Лотарио цавддурау фæци. Камиллæйæн цы дзуапп раттаид, цы уынаффæ йын бакодтаид, уый нæ зыдта. Æрæджиау ын зæрдæ бавæрдта, йæ хо хицау кæм у, сылгоймæгты уыцы моладзандонмæ йæ аласынæй. Камиллæ сразы æмæ йæ Лотарио æвæстиатæй аласта, стæй йæхæдæг дæр никæмæн ницы загъта, афтæмæй горæтæй ацыд.

Райсомæй Ансельмо, Камиллæ уым нал и, уый дæр не ’рхъуыды кодта, афтæмæй фестад æмæ атындзыдта, Леонеллæ йын цы хабæрттæ ракæнынмæ хъавыд, уыдон тагъддæр фехъусынмæ. Дуар бакодта, уатмæ бахызт, фæлæ дзы Леонеллæйы нал баййæфта. Æрмæст йæ цæст æрхæцыд дыууæ гобанæмбæрзæны кæрæдзиуыл бастæй рудзынджы тæрхæгыл ауыгъдæй. Цы базонын ма йæ хъуыди, Леонелло уыдоны фæрцы йæхи зæхмæ кæй рауагъта æмæ кæй алыгъди, уый. Мæстджынæй раздæхт. Хъуамæ Камиллæйæн хабæрттæ радзырдтаид, фæлæ йæ уаты дæр, стæй, æнæхъæн хæдзарыл æрзилгæйæ дæр, куы нæ ссардта, уæд фæтарсти. Æххуырстыты бафарста, фæлæ йын уыдонæй дæр ничи ницы зыдта. Æнæнхъæлæджы, Камиллæйы агургæйæ, бафиппайдта, чырынтæ гом кæй сты æмæ хæзнатæй бирæ цыдæртæ кæй фæхъуыд. Æрмæстдæр æм уæд, бахъардта йе ’намонддзинад. Бамбæрста, Леонеллæ аххосджын кæй нæ уыд æмæ йе ’мбал Лотариомæ ацыд. Хъуамæ йын радзырдтаид, цы уавæры бахауд, уый. Фæлæ Лотарио дæр сæхимæ нæ разынд. Йе ’ххуырстытæ йын загътой, æхсæвыгон, дам, кæдæмдæр ацыд, йемæ йе ’хцатæ иууылдæр ахаста, афтæмæй. Уыцы хабæрттæ фехъусгæйæ, Ансельмойæн йæ сæрызонд куыддæртæ кæнын райдыдта. Сæхимæ куы ’рбаздæхт, уæд ма йе ’намонддзинæдтыл ноджыдæр бафтыд: йæ лæггадгæнджытæ æмæ æххуырстытæй иуы дæр нал æрбаййæфта. Дынджыр хæдзары иу цæрæг дæр нал баззад, сафтид.

Цы хъуыды кæна, цы куса, цы дзура, уый нал зыдта. Йæ сæры зонд куыд цæуы, уый æнкъарын райдыдта. Æрмæстдæр ма æмбæрста, уыцы иумæ кæй бавдæлон йæ ус, йе ’рдхорд æмæ йæ дæлдæртæй. Афтæ йæм каст, цыма йыл арв дæр йæхи атигъ кодта, сæйрагдæр та — фегад, уымæн æмæ йæ Камиллæ кæй ныууагъта, уый уыди, адæмы цæсты кæй ницуал мары, уый хуыздæр æвдисæн. Бирæ фæхъуыды кæныны фæстæ сфæнд кодта, хъæуы-иу уазæгуаты цы ’рдхордмæ уыд, уымæ ацæуын. Хæдзары дуæрттæ сæхгæдта, бæхыл сбадт æмæ сæргуыбырæй фæндагыл араст. Æмбисфæндагмæ куы бахæццæ, уæд йæ бæхæй æрхызт, бæласмæ йæ бабаста, йæхæдæг хъæрзгæйæ зæххыл дæлгоммæ бахауд. Уым æнæзмæлгæйæ фæхуыссыд изæрдалынгтæм. Иуафон куы райхъал, уæд кæсы æмæ горæтæй æрцæуы иу барæг. Салам ын радта æмæ йæ бафарста, Флоренцийы ногæй цы ис, уымæй. Барæг ын радзырдта:

Уыйбæрц хабæрттæ дзы фæстаг рæстæг нал райхъуыст. Æргомæй дзурынц, Сан-Джованимæ хæстæг цы хъæздыг Ансельмо цæры, уый хуыздæр æрдхорд Лотарио, дам, ын йæ ус Камиллæйы дысон аласта. Ансельмо, дам, йæхæдæг дæр цыдæр фæци. Уыцы хабæрттæ радзырдта Камиллæйы лæггадгæнæг. Горæты хицау, дам, æй æхсæвыгон Ансельмойы хæдзары рудзынгæй гобанæмбæрзæнтыл хизгæйæ æрцахста. Уæвгæ æз хъуыддæгты бæлвырддзинæдтæн ницы зонын. Зонын æрмæстдæр уый, æмæ горæт æддæг-мидæг кæй ауад, уымæн æмæ дыууæ æрдхорды ’хсæн ахæм хъуыддæгтæ рауайын æнхъæл ничи уыд. Иууылдæр, дам, сæ иузæрдион æрдхæрдтæй зыдтой.

Мыййаг, нæ зоныс, Лотарио æмæ Камиллæ кæцырдæм ацыдысты, уый?

Нæ-а, — дзуапп радта горæтаг, — фæлæ, дам, горæты хицау се ссарыныл архайы.

Фæндараст кæн, синьор, — загъта Ансельмо.

Хорзæй баззай, — дзуапп ын радта горæтаг æмæ йæ фæндагыл дарддæр ацыд.

Уыцы хабæрттæ фехъусыны фæстæ Ансельмо канд йæ сæрызонд фæцæуынмæ не ’рбахæстæг, фæлæ ма æрбахæстæг йæ мæлæтмæ дæр. Тыххæй-фыдæй сыстад æмæ йæ хæлармæ ацыд. Уый йе ’намонддзинадæн ницыма зыдта, фæлæ йын йæ фæлурс цæсгоммæ куы бакаст, йæ сæргуыбыр æмæ уæнгмард змæлдтытæ йын куы федта, уæд бамбæрста цыдæр фыд ыл кæй æрцыд. Ансельмойы бафæндыд йæхи сынтæгыл æруадзын æмæ йе ’мбалæй фыссæнгæрзтæ ракуырдта. Йæ фæндон ын сæххæст кодтой. Æрхуыссын æй кодтой æмæ йæ иунæгæй ныууагътой æмæ йыл йæхи фæндонмæ гæсгæ дуар сæхгæдтой. Иунæгæй куы баззад, уæд, цы уавæры бахауд, уыцы сагъæсты бын афтæ æртасыд, æмæ дызæрдыг нал кодта, йæ царды кæрон кæй æрбахæццæ, ууыл. Уымæ гæсгæ сфæнд кодта, йе ’нæнхъæлæджы мæлæты аххос цы уыд, уый тыххæй йæ хъуыдытæ ныффыссын. Æмæ фыссынмæ бавнæлдта. Фæлæ, цы зæгъынмæ хъавыд, уый æххæстæй фыст нæма фæци, афтæ йæ улæфæнтæ æрбахгæдтой æмæ, йæхæдæг йæхицæн цы бæллæх æрымысыд, уый йын йæ царды бонтæ аскъуыдта...

Дзæвгар рæстæг куы рацыд æмæ, Ансельмо куы никæмæ дзырдта, уæд хæдзары хицау сфæнд кодта, йæ уазæг кæм хуыссыд, уырдæм бацæуын æмæ йæ, йæхи куыд æнкъары, уымæй бафæрсын. Уатмæ куы бацыд, уæд Ансельмойы баййæфта сынтæгыл бадгæйæ, йæ сæр стъолыл æрхауд, афтæмæй. Стъолыл уыди æрдæгфыст писмо. Йæ къухæй ма хæцыди фыссæн сисыл. Хæдзары хицау æм раздæр сдзырдта, фæлæ йын дзуапп куы нæ радта, уæд ын йæ къух райста æмæ, уазал куы уыд, уæд бамбæрста, лæг мард кæй у, уый. Хæдзары хицау цавддурау фæци. Фыртыхстæй цы акодтаид, уый нал зыдта æмæ йе ’ххуырстытæм фæдзырдта, цæмæй æвдисæн уыдаиккой, цы ’намонд хабар æрцыд, уымæн. Уый фæстæ бакаст æрдæгфыст писмо. Уыдис дзы ахæм рæнхъытæ: «Ме ’нæзонд митæй мæхи бабын кодтон. Мæ мæлæты хабар Камиллæмæ куы байхъуыса, уæд ын-иу зæгъут, æз ын кæй хатыр кæнын, уымæн æмæ диссæгтæ кæнын йæ бон нæ уыд, мæнæн та сæ уымæй домын. Мæхи фегад кæныныл мæхæдæг кæм архайдтон, уым...»

Писмо æрдæгфыстæй баззад: кæронмæ йæ нæ фæци, йæ царды бонтæ кæй фесты, уый аххосæй. Дыккаг бон хæдзары хицау Ансельмойы мæлæты хабар йæ хæстæджытæн фехъусын кодта. Уыдон ын уæдмæ йæ бæллæхтæ базыдтой, фехъуыстой, Камиллæ моладзандоны кæй ис, уый дæр. Уырдæм æм байхъуыст йæ лæджы марды хабар дæр. Моладзандонæй цыдæр фæци Лотарио. Куыд дзурынц, афтæмæй, идæдзæй баззайыны фæстæ дæр Камиллæйы моладзандонæй ацæуын нæ бафæндыд. Иучысыл рæстæг ма рацыд, æмæ йæм фæхабарчынд, Лотарио, дам, Неаполитанийы къаролады де Лотрек æмæ цытджын æфсæддон разамонæг Гонсало Фернандес Кордовскийы æхсæн цы хæст цыд, уым фæмард. Тохы быдыры фæмард, йæ митыл æрæджиау чи æрфæсмон кодта, уыцы æмбал. Камиллæ хабар куы базыдта, уæд йæхимæ хъусыныл фæци æмæ йæ цыбыр рæстæгмæ маст æмæ æрхæндæгдзинад мæрдтæм барвыстой.

Афтæ иу æнæзонд хъуыддаг райдайæджы аххосæй æртæйæ дæр бабын сты.


ДЗАСОХТЫ Музаферы тæлмац

1 Суанг алтары онг (лат.). Алтарь ромаджы хæдзары нымад уыд табуйаг æмæ, æвналæн кæмæ нæй, ахæм бынатыл.


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.