Коцойты Арсен
ДЖАНАСПИ
(Уацау)
Йе ’гънæджытæ æвæргæ Джанаспи рауади йæ уатæй, бакасти хæдзары дуарæй æмæ, тигъмæ лæугæйæ, бадзырдта:
— Ам дæ цы, усай?
— Мæнæ, цы кæныс? — райхъуысти хъæлæс. Уый уыди Джанаспийы ус Фатымæ.
Джанаспи, фыдæлты æгъдæуттыл хæст адæймаг, номæй нæ хуыдта йæ усы, дзырдта йæм афтæ: «мæнæ ус», «усай».
— Аходæнафон нæм уыдзæн Баботы Дудар, суды лæг... Дзæбæх истытæ ацæттæ кæн — фæлмæн сойфыхтæ, гогыз, хорз арахъ, кæд ма дзы бæгæны аззади, уæд уый дæр... Æз дургæнджыты абæрæг кæнон, лæппуйы бар сты, æмæ сæ куыст куыд цæуы, чи зоны. — Æгънæджытæ æвæрд фæци, бауади фæстæмæ уатмæ. Рæстæмбис — йæ ас, бæзæрхыг, саулагъз, саухил, зачъе — цыбыр æлвыд, рихитæ — зæбул сæхи уагæй, — йæхи-иу куы рацарæзта Джанаспи, уæд чи сдзырдтаид ахæммæ æдзытæй, æмæ, æцæгдæр, аргъ ын уыди хъæубæсты. Иу-æртæ минуты фæстæ Джанаспи рауади фæстæмæ бæлццонарæзтæй — дард балцы нæ цыди, æрмæст хъæуы сæрмæ, йæ дургæнæнмæ, фæлæ уый æнæ ифтонгæй никæд цыди хъæуы уынгты дæр, — зыдта, цас фылдæр ахады адæймаг адæмы цæсты, нывыл дарæсы куы вæййы, уæд. Гъе ныр дæр афтæ ифтонгæй рацыди Джанаспи, афæлгæсыди арвыл æмæ ахызти кæрты дуарæй.
Галиу къухæй хъамайыл æнцайгæйæ, рахиз къух зына-нæзына тилгæйæ, фæцæуы астæуккаг уынгыл хъæуы кæроны ’рдæм. Куыйтæ йæм рауайынц, срæйынц, фæлæ сæ уый хъуыды дæр нæ кæны, нæ сæм æвзиды, æмæ уыдон дæр уайтагъд фæстæмæ фæзилынц æмæ кæртыты фæмидæг вæййынц. Дуæрттæм лæугæ кæнæ бадгæ кæй фены лæгтæй, уыдонæн салам ратты, кæстæртæ йын фестынц, æмæ уый дæр йæ къух фезмæлын кæны, бадут, зæгъгæ. Уынджы цæхгæрмæ цæугæ устытыл куы фембæлы, уæд уыдон ныллæууынц, цалынмæ Джанаспи аивгъуыйа, уæдмæ, — нæй усæн лæджы рæзты цæхгæрмæ ацæуæн, æнæныббаргæ æгад хъуыддаг уыдис уæд уый сылгоймагæн.
Ахицæн ис Джанаспи хъæуæй, афæлгæсыди арвыл, йæ цæстæнгас афæстиат ис хæхты сæрмæ бæзджын фæлмыл, фæхъуыды кодта: «Бирæ ахæсдзæн ацы æнтæф рæстæг». Джанаспи хорз зыдта, куыд æхсызгон хъæуы уыцы æнтæф рæстæг хос æмæ хортæ æфснайынæн, уарын та куыд ныкъкъуылымпы кæны уыцы куыстыты. Æрмæст хостæ æмæ хортæ æфснайыны мæт нæ уыди Джанаспийы, æрмæст уый тыххæй нæ тарсти уарынæй, — уарын ын къуылымпы кодтаид йæ дургæнджыты куыст дæр. Агуыри дур æмæ æмбæрзæн дур сцæттæйыл та уый тынг тагъд кодта: хъуамæ йæ ног хæдзар амад æмæ æмбæрзт фæуа зымæгмæ, зымæджы дæргъы та йын йæ хуылф аразыныл куыд бакуса, афтæ.
Дыууæ версты бæрц хъæуæй ауайын хъуыди Джанаспийы йæ дургæнæнмæ. Уый завод нæ уыди, завод куы уыдаид, уæд Джанаспийыл хицæн фиддонтæ æвæрд æрцыдаид. Уый та ахæм завод нæ хъуыди (æндæр фæндтæ йæм уыди), æрмæст йæ ног хæдзары фаг басудзынмæ хъавыди агуыри æмæ æмбæрзæн дур.
Цæуы Джанаспи къахвæндагыл сындæг къахдзæфæй æмæ хъуыдытæ кæны, йæ царды фæндаг куыд рæстмæ ацыди, ууыл. Мæгуыр цардæй сфæлмæцыди, уыцы раппар-баппар кодта йæхи, фæлæ йыл хъуын-æрду нæ хæцыди. Уалынмæ ралæууыди стыр империалистон хæст, æмæ уæд ацыди Австрийы фронтмæ санитарæй. Джанаспийæн йæ сæры зонд иуырдæм арæзт уыди — ссара, фæхæст уа, ныхъхъæздыг уа. Уыцы зондахаст æмæ санитары куыст куы баиу сты, уæд Джанаспийы дзыпп нæрсын байдыдта. Кæм æхцайыл хæст кодта, кæм сыгъзæрин сахаттыл, къухдарæнтыл, бапъироздæттыл æмæ æндæр дзауматыл. Цы горæттæ, цы хъæуты-иу æрлæууыдысты, уым-иу дзауматæ æхца фестын кодта, — дзаумаимæ зын архайæн у, æхцаимæ архайын та æнцон хъуыддаг у, — хæдзармæ æрвитын дæр æнцон, химæ æвæрын дæр æнцон. Цæфты, мæрдты дзыппытæй иу дæр æнæ акъахгæ нæ уыди Джанаспи æмæ уайтагъд йе ’хцайы гуппарæй фæныфсджын ис. Афæдзы бæрц бакуыста санитарæй, афтæ хæдзармæ цæуыны фæнд скодта.
— Ам ныр мæ лæуд дзæгъæлы у, — загъта иу бон Джанаспи йæхицæн, — цалынмæ мыл исты фыдбылыз не ’рцыди, уалынмæ цон нæхимæ... Кусыны фаг мæм ис.
Ссыди Джанаспи йæ хæдзармæ æмæ райдыдта «кусын» — æхца пайдайыл лæвæрдта, аренды иста зæххытæ, æххуырстыты къухæй сæ куыста, горæты хъуыддагуæттæй суджы подрядтæ иста æмæ сæм ласта, хъæуы мидæг асламæй цы сугтæ æлхæдта, уыдон. Афтæмæйты Джанаспи акуыстытæ кодта æмæ йæ зæрдæ йæхиуыл фæдардта. Йæ хæдзар уыди кæркдоны хуызæн, фæлæ йæ ран хорз — хъæуы бæстастæу, фæзы тигъыл. Фæзы алырдыгæй æвæрд уыдысты къæнцылар, аргъуан æмæ скъола.
— Уыцы ран æз хъуамæ магазин æрцаразон, — загъта йæхицæн Джанаспи. — Ахæм магазин хъуамæ æрцаразон, хъæуы дуканиты се ’ппæты дæр чи фæбынæй кæна. Уый хъуамæ уа алы мыггаг товарты магазин. Уый хуызæн ран нæй магазинæн æгас хъæуы — адæм гуылфæнтæ уым фæкæнынц бæрæгбон дæр, къаты бон дæр.
Афтæ уыди йæ фæнд Джанаспийæн, фæлæ кæркдоны мидæг цæй магазин сарæзтаид? Уымæ гæсгæ ныллæууыди ног хæдзар аразыныл, йæ хæдтигъ магазины бынат куыд уыдаид йе скъладимæ, афтæ. Æрæфтауц кодта хъæдæрмæг æмæ ныллæууыди агуыри æмæ æмбæрзæн дур кæныныл, — æлхæнгæ дур ын дыууæ хатты зынаргъдæр сыстадаид. Дургæнæн ныртæккæ йæ тæккæ кусгæйæ у, кусджытæм йæ цæст дары йæ хистæр фырт Хасанбег, фæлæ уый нырма æнахъом у, æмæ йыл уыйас йæ зæрдæ нæ дары, йæхæдæг дæр арæх абæрæг кæны йæ завод. Адæм æй завод хонынц, уый та йæ йæхæдæг дургæнæн хоны, æрмæст хæдзар аразыны фаг дургæнæн, — афтæ йын æдасдæр у фиддонтæй.
Дард æрлæууыди Джанаспи æмæ уырдыгæй кæсы йæ дургæнæны куыстмæ, кæсы хъал зæрдæйæ, — уыйбæрц йæ бон кæмæн у, æмæ уыйас кусджытæ кæмæн кусынц, уый куыд нæ уа хъал, йæ зонды ахаст æрмæст ссарынмæ, фæхæстмæ куы уа, уæд.
Иуварсырдыгæй адаргъ ис 20 сардзины бæрц цæджындзтыл арæзт дæлбазыр. Уый бын йæ иу кæронæй иннæмæ фæйнæджытæй арæзт уыди стъолгонд. Стъолгондыл ранæй-рæтты æвæрд уыдысты над æлыджы цæндтæ. Алы цæнды раз архайдта кусæг. Кусджытæн сæ дыстæ уыдысты мидæмæ тылд, рæмбыныкъæдзтæй уæлдæр. Кусæг-иу æлыджы цæндæй фæхицæн кодта цыппар дуры фаг æмæ-иу æй формæйы æрцæфтæ кодта, æрнадта-иу æй. Стæй-иу формæйы хъустыл фæхæцыди æмæ, бæгъæввад къæхтæй сæпсæпгæнгæ, балæууыди дургæнæны иннæ кæрон. Уым фæз уыди лæгъзгонд æмæ йыл тыд уыди лыстæг змис. Уым-иу кусæг фæфæлдæхта формæ æмæ-иу зæххыл аззади цыппар рæсугъд хуылыдз дуры. Æмæ та-иу кусæг фæстæмæ асæпп-сæпп кодта ног дуртæ кæнынмæ. Кусджытæн сæ фадгуытæ тылд уыдысты уæлæмæ, уæрджыты онг, иууылдæр уыдысты бæгъæввад. Уыдон æдзух дыууæрдæм афтæ уадысты æмæ сæ сæпп-сæппы уынæр дардмæ хъуысти. Дургæнджытæ куыстой сæрдыгон бон райсомæй изæры онг æмæ истой мызд фæйнæ сомы.
Йæ цæст ахаста Джанаспи æлыг чи змæста, уыцы кусджытыл дæр. Уыдон архайдтой фæзæн йæ тæккæ астæуы, уыдысты фондз. Йæ диаметр уыдаид цыппар сардзины, ахæм тъæпæныл калд уыдысты æлыг æмæ змис, сæ уæлæ сын кодтой рæстæгæй-рæстæгмæ дон, цас хъуыди, уымæ гæсгæ. Кусджытæн сæ фадгуытæ уыдысты уæлæмæ тылд, уæрджытæй уæлдæр, алырдæм цыдысты уыдон уыцы змæстыл æмæ йæ надтой, æмхæццæ кодтой, фæлмæн æй кодтой. Кусæг-иу йæ къах змæстæй куы сласта, уæд-иу йæ тъупп дардмæ хъуысти. Джанаспийы ’рдæм фæкæс-фæкæс кæнгæйæ, змæнтджытæ фæтагъддæр кодтой сæ къæхты змæлд — алчи дæр сæ тарсти, йæ куыст хицауы зæрдæмæ куы нæ фæцæуа, æмæ æгуыстæй куы аззайа, уымæй.
Уæддæр змæнтджыты куыст Джанаспийы зæрдæмæ нæ фæцыди, фæдзырдта йæ фыртмæ:
— Уый цавæр у, Хасанбег, иу къахы систæй иннæ къахы систы æхсæн сахаты æрдæг куы аивгъуыйы. Уый куыст нæу, лæппу. Зæгъ мын, æмæ, кæд кусынц, уæд рæвдз, кæннод афардæг уæнт... Зæгъ сын... Хæдзар аразджытæ адонмæ кæсынц...
Уым ма уыди ахæм кусджытæ дæр, бон фæйнæ абазийы чи иста — уыдон уыдысты æнахъом сывæллæттæ, 10–12-аздзыдтæ. Уыдоны куыст уыди, хус дуртæ, кълеткæтæ кæм амад уыдысты, уырдæм хæссын, амайгæ та сæ кодтой æндæр кусджытæ. Сывæллæттæй алчи дæр иу хастæн фæрæзта 2–3 дуры. Уыдон заводы хицауы куы ауыдтой, уæд хъус-хъусæй дзырдтой кæрæдзийæн:
— Уæртæ хицау, уæртæ хицау!.. — Æмæ тагъддæр æмæ зæрдиагдæрæй кусын райдыдтой.
Иу лæппу, 10 азы йыл цыдаид, тынг фыдхуыз æмæ къæсхуыр уыди, цыма йæ царм стджытыл ныххус ис, афтæ зынди. Иттæг зынæй хаста уый йæ дуртæ. Иу хатт, иннæты фæзмгæйæ, тагъдгомау фæцæйуади, йæ зæнгтæ — тихалæджы хуызæн лыстæг — фæдыдагъ сты, дуртæ æрхаудтой æмæ йæхæдæг дæр сæ уæлæ æрхаудта. Йе ’мбæлттæй чидæртæ схудтысты.
Уый фенгæйæ, Джанаспи фæдзырдта йæ фыртмæ:
— Уый цы хуызæттæ æххуырсыс, лæппу? Уый цы бакусдзæн, уæртæ йæ къæхтыл тыххæй куы лæууы?
Хасанбег хæстæгдæр бацыди йæ фыдмæ:
— Нал лæууыди, мæн дæр баххуырс, зæгъгæ, æмæ йын цы кодтаин.
— Уый нал лæудмæ кæсын нæ хъæуы, фæлæ заводæн цы пайдадæр у, уый кæнын хъæуы, — сдзырдта Джанаспи.
Лæппу ма йæ дуртæ исыны фæнд кодта, фæлæ йæ Хасанбег фæурæдта:
— Ныууадз, лæппу, ницы бакусдзынæ æмæ афардæг у уæхимæ. А... мæнæ дын дæ мызд, — æмбисбонмæ ма бирæ ис, фæлæ дын дыууæ суарийы.
Лæппу кæугæ бацыди, райста йе ’хца æмæ фæраст ис цæуынмæ. Джанаспи йæм фæдзырдта:
— Рауай, лæппу, мæнæ ма дын...
Бæрзонд систа Джанаспи иу æрхуы суари, æмæ йæ иууылдæр куыд хъуыстаиккой, афтæ хъæрæй загъта:
— Ноджыдæр ма дын иу суари... Дæуæн дæ бон ахæм куыстытæ кæнын нæма у, æмæ дæ хæдзары бад.
Ацы лæппу фыццаг бон кусынмæ куы цыди, уæд загъта йæ мадæн:
— Æз хъуамæ мæхицæн хæдон æмæ хæлафы фаг бакусон æхца.
Загъта афтæ, бæргæ, фæлæ æртæ боны йеддæмæ нæ бафæрæзта кусын, цыппæрæм бон райсомæй ахаудта йе ’мбæлтты рæнхъæй. Иннæ сывæллæттæй дæр дзы къуырийæ фылдæр ничи фæрæзта кусын, сæ тых-иу уайтагъд басасти. Уæддæр сывæллæттæ кæрæдзийæн дзырдтой, æмæ та-иу иуты бæсты æндæртæ балæууыдысты заводы.
Лæппу куы ацыди, уæд Джанаспи дзуры сындæг йæ фыртæн:
— Дзæбæх кæс кусджытæм, æфсоны æвнæлд нæ, фæлæ æцæг куыд кусой, афтæ. Уæгъды ныхæстæ кæнын-иу куы байдайой, уæд сæ-иу фæуром, ныхæстæ кæнынмæ уæ нæ баххуырстам, зæгъгæ. Адонæн цас фылдæр хатыр кæнай, уыйас къæйныхдæр, æдзæсгомдæр кæнынц.
Айхъуысти мырмыраджы зæлланг. Сидтысты аходæны улæфтмæ. Кусджытæ фæпырх сты алы къуымты. Сæ хæлц уыди сæхицæй, æмæ алчи хаста йемæ исты хæринаг йæ хæдзарæй. Сæ фылдæрæн сæ аходæн уыди нартхоры кæрдзын æмæ цæхх, дон та ам сæ фæрсты цыди æмæ йæ кæрдзыны фæдыл хуыппытæ кодтой залмысыфтæй. Иуæй-иутæм кæрдзын йеддæмæ ма уыди картофтæ, стæм искæмæты та цыхты къæртт. Кæрæдзимæ дзурынтæ-йедтæ ныууагътой, фæлæ алчи йæ хæрыны куыст кодта. Сывæллæттæ дæр æвиппайды фæуагътой сæ куыст æмæ сæ алчидæр йæ кæрдзыны къæбæр йæ дзыппæй фелвæста. Уыдон дæр доны былмæ баластой сæхи æмæ æууилын байдыдтой сæ аходæн, уыдон дæр кæрдзыны фæстæ хуыппытæ кодтой дон — чи къухæй, чи залмысыфæй.
Кусджытæ аходæн хæрынмæ куы фесты, уæд Джанаспийæн дæр йæ зæрдыл æрбалæууыди йæ аходæн — фæлмæн сойыфыхтæ, гогызы фыд, арахъ æмæ æндæртæ. Йæ зæрдыл æрбалæууыди, суды лæг Баботы Дудар дæр æрбацæуинаг кæй у, уый. Ацы Дудар ын тынг æххуыс у, æмæ йын хъуамæ хаттæй-хатт йæ зæрдæ истæмæй æлхæна. Иу дзырд ма скодта Джанаспи йæ фыртмæ:
— Сихорафоныл дæм Чермены (йæ кæстæр фырт) сæрвитдзынæн, æмæ-иу рацу сихор хæрынмæ.
Рараст ис Джанаспи фæстæмæ, хъæумæ заводмæ цыди сындæг, фæлæ фæстæмæ бирæ тагъддæр къахдзæфтæ кодта — йæ ахсæн æй хордта.
Йæ кæрты дуарæй куы бакъахдзæф кодта Джанаспи, уæд кæсы, æмæ уæртæ Дудар дыууæ æнгуз бæласы астæу фæйнæгын бандоныл бады æмæ уæлæмæ æнгузтæм фæлгæсы.
— Гъе, уæлдай хорз дын Хуыцау ракæна, Дудар, афтæ афойнадыл чи æруади! Æгас цу, æгас!
Дудар фæкасти кæрты дуары ’рдæм:
— Хорз цæр æмæ дæ райсом хорз, Джанаспи. Кæм уыдтæ афтæ раджы?
— Мæ дургæнæн абæрæг кодтон... Хорз кусынц. — Æрбадти, йæ худ систа æмæ йæ бандоныл йæ фарсмæ æрæвæрдта. — Хуыцауы куы фæнда, уæд мæ хæдзар зымæгмæ æмбæрзт фæуыдзæн. Йæ хуылфы куыстытæ та йын зымæджы кæндзынæн. — Акасти, ног хæдзарæн фундамент арæзт кæм уыди, кæрты уыцы фарсмæ.
Йæ фæдыл акасти Дудар дæр. Уый уыди бæрзонд тæнтъихæг лæг, гуыбыргомау, бурхил, йæ тæнæг зачъе сæгъы боцъойы хуызæн лыстæг æрцыди, рихитæ дæр тæнæг. Арæх æвналы рихитæм дæр, зачъетæм дæр. Фæсаууонмæ йæ хуыдтой сæгъбоцъо Дудар.
— Уым, кæронæй цы аразынмæ хъавыс, уыцы стыр уаты бынат цæмæн у? — бафарста Дудар.
— Фæндтæ мæм ис, фæндтæ, Дудар, — æрцавта Дудары уæраг. — Хуыцауы куы фæнда, уæд æз уым ахæм магазин сараздзынæн, æмæ адæм уырдæм йеддæмæ æлхæнынмæ никуыдæмуал цæудзысты. Алы мыггаг товартæ дзы дардзынæн. Иннæ дуканитæ никæйуал хъæудзысты.
Дудар йæ зачъейыл йæ къух æрхаста æмæ æнæдзургæйæ, кæройнаг хилтæ æууæрста. Бæрæг уыди, уыцы минут Джанаспимæ хæлæг кæй кодта. Йæхæдæг цыбыркъух адæймаг, уымæн та кæцæй бантысой ахæм хъуыддæгтæ.
— Хорз фæнд скодтай, — сдзырдта æрæджиау... — Хуыздæр бынат æгас хъæуы дæр нæ разындзæн. Бæрæгбонæй, къаты бонæй адæмæн сæ арæзт ардæм у. Аргъуан, къæнцылар, скъола — йæ цуры. Хуыздæр ран ма цавæр уыдзæн магазинæн... Хорз фæнд у. Хуыцау дын æй бантысын кæнæд!
Джанаспи æмбæрста, Дудары арфæ зæрдæйæ кæй нæ цæуы, уый. «Искæй хорздзинадыл бацин кæнын зын у, зæды зæрдæ хъæуы уый тыххæй», — хъуыды кодта йæхинымæры. «Мæнæн мæ хъуыддæгтæ аразæд, уыййеддæмæ йæ хорз фæндондзинад мæн ницæмæн хъæуы». Уыцы хъуыдыимæ Джанаспийы зæрдыл æрбалæууыдысты æндæр чидæртæ дæр, кæрæдзимæ æмуд кæимæ сты, бахъуаджы бон æххуыс æнхъæл кæмæ кæсы, ахæмтæ.
— Лæппу, а лæппу! — фæдзырдта хæдзары ’рдæм.
Хæдзарæй рауади 16–17-аздзыд хæрзконд лæппу, йæ фындзы бын бындзы базырты хуызæн фæбæрæг сты рихиты бынæттæ. Йæ уæлæ уыди куырæт, æвзистæргъæвæгджын ронæй æлвæст, роныл — ауыгъд сауарæзт чысыл хъама, йæ къæхтыл — сæрак дзабыртæ æмæ зæнгæйттæ, йæ сæрыл ирон урс нымæтхуд. Уый уыди Джанаспийы кæстæр фырт Чермен. Тагъдгомау бауади лæппу йæ фыды размæ. Дзурын æй ницы хъуыди — уазæгæн дæр салам загъта уый размæ, — æнхъæлмæ касти йæ фыды ныхасмæ.
— Цу, лæппу, уæртæ... Телимæ бауай æмæ йын аивæй амбарын кæн, мæнæй, дзуры дæм, зæгъ, æрбауай нæм. Сауджынæн дæр зæгъ (бакасти Дудармæ), Ахбол дæр ма нæ куы уыдаид... Цæй, хорз... Сауджын æмæ хъæуыхицауæн зæгъ, æндæр никæмæн.
Чермен ацыди. Иннæты æхсæн æрцыди ахæм ныхас:
Джанаспи: Абадæм иучысыл. Никæмæ дзуринаг уыдтæн, ницы уадиссæгтæ нæм ис, фæлæ, афтæ хуыздæр уыдзæн... Дзæбæхдæр абаддзыстæм... Нæ хæлар адæм сты уыдон дæр.
Дудар: Хуыцау дын раттæд... Алыхатт... Исты æнахуыр уазджытæ куы нæ стæм.
Джанаспи (мидбылты бахудти). Æнахуыр уазджытæ цыфæнды кæнæнт. Адæймаг хъуамæ йæ хæлар адæмимæ цæра, кæрæдзи кæимæ æмбарой, кæрæдзийæн аргъ кæимæ кæной, кæрæдзийæн бахъуаджы бон æххуыс кæимæ кæной... Æнахуыртæ мах ницæмæн хъæуынц.
Дудар: Уый афтæ у... афтæ у. (Иу цъус рæстæг фæхъус сты.)
Джанаспи: Афæрсинаг уыдтæн, кæд та баддзæн суд?.. А Темболаты хъуыддагимæ мæ зæрдæ дзуры. Тынг æдзæсгом адæймаг разынди... Рæхджы кæсдзыстут йæ хъуыддагмæ?
Дудар: Сабат бон нын иу-5–6 хъуыддаджы ис æвзаринаг. Темболаты вексылмæ дæр гъеуæд кæсдзыстæм. Кæсинаг дæр æм цы ис, нæ зонын, вексылы хъуыддаджы цы дзырддаг хъуамæ уа!
Джанаспи: Уый йæ дзырддаг кæны. Адæймагæн цæсгом куы нæ уа, уæд ын цы кæнын кæныс? Йæ хъуаджы сахат ын баххуыс кодтон, æмæ дын уый йæ бузн.
Дудар: Хорз ма ракæн æмæ фыд ма ссарай, — фыдæлты æмбисонд.
Уынджы ’рдыгæй æрбайхъуыст хъæлæс:
— Джанаспи, ам дæ, цы?
Джанаспи, Дудары уæхскыл къух авæргæйæ, загъта:
— Бад афтæ, æз æм уынгмæ ауайдзынæн. — Чифæнды уæд, ам æй ницы хъуыддаг ис... Хорз бадæн у ам — уынгмæ æппындæр нæ зыны.
Джанаспийæн цы базонын хъуыди, цавæр дзурæг æм æнхъæлмæ кæсы уынджы — арæх æм цыдысты ахæм адæймæгтæ — æхца пайдайыл агурджытæ. Æхца агурæг разынди ацы дзурæг дæр, фæлæ йæ хæд сыхаг кæй разынди, уый йын æхсызгон нæ уыди. Джанаспи хъуыды кодта афтæ, æмæ сыхæгтимæ цæрын хъæуы æнæ зæрдæхудтæй, æхцайы хъуыддаг та афтæ у, æмæ дзы зæрдæхудт арæх рауайы. Хæсджынæн арæх йæ бон нæ вæййы афоныл хæс бафидын æмæ æмгъуыдтæ кæнын байдайы. Æмгъуыд нæ дæттай — хъыг ын вæййы, æмгъуыдтæ дæттай, æмæ сын кæрон нал вæййы. Æппынфæстаг, закъонæй агурын бахъæуы дæ сыгъдæг æхца, — уæлдай зæрдæхудт та дзы гъеуæд рауайы. Дард цæрæг куы уа, уæд цыфæнды кæнæд, — фæлæ мæнæ Æрдынаты Тотырбег — йæ тæккæ сыхаг. Ноджы цыбыркъух, кæд ахицæн кæндзæн йæ хæс? Уæртæ лæууы дæргъæй-дæргъмæ, æмпъызтытæ куырæт йæ уæлæ, дзабыртæ къæхты фындзтыл, йæ сæрыл зæронд нымæтхуд... Уæддæр — хъал, йæ сау рихитæ здыхт, зачъе — даст. Ацыди йæм Джанаспи уынгмæ.
Дыууæ лæджы æхсæн æрцыди ахæм ныхас:
Тотырбег: Дæ бон хорз, Джанаспи.
Джанаспи: Хорз цæр, Тотырбег.
Тотырбег: Æхца мæ æхсызгон бахъуыди, Джанаспи, æмæ мæ ацараз.
Джанаспи: Кæм ис æхца, мæнæ хæдзар аразын æмæ ме ’хцатæ иууылдæр ууыл хардзгонд цæуынц. (Ныхъхъуыды кодта).
Тотырбег: Ацараз мæ, — дæ хорз дын нæ ферох кæндзынæн.
Джанаспи: Цас дæ хъæуы уæддæр?
Тотырбег: Дæс туманы.
Джанаспийы ных фæтар ис.
Джанаспи: Æмæ дын уыйас æхца кæцæй ссарон? Кæд, зæгъын, иу-дыууæ туманы, мыййаг...
Тотырбег: Дыгай тумантæй мæ хъуыддаг не сырæздзæн. Ратт мын дæс туманы афæдз æмгъуыдмæ. Вексыл дын ныффысдзынæн.
Джанаспи: Фондз туманы дын ссардзынæн, уымæй фылдæр мæ бон нæу.
Тотырбег: Æнæ дæс туманы гæнæн нæй... Ацараз мæ, дæ хорз дын нæ ферох кæндзынæн.
Джанаспи: Зын бафидæн дын уыдзæн уыйас фæстаг бон — дæс туманы æд пайда æртындæс туманы. Æгъгъæд дын у, Тотырбег, фондз туманы.
Тотырбег: Дæ хорзæх уæд, Джанаспи, дæс туманы, дæс туманы.
Джанаспи: Хорз. Фæлæ афойнадыл куы нæ ахицæн кæнай дæ хæс, уæд мæ-иу хъаст ма ракæн, — закъонæй агурдзынæн мæ фос.
Тотырбег: Хи фос агурынæй хъаст рæкæнæн нæй.
Ахицæн ис ныхас.
Джанаспи фæстæмæ куы баздæхти, уæд кæсы, æмæ уæртæ Дудар нартхæрттæ згъалы æмæ сæ кæрчытæн калы, уыдон дæр йæ алыварс æрæмбырд сты æмæ хæлæфæй уидзынц нæмгуытæ, иуæй-иутæ дзы йæ къухтæм дæр сгæппытæ кæнынц.
— Хорз куыст ссардтай дæхицæн, Дудар... Æмæ дын нартхæрттæ та кæм уыди?
— Кæм уыди? Иу карк мæ къæхты бынты рауай-бауай кодта. Æз нартхордонмæ фæкомкоммæ дæн. Дыууæ æфсиры дзы æддæмæ зынди æмæ сæ раластон... Искуы сын, æвæццæгæн, сæ дзидзайæ фендзынæн — дзæгъæлы нæ фыдæбон кæнын.
Джанаспи фæхудти:
— Æндæр цæй тыххæй сты кæрчытæ, — хъуамæ нæ хорз уыной сæ дзидзайæ, уæдæ сæ лæвар хæссæм!
Кæрты дуарæй базынди Чермен.
Джанаспи фæхъуыды кодта: «Сахъ лæг кæндзæн ацы лæппу», — уыцы хъуыдыимæ йын æхсызгондзинад ахъыдзы кодта йæ зæрдæйы.
— Загътон сын, ныртæккæ сæ ардæм хъæуы, — сдзырдта Чермен, йæ фыды раз раст æрлæугæйæ.
— Уæдæ бауай, лæппу, хæдзармæ æмæ зæгъ — фынг фæтыхджындæр кæнæнт æмæ йæ тагъддæр куыд ацæттæ кæной, афтæ.
Бадынц дыууæ хæлары, ныхæстæ кæнынц дарддæр. Джанаспийæн æцæг хæлар исчи уыди, уый зын зæгъæн у. Исты пайда, исты æххуыс æнхъæл йæхицæн кæмæй уыди, уый йын хæлар, уый дæр рæстæгмæ, цалынмæ йын æххуыс æмæ пайда уа, уæдмæ. Цалынмæ хъæубæстæ Дудары суды лæг нæ равзæрстой, уæдмæ йын Джанаспи никуы загъта: «Рацу, Дудар, иу арахъ аназ!» «Дæ бон хорз» — «хорз цæр», «дæ фæндаг раст» — «дæ хъуыддаг раст», — уымæй уæлдай дыууæ лæджы кæрæдзи нæ зыдтой. Уæдæ Тели дæр, цалынмæ хъæуыхицау не сси, уæдмæ Джанаспийы хæдзары къæсæрæй никуы бакасти. Ныр уыдон ам сты буц уазджытæ, фæлæ, сæ иу суды лæг куынæуал уа, иннæ та — хъæуыхицау, уæд та сæ Джанаспи йæхицæй адард кæндзæн. Афтæ уыди уымæн йæ зондахаст, ахæм цæстæнгас дардта адæммæ æппæтмæ дæр. Уыдис ын иунæг æцæг хæлар — æхца, æмæ уыцы хæларимæ, æвæццæгæн, æмудæй фæцæрдзæн ингæны къæйы онг. Тели æнхъæл у, æмæ нырæй фæстæмæ хæларæй баззайдзæн Джанаспийæн, уыдзæн ын кæддæриддæр буц уазæг, фæлæ уымæй йæхи сайы.
Бадынц джыууæ лæджы, хæлар ныхæстæ кæнынц. Уалынмæ куыдз срæйдта. Кæрты дуарæй базынди бæрзонд, хæрзконд, хæрзуынд лæг, цыдаид ыл 45 азы. Йæ мыдхуыз рихитæ здыхта уæлæмæ, зачъе та уыди фыййаджы хуызæн æлвыд. Йæ сауарæзт роныл — хъама, ливор, йæ уæхсчытыл ауыгъд æхсаргард. Йæ цухъайы æгънæджытæ йыл нал æххæссыдысты æмæ йæ тæрттæ ивæзтысты фæйнæрдæм, — бæрæг уыди, уыцы лæг гæлдæр кæнын æрæджы кæй байдыдта, цухъа та раздæр хуыд кæй уыди, бæрæг уыди йæ цæсгомы уындæй дæр, парахат цардæй кæй цæры.
Уый уыдис хъæуыхицау Тели. Æцæгдæр, Тели иу афæдз дæр æххæстæй нæма фæци хъæуыхицауы бынаты, фæлæ уыцы бынат ахæм уыди, æмæ дзы цыфæнды мæллæг лæг дæр æрлæууыдаид (йæ ахсæн кусæд æрмæст), уæддæр-иу уайтагъд нард кæнынмæ фæци. Æмæ куыннæ? Лæгъстиаг адæм ын бирæ.
Алыран ын уæрыччы физонæг, карчы фыд, гогызы фыд, арахъ, бæгæны æмæ алцыдæр.
Тагъд къахдзæфтæй бараст ис Тели бæлæсты бынмæ æмæ загъта салам.
— Æгас цу, Тели, — загътой Джанаспи æмæ Дудар æмæ сыстадысты.
Æрбадтысты æртæ дæр æмæ ныхас кæнынц.
Иу-фондз минуты ма рацыдаид, афтæ та куыдзы рæйын ссыди. Ацы хатт куыдз рæйдта зæрдиагæй, — цæмæн афтæ уыди, чи зоны, фæлæ уый нæ уарзта сауджын Михалы æмæ-иу æм алы хатт дæр зæрдиагæй лæбурдта. Джанаспи рацæйцыди йæ размæ, фæлæ Чермен фæраздæр ис, рауади хæдзарæй æмæ асырдта куыдзы. Куыдз иуварс ацыди æмæ быруйы фарсмæ æрхуыссыди, фæлæ ма уырдыгæй дæр срæй-срæй кодта.
Сауджын Михал нард кæнын райдыдта, æвæццæгæн, сауджын цы бон ныллæууыди, уыцы бонæй фæстæмæ, æмæ уымæн Телийы гæлдæрæй егъаудæр гæлдæр скæнын бантысти, йоркшираг хуыйы хуызæн нард уыди Михал, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд раст нæ уыдзæн, — йоркшираг хуы афтæ никæд фæцæудзæн фæйнæрдæм, арахъуадзæн гарзы йас гуыбын никæд скæндзæн, фæлæ сауджын Михал скодта арахъуадзæн стыр гарзы йас гуыбын. Зынди афтæ, цыма Михалæн бæрзæй æппындæр нæ уыди, фæлæ сæр хуымæтæджы æвæрдæй æвæрд уыди уæхсчытыл. Æнæ бæрзæй та куыд уыдаид Михал, фæлæ бæрзæй нæрдты æхсæн фесæфти, нал зынди. Ныр цæсгомæй куы зæгъæм, уæд уый уыди формæйæ тымбыл, хуызæй та сырх, цæлхыдзаг мæй йе ’рныгуылынмæ куы æрцæйцæуы, уæд куыд вæййы, афтæ. Цæстытæ сауджыны цæсгомыл, æвæццæгæн, кæддæр, сауджын куы нæма уыди, уæд, уыдаиккой адæймаджы цæстыты хуызæн, фæлæ куыд нарддæр кодта, афтæ алфамбылайы нæрдтæ алырдыгæй цъист кодтой цæстыты æмæ сæ фæстагмæ афтæ ныцъцъист кодтой, æмæ ма дзы баззади дыууæ раст хаххы, цыма бæзджын сау кърандасæй хахгонд уыдысты, афтæ. Цæстытæй уынгæ, æвæццæгæн, дзæбæх кодта, уыййеддæмæ Дуриаты Джанаспийы хæдзармæ куыд æрцыдаид æмæ ныр кæртмæ куыд бацыдаид. Уæззау къахдзæфæй бараст ис сауджын бæлæсты бынмæ. Йæ фарсмæ цыди Чермен. Йæ размæ æрдæг фæндагыл лæууыди Джанаспи, кад кодта динамонæгæн. Бандонмæ куы бахæццæ ис, уæд ын сыстадысты Тели æмæ Дудар дæр æмæ бандонæй иуварс алæууыдысты. Ныр бандон æгасæй дæр уыди сауджыны бар æмæ æрбадти йæ тæккæ астæу, — йæхицæн аргъ зыдта. Куы æрбадти бандоныл, уæд йæ дзыппæй сласта стыр къухты кæлмæрзæн æмæ дзы йæ хид сæрфта цæсгомæй, сæрæй.
— Оф... оф... бафæлладтæн, — сдзырдта сауджын. — Æрбадут, æрбадут, уæ хорзæхæй!
Йæ фæйнæ фарс æрбадтысты Тели æмæ Дудар. Джанаспи уым нал уыди, бацыди хæдзармæ.
Бадынц æртæ лæджы, ныхас кæнынц. Сауджын хъаст кæны æнтæфæй, уысмæн фелвасы йæ къухты кæлмæрзæн æмæ та дзы асæрфы йæ хид. Дудар — къæсхуыр лæг — нæ фæлмæцыди æнтæфæй æмæ йæхи уымæй хъал кодта, дзырдта:
— Сауджын, æмæ ды дæр, Тели, уый зонут, æмæ уæлдай фыд нæ хъæуы, уæлдай фыд зиан у, адæймаджы хъыгдары, уæззау æй кæны.
— Нæй дын æмæ уæдæ цы зæгъай, — сдзырдта сауджын. — Нард цардæй æфсæсты нысан у. Ды та гæмæл силоткæйы хуызæн! Цæй лæг ис дæуæй.
Сæ уæлхъус æрбалæууыди Джанаспи.
— Куыд уæ фæнды, ам абадæм æви мидæмæ бацæуæм?
— Ацы æнтæфы бæлæсты бынæй хуыздæр кæм ис? — загъта сауджын. — Æз ардыгæй никуыдæм ацæуинаг дæн.
Иннæтæ дæр сразы сты сауджыны фæндоныл.
Уайтагъд Чермен арæвдз кодта фынг, аууондæр ран æрæвæрдта стъол, йæ алыварс цыппар бандоны. Митау урс стъолæмбæрзæныл фегуырдысты цурыд гогыз, фæлмæн сойыфыхтæ, ахуырст арахъ графины мидæг, нарæгхъуыр дурыны дзаг бæгæны. Алкæй раз æрæвæрдта Чермен арахънуазæн чысыл агуывзæ, бæгæны нуазынæн та цайцымæн агуывзæ, тæбæгътæ, кард æмæ вилкæ. Джанаспи фенгæ адæймаг уыди, хæсты рæстæджы дæр федта, Дзæуджыхъæуы дæр ын уыди зонгæ культурон хæдзæрттæ æмæ йæ хæдзары дæр æрæвæрдта культурон æгъдæуттæ. Хæлæг кæнгæйæ касти Дудар уыцы фынгмæ æмæ хъуыды кодта: «Цымæ мæнмæ дæр искуы фæзындзæн ахæм дзауматæ, ахæм æгъдау?» Хъæуыхицау йæхæдæг хъæздыг кæныныл уыди, ныфс æй уыди рæхджы йæхимæ ахæм дзауматæ, ахæм уаг æрæвæрынæй, ахæмтæ нæ, фæлæ ноджы хуыздæртæ, æмæ йын уымæ гæсгæ хъауджыдæр нæ уыди, хæлæджы цæстæй нæ касти Джанаспимæ. Фынгыл хæринæгтæ, нуазинæгтæ куы фæзынди, уæд сауджын уайтагъд йæ пæлæзы дыстæ мидæмæ батылдта, куыннæ йæ хъыгдарой, хæргæйæ, афтæ, æмæ зыд каст кодта бур-бурид цурыд нард гогызмæ æмæ сойыфыхтæм.
Чермен æркодта агуывзæты арахъ æмæ бæгæны æмæ фæнд кодта дарддæр уырдыгыстæг лæууын, фæлæ йæм Джанаспи фездæхтис:
— Мах нæхи бар уадз, нæхæдæг арæхсдзыстæм. Ды та уæртæ калиткæ мидæгæй сæхгæн, куыд ничи нæ бахъыгдара, афтæ. Исчи мæ куы фæрса, уæд ын-иу зæгъ: «Ам нæй, уæлæ дургæнæнмæ ацыди».
Сауджын йæ ахуырмæ гæсгæ, бавнæлдта агуывзæмæ æмæ тагъдгомау кувын байдыдта, — кувынмæ йæ уыйас не ’вдæлди, хæрынмæ хъуамæ бавнала тагъддæр.
Хæрынц, нуазынц цыппар æмсæр лæджы, гаджидæуттæ дзурынц, æнæуый ныхас дæр кæнынц. Адон æмбарынц æмсæр кæй сты, æмбарынц, иннæ адæмæй уæлдæр кæй сты — чи йæ бынаты руаджы, чи йæ исбоны руаджы, æмбарынц, иумæ бадынæн, иумæ ныхас кæнынæн кæй фидауынц, уый, æмбарынц уый дæр, æмæ ныртæккæ се ’хсæн иу гæлхуыр адæймаг куы уаид, уæд сæ дзыхтæ баст кæй уаиккой, сæ ныхас уæгъд кæй нæ уаид, сæ бадт сын ад нæ кæнид. Ныр мæнæ сæхæдæг сты æмæ зæрдæдзæбæхæй æрвитынц рæстæг.
Дзæвгар абадтысты цыппар лæджы, ахордтой, анызтой, фæныхæстæ кодтой æмæ ныр сæ хæрд æмæ сæ нозт фæсабырдæр ис, сæ ныхас та нозты фæрцы тынгдæр фæци.
— Уæд нæм, судмæ, æрбацыди иу вексыл, — райдыдта Дудар, — Теблойты Темболаты вексыл... Стыр диссаг у, иуæй-иу адæймæгтæ куыд æдзæсгом вæййынц... Мæнæ Джанаспи... Радзур ма йæ дæхæдæг.
— Радзурдзынæн æй, — æмбæхсинаг нæу. Иу хатт мæм æрцыди Темболат. Æхсызгон мæ хъæуы, зæгъы, дыууæ туманы æмæ мæ ацараз. Æз æй хорз нæ зыдтон, цы адæймаг у, уый, фæлæ чысыл æхца уыдысты æмæ йын раттон дыууæ туманы. Æмгъуыды бон мын æрхаста ме ’хца сæ пайдаимæ. Рацыдаид 7–8 мæйы, афтæ та мæм æрцыди. Тынг æхсызгон мæ хъæуы, зæгъы, æхсæз туманы, ацараз мæ. Æз зивæг кодтон — æхсæз туманы уæддæр дзæвгар æхца сты. Йæ бон, зæгъын, куы нæ бауа æмгъуыдыл бафидын æмæ куы ныззæрдæхудт уæм. Уый лæгъстæ кæнын байдыдта. Ныффысс, зæгъын, вексыл. Ныффыста æмæ ахаста æхсæз тумапы. Æмгъуыдыл мæм æрцыди æмæ афтæ зæгъы, нæй, дам, мæм ныртæккæ æхца, — чысыл банхъæлмæ кæс. Уæд та уал зæгъын, сæ пайда бафид, — уæд дын, зæгъын, уый фæстæ æнцондæр уыдзæн. Уый дæр нæй. Раттон ын дыууæ мæйы æмгъуыд. Æнхъæлмæ кæсын байдыдтон. Мæйтæ мæйты фæстæ ивгъуыдтой. Фесæфти лæг, æмгæрон нал цæуы. Сæрвыстон æм лæппуйы. Æз, дам, мæ хæс раджы куы ахицæн кодтон, уæд ма мæ, зæгъы, цæй æхца агуры Джанаспи? Лæппу йын загъта, куы ахицæн кодтаис дæ хæс, уæд вексыл мæ фыды лагъзы нæ уаид? Уæд Тембол афтæ, вексыл, дам, Джанаспи йæхимæ ныууагъта.
— Уый æцæг æдзæсгом куы у, — сдзырдта Тели.
— Хорз ма ракæн, æмæ фыд ма ссарай, — загъта сауджын.
Дудар бахудти.
— Нæ зонын, цы рамбулынмæ хъавы уыцы фæлывд митæй.
— Цы гæнæн ма уыди, — вексыл судмæ раттон, — афтæ ахицæн кодта Джанаспи йæ ныхас.
Сауджын йæхинымæр ахъуыды кодта: «О Джанаспи, æнхъæл дæн, æмæ дæ хæсджынæй дыууæ цармы стигъынмæ хъавыс!» Афтæ уый тыххæй ахъуыды кодта сауджын, æмæ уымæн йæхимæ дæр уыди ахæм митæ — аргъауæггаг-иу дыууæ хатты райста, ранмæ гæсгæ, фадатмæ гæсгæ. Хинымæры афтæ ахъуыды кодта сауджын, æддæмæ та афтæ загъта:
— Цы æдзæсгом разынди уыцы Темболат! Æхца йæ æхсызгон куы хъуыди, уæд лæгъстæ кодта, æхца йæхирдыгæй куы фесты, уæд та æмгæрон нал цæуы.
Уыцы минут та фæзынди Чермен, — йæ къухты, стыр алгъацы мидæг, цъыс-цъыс кодта бур-бурид хъайла. Джанаспи бынат акодта алгъацæн стъолы астæу, тыхт салфеткæ дзы авæрдта алгъацы бын.
Чермен та фæстæмæ бауади хæдзармæ æмæ хъæдын тæбæгъы мидæг рахаста цæрвджын хæбизджын.
— Не ’фсин фæцарæхсти абон — уый та йæхи фæнд у, — сдзырдта Джанаспи.
— Уæ, йæ цæрæнбон бирæ æрбауа хорз æфсинæн! — загъта сауджын æмæ стъолмæ хæстæгдæр бабадти.
Хъæуыхицауы зæрдæмæ дæр фæцыди æфсины хуын, йæ мидбынаты базмæлыди, бакасти Дудармæ, стæй Джанаспимæ æмæ загъта:
— Суд тæрхон рахæссæд, уыййеддæмæ Темболаты æз уайтагъд астигъдзынæн.
Бавнæлдтой цыппар хæлары тæфкалгæ хъайламæ, агуывзæты зæлланг дæр та хъуысын байдыдта. Хур дзæвгар акъул ис, уæдмæ фæбадтысты цыппар хæлары, бахъæлдзæг сты, барасыг сты, фырæфсæстæй сæ рæттæ æддæдæр рауагътой, сырх цæсгæмттыл тугджын цæстытæ æрцъынд-æрцъынд кодтой.
— Фынг схорз кæнæм, — загъта хъæуыхицау. — Уый уыди иннæтæй æрвонгдæр, иннæтæй къаддæр, мыййаг, нæ банызта, фæлæ, æвæццæгæн, йæ сæр фидардæр уыди.
Сауджыны цæсгом сырх-сырхид дардта хæрзцæттæ помидоры хуызæн, йæ цъынд цæстытæ ноджы тынгдæр ныцъцъынд сты. Йæ къæхтыл дæр фидар нал лæууыди, уый фæбæрæг ис, фынгæй куы сыстадысты, уæд, — фæцудыдта æмæ йын Тели йæ цонгыл фæхæцыди.
Джанаспи фæхъуыды кодта, сауджыныл афтæмæй уынгты ацæуын кæй не сфидаудзæн, æмæ йæм баздæхти:
— Мæнæ дын бæлæсты бын исты айтаудзыстæм, сауджын, æмæ ам дæ фæллад суадз.
— Афтæ хуыздæр уыдзæн, афтæ, — загътой Дудуар æмæ Тели дæр.
Арфæ ракодтой уазджытæ фæрныг хæдзарæн, сауджын баззади бæлæсты бын, иннæтæ фæцыдысты сæ хæдзæрттæм.
Тынг зивæггæнгæ ратта Джанаспи æхца Æрдынаты Тотырбегæн, дыууæ-æртæ хатты ма йæ æрцæуын кодта йæхимæ. Вексыл фыст уыди æртындæс туманыл, æхца та райста Тотырбег дæс туманы. Афтæ уыди æнæфыст закъон хъæуты — туманы пайда афæдзмæ æртæ сомы. Фæлæ уыцы закъон иуæй-иу æхцаджынтæ не ’ххæст кодтой, мæнæ адæймаджы тынг æхсызгон бахъуыди æхца, зæгъгæ, нал ын ис гæнæн æнæ æхца ссаргæ, уæд-иу пайдагæнджытæ кæнæ æмгъуыд æхсæз мæймæ скодтой, кæнæ та-иу туманæн истой пайда 5–6 сомы. Афтæ Джанаспи дæр кодта, фадатмæ гæсгæ æмæ ма-иу йæхи хæрзгæнæг дæр хуыдта. Тотырбегæн дæр йæхи хæрзгæнæг хуыдта æмæ дзы райста æрмæст æгъдауæй пайда — туманæн æртæ сомы.
Ратта Джанаспи Тотырбегæн дæс туманы æмæ загъта хинымæры:
— Хъыгдаргæ йæ нæ бакæндзынæн, фæлæ ме ’хца цæмæй ма фесæфой, уый бакæндзынæн.
Тотырбег куы ацыди йæ хæдзармæ, уæд Джанаспи бафснайдта вексыл иннæ вексылтимæ, йæ дарæс акодта йæ уæлæ æмæ араст ис къæнцылармæ.
Цæугæйæ, Джанаспи кæддæриддæр галиу къухæй æнцади хъамайы сæрыл, йæ сæр дардта бæрзонд æмæ дзæгъæл ракæс-бакæс нæ кодта, фæлæ ирон салам, кæм æмбæлди, уым лæвæрдта кæддæриддæр, — зыдта Джанаспи, афтæмæй йын адæм фылдæр аргъ кæй кæндзысты, уый.
Джанаспи Тотырбегимæ вексылы хъуыддаджы тыххæй æгæр афæстиат ис йæ хæдзары, æмæ йын уый дæр хуыздæрæн рауади — æмбырд уыдысты суды лæгтæ, хъуыддаггæнджытæ æмæ йæм æнхъæлмæ кастысты, — уый дæр ын йæ кад уæлдæр кодта. Куы бакъахдзæф кодта суды уатмæ æмæ салам куы загъта, уæд суды æртæ бадæджы æмæ писыр дæр сæ бандæттæй фенкъуыстысты. Джанаспи сæм сдзырдта:
— Бадут, бадут, уæ хорзæхæй!
Æмæ уæд уыдон дæр æрынцадысты сæ бынæтты.
Суды бадæн уат раздæр уыди ахæстон, æмæ ныр дæр ма йæ чысыл рудзгуытæ æхгæд уыдысты æфсæн решеткæтæй. Уымæ гæсгæ уат уыди талынггомау. Раззаг дыууæ рудзынджы арæзт уыдысты тыргъмæ, — уый уæддæр уыди рухсдæр ран æмæ суды кусæн даргъ стъол æвæрд уыди уым. Стъолыл алырдыгæй зындысты кардæй уыгæрдтæ, нысæнттæ æмæ фыстытæ, ноджы йыл алыран ныхъхъæбæр сты чернилæйы кæлдтытæ, æмæ афтæмæй стъол дардмæ хъулон дардта. Стъолы фæстæ, хæд рудзгуыты бын æвæрд уыди даргъ бандон, йæ æнцойгæнæн сæрхъæдæн йæ иу кæрон феуæгъд ис æмæ дæлæмæ æрхаудта, — уымæ гæсгæ йыл æппындæр æнцойгæнæн нал уыди. Сæрхъæд афидар кæнын никæй зæрдыл лæууыди, æмæ ныр суды лæгтæн зын уыд æнæ æнцойæ бадын.
Астæуæй бадти суды сæрдар Баботы Дудар, йæ рахизырдыгæй фарс бадти Доййаты Ахпол, галиуырдыгæй та — Гæбæраты Зауырбег. Писыр бадти стъолæн йæ галиу фисыны фарсмæ æмæ хъуыддæгтимæ архайдта, гæххæттытæ рафæлдах-бафæлдах кодта. Дудар йæ сæгъбоцъо схъаудта æмæ касти, писыры раз цы гæххæттытæ уыди, уыдонмæ. Ахпол йæхи ныттымбыл кодта æмæ хъуынтъызæй бадти, чи зоны, цавæр хъуыдытæй дзаг уыди йæ сæр. Зылындзаст Зауырбег (афтæ йæ хуыдтой хъæубæсты фæсаууонмæ, — йæ цæстытæ, цыма, алырдæм кастысты, уый хуызæн зынди) чиныджы нæ зыдта, афтæмæй райста ручкæ, чернилæйы-иу æй атылдта æмæ дзы стъолыл цыдæртæ хъулæттæ кодта, æвæццæгæн, стъол фаг хъулон нæма уыди, æмæ йæ уый æххæст кодта.
— Мауал фæстиат кæнæм, иууылдæр ам сты, — загъта Дудар. Бакасти писырмæ — Джанаспи æмæ Темболаты хъуыддаг... Дуриаты Джанаспи æмæ Теблойты Темболат, размæ рацæут.
Ныронг къуымы лæууыди, аууоны Теблойты Темболат, зыкъуыртæ лæдзæгыл æрæнцой кæнгæйæ, кæсгæ дæр æм ничи кодта, ныхасгæнæг дæр нæ уыди йемæ. Уый уыди иу-35-азыккон бæзæрхыг ныллæггомау адæймаг. Йæ уæлæ уыди æмпъызтытæ цухъа, сæгъдзармæй худ, йæ къæхтыл æфтаугæ дзабыртæ фæсмын зæнгæйттимæ. Æнкъардæй дыууæ къахдзæфы ракодта размæ.
— Теблойты Темболат, — сдзырдта Дудар, — Дуриаты Джанаспийæ æхца райстай æфстау, вексылыл?
— Райстон, — зæхмæ кæсгæйæ, сдзырдта Темболат.
— Вексылы æмгъуыд куы æрцыди, уæд ын сæ бафыстай?
— Йæ тæккæ æмгъуыдыл мæм æхца нæ уыди, фæлæ йын сæ дыууæ мæйы фæстæ раттон æд пайда. Райстон дзы æхсæз туманы, раттон ын авд туманы æмæ аст сомы.
Дудар бакасти Джанаспимæ.
— Афтæ уыди, Джанаспи?
— Нæ уыди. Æмгъуыдыл мæм æрцыди æмæ загъта, æхца дам, мæм нæма ис, иучысыл банхъæлмæ кæс. Æз ын раттон æмгъуыд дыууæ мæйы. Мæйтæ кæрæдзи фæдыл ивгъуыйын байдыдтой, аивгъуыдта бирæ мæйтæ, фæлæ Темболатæк йæ кой, йæ хъæр никæцæйуал хъуысти. Æз æм сæрвыстон кæстæр лæппуйы. Темболат ныллæууыди, æз, дам, ын сæ раджы бафыстон. Цы ма кодтаин æз дæр, — балæвæрдтон вексыл судмæ.
— Темболат, — баздæхти Дудар хæсджынмæ, — ацы вексыл ды нæ раттай Джанаспийæн?
— Бæлвырд, ай мæ вексыл у, раттон æй Джанаспийæн авд туманы æмæ аст сомыл, исгæ та дзы ракодтон æхсæз туманы.
— Æхца кæд бафыстай, уæд дæ вексыл Джанаспимæ цæмæн ис?
— Куырдтон æй, фæлæ Джанаспи бацыди хæдзармæ, дзæвгар дзы афæстиат ис, стæй рацыди æмæ загъта, ацагуырдтон, дам, æй æмæ йæ не ссардтон. Ныр мæ, зæгъы, не ’вдæлы, фæлæ йæ райсом бацагурдзынæн æмæ дын æй ратдзынæн. Афтæ уыди йæ ныхас. Уый фæстæ мæм уый дæр нал фæбæрæг кодта, мæн дæр нал равдæлди вексылмæ ныууайынмæ. Ныр вексыл уымæ ис, æмæ мæ дыккаг хатт агуры йæ хæс.
— Бауырнинаг не сты, Темболат, дæ ныхæстæ, — загъта зылындзаст Зауырбег.
Доййаты Ахпол дæр, йæ рихи здухгæйæ, бакасти Темболатмæ.
— Æхца куы фыстай, уæд дæ дæ вексыл райсын хъуыди.
— Истон æй, бæргæ, фæлæ мыл сдис кодта, ау, зæгъы, ардыгæй райсоммæ мыл не ’ууæндыс?.. Рæдыд мыл æрцыди, зонын æй, фæлæ уæ бауырнæд, мæ хæс ахицæн кодтон æххæстæй.
— Ам дзырддагæй ницыуал ис, — загъта суды сæрдар Дудар. — Джанаспи æмæ Темболат, тыргъмæ уал айсут уæхи.
Темболат ацыди, Джанаспи ма фæурæдта йæхи æмæ бакасти Дудармæ. Уый йын цæстæнгасæй амбарын кодта, гуырысхо йыл ма кæн, зæгъгæ.
Хъуыддагыл гуырысхо нæ кодта Темболат дæр, йæ хæс дзы дыууæ хатты кæй байсдзысты, уый йын æргом уыди. Тыргъы иу къуымы æрлæууыди æмæ æнхъæлмæ касти Джанаспийы рацыдмæ.
Рацыди Джанаспи.
Темболат æм баздæхти:
— Джанаспи, мæ хæс дын ахицæн кодтон æххæстæй. Дыккаг хатт æй мауал агур. Дæ Хуыцаумæ скæс æмæ мæ мæ мæгуырыл ныууадз.
— Мæн демæ дзуринагæй ницы ис, — загъта Джанаспи.
— Мæн ис, мæн, демæ дзуринаг, — мæ хæс ахицæн кодтон æмæ йæ дыккаг хатт мауал агур.
Джанаспи ницыуал загъта, йæ сæр бæрзонд сисгæйæ, тыргъы дуарæй ахызти фæзмæ. Йæ фæдыл Темболат дæр. Йæ зыкъуыртæ лæдзæг дыууæ хатты æруади Джанаспийы сæрыл — æндæр ын нæ бахъуыди, дыууæ хъæры ныккодта æмæ къæнцылары къæсæры цур адæлгоммæ ис. Раст уыцы минут ахицæн ис суды тæрхон дæр: «Дуриаты Джанаспийы пайдайæн райсын хъæуы Теблойты Темболаты исбонæй авд туманы æмæ аст сомы, стæй ма хъуыддаг кæныны фæлхас, æдæппæт аст туманы æмæ фараст сомы»... Джанаспийы æрдиаг куы айхъуысти, уæд алырдыгæй амбырд сты адæм — чи Темболатыл ныххæцыди, чи та Джанаспимæ зилынмæ фæци. Хъæуыхицау дæр фæзынди æмæ Темболаты ахæстоны бакæнын кодта, загъта:
— Ды мæ къæнцылары скандалтæ кæныс?.. Уый зон, æмæ дын æз дæ уд дæ хъуырæй сласдзынæн!
Джанаспийы, йæ туг калгæ, акодтой йæ хæдзармæ.
Хорз-иу куы зыдта Джанаспи йæ хæсджыны, зæгъгæ, мæнæ уый сабыр адæймаг у, йæ вексыл ын куы баурома, дыккаг хатт дзы куы бацагура йæ хæс, уæд ын батайдзæн, зæгъгæ, æрмæст-иу ахæм хæттыты урæдта йæхимæ вексылтæ.
«Ау, нæ мыл æууæндыс? Бацагурдзынæн дын дæ вексыл æмæ дын æй ратдзынæн». Афтæ-иу дзырдта Джанаспи йæ хæсджынтæн, афтæмæй-иу æм бонæй-бонмæ баззади вексыл.
Кæддæр æгъгъæд уыди хуымæтæджы дзырд раттын, лæдзæгыл уыгард æркæнын — уыдон гæххæттыл фидардзинадæй фидардæр уыдысты, адæм æууæндыдысты кæрæдзиуыл, фæлæ капитализм куы бабырста ирон цардмæ, уæд ма æрмæст Теблойты Темболаты хуызæттæм аззади рагон æфсарм, рагон æууæнк. Джанаспи æхца куы райста Темболатæй æмæ йын куы загъта: «Ныр мæ не ’вдæлы, фæлæ дын райсом ацагурдзынæн дæ вексыл æмæ дын æй ратдзынæн», уæд ыл Темболат баууæндыди æмæ æнцад-æнцойæ ацыди йæ хæдзармæ. Бонæй-бонмæ баззади вексыл, Темболатæй рох дæр ма фæци, — цы дзы кæна, цы хъауджыдæр ис, йæхæдæг аскъуыдта вексыл, кæнæ йæ Джанаспи аскъуыдта. Темболатмæ ног царды, капиталистон уавæры царды тæфаг нæма бахъардта, æмæ йыл Джанаспи гадзрахатæй рацыди. Фæлæ Джанаспийыл ацы хатт рæдыд æрцыди, — уый хорз нæ зыдта Темболаты, — уæлæ кæмдæр хъæуы сæр царди, æмбæлгæ дæр кæрæдзиуыл арæх нæ кодтой, нæ зыдта Джанаспи, Темболатмæ ма фыдæлты зæрдæйы дæрзæгдзинад кæй баззади, æмæ йыл лæдзæджы дзæхстытæ дæр уый тыххæй æруади.
Темболатæн суды тæрхонмæ гæсгæ ауæй кодтой торгæй йæ иунæг бæх æд уæрдон æмæ йæ иунæг хъуг æд род. Йæхи йын фыццаг хъæуыхицау хъæуы ахæстоны фæдардта, стæй йæ мировой суды тæрхонмæ гæсгæ ахæстоны фæдардтой æртæ мæйы. Ахæм хъуыддæгтæ сæмбæлди Темболатыл, рагон æууæнк æм капитализмы рæстæджы æгæр кæй разынди, уый аххосæй.
Джанаспи йæ хæдзары фæбадти иу-дæс боны бæрц, нал ракасти уынгмæ, цалынмæ йæ цæфтæ байгас сты, уæдмæ. Йæ бæсты хъуыддæгтæ арæзта йæ хистæр фырт Хасанбег. Уымæн йæ зондахаст уыди Джанаспийæн йæхи зондахасты хуызæн — æхца æмбырд кæнын, тона кæнын, кæцæй æнтыса, уырдыгæй. Уымæй бузныг уыди Джанаспи, фæлæ Черменыл йæ зæрдæ нæ дардта. Чермен не ’мбæхста, йæ фыды митæ йæ зæрдæмæ кæй нæ цыдысты, уый, йæхицæн ын никуы бауæндыди йæ хъуыдытæ зæгъын, фæлæ сæ-иу йæ мадæн загъта. Мад дæр ын-иу афтæ:
— Дæ хъуыддаг нæу уый, хистæрты фæндты дæхи ма тъысс.
Хасанбег дæр ын-иу йæ ныхас аскъуыдта:
— Нæ кæсыс уымæ, — йæхи хистæртæн зондамонæг кæны!
Джанаспийыл Темболаты лæдзæджы цæфтæ куы æруади, уæд Чермен бацыди йæ мадмæ æмæ йын загъта:
— Нана, галиу хъуыддаг нæ бæззы, хæрам фос нæ тайы. Темболат мæнæн куы загъта, зæгъгæ, йæ хæс раджы бафыста бабайæн, уæд ыл æз баууæндыдтæн, ныр дæр мæ уырны, баба Темболатæй æхца кæй райста æмæ вексыл барæй йæхимæ кæй ныууагъта, уый.
Уыцы ныхæстæм Фатымæйы цæстытæ цæхæртæ акалдтой, баздæхти йæ фырты æфхæрынмæ:
— Цытæ дзурыс уый, Чермен? Дæ фыдæн фырт нæ дæ? Хъуамæ йын йæ маст исыныл бакусай, ды та йын уый бæсты йæхи зылын кæныс!
— Æз никæд ныллæудзынæн зылыны раст кæныныл.
Мад фæхъæр кодта:
— Цæугæ, фесæф мæ цæстыты разæй!
Афтæ хъыг уыдзысты йæ ныхæстæ Фатымæйæн, Чермен уый æнхъæл нæ уыди æмæ йæ мауал мæсты кæна, зæгъгæ, уайтагъд ацыди йæ мады разæй.
Фатымæйæн æцæг стыр маст уыдысты Чермены дзырдтæ. — «Искуы ма уый æрцыди, æмæ фырт йæ фыды фарс ма хæца? — хъуыды кодта йæхинымæры. — Йæхи ма йын аххосджын кæна!
Мæсты кодта Фатымæ Черменмæ, фæлæ йын йæ дзырдтæ Джанаспийæн нæ загъта. Чермен уыди мадæн уарзондæр хъæбул æмæ йын йæ ныры дзырдтæ дæр нымадта æнахъомы рæдыдыл.
Агуыри дуртæ сыгъд фесты æмæ Джанаспи бавнæлдта хæдзар амайынмæ. Кусджыты цурæй иуварс нал цыди, сæ куыст хæрзхъæд куыд уыдаид, ууыл тынг архайдта, фæлæ иннæмæй та, куысты темпытæ ныллæгдæр куыд нæ кодтаиккой, уымæ дæр йæ цæст дардта. Хъуамæ зымæгмæ хæдзар æмбæрзт фæуа, зымæджы æмæ уалдзæджы дæргъы та хъуамæ конд фæуой йæ хуылфы куыстытæ. «Хуыцауы фæндæй, сæрды рæстæмбисы магазины дуæрттæ байгом кæндзынæн, æмæ уæд — цæугæут, æлхæнджытæ, хъæуы алы кæрæттæй Дуриаты Джанаспийы магазинмæ, уым ссардзыстут, цыдæриддæр товартæ уæ хъæуа, уыдон!» Афтæ хъуыдытæ кодта хинымæры Джанаспи. Йæ фæнд уыди афтæ: фыццаг рæстæджы товар уæй кæндзæн иннæ дуканитæй чысыл асламдæр, стæй æлхæнджытæ йæ магазинмæ куы фæцахуыр уой, уæд æргътæ сæ раст бынаты æрæвæрдзæн.
Æдæппæт хæдзары пъланы уыди æхсæз хатæны: тæккæ кæройнаг уат, фæз æмæ æхсæнуынджы тигъыл — стыр уат, уый магазины бынат, уыимæ дуарæй иугонд, цъус къаддæр хатæн скъладæн. Скълады фарсмæ Джанаспийæн йæхи уат. Джанаспийы уаты фæстæ стыр хатæн — зал. Залы æдде фæрсæй-фæрстæм дыууæ уаты Хасанбег æмæ Черменæн. Сæ иуыл цæуы æстдæсæм аз, — рæхджы йын ус курын хъæудзæн. Иннæйы дæр — 16-азыккон Чермены — уыйфæстæ бирæ нал хъæуы. Джанаспимæ уазæгдон аразыны фæнд дæр уыди — уый хъуамæ æрæвæра хицæнæй, кулдуары уæллаг фарс. Уазæгуарзаг нæ уыди — фæлхас йеддæмæ цы сты уазджытæ, æмæ йæм куыд нæ цæуой, уымæн дæр исты фæндтæ кæндзæн, фæлæ уæддæр æнæ уазæг æрæфтгæ кæм ис, стæй йæ, хъæугæ цы адæймæгтæ кæной, уыдонимæ-иу кæм абаддзæн? Гъе, ахæм хъуыдытæм гæсгæ аразы уазæгдон, уыййеддæмæ йæ пъланы не ’рывæрдтаид. Нæ уыди пъланы къухна, къухнайæн æмæ къæбицтæн баззайдзæн зæронд хæдзар, æрмæст æм азилын хъæудзæн. Иу æнахуырдзинад уыди Джанаспийы ног хæдзары пъланы. Магазинæн дыууæ рудзынджы æмæ дуар уыдысты уынгмæ. Уыййеддæмæ иннæ уæттæй уынгмæ иу рудзынг дæр никæмæн уыди. Джанаспи йæ хæдзары мидæг уарзта культурон уаг, сыгъдæгдзинад, ног æмæ хорз дзауматæ, фæлæ иу хъуыддагимæ нæ фидыдта, сылгоймаг къæйных кæнын кæй байдыдта, йæ къах уынгмæ æмæ адæмы æхсæнмæ кæй адардта, уый æппындæр йæ зæрдæмæ нæ цыди. Йæ цæрæнуæттæн уынджы ’рдæм рудзгуытæ уый тыххæй не скодта. Чындзытæ æрхæсдзæн, æмæ уыдон бон-изæрмæ рудзгуытæй уынджы цæуджытæм кæсой? Нæ, уый нæ уыдзæн. Фæлæ уырдæм цы чындзытæ æрцæуинаг уыдысты, уыдон та цы загътаиккой, цымæ, Джанаспийы пъланмæ æркæсгæйæ? Хъуыддаг дæр уый мидæг ис, æмæ Джанаспи сылгоймаджы фæндæй фæрсын дзæгъæл хъуыддаг хуыдта. Ссæдз азы фæцарди Фатымæимæ æмæ йæ никуы фарста фæндæй, искуы-иу æй рæдыдау истæмæй куы афарста, уæд дæр-иу, йæхи зæрды цы уыди, уый бакодта.
Амайы Джанаспи хæдзар, йæ цæст дары куыстытæм, фæлæ йæ иннæ хъуыддæгтæ дæр рох нæ кæнынц. Вексылтæм гæсгæ æхца исы, ногæй дæтты вексылтыл æхца, хаттæй-хатт æмбæрзæн дургæнджытæм дæр суайы, хъæуы мидæг сардзины сугтæ аслам куы ссары, уæд сæ æххуырсгæ уæрдæттыл горæтмæ бадавын кæны æмæ сæ уым зынаргъыл æрбауæй кæны. Иу дзырдæй, пайда хъуыддагæй йæ цæст цæуылдæриддæр æмбæлди, уыдонæй дзы ницы ирвæзти. Хæсты аххосæй бæстæ мæгуыр кодта, стæмæй-стæмдæр кодта хойраг æмæ алы промтовартæ. Джанаспи æлхæдта хъæуы мидæг царв, цыхт, хор æмæ сæ горæты уæй кодта, æлхæдта горæты, хъæу цæмæй уыди хъуаг, ахæм дзауматæ æмæ сæ уæй кодта хъæуы мидæг. Ноджы йæхимæ æвæрæнтæ кодта алы дзаума, алы хойраджы мыггагæй æмæ æнхъæлмæ касти, куы фæзынаргъдæр уой, уæдмæ. Иу дзырдæй, рæстæг куыста, æмæ уымæн. Джанаспийы йеддæмæ ма иннæ бонджынтæ дæр — æхцаджынтæ, зæхджынтæ, къупецтæ-æндæртæ уыдысты хайджын уыцы рæстæджы хорзæхтæй. Мæгуыр адæммæ, цыбыркъух адæммæ ницыуал æфтыди, стыр хъуæгтæ æййафын байдыдтой, бонджынтæ та ноджы бонджындæр кодтой. Афтæмæй бонджынтæ тынгдæрæй-тынгдæр иртæсын байдыдтой мæгуыртæй, уæлейæ дæлæмæ сæм кастысты, ницæмæуал сæ дардтой, цас сын æнтысти, уыйас сæ пайда кодтой. Уымæ гæсгæ стыр хæрамдзинад рæзыди мæгуырты зæрдæты бонджынты ныхмæ. Фæлæ бонджынтæ уыцы хæрамдзинад хъуыды дæр нæ кодтой, цæмæй тарстаиккой? Хицæуттæ кæддæриддæр — сæ фарс. Ноджы æвирхъаудæр хабæрттæ хъуысти Уæрæсейы ’рдыгæй. Хæст смæгуыр кодта æгас паддзахады, мæгуыр адæм стонгæй мæлынмæ æрцыдысты хъæуты дæр, горæтты дæр. Кæрдзыны къæбæр нал æфтыди мæгуыр адæймаджы къухы. Хæцæг æфсæдтæ сбæгънæг, сбæгъæввад сты, фронты сæ æнæ хотыхтæй размæ тардтой хæцынмæ. Фронты салдæттæ æмæ чъылдымы фæллойгæнæг адæм разы нал уыдысты хæстæй, æлгъыстой паддзахы, хицауады, бæллыдысты хæсты фæудмæ.
Ахæм рæстæджы Дуриаты Джанаспийæн йæ зæрдиаг хъуыды уыди йæ хæдзар тагъддæр сифтонг кæнын, тагъддæр магазин байгом кæнын. Æхсæвæй-бонæй йæ сæрæй хицæн нæ кодтой æхсызгон нывтæ: куыд ныхъхъæздыг уыдзæн æмæ йын адæм лæгъстиаг куыд уыдзысты, кувæгау ын куыд кæндзысты. Ахæм æмæ ноджы дарддæр æмæ бæрзонддæр хъуыдытæ ленк кодтой йæ фырт Хасанбеджы сæры дæр. Чермены сæрымагъз та æндæрырдæм куыста. Уый ахуыр кодта хъæууон скъолайы, нымад уыди хуыздæр ахуыргæнинæгтыл. Хаттæй-хатт-иу ахуыргæнæг урочы рæстæджы дæр, фадатмæ гæсгæ, тынг аивæй æппæрста сывæллæтты сæртæм революцион хъуыдытæ. Чермены сæрымагъз æнæуый дæр, йæ фыды митæм гæсгæ, уыцырдæм куыста: хорз хъацыд мæры хуызæн уыди революцион тауинæгтæн. Æнахъом уæвгæйæ, уый йæ зæрдæмæ иста мæгуыр адæмы хъæстытæ — хæсты тыххæй, хъуагдзинæдты тыххæй, йæ фыды митæ та йын тынгдæрæй-тынгдæр æнад кодтой. Джанаспи чысылгай æмбарын байдыдта, Чермен ын йæ хъуыддæгтæм разыйы цæстæнгас кæй нæ дары. Фæлæ уый тыххæй бирæ мæт нæ кодта, — саби ма у, мæнæ куы фæхъомылдæр уа, уæд чысылгай æрæмбардзæн æмæ, хæдзарæн цы пайдадæр у, ууыл хæцын байдайдзæн. Фатымæйæ куы зæгъæм, уæд уый разы уыди йæ лæджы алы фæндыл æмæ хъуыддагыл — Джанаспи цыдæриддæр кодта, иууылдæр йæ цæсты уыдысты хорз.
Уыди зымæджы бæстастæу, афтæ Джанаспийы хæдзарæн йæ хуылф сауарæзт фæци, — сау цартæ, сау пъолтæ, рудзгуытæ æмæ тарвазтæ сæ бынæтты уыдысты. Лыстæг куыстытæн ма бахъуыдаид иу-дыууæ мæйы.
Иу бон Чермен скъолайæ цингæнгæ бауади сæ хæдзармæ æмæ, кæрты дуарæй куыддæр бакасти, афтæ бадзырдта Хасанбегмæ (йæ фыд дæр кæрты лæууыди, фæлæ уыйæрдæм дзурын нæ бауæндыди):
— Ног хабар нæма зоныс? Паддзах нал ис.
Хасанбег идон æмпъызта, æвиппайды йæ куыст фæуагъта æмæ йæ сæр схъил кодта:
— Куыд нал ис? Амарди, мыййаг?
— Мæлгæ нæ акодта, фæлæ йæ йæ бадæнæй раппæрстой. Нырæй фæстæмæ æвзаргæ паддзах уыдзæн. Куы нæ-иу фæбæзза, уæд ын-иу йæ бæсты æндæр æрæвæрдзысты.
— Кæмæй фехъуыстай уыцы диссæгтæ? — фæрсы дарддæр Хасанбег, йæ фæйнæ къухы туас æмæ идон бæрзонд даргæйæ.
Чермен бацыди Хасанбеджы тæккæ размæ.
— Ахуыргæнæг нын дзырдта, тел, дам, ссыди Бетъырбухæй. Цингæнгæ нын æй радзырдта. Афтæ, дам, хуыздæр у, кæннод, дам, паддзахы хицæуттæ адæмы туг бацъырдтой. Адæмæн, зæгъы, ныр сæ цард аразыны хъуыддаг сæхи къухты уыдзæн. Фырцинæй нæ иу урок раздæр рауагъта æмæ йæхæдæг ныхасмæ ауади.
Джанаспи уыцы ныхæстæм хъуыста æнувыдæй æмæ хъуыды кодта хинымæры: «Уыцы ахуыргæнæг, æнхъæлдæн, йæхи сафыны фæнд скодта». Абондæргъы Джанаспи уынгмæ нæма акасти æмæ ныр афæнд кодта ацæуын æмæ искæйты фенын. Сфæнд кодта къæнцылармæ дæр бауайын æмæ ахуыргæнæджы дам-думты тыххæй хъæуыхицауимæ адзурын — ахæм дзæгъæлæвзаг адæймаг хъуамæ ахуыргæнæджы бынаты ма уа.
Фæцæуы сæхи уынджы æмæ уыны: иу хæдзары раз бакъорд сты иу-фондз лæджы æмæ, къухтæ тилгæйæ, цæйдæр тыххæй быцæу кæнынц. Хъуысынц дзырдтæ:
— Афтæ йын хъуыди уыцы куыдзæн! Адæмы фæцæгъдын кодта, бæстæ смæгуыр кодта.
— Ныр хæстæн дæр кæрон скæндзысты, æмæ та цард йæ бынаты сбаддзæн.
Иу хъæлæс дзы мæсты дзырдтæ баппæрста:
— Цытæ дзурут уый? Цард та йæ бынаты сбада? Йæ фыццаг бынаты? Ныронджы хуызæн æнæ зæххæй зæххы куыст куыд кæнæм, афтæ?
Фехъуысти æндæр хъæлæстæ:
— Нæ уыдзæн уый — хъуамæ зæхх, чи йæ кусы, уыдон уа.
— Барвæндонæй йæ зæхх ничи ратдзæн, тыхæй йæ байсын хъæуы.
Уыцы дзырдтæ хъусгæйæ, Джанаспи йæ къахдзæф фæтагъддæр кодта æмæ хъуыды кодта: «Уыдон иууылдæр ахуыргæнæджы ардыд сты. Æз уый куы нæ ’рцахсын кæнон, уæд мæ фыдæн фыртæн нæ райгуырдтæн!»
Къæнцылары фæзыл Джанаспи баййæфта бирæ адæмы. Хъæуыхицау хуыздзыдæй лæууыди тыргъы размæ æмæ дзырдта:
— Бунтгæнджыты æз æрцахсдзынæн æмæ сæ Сыбырмæ фесафын кæндзынæн. Цæугæут уæ хæдзæрттæм, ам уæ хъуыддаг ницы ис абон.
Ахуыргæнæг лæууыди адæмимæ, йæ къухты газет «Терек»-ы тагъд рауагъд, ставд дамгъæтæй мыхуыргонд. Фидар хъæлæсæй уый сдзырдта:
— Мах демæ бирæ фæдзуринаг не стæм. Кæд дзæбæхæй дæ бынат уадзыс, уæд дзæбæхæй ацæудзынæ дæ хæдзармæ, кæннод...
Хъæуыхицау фæлæбурдта йæ ливормæ.
Раздæр амындæй йæ тæккæ цур лæууыдысты 3–4 лæджы, уыдон æм фæлæбурдтой, йæ гæрзтæ йын ратыдтытæ кодтой æмæ йæ ныккæндмæ ныппæрстой. Уый фенгæйæ, йæ цыппар æххуысгæнæджы, хуыдтой сæ старшинтæ, сæхи фæйнæрдæм айстой. Джанаспи бамбæрста, æцæг цыдæр кæй æрцыди, уый, иу минуты бæрц ахъуыды кодта, цы кæна, йæхи афæсвæд кæна, æви адæмимæ йæхи фæхæццæ кæна. Дыккаг фæнд æм растдæр фæкасти. Афарста иуы, цы æрцыди, зæгъгæ, æмæ афтæмæй базыдта хабар, загъта хъæрæй:
— Ницæйаг паддзах уыди... Иу æдылы цыдæр... Ныронг дæр куыд баззади, уый дæр диссаг у.
Ахуыргæнæг адæмы разæй æрлæууыди æмæ загъта:
— Гъеныр нæхи бар у хъæуыхицау æмæ йе ’ххуысгæнджыты равзарын, куыд уæ фæнды, абон æрæмбырд кæнæм сход æви райсом?
Фылдæр хъæлæстæ уыцырдæм уыдысты, абон, зæгъгæ, зын æрæмбырдгæнæн сты адæм, бирæтæ куыстыты, æндæрты сты æмæ изæрæй раздæр не ’рцæудзысты сæ хæдзæрттæм. Фæлтау, загътой, абон фехъусын кæнæм адæмæн, райсом раджы куыд æрæмбырд уой, афтæ. Уыцы фæнд ист æрцыди, æмæ уал райсомы онг хъуыддаг æртæ лæджы бар бакодтой. Хабар уайтагъд æгас хъæуыл айхъуысти, хæдзæртты, уынгты адæммæ æндæр кой нал уыди. Суанг æмбисæхсæвты онг Ныхæстæ дзаг уыдысты адæмæй, дзырдтой цы æрцыди, цы хъуамæ æрцæуа, уыдæтты тыххæй. Æппæтæн дæр æхсызгон уыди паддзахы раппæрст. Æрмæст иугай адæймæгтæ дзырдтой афтæ:
— О, ма кæнут, хуыздæрæн нын куы нæ фæуа ацы хабар, уымæй тас у.
— Æнæ паддзахæй куыд ис цæрæн, нæ зонын...
— Мæнмæ та уæдæ афтæ кæсы, æмæ нæ циндзинад аздæхдзæн хъыгдзинады ’рдæм.
Ахæм иугай хъæлæстæ уыдысты мæгуыртæй æнæмбаргæдæрты, кæнæ та хъæздыджыты.
Джанаспи æргомæй цæхгæр ныллæууыди, хъуыддагыл цин чи кодта, уыдонимæ, йæхинымæры та стыр сагъæсы бахаудта: «Цы хъуыддаг у ай? Паддзахы йæ бынатæй раппæрстой, æвзаргæ паддзах, дам, уыдзæн... Ноджы, кæм цы гæлхуыр адæм ис, уыдон зæхх, дам, хъуамæ мах уа... Куыд нæ стæй! Исчи сын йæ зæхх ратдзæн!.. Нæ, ацы змæст хорзæй ницы æрхæсдзæн... Цыфæнды уа, уæддæр хи бахъахъхъæнын хъæуы... Авзар ма ныр ахуыргæнæджы ныхмæ исты зæгъын, кæнæ та хъæуыхицауы фарс фæлæууын... Амардзысты, акъабæзтæ кæндзысты. Æрра куыйтау сысты адæм...»
Ахæм хъуыдытæ змæстой Джанаспийы сæрымагъз, æмæ йæхи æрсабыр кодта, йæ хæдзар тагъддæр арæзт цæмæй фæуа, ууыл сси иудадзыгдæр.
Цыди рæстæг. Джанаспийæн йæ хæдзар сцæттæ ис, фæлæ йæм магазин аразыны фæндæй ницы уыд — уæртæ рудзгуыты фæрссæгтæ фидар æхгæдæй лæууынц. Æмæ куыд арæзтæуа магазин дæр? Алырдыгæй хъуысы æвзæр хабæрттæ: зæхкусджытæ исынц помещикты зæххытæ, сæ хъæдтæ сын цæгъдынц, фабрикты, заводты кусджытæ куыстуæтты сæхи кæнынц, сæ хицæутты сын сурынц. Рæстæгмæ æвзæрст хицауад дзуры: «Фæлæуут, банхъæлмæ кæсут, мæнæ уын æгъдауыл ратдзыстæм, кæмæн цы æмбæлы, уый». Хицауад афтæ дзуры, фæлæ цавæрдæр коммунистон парти змæнтæн кæны, ардауы адæмы, уыдонмæ æнхъæлмæ кæсынæй, дам, пайда нæй, ницы уын ратдзысты, сайгæ уæ кæнынц. Исут уæхæдæг зæххытæ, куыстуæттæ.
Ахæм дзурджытæ сæхи хъæуы дæр иу къорд ис, кæмдæр скъолаты чи ахуыр кæны, ахæмтæ, зилынц Ныхæстыл æмæ ардауынц адæмы, æмбырдтæ аразынц адæмæн æмæ æдзух рæйынц æмæ рæйынц. Диссаг у, се ’фсæртæ уыйас куыд уромынц, се ’взæгтæ куыд нæ фæллайынц! Уæлæ къуылых Бабойы фырт Харитонæн та æппын æнцой нал ис, хуыссæг æй нал ахсы, æхсæвæй-бонæй хъæуы уынгты лекка кæны. Йе скъола дæр дзы ферох ис. Йæ фыды йыл сардауын хъæуы, бæгъæввæдтимæ йæ лекка кæнын куыд ныууадза, афтæ. Джанаспийы хъустыл æрцыди, уыцы Харитон, дам, иу æмбырды помещикты, хъæздгуыты кой кодта, æмæ, дам, Джанаспийы кой дæр скодта, зæгъгæ, уый дæр тугцъиртæй у. Уыцы дзырд ын Джанаспи йæ зæрдыл бадардта æмæ æнхъæлмæ касти фадатмæ йæ маст райсыны тыххæй — Бабоимæ хæларгонд уыди, уый йæ зæрдыл дæр нал лæууыд.
Маст исыны фадат фæзынди Джанаспийæн фæстæдæр.
1919 азы урсытæ айстой Цæгат Кавказ, сæ тугæйдзаг дзæмбы æрæвæрдтой Дзæуджыхъæуыл æмæ йæ алфамбылай хъæутыл. Уайтагъд Джанаспи балæууыди Дзæуджыхъæуы æмæ фехъусын кодта урсыты хицæуттæн, мæнæ, дам, нæ хъæуы ис бунтгæнджытæ, ахæмтæ æмæ ахæмтæ, сæ хистæр та у къуылых Бабойы фырт Харитон. Дзæгъæлы фæуади Джанаспи — «бунтгæнджытæ» фæлыгъдысты кæдæмдæр æмæ ма йыл уайдзæф дæр ауади хицæуттæй, Раздæр кæй нæ фехъусын кодта, уый тыххæй.
«Уыдон дард нæ уыдзысты, — хъуыды кодта Джанаспи, — хъуамæ сæ ссарой». Никæмæн ницы ской кодта, Хасанбег дæр ницы зыдта уый тыххæй, афтæмæй Джанаспи хъус дарын байдыдта, цæст дарын байдыдта. Иу бон, цæйдæр тыххæй быдырмæ цæугæйæ, йæ цæст æрхæцыди къуылых Бабойы кæстæр фыртыл, уыди 15–16-азыккон. Лæппуйæн йæ уæхскыл уыди хордзентæ, цæмæйдæр сæ тæккæ дзаг.
«Ссардтон сæ, ссардтон сæ!» — сцин кодта Джанаспи. Ауагъта лæппуйы дзæвгар, стæй хъуызын байдыдта йæ фæдыл. Лæппу цыди фæсвæдты, рæстæгæй-рæстæгмæ-иу фæлæууыди æмæ та-иу акасти алырдæм. Джанаспи дæр, бæлæсты æмæ къудзиты фæстæ æмбæхсгæйæ, цыди йæ фæдыл, йæ цæстæй йæ уæгъд нæ уагъта. Бирæ фæцыдысты афтæмæй, бахызтысты ахæм ранмæ, æвæццæгæн, адæймаджы къах арæх кæдæм не ’фтыди. Бæлæсты бын пыхсытæй æхгæд. Мæцкъор алыран алырдæм тыхст.
Лæппу дзы æнцонæй бырыди, фæлæ Джанаспи тыхсти, зынтæй бырыди размæ — къалиутæ йын цавтой йæ цæсгом, йæ дарæс сындзытыл скъуыди. Фæлæ йын нæй ныллæууæн, хъуамæ базона ацы фыдгæнджыты ахстон.
Уалынмæ лæппу æрлæууыди æмæ йæ дыууæ æнгуылдзы йæ дзыхы атъыста. Сонт æхситт айхъуысти æмæ уайтагъд фæмынæг ис. Йæ фæдыл райхъуысти æндæр æхситт дыууæ хатты.
— Ныр мæн ам хъуыддаг нал ис, — сдзырдта хинымæры Джанаспи æмæ фæстæмæ цæуыныл фæци.
Джанаспи хицæуттæн куыд дзырдта, уымæ гæсгæ, уыцы æмбæхсæны бадтис 10–12 лæджы, фæлæ урсыты отряд куы бацыди, уæд дзы разынди æрмæст цыппар лæджы. Сæ бадæн уыди бæрзонд къардиуы байбыны. Уыцы байбын йæ уазджыты æртæрдыгæй хъахъхъæдта дымгæйæ, уæлейæ та сæм уарын нæ уагъта. Ноджы ма йыл разæй дæр банцой кодтой бæласы сыфтæрджын къабузтæ æмæ сæ афтæмæй æхсæвы уазал уыйас тынг нæ хъыгдардта. Лыстæнтæ дæр сын æвзæр нæ уыди къалиутæ æмæ сыфтæртæй, фæлæ сыл хаттæй-хатт хæринаг афойнадыл не ’мбæлди æмæ уымæй тыхстысты. Иу къорд хæттыты амардтой тæрхъустæ, иу хатт та хуыргæрчытæ, æмæ сын уыдон феххуыс сты, физонджытæ сæ кодтой. Уыцы рæстæджы хур бонтæ хаста, зæхх хъæбæр уыди, æмæ фæдмæ гæсгæ зын ссарæн уыдысты, бынат йæхæдæг дæр афтæ аууонгонд уыди, æмæ дзы адæймæгтæ цæры, ууыл зæрдæ нæ фехсайдтаид, æнæ хæстæг бацæугæ. Урсыты отряд сæ ссардта фæздæджы смагæй. Хъазахъхъæгтæ цыдысты хæлиуæй, иугæйттæй. Сæ иуы фындзыл ауади фæздæджы смаг. Смаг хаста райсомы ирдгæ. Басмыста салдат ноджыдæр, æмæ æцæг разынди фæздæджы смаг. Уæд уый фездæхти иннæтæм æмæ сын æй базонын кодта. Хабар айхъуысти æгас отрядыл, æмæ уæд, хæлиутæй цæугæйæ, сæ ных сарæзтой ирдгæйы ныхмæ. Уалынмæ сзынди фæздæг йæхæдæг дæр. Бæласæй бæласмæ, къудзийæ къудзимæ хъуызгæ, афтæмæй салдæттæ баввахс сты цыппар лæджы бадæнмæ. Отряды хицау — иу фыдцъылыз буррихиджын хъазахъхъаг — ноджы раздæр бахъуызыди æмæ бæласы аууонæй бахъæр кодта:
— Гъе, куыдзы хъыбылтæ, кæд ма уæ цæрын фæнды, уæд уæхи удæгасæй раттут, кæннод уæ ныртæккæ мæрдтæм барвитдзыстæм!
Арты фарсмæ чи уыди, уый физонджытæ фæуагъта æмæ мусонджы смидæг ис. Рауадысты цыппар лæджы æд топпытæ æмæ æрбадтысты бæлæсты аууæтты. Дыууæрдыгæй айхъуыстысты сампалты къæппытæ, стæй стынг сты топпы гæрæхтæ. Цыппар партизаны æхстой, кæмыты æрбадтысты, уырдыгæй, фæлæ хъазахъхъ сæ бынæттæ ивтой, раздæрæй-раздæр цыдысты. Уалынмæ хъазахъхъы ’рдыгæй иуы æрдиаг ссыди, дзаг голлагау æрфæлдæхти иуварсырдæм. Иу æндæр хъазахъхъаг куыд фæлæбурдта цæф лæгмæ, аууон ранмæ йæ айсон, зæгъгæ, афтæ нæмыг йæ иу уадулы бахызти æмæ иннæмæй акасти. Уый марой дæр та азæлыди хъæдбынты. Уæд Харитон фырцинæй йæ бынаты скафыди æмæ, чи ахауди, уыдоны хуыздæр фенон, зæгъгæ, йæ сæр æгæр радардта бæласæй. Уыцы минут нæмыг йæ ныхыл сæмбæлди æмæ, хъыпп-сыпп нал скæнгæйæ, йæ бынаты æрхауди. Хъазахъхъ фæфиппайдтой, партизантæ арæх кæй нал æхсынц, æмæ уымæй бамбæрстой, сæ гилдзытæ кæронмæ кæй æрцæуынц. Æцæгдæр, гилдзытæ нал уыди партизантæм фæйнæ иу къорды йеддæмæ, æмæ уыцы патронтæй дзæгъæлы куыд ничи аивгъуыйа, ууыл сæхи хъардтой. Фæмард ма кодтой уыцы гилдзытæй æртæ лæджы, фæцæфтæ дзы кодтой 5–6. Уæд хъазахъхъ уæндондæрæй раздæрæй-раздæр цæуын байдыдтой, сæ кæрæдзимæ дæр хæстæгдæр цыдысты æмæ æппынфæстаг æргом рацыдысты.
Партизантæй иу дзуры йе ’мбæлттæм:
— Сласут хъаматæ, удæгасæй йæхи мачи раттæд!
Ныццавтой партизантæ сæхи бандиттыл, маргæ дæр дзы акодтой, цæфтæ дæр ма дзы фæкодтой. Сæхицæй дыууæ фæмарди, æртыккаг хъазахъхъы къухты бафтыди цæфтæй.
Уыцы «сгуыхтдзинад» уал Джанаспийæн баззади æнæсхъæрæй...
Магазин аразыны бæсты Джанаспи йе ’хцатæ, йæ зынаргъ дзауматæ дурынты бафснайдта, дурынты хъуыртæ хорз сæхгæдта, резинæйы сыфæй сæ балвæста æмæ сæ цæхæрадоны арф баныгæдта. Æххуыс ын кодта Хасанбег, ууыл алцæмæй дæр æууæндыд. Уыцы рæстæджы Фатымæ æмæ Чермен та цæйдæр æфсон æрвыст уыдысты æндæр хъæумæ — Джанаспийы хъуыдымæ гæсгæ, Фатымæ, куыд сылгоймаг, сусæгдзинад бавæрын нæ бафæрæзтаид. Чермен та, чи йын цы зоны, цы дзы рацæудзæн, — нæ йыл æууæндыди. Уыйфæстæ Джанаспи магазины хатæнты цæвæрдта ницæйаг, æнæхъæугæ дзауматæ æмæ цæрынтæ байдыдта æнæзынгæ цардæй, пайдайы тыххæй фыццагау риуыгъдтытæ нал кодта. Уалынмæ 1920 аз ралæууыди æмæ уæд Джанаспи иудадзыг æрсабыр кодта йæхи, иуты фарс дæр нæ лæууыди, иннæты фарс дæр, йæхи ныхъхъус кодта, фæлæ сусæгæй йæ дæндæгты къæс-къæс цыди. Æппындæр æхца пайдайыл нал лæвæрдта, цы дыууæ æххуырсты йæм уыди, уыдон дæр ауагъта.
НЭП-ы рæстæджы та базаргæнджытæ, хъавгæ-хъавгæ, сæ дуканитæ, сæ ресторантæ, кондитеронтæ, æрмадзтæ гом кæнын байдыдтой, фæлæ сын фыццаджы вывескæтæ нал уыди, фæзынди сыл æндæртæ, алкæуыл дæр дзы фыст уыди: «хи къухты фæллой», кæнæ «æнæ æххуырстытæй æрмадз», кæнæ «хи куыст». Афтæ буржуази кæлмгæсагау цъыгъгъуыттытæ кодта революцийы къухты ’хсæн, йæ цард фервæзыныл архайдта. Фадат уыди уæд Джанаспийæн дæр дукани байгом кæнынæн, фæлæ нæ байгом кодта. «Фидар нæу хъуыддаг, фидар нæу хъуыддаг», — афтæ хъуыды кодта хинымæры. Хасанбег ын иу хатт загъта:
— Баба, байгом кæнæм магазин æмæ нæм исты æфтын байдайа.
— Нæ, лæппу, — загъта Джанаспи, — фидар нæу рæстæг, банхъæлмæ кæсын хъæуы. Фыдбылыз нын куы ’рхæсса, ацы ног фæзылд, уымæй тас у. Мæнæ сывæллæттæ цъиутæ ахсыны тыххæй агуыритæй къæппæг куыд ацаразынц æмæ дзы мæнæуы кæнæ еууы гагатæ куыд айзæрынц, афтæ мæм кæсы ацы фæзылд — НЭП.
Хасанбег йæ фыды зондджыныл нымадта, кæддæриддæр йæ фæндыл цыдис æмæ ныр дæр уæлдай ницыуал загъта.
Ноджы бавдæлди Джанаспи æмæ йæ цыппар бæхæй дыууæ ауæй кодта, йæ авд хъугæй фондз фæцыдæртæ кодта, æмæ уыйфæстæ æцæгдæр хи къухтæй кæнын байдыдта йæ алы куыстытæ. Джанаспи хъуыста алырдыгæй, зæгъгæ, советон хицауад мæгуырты хицауад у, æмæ уымæ гæсгæ æмуд цæуын байдыдта мæгуыртæм, рæстæмбис цæрджытæм. Фыццаг кæуыл не ’рвæссыди, ахæмтимæ-иу зæрдиаг ныхасы бацыди, хуынды дæр сæм-иу бауади, йæхимæ дæр-иу сæ æрбахуыдта. Уынгмæ, Ныхасмæ дæр, хуындты дæр цæуын байдыдта æвзæр дарæсты, æмæ адæм æнхъæлын байдыдтой, зæгъгæ, Джанаспи фæмæгуыр ис. Æрмæст æцæгæлон адæм нæ, фæлæ ма йæ кæстæр фырт Чермен æмæ йæ ус Фатымæ дæр уыдысты афтæ æнхъæл. Фæлæ-иу Хасанбегимæ хибарæй куы аззади, уæд ын-иу йæ хъæстытæ, йæ мæстытæ кæнын байдыдта.
— Нæ фæндтæ ныккуыддæртæ сты, лæппу, — дзырдта-иу Джанаспи. — Ацы фыдбылызы хицауад куы нæ фæзындаид, уæд афонмæ нæ тæккæ базар кæнгæйæ уыдаиккам. Фæлæ «фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц», — фыдбон аивгъуыйдзæн, фыдадæм фесæфдзысты, æмæ уæд нæ куыст кæндзыстæм.
Хасанбег чиныджы зыдта, газеттæ касти æмæ-иу цы ног хабæрттæ бакаст, уыдон йæ фыдæн дзырдта. Советон Цæдисы ныхмæ искæцы паддзахад исты фыдвæндтæ кæны, зæгъгæ, уæд-иу цин кодтой, ныфс сæ-иу бацыди, ныр тагъд фервæздзыстæм, зæгъгæ.
Уыди æрæгвæззæг. Фæд-фæдыл, æнæскъуынгæйæ, цыдысты асæст, уазал бонтæ.
Иу бон, изæрдалынгты Хуссар Ирыстонæй ралидзгæ адæмæй иудæс-дыууадæс адæймаджы — лæгтæ æмæ устытæ — æртæ бæхуæрдоны мидæг рараст сты Дзæуджыхъæумæ. Горæтмæ ма сæ æртæ версты хъуыдаид, афтæ хæрз талынг æрци. Уыди мæйдар, æмæ бæлццæттæ сæ фæндаг тыхтæй уыдтой. Æвиппайды бæлццæтты размæ фегуырдысты иу-фынддæс барæджы — топпытæ уæхсчытыл æфтыд, гилдзытæй дзаг хъатаратæ астæутыл баст, иуæй-иутæн ма дыккаг хъатаратæ уыдысты ист уæхсчыты сæртыл дæр.
— Чи стут? — бафарста бæлццæтты барджытæй иу, æвæццæгæн, хистæриуæг чи кодта, ахæм.
Бæлццæттæй чидæртæ ризгæ хъæлæсæй сдзырдтой:
— Лыгъд адæмæй стæм, хуссайраг ирæттæ.
Абырджыты æхсæнæй айхъуысти уынæр:
— Ай, пъарадкæтæ нын чи æвæры, уыдон куы сты!
— Æрæвæрæнт, æрæвæрæнт, — мах та сæм къæбæрæй фæкæсдзыстæм.
— Уæд фалæ уæхимæ та цавæр пъарадкæтæ æрæвæрдтат, уый-ма зæгъут?
— Ахæм пъарадкæтæ æрæвæрдтой, æмæ фæнык æмæ æвзалы йеддæмæ ницыуал баззади сæ хæдзæрттæй.
Ахæм ныхæстæм хъусгæйæ, тас бацыди бæлццæтты, бамбæрстой, цавæр адæмыл фембæлдысты, уый. Æмризæджы рызтысты.
Барджыты хистæр та сдзырдта:
— Адон, æвæццæгæн, ницы пъарадкæтæ æрæвæрдзысты махæн, фæлæ февналут, лæппутæ, æмæ сын уæхæдæг, куыд хуыздæр арæхсут, афтæ æрæвæрут пъарадкæтæ!..
Бæлццæтты рахизын кодтой уæрдæттæй, сбæгънæг сæ кодтой, æрмæст ма сыл чысыл цыдæртæ фæуагътой. Ехсытæй сын фæйнæ дыууæ-æртæ цæфы ныккодтой æмæ сыл ахситт кодтой.
— Цæугæут ныр, кæдæм уæ фæнды, уырдæм!
Фæззыгон æхсæвы уазалæй гæртгæртгæнгæ, лидзынмæ фесты бæлццæттæ горæты ’рдæм. Барджытæ айстой семæ бæлццæтты дзауматæ æмæ æхцатæ, аскъæрдтой сын сæ бæхтæ, уæрдæттæ ныууагътой.
Уымæй 3–4 боны фæстæдæр æрцыди æндæр хабар. Малаканты слабодкæйы фос быдыры хизæнуатæй аскъæрдæуыди. Сæ фæдыл фæфæдис сты милицæ. Фосы фæд цыди хъæдрæбынты æмæ иу ран фæзылди галиуырдæм, тар хъæдмæ. Милиционертæ дæр, 5–6 лæджы, фæзындысты уыцырдæм, топпытæ, дамбацатæ æргъæвдæй дардтой, алырдæм фæлгæсыдысты. Бауадаиккой километры æрдæджы бæрц, афтæ сыл нæмыг ныккалдæуыди ихуарæгау. Лæгтæ фæмард сты иууылдæр, сæ бæхтæй та иу. Уæд разындысты разбадджытæ, раластой мæрдтæн сæ уæлæйы дарæс, райстой сын сæ хотыхтæ, ахситт сын кодтой сæ бæхтыл æмæ сæ фæндаг дардтой сау хъæдмæ арфдæр. Ахæм стыгъдтытæ арæх цыди уыцы рæтты уыцы рæстæджы. Абырджытæ къухы не ’фтыдысты.
Адæм дзырдтой, уый, дам, у Голийы-фырт — бандæйы хицау, паддзахы æфсады булкъон.
Урсытæ-иу куы фæзындысты, уæд-иу йæхи равдыста, сырхытæ-иу куы фæуæлахиз сты, уæд та-иу йæхи баууон кодта. 1920-æм азы советон хицауад Цæгат Кавказы куы æрфидар ис, уæд та Голиаты Вано йæхи хъæдмæ байста. Уым æрфидар кодта йæхи. Цас æм уыди адæм, уый бæрæг нæ уыди, фæлæ адæм дзырдтой, зæгъгæ йæм дыууæсæдæ адæймагæй фылдæр ис. Чи уыдысты уыцы адæм? Ирон хъæздыджыты фырттæ æмæ æлдæрттæ, хъазахъхъы контрреволюционертæ, Кæсæджы фæллойгæнæг адæм кæй фæсырдтой, ахæм кънйæзтæ. Уыдис дзы мæхъæл æмæ цæцæны хъæздыджытæй дæр.
Уыдон ма урсытæн фæзынын æнхъæл уыдысты, фæзынын æнхъæл ма уыдысты Деникинæн, кæнæ æндæр иу ахæм бандитæн, æмæ сæхи цæттæ дардтой чъылдымырдыгæй ныццæвынмæ. Нырма уал фæсаууонæй лæбурдтой, мæгуыр адæмы стыгътой, кæм сын æнтысти, уым стырдæр знаггадыл дæр нæ ауæрстой.
Вано хорз зыдта Джанаспийы (æмхъæуккæгтæ уыдысты), бахъуаджы бон ын йæ хъуыддагæн кæй феххуыс уыдзæн, ууыл æм гуырысходзинадæй ницы уыди. Джанаспийы дæр ныфс уыди, Вано зæронд цард йæ бынаты æрæвæрынæн кæй фæахъаз уыдзæн, уымæй. Уымæ гæсгæ дыууæ лæджы сæ фæндтæ, сæ сагъæстæ, сæ хъуыдытæ кæрæдзийæн хъæр кодтой. Вано-иу рæстæгæй-рæстæгмæ æхсæвыгон æрцыди хъæумæ, йæ бæх-иу хъæуы сæр йæ иу хæлармæ фæуагъта, йæхæдæг-иу фистæгæй Джанаспийы хæдзары балæууыди. Джанаспи базонын кодта Ванойæн, зæгъгæ, хуссайраг ирæттæ цæудзысты горæтмæ æмæ сæм æхцайæ, дзаумайæ уадиссагæй куы ницы разына, уæддæр сæ бафхæрын хорз уаид, уыдон дæр цардхалджытæй сты, Гуырдзыстоны дæр уыдон бабын кодтой.
Уыцы стыгъд дæр æрцыд Джанаспийы фæрцы.
Малаканты фосы фæдыл цы милиционертæ ацыди, уыдон фæстæмæ горæтмæ куынæуал раздæхтысты, уæд хицæуттæ арвыстой стыр отряд бандитты ныппырх кæнынмæ. Отряд йе ’хсæв бахаста хъæуысæрмæ æмæ уым æрынцади, райсом раджы бандитты агурынмæ куыд ацæуа, афтæ. Джанаспи уайтагъд фембæрста хъуыддаг æмæ Хасанбеджы хъæддзау арæзтæй арвыста хъæдмæ. Фæрæт йеддæмæ ницы уыди Хасанбегмæ, кæй зæрдæ йæм фехсайдтаид? Базонын кодта хабар Ванойæн, йæхæдæг фæзынди фæстæмæ æмæ хъæды дымæгмæ æввахс сугтæ æфтауц кæныныл ныллæууыди.
Вано йæхæдæг дæр хорз æмбæрста, ныр æм хицауад хæцæг адæм кæй æрвитдзæн, уый. Фæлæ нæ зыдта, отряд хъæуысæрмæ æрынцайдзæн, уый. Ныр æй базыдта æмæ йæ хъуыддаг фенцондæр ис, отрядæн бацæуын æнхъæл кæуылты уыди, ахæм дыууæ раны æрбадын кодта йæ адæмы, хорз сæ бааууон кодта æрхыты, бæлæсты фæстæты, къабузтæ-йедты руаджы. Дыууæ раны дæр æрцарæзта фæйнæ пулеметы. Сырх отряды уыди сæдæ сырхæфсæддоны. Уыдонæй мард фæци бирæтæ. Ванойы бандиттæй дæр мæрдтæ ис. Акодта æндæр ранмæ йæ бандæйы — зыдта йæ, уым сæ бынат æдас кæй нал у, уый.
Дуриаты Джанаспийæн уал уыцы хъуыддаг дæр нæ рахъæр ис.
***
Уыди райдзаст уалдзыгон бон. Раджы райдыдта уыцы аз уалдзæг. Алырдыгæй хъуыстысты мæргъты алыхуызон зарджытæ. Бæлæстæ ракалдтой сæ дидинæг, æмæ, ног чындз хызы бын куыд лæууа, афтæ лæууыдысты хæдзæртты æхсæнмæ-æхсæнты. Сæ дзæбæх тæф дардмæ цыди æмæ рухс кодта адæймаджы зæрдæйы.
Хъæуы астæуы фæзæй хъуысти уынæр, цыма дзы мин чыргъæды мыдыбындзытæ рауагъдæуыди æмæ уыдон дыв-дыв кодтой, уыйау. Фæлæ уыдон мыдыбындзытæ нæ уыдысты, уыдон уыдысты адæм. Фæз йæ тæккæ дзаг уыди алы ас, алы кар адæмæй. Лæууыдысты къордгæйттæй æмæ, къухтæ тилгæйæ, тæвд ныхас кодтой. Ранæй-ран быцæу афтæ тынг кодта, æмæ-иу æй хылмæ ахизынмæ бирæ нал фæхъуыди. Бирæ сходтæ федта ацы зæронд хъæуы астæуы фæз, фæлæ абоны сходы хуызæн стыр æмæ тæвд сход нæма федта. Бафæлладысты адæм дзурынæй, сæ хид калди, ныффæсус сты, фæлæ уæддæр не ’нцайынц. Раст зæгъгæйæ, сход цы хъуыддаджы тыххæй æмбырдгонд у, уый аккаг у, цæмæй йæ афтæ исой адæм сæ зæрдæтæм. Сæ дун-дунейы адæм цардысты хицæнтæй, сæ куыст, сæ хæрд хицæнæй, ныр мæнæ советон хицауад расидти, иумæ куыст, дам, пайдадæр у, æнцондæр у, хъæлдзæгдæр у æмæ, дам, ахизын хъæуы ахæм царды уагмæ. Адæмæй бирæтæ уайтагъддæр бамбæрстой, ног цард сын цас пайда уыдзæн, уый, æмæ цæхгæр ныллæууыдысты йæ фарс. Уыдон уыдысты мæгуыртæ, батрактæ, «временный»-тæ, бирæ дзы уыди рæстæмбис цæрджытæй дæр. Хъæздгуытæ, кулактæ дæр уайтагъд бамбæрстой, цас зиан сын æрхæсдзæн ног цард, куыд сын фехалдзæн сæ царды фæндтæ, æмæ уыдон та цæхгæр ныллæууыдысты йæ ныхмæ. Абон хæлы зæронд уаг æмæ гуыры ног царды уаг. Æддæг-мидæг уымæ гæсгæ сысты адæм, сæ хъæлæстæ ивазгæйæ, сæ хид сæрфгæйæ, тымбыл къухтæ кæрæдзимæ хæсгæйæ, уый тыххæй быцæу кæнынц адæм.
Джанаспи хъуыста, хъуыста æмæ уыдта, колхозы фарс чи дзуры, уыдон фылдæрæй-фылдæр кæй кæнынц æмæ бамбæрста, стыр хъаугъаты рæстæг кæй æрцæуы, æмæ йын уыцы хъаугъаты рæстæджы пайдадæр кæй уыдзæн рæстæгмæ колхозы фарс ныллæууын. Æмæ ныллæууыди колхозы фарс. Иу къордимæ, дыккагимæ, æртыккагимæ аныхас кæны æмæ дзуры, зæгъгæ, адæмæн сæ амонд колхозимæ баст у.
Уыди Джанаспийæн дыууæ сыхаджы, йæ фæйнæ фарс чи царди, уыдон, — Æрдынаты Тотырбег æмæ Тезиаты Ислам, — мæгуырæй сæ хъиу-хъиу кæмæн цыди, дыууæ дæр ахæмтæ.
Бацыди Тотырбег Джанаспимæ, йæ уæхск ын æрхоста (бæгуы, бæ, фыццаг афтæ бауæндыдаид!), æмæ зæгъы:
— Цард нын æрцæуы, цард, Джанаспи — иумæ кусдзыстæм, заргæ-худгæйæ.
Ислам хибарæй баздæхти Тотырбегмæ:
— Фæуром дæхи, Тотырбег, зæрдæйæ дзуры Джанаспи, уый мæ нæ уырны. Тæккæ знон дæр ма сæрыстырæй куы дзырдта немæ, йæ хуындмæ нæ куы нæ хуыдта, нæ хуындмæ куы нæ цыди.
— Æцæг зæгъыс, Ислам, — загъта Тотырбег, — хъæздыг ма куы уыди, уæд афтæ дардта йæхи, фæлæ ныр уал æмæ уал азы мæгуырæй, гæвзыккæй куы мæлы. Йæ ис-йæ бон уартæ йæ хæдзарыл бахардз кодта æмæ дзы ныр æхситт кæнæд! Не ’мхуызон дзæбæх куы ’рци. Дæс азы «тæккæ знон» не сты, Ислам.
Ислам гуырысхойы тылд бакодта йæ сæр.
— Бирæгъ йæ кæнон зæнгыл нæ уадзы. Ныр уый кæлæхы галау ауагъта йæхи, фæлæ йæ зондахаст, йæ зæрдæйы конд йæхимæ сты.
Тотырбег нæ састи æмæ дзырдта, зæгъгæ, йæ зондахаст, йæ зæрдæйы конд дæр фыццаджы хуызæн хъуамæ мауал уой.
Уыцы стыр сходы адæм фылдæр хъæлæстæй расидтысты, зæгъгæ сæ фæнды колхоз аразын. Джанаспи дæр уыди, колхозыл разыдзинады хъæлæс чи ратта, уыдонимæ. Уый фæхъуыды кодта, иуæй-иутæ дыгай къухтæ кæй сдардтой, — уыдонимæ Тотырбег æмæ Ислам дæр. Йæ хæдзармæ куы ссыди, уæд фæдзырдта Хасанбегмæ, загъта йын:
— Кусын хъæуы рæстæгмæ гæсгæ. Хъусын, æмæ æндæр рæтты ног царды уаджы ныхмæ чи лæууы, уыдон æфхæрды цæуынц. Æргомæй нын ног царды ныхмæ ныллæууæн нæй. Афтæ нæ, фæлæ тынг йæ фарс ныллæууæм. Стыр фæндтæ нæм уыди, лæппу, магазинтæ-йедтæ аразынæн. Уыдон тыххæй кой гæнæн дæр нал ис. Нæ, фæлæ афтæ бакæнæм. Колхозы хъæуы хæдзæрттæ, хатæнтæ. Раттæм сын барвæндонæй нæ магазин æмæ скълады хатæнтæ... Зон, лæппу, уый нын феххуыс уыдзæн тынг. Фадат куы фæзына, уæд та нæхи нæу хæдзар? Адоны уæд дуары æддæмæ раппардзыстæм.
Хасанбегмæ зын касти уыцы уæттæ дæттын.
— Хæдзар фæцарæзтам æмæ йын йæ хуыздæр уæттæ ныр хъæуæн раттæм? Фесафдзысты сæ, фехалдзысты сæ. Ног аразинаг фæуыдзысты... Фæуромæм уал сæ... Газеттæ куыд фыссынц, уымæ гæсгæ...
Джанаспи атылдта йæ къух.
— Нæ алыварс цытæ цæуы, уый уыныс æви нæ?.. Ацы хицауад кæй нæ баззайдзæн, уый бæлвырд у, фæлæ нын ныртæккæ æнæ афтæ гæнæн нæй.
Дыккаг бон Джанаспи бацыди хъæусоветмæ. Бадтысты дзы советы сæрдар æмæ секретарь.
Джанаспи советмæ цæуаг нæ уыди, йæхи дзы иуварс ласта, æмæ йыл ныр советы сæрдар фæдис кодта. Йæ къухы кърандас уыди æмæ йæ æрæвæрдта, йе ’нгуылдзтæ кæрæдзи мидæг атъыста, æрæнцой кодта стъолыл.
— Джанаспи куы дæ? Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста?.. Æрбад дæ разы бандоныл.
— Мæхæдæг æрбацыдтæн, — хур дæр мын нæ æххуыс кодта цæуынæн, къæвда дæр.
Секретарь дæр йæ фыссын фæуагъта æмæ æнхъæлмæ касти, кæддæра цы зæгъид Джанаспи.
— Дæхæдæг æрбацыдтæ æмæ, æвæццæгæн, æнæ хъуыддагæй не ’рбацыдаис?
— Уымæй раст зæгъыс, — дзæгъæлы рацу-бацу мæм хорз нæ кæсы. Хъуыддаг мæ ахæм ис. Хæдзар фæцарæзтон, мæ ис-мæ бон ыл бахардз кодтон. Кæройнаг дыууæ уаты нысангонд уыдысты магазинæн æмæ скъладæн. Фæлæ нал сфаг дæн æмæ ныр уал æмæ уал азы дзæгъæлы лæууынц. Цæрæг сæ нæй, хъарм сæ нæ кæнын, уæртæ дзы цæйдæр æнæхъуаджы дзауматæ бафснайдтон, æмæ афтæмæй уæттæ уымæлæй сæфынц. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ уыцы уæттæ колхозы правленийæн сбæздзысты. Айсут сæ, мызд дæр сын фидын нæ хъæуы. Хъарм сæ кæндзыстут, цы зæгъын æй хъæуы, æмæ уымæлæй кæд нал сæфиккой. Мæ хæдзар хъæуæн йæ тæккæ астæу ис — хуыздæр кæм ссардзыстут?
Æгас хъæуы дæр рагæй хъуыстой, Дуриаты Джанаспи, дам, йæ ис-йæ бон хæдзар аразыныл бахардз кодта æмæ фæмæгуыр ис. Æнæ хъусгæ нæ уыди уый советы сæрдар дæр.
— Дæ лæвар бирæ, Джанаспи, — загъта сæрдар. — Бузныг. Æз знон фæхъуыды кодтон, колхоз аразыныл ды дæр дæ къух кæй сдардтай, уый, æмæ мын æхсызгон уыди.
Джанаспи йæ бынаты базмæлыди æмæ йæ галиу рихи адаудта.
— Хорз хъуыддаг хъуамæ кæмæндæриддæр æхсызгон уа.
Секретарь уæдæй нырмæ хъуыста дзурджытæм, куы сæ иумæ касти, куы — иннæмæ. Уый хорз зыдта, куыд хъæздыг уыди Джанаспи, куыд бæрзæндты хаста йæ сæр. Ныр ын йæ ныхæстæ куы айхъуыста: «Хорз хъуыддаг хъуамæ кæмæндæриддæр æхсызгон уа», уæд йæхинымæр дзурæгау загъта:
— Бытие определяет сознание.
Джанаспи уыцы дзырдтæй ницы бамбæрста, фæлæ уæддæр дзурæгмæ фæкасти. Дзурæг та уæд архайын байдыдта йæ гæххæттытимæ. Секретарь, чингуытæ кæсын чи уарзта, ахæм адæймаг уыди æмæ цыдæртæ зыдта революцион литературæйæ.
Сæрдар дæр уыцы дзырдтæ къорд хæттыты фехъуыста, фæлæ сæ æмбаргæ хорз нæ кодта. Джанаспи хорзау нал фæци, йæ цæсгом фæтар ис, кæд, мыййаг, уый ныхмæ исты загъта секретарь, зæгъгæ, фæлæ сæрдар сдзырдта:
— Правильно, он правильно поступает.
Уæд Джанаспийы цæсгом фæрухсдæр ис æмæ загъта:
— Уæдæ æз цæуын, уæттæ сымах сты æмæ сæ цыфæнды кæнут.
***
Колхозæн бындур æвæрд фæци. Авдсæдæ хæдзарæй фыццаг ныллæууыдысты колхозы æрмæст цыппарсæдæйы. Джанаспийы сыхæгтæй тынгдæр, æвæццæгæн, ничи цин кодта колхоз аразыныл. Ислам ныллæууыди колхозы йæ иунæг фырт Никъалаимæ æмæ йæ ус Сонаимæ.
Тотырбег бацыди колхозмæ йæ чызг Тамарæ æмæ йæ фырт Барысбиимæ. Йæ усæн — Дуняйæн загъта:
— Ды нæ ницæмæн хъæуыс быдыры, æрмæст нын нæ хæдзар æфснайд æмæ ифтонгæй дар. Фæлæ-иу дæ куы бафæнда быдыры акусын, уæд, дæ хорзæхæй, аххуыс нын-иу кæн.
Хъуыддаг рауади афтæ, æмæ колхозæн йæ райгуырæн бонæй фæстæмæ разынди фыдызнæгтæ: хъæздыджытæ, кулактæ, базаргæнджытæ, зæхджынтæ æмæ æндæр ахæмтæ. Уыдон агитаци кæнын байдыдтой колхозы ныхмæ, алы диссæгтæ мысыдысты колхозы тыххæй, дзырдтой, сылгоймæгтæ, дам, уыдзысты æппæтæн иумæйаг, алцыдæр иумæйаг, сæдæгай адæймæгтæ, дам, иу хъæццулы бын хуысдзысты, æвзæрст, дам, дзы нæ уыдзысты лæг, ус, сывæллон, рынчын, æнæниз. Афтæмæй кулактæ урæдтой мæгуырты æмæ рæстæмбис цæрджыты колхозмæ цæуынæй, чи бацыди, уыдонæн дæр сæ фос колхозмæ дæттын нæ уагътой, фæлтау, дам, сæ хæргæ бакæнут, æмæ — хуыздæр. Агитацимæ гæсгæ мæгуыртæй дæр иуæй-иутæ нæ цыдысты колхозмæ, алы æфсæнттæ кодтой, нæ, дам, æмбарæм, колхоз цы у, уый, æмæ уал æм бакæсæм. Афтæ рæстæмбис цæрджытæй дæр бирæтæ фæстæмæ хæцыдысты сæхиуыл. Уæддæр колхоз рæзыди, рæзыди æмæ фидарæй фидардæр кодта.
Фыццаг чи балæвæрдта колхозмæ бацæуыны тыххæй гæххæтт, Джанаспи дæр уыдонимæ уыди, фæлæ йын æрхъуыды кодтой йæ фыццаг хъуыддæгтæ — æхца пайдайыл куыд лæвæрдта, æххуырстытæ куыд дардта, спекуляци куыд кодта, æмæ йæ уымæ гæсгæ нæ айстой колхозмæ. Уæддæр Джанаспи бавдæлди æмæ ма йæм цы дыууæ бæхы æмæ дыууæ хъуджы уыди, уыдонæй иу бæх æмæ иу хъуг барвæндонæй ратта колхозмæ, — ныфс æй уыди, фæстаг бон ын уый дæр кæй феххуыс уыдзæн. Хъæздыджытæ колхозы ныхмæ агитаци куы кодтой, уæд Джанаспи тынг æнцад дардта йæхи, æппындæр ницы дзырдта колхозы ныхмæ. Йæ фырт Хасанбегæн дæр бафæдзæхста:
— Хъусыс, лæппу, иу дзырд дæр дæ макуы сирвæзæд колхозы ныхмæ, уый нæ, фæлæ-иу дæхи хъыггæнæг скæн, колхозмæ нæ кæй нæ айстой, уый тыххæй.
Афтæмæй, хицауад кулакты æхсæдын куы байдыдта, ликвидаци сæ куы кодта, куыд кълас, уæд Джанаспи æнæ æфхæрдæй баззади. Уымæ гæсгæ Хасанбеджы сæры тынгдæр ныффидар ис хъуыды, зæгъгæ, йæ фыд зондджын адæймаг у.
Иу-дыууæ азы фæстæ Джанаспи Хасанбегæн æрхаста ус, йæхи æмсæр кæй хуыдта, ахæм лæджы чызджы. Фатымæйæн хæдзары фезмæлдтыты фæзынди æххуысгæнæг. Бинонтæ фæфылдæр сты, æмæ сæ Джанаспи хойраг хъуаг нæ уагъта, уæлæнгай цы дзауматæ баззад, уыдон уæй кодта æмæ æлхæдта хор. Иу бон басидти Хасанбегмæ æмæ зæрдиаг ныхас фæкодта йемæ, дзырдта йын афтæ:
— Фыдæлтæ зондджын адæм уыдысты. Фыдæлтæй баззади æмбисонд: «Иумæ дзыккайæ хицæн сир хуыздæр у». Стыр æцæгдзинад æвæрд ис уыцы дзырдты мидæг. Иумæ кусгæйæ, алчи йæхи хъары рогдæрæй ауайыныл, хи нæ бафæлмæцын кæныныл. Иумæ фосæй, иумæ хæринагæй та алчи йæхи хъары хуыздæр хæйттæ, хуыздæр комдзæгтæ тоныныл. Уымæ гæсгæ, мæнæ цы иумæйаг цард аразынц, уымæй ницы рацæудзæн. Кæрæдзи фæхæрдзысты, ныххæрæмттæ уыдзысты, ныззæрдæхудтытæ уыдзысты, æмæ сын фадат куы фæуа, уæд фæйнæрдæм фæцæудзысты. Цыфæнды куы феста, уæддæр нæй баззайæн колхозæн, фехæлдзæн. Хи хъаруйæ йæ къахыл слæууынæн чи нæ уыди, зæххы гæбаз кæмæн нæ уыди, мæнæ, «временный»-тæ кæй хонынц, уыдон, алы босяктæ æмæ æнæхæдзæрттæн, чи зоны, фæбæздзæн колхоз, æппыннæйы бæсты сын уый дæр хорз, чи зоны, сæ гуыбынтæ дзы æфсаддзысты. Фæлæ адæймаджы хуызæн адæймаг, йæхицæн аргъ чи кæны, уый уырдæм нæ бацæудзæн. Æз балæвæрдтон гæххæтт æмæ мæ æгайтма нæ айстой, фæлæ нын гæххæтты балæвæрд феххуыс ис, — æфхæрд не ’рцыдыстæм, бирæ кæйдæрты хуызæн. Куы мæ айстаиккой, уæд мын уый та уыдаид стыр æнамонд хъуыддаг, — мæ цард мын иудадзыг дæр сæнад уыдаид. Æнад мын у колхоз, мæ удхæссæг у колхоз, æмæ нæ, ныр куыд стæм, афæмæй цæрын куы уадзой, уæд афтæмæй цæрдзыстæм, цалынмæ æндæр фадат фæзына, уæдмæ. Гæнæн куынæуал уа, уæд колхозмæ дæр бацæудзыстæм, — уæддæр æргомæй йæ ныхмæ æрлæууæн нæй. Федтай, ныхмæ чи лæууыди, уыдон куыдтæ баисты, уый? Сусæгæй, аивæй нын цы ’нтыса, уый кæндзыстæм.
Джанаспийы ацы ныхæстæ арф æрбадтысты Хасанбеджы зæрдæйы, аппаринагæй дзы ницы ардта æппындæр.
Рацыди иу къорд азтæ. Коммунистон парти хорз цæст дардта колхозты ахадындзинадмæ. Ам дæр колхоз æрфидар ис. Колхозонтæ хорз кусын байдыдтой, сæ фæллойбонтæм алы халсар, алы дыргъ фагæй фылдæр исын байдыдтой. Джанаспийы дыууæ сыхаджы — Тотырбег æмæ Ислам — куыстой колхозы зæрдиагæй, бирæ фæллойбонтæ сын-иу уыди æмæ-иу сæ хæдзæрттæ байдзаг сты алы дзæбæхдзинæдтæй. Сæ уæлдæйттæ лæвæрдтой кооперативмæ æмæ дзы æлхæдтой хъуымац, дарæс æмæ хæдзары алы дзауматæ. Фæзынди сæм венаг бандæттæ, трюмотæ, стъолтæ, гардеробтæ, шифонертæ æмæ æндæртæ. Сæ бинонтыл фæзынди лæгъз дарæс — уæндонæй, сæрыстырæй цæуын байдыдтой ахæмы ’хсæн.
Ислам бахуыйын кодта йæхицæн ног цухъа, ног куырæт æмæ-иу æнцойбон, уæззау къахдзæфтæ кæнгæйæ, фæцæйцыди Ныхасмæ. Ахæм къахдзæфтæй цыди Дуриаты Джанаспи дæр, йæ исбонæй йæ зæрдæ бухъ куы уыди, уæд. Ныр мæнæ йæ дуармæ фæйнæгын бандоныл æнкъардæй бады æмæ йæ хъуыдыты ныгъуылы. Хаттæй-хатт бакæсы йæ хæдзары кæройнаг уæттæм æмæ йæ сæр æрдиаггæнæгау батилы, — ацы фыдбылызы большевиктæ куы нæ фæзындаиккой, уæд афонмæ йæ тæккæ базар кæнгæйæ уаид, æлхæнджытæ хъæуы алы кæрæттæй цæуиккой æмæ цæуиккой æлхæнынмæ. Ныр дзы уæртæ кусы йе ’нæуынон колхозы правлени... Кæсы Джанаспи цæуджытæм, рухсдзæсгом колхозонтæм (салам зæгъынц кæрæдзийæн), акæсы сæ фæдыл:
— Кæс-ма, дæлæ уый дæр гæвзыккæй марди, ныр хъал цыд фæкæны.
Уæлдай хъыг вæййы Джанаспийæн, Ислам йæ мыдхуыз зачъе тымбыл æлвыд куы акæны, йæхи куы рацаразы, уæздан цыдæй куы рацæйцæуы йæ рæзты æмæ зынæрвæссон хъæлæсæй куы ’рбадзуры:
— Дæ бон хорз, Джанаспи!
«Барæй афтæ дары йæхи мемæ, ома, ды уыдтæ, ныр та æз дæн, — фæзæгъы хинымæры Джанаспи. — Мæгуырæй йæ хъиу-хъиу цыди, ныр æм кæсыс — ныхъхъал ис... фæлæуу... бирæ нæ фæцæудзынæ афтæ, — цы ран уыдтæ, уыцы ран та дæ тъæпп фæцæудзæн».
Исламы ус Сона патефон гом рудзынджы дæлвæйнæгыл куы æрæвæры æмæ йæ куы баифтындзы, уæд Джанаспи йæ уаты рудзгуытæ æхгæнынмæ фæвæййы. Йæ фырт Черменæн та уый хъыг у — уый уарзы патефоны цагъд.
— Цæмæн æхгæныс рудзгуытæ? — афарста иу хатт йæ фыды, — патефоны цагъд хорз куы у.
— Нæ йæ уарзын æз, — загъта Джанаспи.
Уымæй мæнг дзырдта, уарзгæ кодта патефоны цагъд, фæлæ йæхимæ кæй нæй, уый йын хъыг уыди, стæй йæм афтæ касти, цыма Сона барæй æрцаразы патефон рудзынджы дæлвæйнæгыл, мæнæ, зæгъгæ, сымахмæ нæй, махмæ ис.
Йæ иннæ сыхаг Тотырбег кæй ныхъхъал ис, уый Джанаспийæн афтæ хъыг нæ уыди: «Æдылы у æмæ цыфæнды кæнæд — æдылымæ æдылы митæ вæййы, фæлæ а Ислам... Ислам цы кæны, уый кæны хъуыдыгондæй æмæ фыдæнæн». Афтæ уыдысты Джанаспийы хъуыдытæ.
Цыди рæстæг. Джанаспийы цардыуаг æвзæрæй-æвзæрдæр кодта. Дзаумайы мыггагæй йæ хæдзары ницыуал баззади, ницæйаг цыдæрты йеддæмæ — фæуæй сæ кодта. Æнхъæл та афтæ уыди, æмæ æрмæст уыцы дзауматы аргъæй фæцæрдзæн æндæр хицауад фæзыныны онг. Зæххы бын ын цы исбон æвæрд уыди, уымæй та афтæ хъуыды кодта, зæгъгæ, нæй уымæ бавналæн, цалынмæ ацы хицауад нæ адде уа, уæдмæ. Касти Джанаспи, æмæ йæ алфамбылай колхозонты цард бæрæг хуыздæрæй-хуыздæр кодта, сæ уæлдæйттæй æлхæдтой хæдзары алы дзауматæ, алы дарæс, хъуг дзы кæмæ нæ уыди, ахæм нал баззади, уыди сæм сæгътæ, фыстæ, хуытæ, кæртыты æмызмæлд кодтой хæдзарон алы мæргътæ.
Иу райсом Джанаспи бадти йæ дуармæ фæйнæгын бандоныл. Кæсы æмæ Тотырбег рацыди йæ кæртæй æмæ рараст ис дæлæрдæм, — йæ цæсгомыл бадти æхсызгон мидбылты худт.
— Гъе, дæ райсом хорз уа, Джанаспи! — сдзырдта Тотырбег.
— Хорз цæрай æмæ дæ хъуыддаг раст уа!
— Цард нын æрцыди, Джанаспи, цард.
— Æгайтма уын æрцыди цард, — загъта Джанаспи. — Хуыцауæй бузныг. Уынын æз мæхæдæг дæр, уынын, хъæздыгæй-хъæздыгдæр куыд кæнут, уый.
Джанаспи афтæ æнхъæл уыди, æмæ йын Тотырбег мæстæй марынæн загъта афтæ. Фæлæ Тотырбегæн йæ фæсонæрхæджы дæр ахæм хъуыды нæ уыди — уымæн йæ зæрдæ бухъ уыди йæ цардæй, колхозы бæркаддзинадæй, æмæ йæ бон нæ уыди уый йæ хуылфы æмбæхсын.
Джанаспи мæгуырмæ кæй æрцыди æмæ йын æхсызгон кæй нæ уыдзæн йæ ныхас, уый тыххæй хъуыды дæр нæ акодта.
Акасти Джанаспи Тотырбеджы фæдыл æнæуынон цæстæй.
— Ацы æвзæрмæ дæр нæ кæсыс! Лæгъз дарæс йæ уæлæ никуы уыди, сыстытæ йæ бахордтой, мамæлайы къæбæрæй царди, мæгуыргурау дæр-иу азылди... Ныр æм акæс! Мæстæймарæн ныхæстæ мын уæнды!.. Фæлæууæнт... Æз сын...
***
Джанаспи фыццаг хатт куы балæвæрдта гæххæтт колхозмæ бацæуыны тыххæй, уæд йæхицæн айсын æнхъæл дæр нæ уыди, фæндгæ дæр æй нæ кодта колхозмæ бацæуын. Уыцы фæзылд æй хъуыди æрмæст уый тыххæй, цæмæй йæ нымайой мæгуырдæртимæ, цæмæй дзы æнхъæл ма уой, колхозæн знаг у, зæгъгæ. Æцæгæй та йæ фæнд уыди банхъæлмæ кæсын искæцæй ахæм тых фæзынынмæ, колхоз чи фехала, зæронд царды уаг та чи æрæвæра. Уый йæ уырныдта тынг æмæ йæм æбыхсгæ æнхъæлмæ касти. Йæ хъус тынг дардта газетты фыстытæм дæр, адæм цы дзырдтой, уымæ дæр. Æмæ æрæгмæ кæй зынди ахæм тых, уый тыххæй мæстæй сыгъди, æнцой нæ ардта. Цал æмæ цал хатты йæм баздæхти йæ ус Фатымæ:
— Бацæут колхозмæ, бинонтæ цы хæрой, уый куынæуал ис. Бацæут... Иннæ адæмæн сæ цард бонæй-бонмæ хуыздæр кæны, мах та стонгæй мæлынмæ æрцыдыстæм.
Джанаспи йæ усæн «нæ» нæ дзырдта, колхоз ын æнад у æмæ йæ фехæлдмæ æнхъæлмæ кæсы, уый дæр ын нæ хъæр кодта, фæлæ йын-иу загъта:
— Куы мæ айсиккой, уæд бæргæ бацæуин колхозмæ. Фæлæ йæ куы зоныс, — балæвæрдтон гæххæтт, æмæ мæ нæ айстой, — мæ ныхмæ дзурджытæ фæци. Авзардзынæн та, кæд мæ ныр айсиккой. — Афтæ-иу дзуапп лæвæрдта Джанаспи йæ усæн, фæлæ уæддæр ногæй гæххæтт бадæттыныл тагъд нæ кодта. Йæ ныфс зæронд цард раздæхыны тыххæй нæ хæлди æмæ æнхъæлмæ касти æмæ касти.
Чермены йæ зондахаст хæстæг лæууын кодта фæскомцæдисонтæм, арæх сæм цыди ныхас политикон фарстытыл æмæ афтæмæй йæ зонд æххæстæй аздæхти ног царды ’рдæм. Йæ хуыздæр хæлæрттæ уыдысты фæскомцæдисонтæ æмæ партионтæ, йæ рæстæг фылдæр уыдонимæ æрвыста. Хаттæй-хатт-иу ауади быдырмæ дæр колхозы куыстмæ бакæсынмæ. Йæ зæрдæмæ цыди колхозонты æмзæрдæ куыст, хорз æм касти иумæйаг куысты хъæлдзæгдзинад. Сæ хæдзары-иу арæх дзырдта йæ мадæн колхозы тыххæй æмæ-иу æй ардыдта Джанаспийыл, колхозмæ тагъддæр цæмæй бацæуа, уый тыххæй. Йæхæдæг тынг нæ уæндыди йæ фыдмæ, фæлæ йын уæддæр иу къорд хæттыты æппæлыди колхозы куыстæй, колхозонты цардæй.
Уымæн дæр-иу Джанаспи загъта:
— Нæ мæ айстой колхозмæ, фæлæ та бадæтдзынæн гæххæтт, кæд сæм ныр æндæр фæнд æрцæуид.
Афтæмæй ивгъуыдта рæстæг. Фæстагмæ Джанаспи бамбæрста, æнæ бацæугæ йын кæй нал ис колхозмæ, куы нæ бацæуа, уæд æцæг стонгæй мæлынмæ кæй æрцæудзысты бинонтæ. Ахæм хъуыдытæ цæуын байдыдтой Хасанбеджы сæрмæ дæр æмæ сæ иу-дыууæ хатты йæ фыдæн зæгъгæ дæр кодта.
Иу уалдзыгон бон Джанаспи бадти сарайы æмæ бæхы дзауматæ æмпъызта. Уайтагъд та-иу фæкаст арвмæ, — куы уаргæ ракæны, куы та сæлфынæг хæссы. Йæ размæ æнкъардæй бацыди Фатымæ.
— Цы кæныс, усай? Уалдзæг куы у, ды та æрæгвæззæджы бонау хъуынтъыз куы дæ?
— Уалдзæг бæргæ у, фæлæ иннæ адæмау мах цæуыл бахъæлдзæг уæм, стонгæй мæлынмæ куы æрцыдыстæм?.. Цы кæнон, хæринаг уын цæмæй скæнон абон, уымæн куы ницы зонын!
Джанаспи йæ куыст фæуагъта æмæ æнæбары худт бакодта.
— Бæх кæм атулы, уым ма æрду аззайы, — мах та къаннæг бæх куы нæ уыдыстæм, мыййаг! Иу-дыууæ боны фаг истæмæйты скæн дæхи, стæй хъуыддаг фенцондæр уыдзæн. Тæккæ абон цæуæм колхозмæ æмæ уæд кæм æфстау исдзыстæм, кæм цы... Ма тæрс, нæ фесæфдзыстæм.
Фатымæйæн йæ цæсгом фæрухс ис.
— Афтæ, афтæ... Ныронг дæр нæ цæуын хъуыди, кæннод дæхи ныддур кодтай æмæ дын иу ранæй фенкъуысæн нал уыди. — Цингæнгæ ауади Фатымæ фæстæмæ хæдзармæ.
Джанаспи иунæгæй аззади сарайы (туас æмæ рæхсæн æрхаудтой йæ къухтæй) æмæ ныдздзынæзта уæларвмæ:
— Уæ, хуыцæутты Хуыцау, мæхи Хуыцау! Ай цæй фыдбылызы большевиктæ равзæрди дунейыл? Цард куы фехæлдтой, дур дурыл куынæуал ныууагътой, кæдмæ уромдзынæ, Хуыцау, уыдон æнæуагдзинæдтæ?.. Цæмæ æрхаудтæн, цæ? Исламтæ æмæ Тотырбегтæ мæм бæрзондæй дæлæмæ кæсынц... Гæнæн нал ис, цæуын хъæуы колхозмæ... — Бавнæлдта та йæ куыстмæ. Кæрты дуарæй базынди Хасанбег, бацыди сарамæ, йæ худ ацагъта æмæ цæджындзы æнцой æрлæууыди.
— Цы хæбæрттæ хъуысы, лæппу? — йæ сæр уæлæмæ нæ исгæйæ, бафарста Джанаспи.
— Ницы ис... Дæлæ Ныхасы лæууыдыстæм. Рувыны кой йеддæмæ ницы ис адæммæ. Ацы уарынты рæстæджы сæ хортæ хæмпæлгæрдæджы бын куы фæуой, уымæй тæрсынц. Дзургæ хъæбæр кæнынц. Мæнæ афтæ фæуыдзыстæм, мæнæ афтæ бакæндзыстæм, дыууæ-æртæ хатты барувдзыстæм, куы бахъæуа, уæд фылдæр дæр, уый у сæ ныхас, æндæр кой сæм ницы ис.
Джанаспи фæуагъта йæ куыст æмæ ныхъхъуыды кодта.
— Е... ехх!.. Райдайæны адæм æмзæрдæйæ куы ныллæууыдаиккой, мах нæ хъæуы колхоз, зæгъгæ, уæд абон дæр ма алчи дзæбæх йæхицæн кусид, куыд æй фæнды, афтæ.
Хасанбег йæхи къодахыл æруагъта, къæцæл систа æмæ йæ хæрынкъайæ амайы. Ахъус ис иучысыл, стæй загъта:
— Адæм æппæтæн æмзæрдæ уæвæн нæй. Мæгуыртæ, батрактæ, æнæхæдзæрттæ федтой, кохоз сын пайда кæй уыдзæн, æмæ йыл зæрдиагæй ныллæууыдысты. Уый фæстæ ма иннæтæн дæр цы гæнæн уыди, цыдысты колхозмæ — чи фæндонæй, кæмæн хъауджыдæр нæ уыди, чи та йæхицæн æфхæрынæй тарсти... Ныр колхоз сфидар ис æмæ йæхи уагæй нал фехæлдзæн. Хæст хъæуы, хæст, æнæмæнг.
— Афтæ у, лæппу, фæлæ уæдмæ цæмæй цæрдзыстæм, уый ма мын зæгъ!
— Æз хъуыды кодтон уый тыххæй... Æнæ бацæугæ нын нæй колхозмæ. — Къæцæл аппæрста æмæ хæрынкъа ратух-батух кæны.
Джанаспи рауын-бауын кæны æмпъызт гуыбынбос æмæ дзуры:
— Афтæ у, уæдæ, лæппу, гъе. Хæстмæ, колхозы хæлдмæ æнхъæлмæ кæсынæй ницыуал пайда ис. Куы ’рцæуой уыдон, уæд цы кæнæм, уый кæндзыстæм, фæлæ нæ ныр колхозмæ бацæуын хъæуы. Цы бавæрдтам, уыдонмæ бавналæн нæй, уый зон... Кусдзыстæм æртæйæ. Устытæн уырдæм цæуæн нæй, ахæм æгаддзинадмæ нæхи не ’руадздзыстæм. А Чермен æнæ колхоз нал лæууыди æмæ дзы кусæд ныр, цас æй фæнды, уыйас...
Æрдиаджы тылд ныккодта Джанаспи йæ сæр:
— Æнад мын у... æнад мын у колхоз! — фестади, сарайы къуымты ауади иуæрдæм, иннæрдæм, дзуры Хасанбегмæ: — Цы дын фæдзæхсын, лæппу, уый зоныс? Чи зоны, ирвæзындзинад фæзынынæй раздæр куы мæлон æмæ зын удхар куы кæнон, уæд-иу æвиппайды уаты дуар фегом кæн æмæ-иу æрбахъæр кæн «колхоз!..» Уыцы дзырд мæ хъустыл куыддæр ауайа, афтæ мæ уд схаудзæн æмæ фервæздзынæн удхарæй.
— Уымæ не ’рцæудзæн, баба, хъуыддаг. Афтæ дард нæ ауадздзысты иннæ паддзæхтæ ацы хицауады... Уæд низ уыдонмæ дæр анхъæвздзæн.
Джанаспи бæхы дзауматæ æмпъызт фæци æмæ сæ къулыл сауыгъта, стæй бараст ис колхозы правленимæ. Хасанбег та хæдзармæ бацыди. Уым æфсин æмæ чындз дæр колхозы тыххæй дзырдтой. Æхсызгон сын уыди, колхозмæ кæй цæуынц, уый — кæд ныр хъуæгтæ нал æййафиккой. Устытæ афтæ æнхъæл уыдысты æмæ уыдон дæр кусдзысты колхозы, фæлæ сын Хасанбег радзырдта Джанаспийы фæнд, æмæ уæд Фатымæ загъта:
— Фæуæд афтæ дæр, хæдзары куыстытæ чысыл нæй.
Джанаспи правленийы дуарæй куы бакасти, уæд æм колхозы сæрдар Аслæнбег дисы каст ныккодта, — ныр уал азы правлени Джанаспийæн йæхи хæдзары ис, афтæмæй йæ дуарæй дæр никуыма бакасти.
Фыццаг уыди иу правлени, фæлæ дыууæ азы размæ, колхоз æгæр куы ныббирæ ис, уæд æй дыууæ дихы фæкодтой. Хъæуæн уæллаг æрдæджы колхоз у Сталины номыл, дæллаг æрдæджы колхоз та — Орджоникидзейы номыл. Сталины номыл колхозæн сæрдар у Дауыраты Аслæнбег. Джанаспи, хъæуы уæрстмæ гæсгæ, хаудта уæллаг колхозмæ.
Аслæнбег бадти стъолы фарсмæ æмæ ныхас кодта иу колхозонимæ. Секретарь дæр бадти йе стъолы фарсмæ, цыдæртæ фыста. Джанаспи «уæ бонтæ хорз» куы загъта, уæд Аслæнбег йæ ныхас аскъуыдта колхозонимæ æмæ сдзырдта:
— Æгас цу, Джанаспи. Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста? — уый афтæ фенхъæлдта, æмæ Джанаспи ныртæккæ хъуæгтæ кæм æййафы, уым, æвæццæгæн, йæ уæтты тыххæй мызд курдзæн. Джанаспимæ ахæм хъуыды æппындæр нæ уыди. Аслæнбеджы амындмæ гæсгæ æнцад йæхи æруагъта бандоныл, аздыхта йæ галиу рихи æмæ загъта:
— Колхозмæ мæ айсут, Аслæнбег! — систа йæ куырдиат æмæ йæ дæтты Аслæнбегмæ.
Аслæнбег райста гæххæтт, фæлæ йæм кæсгæ не ’ркодта, æрæвæрдта йæ стъолыл. Йæ ныхас колхозонимæ ахæццæ кодта кæронмæ, æмæ уый ацыди.
Ныр правленийы ничиуал уыди æртæ лæджы йеддæмæ.
Систа Аслæнбег Джанаспийы куырдиат йæ къухмæ æмæ иучысыл æнæ дзургæйæ алæууыди.
«Хъæздыг лæг уыди, батрактæ дардта, æхца пайдайыл лæвæрдта, мæнæ ацы уæтты та магазин кæнинаг уыди. Нал сарæхсти, йæ ис-йæ бон хæдзар аразыныл бахардз кодта. Уыййеддæмæ НЭП-ы рæстæджы афтæ нæ фæбадтаид, уыййеддæмæ уал æмæ уал азы мæгуырæй йæ хъиу-хъиу нæ цæуид, уыййеддæмæ æппæты раззæгтимæ гæххæтт нæ балæвæрдтаид колхозмæ бацæуыны тыххæй. Йæ уæлдай уæттæ правленийæн ратта, йæ дыууæ бæхæй иу колхозæн ратта, куы нæ йæ айстой колхозмæ, уæд, — лæгъстæмæ, æвæццæгæн, уый фæстæ йæ куыд айстаиккой, афтæ. Уый фæстæ у, æмæ Аслæнбег никæмæй ницы æрыхъуыста, зæгъгæ, Джанаспи колхозы, кæнæ хицауады ныхмæ дзуры. Чи дзырдта колхозы ныхмæ, ахæмтæй дæр чидæртæ колхозы лæуд сты æмæ хорз кусынц. Цæуылнæ йæ райстæуа колхозмæ, нæ зонын».
Ахæм хъуыдытæ ацыдысты Аслæнбеджы сæрымагъзы. Бандоныл фæстæмæ анцой кодта, дыууæ къухы стъолыл уæззау æруагъта.
— Райсом нын æмбырд ис æмæ дын æркæсдзыстæм дæ куырдиатмæ. Æмбырд куыд зæгъа, афтæ уыдзæн дæ хъуыддаг.
— Йе мæ колхозмæ айсут, йе мæ ахæстоны бакæнут, кæд æвзæргæнæг дæн, уæд. Хæдзары мидæг дзаумайы мыггагæй ницыуал баззади, цы ауæй чындæуа, ахæм. Бинонтæ стонгæй мæлынмæ æрцыдысты... Æркæсут! — сыстади йæ бандонæй, ацыди.
— Райсом, Джанаспи... райсом фендзыстæм.
Афтæ ахицæн ис Джанаспийы ныхас Аслæнбегимæ.
***
Уыди рувыны рæстæг. Арв йæхи ныхъхъуынтъыз кодта æмæ йæ цæссыг арæх калдта зæххыл. Хæмпæлгæрдæг бырста уæлæмæ æмæ хорты, картофы æмæ иннæ халсарты бынæй кодта.
— Февналут, æмбæлттæ!
— Февналут, æфсымæртæ!
— Советон адæм куы стæм, — хъуамæ уарыныл дæр фæтыхджындæр уæм!
Ахæм хъæртæ хъуысти алырдыгæй.
Хиуыл нæ ауæрдгæйæ, абухтой колхозонтæ хæмпæлгæрдæгимæ, — хъуамæ сын уарын сæ царды хос ма фесафа.
Уыцы тохы раззæгтимæ уыдысты Исламы фырт Никъала æмæ Тотырбеджы фырт Барысби. Дыууæ дæр фæскомцæдисонтæ, кæрæдзи-иу айстой, чи фæраздæр уа, зæгъгæ, æмæ афтæмæй иннæты дæр цырд кодтой куыстмæ.
Джанаспи куыста æртыккаг бригады æмæ арæх хъуысти йæ хъæр:
— Февналут, лæппутæ, февналут, чызджытæ! Хъуамæ цары онг байдзаг кæнæм нæ гонтæ!
Йæ фарсмæ чи куыста, уыдонæй йæм кæйдæрты зæрдæ æхсайдта, — уæлæнгай сæм касти йæ куыст, фæлæ дзургæ ницы кодтой, — ног колхозон у, æгайтма æрбацыди, ныр фæифтыгъд уыдзæн, сахуыр уыдзæн чысылгай, — афтæ хъуыды кодтой. Уыди дзы ахæмтæ дæр, чи нæ йыл æууæндыди, афтæ чи дзырдта хинымæры, зæгъгæ, Джанаспи æнæбары бацыди колхозмæ, стонг æййафын куы байдыдта, уæд, фæлæ æцæгæй никуы æрфидаудзæн колхозимæ. Ахæм адæймæгтæ дæр сæ хъуыдытæ сæ хуылфы æвæрдтой.
Джанаспи райдайæны афтæ æвзæр нæ куыста, фæлæ ног колхозон кæй у, стæй раджы хъæздыджытæй кæй уыди, уымæ гæсгæ йæм иуæй-иутæ æгæр карзæй кастысты. Джанаспи йæхинымæры афтæ хъуыды кодта, Хасанбегæн дæр уый дзырдта, зæгъгæ, æгæр хорз кусын нæ хъæуы, уый зæрдæхсаинаг уыдзæн, мæнæ, зæгъгæ, сæ знагдзинад хорз куысты аууон кæнынц. Æвзæр кусын дæр нæ хъæуы, уый дæр, дам, афтæ æмбардзысты, зæгъгæ, æрбацыдысты æрмæст рæстæгмæ, искуыд, рæстæг æрвитыны тыххæй хуыздæр фадат фæзынын онг. Афтæ уыдысты Джанаспийæн йæ фæндтæ, фæлæ йын афтæ нæ ацыдысты. Уайтагъддæр бамбæрста, колхозы кусын кæй нæ бафæраздзæн, фыццагæй йын тынгдæр æнад фестади колхоз. Хъазгæ-худгæйæ-иу колхозонтæ зæрдиаг куысты куы бацыдысты, ерыс куы сидтысты кæрæдзийæн, уæд-иу уый та мæстæй сыгъди. Уый не ’мбæрста, йæ сæрымагъз æй нæ иста, цæуыл хъæлдзæг сты, цæуыл цин кæнынц ацы адæм. Иууыл æнад та йын уыди колхозонты фынгыл бадт иумæ. Ахæм фынгтыл, афтæ æмхæццæйæ бадын ахуыр нæ уыди, батрактæ æмæ алы æнæхæдзæрттæ æмæ бæгъæввæдтæ чи уыди, ахæмтимæ йæ ныр фæрсæй-фæрстæм бадын хъуыди. Сдзурынмæ йæ сæр кæмæ нæ хаста, уыдонимæ йæ ныр æмбæлттау, æмсæртау, ныхас кæнын хъуыди. Арæх-иу старсти Джанаспи, куы нæ баурома йæхи æмæ исты куы срæдийа. Æфсоны бадт-иу акодта иу чысыл, стæй-иу кæрдзын фелвæста æмæ ацыди хæрæндонæй. Æмбæрста Джанаспи, афтæмæй бирæ кæй нæ бафæраздзæн колхозы кусын æмæ суæгъд кæнынæн алы амæлттæ хъуыды кæнын байдыдта. Йæ фæнд бамбарын кодта Хасанбегæн æмæ йын загъта:
— Ды кус, куыд куыстай, афтæ, ма фæцауддæр кæн дæ куыст, кæннод сæфæм.
Фæлæ Хасанбег дæр ахæм зæрдæ дардта колхозы куыстмæ, тынг дзы фæлмæцыди æмæ зæрдæ фæлæууыны тыххæй нуазын байдыдта. Чысыл-иу æй куы февдæлди, уæд та-иу хъæуы балæууыди арахъдзуан. Йе ’мбæлттæ йын йæ дзыппы дæр фендтытæ кодтой авг. Иу хатт сихор хæрыны афон, колхозонтæ станмæ куы цыдысты, уæд йæ дзыппæй фæзынди авг. Йæ фæдыл чи цыди, уый йæм дзуры:
— Хасанбег, дæ арахъ фæкалди.
Хасанбег йæ дзыпмæ фæлæбурдта æмæ авг арфдæр афснайдта.
— Арахъ куы нæ у. Дойныгæнаг дæн æмæ авджы мидæг мемæ дон хæссын хаттæй-хатт.
— Æмæ махæй уæлдай уыйас цæхджынтæ кæм хæрыс?
— Цæхджынтæ хæрыны тыххæй нæу, фæлæ, Уастырджистæн, æнæуый дойныгæнаг дæн.
— Авæр ма дзы мæнæн дæр, æз дæр æрбадойны дæн. — Бахудти колхозон.
Хасанбег фæкъæмдзæстыг ис æмæ сдзырдта:
— Мæхи фаг йеддæмæ нæу. — Фæлæууыди йæ дзабырмæ зилыны æфсон.
Иннæ аразæй ис.
Зыдтой йæ иууылдæр, нуазы уый, фæлæ цухтæ нæ кодта, йæ куыст нывыл æххæст кодта æмæ йын уымæ гæсгæ йæ нозт хъуыды дæр ничи кодта. Хасанбег æнхъæл уыди, æмæ йæ Джанаспи нæ зоны, нозты ’рдæм кæй аздæхти, уый, фæлæ йæ уый зыдта, æрмæст ын барæй ницы дзырдта, кæд, зæгъгæ, æнæгъдау нозт нæ райдаид.
Иу хатт, хъæуы уæвгæйæ, Хасанбег сæумæрайсом бацыди сæ хæдзармæ нозтджынæй. Нозтджын кæй у, уый Джанаспи уайтагъд бафиппайдта, ныры хуызæн расыгæй йæ никуыма федта, æмæ йын тынг хъыг уыди.
— Уарынмæ та хъавы, æнхъæлдæн, — загъта Хасанбег, уатмæ бацæугæйæ. — Мигътæ фалæрдыгæй ныллæг рауагътой сæхи.
Фыд фæхъуыды кодта, Хасанбег иу чысыл цудгæ дæр кæй фæкодта, æмæ йæм дæрзæг цæстæй бакасти.
— Уардзæн æви нæ, уый дыууæйыл у, фæлæ уал ды кæмдæр кæй ныххуылыдз дæ, уый æцæг у.
— Уæртæ не ’рвадæлтæм бауадтæн... Æрмæст дыууæ арахъы анызтон, æндæр нæ... Уастырджистæн, æндæр нæ.
— Уый арахъы хъæбæрмæ æмæ агуывзæйы асмæ гæсгæ у.
Хасанбег къуымы табуретыл йæхи æруагъта.
— Уастырджистæн, хуымæтæджы арахъ, фæлæ цæмæй нуæзтон, уый агуывзæ нæ уыди, сыкъа уыди.
Джанаспи йе ’рфгуытæ тынгдæр æрбалхынцъ кодта.
— Ныр нын магазин байгом кæнын куы бантыстаид æмæ йæ дæ бар куы бакодтаин, уæд дæр афтæ нуæзтаис?
— Уæд бæргæ нæ нуæзтаин. Фыццаг мæ афтæ нуазгæ искуы федтай? Дæ фæндтæй, баба, мæ фæндтæ дарддæр цыдысты. Иу магазин ам, иннæ горæты... Сæ куыст æмвæндæй... Хорз хъуыдыгонд мын уыди хъуыддаг... Фæлæ ныр цæуыл зæрдæ фæлæууа? А колхозы куыст мын мæ уд мæ хъуырæй ласы. Нозт ма мын мæ маст иу чысыл фæмынæг кæны.
«Уый рис мæ рисæй къаддæр куы нæ у, сæрæй!» — ахъуыды кодта Джанаспи æмæ загъта:
— Ныхъхъæбæр кæнын хъæуы хи. Бафæразын ма хъæуы иу чысыл, банхъæлмæ кæсын хъæуы... Баззайæн ын нæй ацы хицауадæн, ацы колхозæн.
Афтæ дзырдта Джанаспи, фæлæ йæхæдæг нал фæрæзта колхозы куыстæй, цæттæ уыди авд дæлзæххы фæуынмæ, колхозы кусыны бæсты. Рафæндтæ-иу кодта йæхи исчердæм фехсын, фæлæ та-иу ахъуыды кодта:
«Иунæг куы уаин, уæд бæргæ фæлидзин, айгæрдин паддзахады арæнтæ... Фæлæ нæй... а бинонтæ!.. Ахстон фæбыдтон æмæ йæ ныр дзæгъæлы куыд ныууадзон? Нæй... уый гæнæн нæй!»
Йæ ныфс ма дардта Хасанбегыл, æмæ уый та нозты ’рдæм аздæхти.
Тынг хъыг уыди Джанаспийæн Хасанбеджы афтæ расыгæй уынын. Сфæнд кодта йемæ зæрдиагæй баныхас кæнын, фæлæ ныртæккæ нæ, куы сæвронг уа, уæд.
Фадат сахат равзæрста Джанаспи æмæ хорз фæдзырдта Хасанбегæн сæ царды уавæры тыххæй. Æфхæрды куыд не ’рцæуой, стонгæй дæр куыд нæ амæлой, фыдгулты фæндиаг куыд нæ фæуой, уый тыххæй сæ цы кæнын хъæуы, уыдæттæ йын лæмбынæг бамбарын кодта. Уæлдай зæрдиаг ныхас бакодта йемæ нозты тыххæй.
Тынг ныххызтысты Хасанбеджы зæрдæмæ йæ фыды ныхæстæ. Уыцы бонæй фæстæмæ лæппу цæхгæр фендæр ис. Нозт ныууагъта иудадзыгдæр. Дис ыл кодтой колхозонтæ. Æхсызгон уыди йæ нозты ныууагъд Аслæнбегæн дæр. Уый ма фæнд кодта Хасанбегимæ хибарæй аныхас кæнын. Нал бахъуыди уыцы ныхас.
***
Джанаспи колхозмæ куы бацыди, уый размæ ма æрцыди ахæм цаутæ. Джанаспийы кæстæр фырт Чермен йæ сывæллоны рæстæджы арæх æмбæлди Тотырбеджы чызг Тамарæйыл. Æмгар сывæллæттæн сæ хъазт, сæ бадт уыд иумæ æмæ афтæмæй кæрæдзиуыл сахуыр сты. Куы фæхъомылдæр сты, уæд Чермены зæрдæйы райгуырди æндæр æмбудындзинад дæр. Дзæбæх нæма æмбæрста уыцы æмбудындзинад, фæлæ-иу Тамарæйы куы нæ уыдта, уæд-иу хъыг кодта, æнкъард кодта, йæ фендмæ бæллындзинад ын-иу æнцой нæ лæвæрдта. Иу-дыууæ боны нæфенды фæстæ-иу ыл йæ цæст куы аныдзæвди, уæд-иу æм, цыма тæрккъæвдайы фæстæ хур æрбакасти, уый хуызæн зынди. Цы зæрдæйы ахаст дардта чызг йæхæдæг лæппумæ, уый æддæмæ ницæмæй бæрæг кодта, фæлæ лæппумæ афтæ касти, цыма уымæн дæр йæ фенд чызгæн æхсызгон вæййы. Цыди рæстæг. Тамарæ колхозы кусын байдыдта, куыста зæрдиагæй, — айстой йæ фæскомцæдисмæ дæр. Фæскомцæдисы дæр йæхи хорз кусæгæй, фæзминаг уæнгæй æвдыста. Йæ ас рæстæмбис, хæрзконд, саулагъз, сау сæрыхъуынтæ, сау цæстытæ, йæ галиу русыл булавкæйы сæры йас сау стъæлф, йæ роцъойы астæу чысыл уыгард. Уыцы стъæлф æмæ уыгард æй фыдуынд, мыййаг, нæ кодтой, — нæ, фæлæ уыдонæй ноджы зæрдæмæдзуагдæр уыди. Колхозон фæсивæдæй йыл дзырдтой чидæртæ, фæлæ уый ныфс никæмæн лæвæрдта. Кæмæ æнхъæлмæ касти, уый рабæрæг ис чысыл фæстæдæр.
Чермен бамбæрста, æнæ Тамарæйы цæрын кæй нæ бафæраздзæн, уый. Чызгыл дзурджытæ куы фæзынди, уæд лæппу старсти, йæ уарзон æндæр искæй хай куы фæуа, уымæй æмæ арæхдæр цæуын байдыдта колхозы куыстытæм. Тамарæйы бригадæ кæм куыста, йæ цыд-иу уырдæм уыди. Хъыгдаргæ нæ кодта кусджыты, фæлæ сын-иу æххуыс дæр акодта. Тамарæимæ аныхас кæнын ын-иу куы бантысти, уæд-иу цинæй марди. Иу хатт йæхи фæхъæбатыр кодта æмæ йын загъта:
— Тамарæ, мæ удæй дæ фылдæр уарзын. Нал фæразын æнæ дæу цæрын. Кæд дын æнад нæ дæн, уæд нæ цард баиу кæнæм.
Тамарæ йæ сау цæстытæ зæххы ацавта æмæ дзæвгар хъусæй алæууыди, стæй, иуварсмæ кæсгæйæ, сындæг сдзырдта:
— Чермен, уарзын дæ æз дæр. Разы дæн мæ цард дæ цардимæ баиу кæныныл, фæлæ цæмæй цæрдзыстæм, — колхозы куы нæ стут сымах? Иу хатт балæвæрдтат гæххæтт æмæ уæ нæ айстой. Авзарын хъæуы ноджыдæр, чи зоны, кæд уæ ныр айсиккой, фыццаджы хуызæн карз цæстæнгас нал ис хъуыддагмæ... Кæд уæ айсой, уæд разы, уæд нæ фæнд æххæст кæндзыстæм. Кæд уæ нæ айсой, фæлтау афтæ баддзынæн. — Дзырд куы фæци, уæд комкоммæ бакасти Черменмæ, — стыр адæргæдзинад зынди лæппуйы цæсгомыл. Йæ фындзы бын гыццыл рихи схъаудта æмæ æнæбæрæг кæдæмдæр касти.
— Ау, цæуылнæ нæ айсдзысты?! — дисгæнæгау фæхъæр кодта Чермен. — Иннæтæй уæлдай мах цы ракодтам? Мыййаг, советон хицауады ныхмæ хæцыдыстæм? Мыййаг, колхозы ныхмæ лæууыдыстæм? Хъуамæ нæ айсой!
— Мæнмæ дæр афтæ кæсы, æмæ дзы ныр хъуамæ къуылымпыдзинадæй мацы уал уа. Фæлæ хъуыддаг афтæ кæсынæй нæу. Колхоз æгасæй цы зæгъдзæн, уый бæрæг нæма у. Бадæттут та гæххæтт... Уый зон, æмæ колхозы лæуд чи нæ уа, уымæ æз моймæ нæ ацæудзынæн.
Чермен иу чысыл ахъуыды кодта, стæй скъуынгæ дзырдтæй загъта:
— Цæй, Тамарæ, дæ куыст кæн... Æз цæуын нæхимæ. — Йæ къух ын райста æмæ тагъд къахдзæфтæй араст ис хъæумæ.
Чызг дзæвгар йæ фæдыл фæкасти, стæй бараст ис станы ’рдæм.
Чермен комкоммæ бацыди йæ мадмæ:
Фатымæ йæ тæккæ кæрдзынкæнгæйæ уыди.
— Нана, ныр цæмæй цæрынмæ хъавут, колхозмæ куы нæ бацæуат, уæд?
Мад йæ фырты цæсгомыл бакасти цавæрдæр æнахуыр æнтъыснæгдзинад, йæ хыссæйæдзаг къухтæ ацагъта.
— Бафæрс уæртæ дæ фыды. Фыццаг хатт æй куы нæ айстой, уæд йæхицæн æнцад сбадти, хъуыды дæр ницыуал кæны.
— Зæгъ ын, нана, æмæ та бадæтта гæххæтт правленимæ. Ныр фæлмæндæр цæстæй кæсынц, фыццаг цæрæг чи уыди æмæ ныр чи нал у, уыдонмæ. Æз æй зонын, айсдзысты нæ... Зæгъ ын, нана!
— Æз ын алы бон дæр дзурын... Бацæудзыстæм, бацæудзыстæм кæны, фæлæ йæ бынатæй не ’нкъуысы.
Фатымæ та ныр арынгмæ азылди æмæ хыссæимæ архайы.
— Нана, — сдзырдта Чермен æмæ ныкъкъуызыди, ницыуал загъта.
Мад æм ракасти.
— Цы кæныс, зæгъ æй.
— Нана, — сдзырдта та Чермен æмæ та æндæр ницыуал загъта. Дадайы бандоныл æрбадти æмæ æхсидавæй арт дзæбæхтæ кæны къонайыл (кæрдзынгæнæн уыди зæронд хæдзары. Джанаспи дзы хорз къухна аразинаг уыди, фæлæ йын нал бантысти, — йæ фыццаг арæзтыл баззади — ирон хæдзар).
— Зæгъ, зæгъ, мæ хур, цы кæныс, цы зæгъынмæ хъавыс? — Фатымæ мады зæрдæйæ фæхъуыды кодта, цавæр сусæгдзинад ис йæ лæппумæ, уый æмæ йæ фæныфсджындæр кодта: — Зæгъ, цы дæм ис. Дæ мадæн цы нæ зæгъай, уый ма кæмæн зæгъдзынæ!
— Нæ сыхæгтæм иу чызг ис, нана, æмæ мæ зæрдæмæ цæуы.
— Тамарæйæ зæгъыс?
— Ныхас нæм уыди æмæ мын разы у, æрмæст афтæ зæгъы, цалынмæ, дам, колхозмæ нæ бацæуат, уæдмæ, дам, æй кой дæр ма кæн.
Мад бахудти:
— Æмбарын ныр, колхозмæ цæмæн тагъд кæныс, уый.
— Æрмæст уый тыххæй нæу, нана...
— Хорз... хорз... Уый тыххæй куы уа, уæддæр ницы кæны... Тамарæ мæм æвзæр чызг нæ кæсы. Фæлæ дæ фыд цы зæгъдзæн, уый бæрæг нæма у.
Ууыл ахицæн ис ацы хатт мад æмæ фырты ныхас. Чермен ацыди Хасанбеджы агурынмæ. Уый дæр сардауыны фæнд кодта йæ фыдыл, колхозмæ тагъддæр бацæуыны тыххæй. Хасанбег ын загъта, æнæ бацæугæ нæй колхозмæ, зæгъгæ, кæннод, дам, цæмæй цардæуа, уый нал ис, кæд нæ, загъта, ныр айсиккой. Чермен нал баурæдта йæхи æмæ йын Тамарæйы тыххæй дæр загъта.
Хасанбег раджы фæхъуыды кодта, Чермен йæ цæстæнгас æгæр кæй дары Тамарæмæ, фæлæ хъуыддаг курынмæ æрцæудзæн, уый æнхъæл нæ уыди — лæппутæ æмæ чызджытæ кæрæдзимæ кæсынæй фылдæр цы кæнынц.
— Уыцы хъуыддаг дын мæ зæрдæмæ нæ цæуы, Чермен, — загъта Хасанбег. — Рог адæймаг мæм кæсы Тамарæ. Ацагур дзæбæх æмæ хуыздæр ссардзынæ.
— Иумæ схъомыл стæм, хорз æй зонын æмæ мæм æвзæр чызг нæ кæсы.
Хасанбегæн йæ зæрдæмæ цæй тыххæй нæ цыди Тамарæ, уый не схъæр кодта йе ’фсымæрæн. Тамарæ Тотырбеджы чызг у, Тотырбег та, фыццаджыдæр, колхоз аразыныл чи ныллæууыди, уыдонæй у, стæй ныр дæр колхозы мидæг, хиуыл нæ ауæрдгæйæ, кусы, колхозы руаджы йæ къæхтыл слæууыди æмæ уымæ гæсгæ зæрдиагæй колхозы фарс лæууы. Иннæмæй та — Тамарæ разынди колхозы мидæг иууыл зæрдиаг кусæг, фæскомцæдисон у æмæ «куыддæр уæгъдибар йæхи дары, скъæйных ис... — Нæ, хъуамæ уый Дуриаты Джанаспийы хæдзармæ ма æрбацæуа». — Афтæ уыдысты Хасанбегæн йæ хъуыдытæ, — фæлæ уый тыххæй кой дæр не скодта Черменæн, — бамбардзæн хъуыддаг æмæ, æууæнк нæй, æфсымæр æфсымæры ауæй кæндзæн, фырт — ныййарджыты...
— Фен, Чермен, ахъуыды кæн, — загъта Хасанбег. — Хистæрты афæрсын хъæуы, иуæрдыгæй дæр, иннæрдыгæй дæр.
«Ай бæргæ мæ фарс уыдзæн», — хъуыды кодта Чермен йе ’фсымæры тыххæй.
Иу изæр бинонтæ иууылдæр бамбырд сты иумæ зæронд хæдзары, къонайы алыварс. Джанаспи бадти дадайы бандоныл æмæ лулæ пъæртт кодта, фыццаг æппындæр нæ дымдта, фæлæ йæ ныр, хæдзары уæвгæйæ, хаттæй-хатт райсы хи аирхæфсыны тыххæй. Хасанбег бадти дæллаг дæлтъуры фарсмæ табуретыл. Фатымæ бадти йæ чысыл бандоныл устыты ’рдыгæй. Чындз иу къуымы цыдæр дарæс æмпъызта. Хасанбеджы дыууæ сывæллоны иу къуымы къæцæлтæй хæдзæрттæ амадтой. Чермен банцой кодта дуары тарвазыл æмæ хъуыста хистæрты ныхæстæм. Ныр зæгъон, уæд зæгъон кодта æмæ, æппынфæстаг, загъта, Хасанбегмæ баздæхгæйæ:
— Абон æз колхозонтæй кæимæдæрты дзырдтон мах бацæуыны тыххæй колхозмæ, — иууылдæр дис кæнынц, цы, дам, бадут, цæуылнæ бадæттут гæххæтт.
Хасанбег, цыма уыййеддæмæ ничи зоны Чермен æмæ Тамарæйы хъуыддаг, уыйау загъта:
— Æмæ дæ, Чермен, тынг фæнды колхозмæ бацæуын?
— Фæнды мæ, тынг мæ фæнды, — хорз у колхозы куыст, колхозонты цард... Хорз та куыд нæ у колхоз. Иумæ кусынц хъазгæ, худгæйæ. Афон куы æрцæуы, уæд сæ фæллойбонтæм гæсгæ райсынц алы дзæбæхдзинæдтæ, цардæн цы хъæуы, уыдон æппæт... Сæ хæрд дæр иумæ, хъæлдзæгæй.
Джанаспи раджы бафиппайдта, Чермены зонд æндæрæрдæм арæзт кæй у, уый, нæ йыл æууæндыди æмæ йæ разы йæ хъуыдытæ не ’ргом кодта, фæлæ ам нал баурæдта йæхи, лулæ фелвæста дзыхæй æмæ загъта:
— О... о... о... сæ хæрд иумæ... Фыдæлтæй баззади æмбисонд: «Иумæ дзыккайæ хицæн сир — хуыздæр»...
Чермен фæцырд ис:
— Уыцы æмбисонд иннæрдæм фæлдахын хъæуы — «хицæн дзыккайæ иумæ сир хуыздæр». Фыдæлты радавут... Дзыкка дæр сæм нæ уыди æмæ сир дæр. Дзыкка кæд искуы уыдзæн, уæд уый колхозы уыдзæн, иумæйаг царды.
Чермен ныронг афтæтæ нæ уæндыди йæ ныййарджыты раз, фæлæ йæ Тамарæйы ныхæстæ фæныфсджын кодтой, æмæ йæм фæзынди фæнд, тагъддæр цæмæй бацæуой колхозмæ, ууыл зæрдиагæй архайын. Ныртæккæ йын хорз фадат фæзынди — бинонтæ иууылдæр иумæ — æмæ нал æнцад. Уыдон дæр æм ныхъхъуыстой.
Чермен дзырдта дарддæр:
— Иумæйаг цард хуыздæр кæй у, уый æппындæр дзырддаг нæу, фæлæ ирон æмбисонд куыд зæгъы, афтæмæй «мæлын дæр адæмы æхсæн фидауы»... Фыдæлтæ сырдты цард кодтой. Ныр та адæм колхозы мидæг иумæ, æмдыхæй, æмзондæй архайынц сæ цард фæхуыздæр кæныныл, фæрæсугъддæр, фæхъæздыгдæр кæныныл. Æмæ нæ цæстыты раз уыдæттæ æппæтдæр æнтысынц.
— Æдзух æмбырдты вæййы æмæ рæйын сахуыр ис, — мидбылты худгæйæ, сдзырдта Джанаспи.
— Фыдæлты цард махæй дард у, — загъта Чермен, — æмæ уæм уый тыххæй хорз зыны, ардыгæй кæсгæйæ, уыййеддæмæ уыдон цардысты æнамонд цардæй.
Джанаспийы æрфгуытæ æрæлхынцъ сты.
— Мах дæр цæуæм колхозмæ, уæдæ цы кæнæм, кæд нæ айсой, уæд... Фæлæ уæддæр хъусут ацы хъæвдынмæ, йæ хъуымыз йæ донгæмттæй кæлы, афтæмæй нæ ахуыр кæнынмæ хъавы.
— Къулбадæг ныхæстæ кæны, — сдзырдта Хасанбег.
Фатымæйæн æхсызгон уыдысты Чермены ныхæстæ, — иуæй, уый тыххæй, æмæ колхозы фарс дзырдта, иннæмæй та, уый тыххæй, æмæ афтæ дзæбæх кæй арæхсы дзурынмæ. Уый йæм хъуыста тынг æнувыдæй.
Джанаспи «йæ хъуымыз йæ донгæмттæй кæлы», зæгъгæ, куы загъта, уæд уыцы дзырдтæ Чермены хиуарзондзинад фелхыскъ кодтой æмæ æвиппайды сдзырдта, йæ фыдмæ фæкæсгæйæ:
— Зонд кæстæрæй хистæры сæрыл нæу, кæд æмбисæндтæй дзурæм, уæд...
Хасанбег бахудти:
— Дунейы зонд иууылдæр дæ сæры æрæмбырд ис... Колхоз хорз кæй у, уый мах иууылдæр зонæм, фæлæ дзы ирон æфсарм кæй сæфы, уый мæ зæрдæмæ нæ цæуы.
Джанаспи сыстади, йæ лулæ æрхоста дæлтъурыл.
— Искæйты куы фенин колхозонтæй, уæд семæ аныхас кæнин. — Афтæ загъта, фæлæ йæм æппындæр уый фæнд нæ уыди, банхъæлмæ кæсын ма фæнд кодта, кæд, чи зоны, исты æгъдауæй большевикты хицауад фесæфид.
Джанаспи куы ацыди, уæд Чермен дадайы бандоныл æрбадти æмæ баздæхти Хасанбегмæ:
— Куыд уый та? Цæй æфсарм?
— Лæгæй, усæй, суанг ног чындзытæ дæр иумæ сбадынц, кæстæр-хистæр бæрæг дзы нал вæййы, кæрæдзимæ къæйных дзырд кæнынц... Ирон цард æфсармæй рæсугъд уыди æмæ ныр хæлы колхозы мидæг.
Дис касти Черменмæ, куыд не ’мбарынц адон, уыцы æфсарм кæй ницæмæн хъæуы, царды мидæг зиан йеддæмæ кæй ницы у, уый. Ныххудти, йæ сæр батылдта æмæ загъта:
— Мæнæ гæды ирон æфсармæй зæгъыс?.. Иу хабар ахæм фехъуыстон. Ныхасы бадтысты адæм; иу лæг дзы дардмæ ауыдта йæ гыццыл лæппуйы, — лæппу, йæ цыппæртыл быргæйæ, къардиумæ фæцæйхæстæг кодта. Лæг искæмæн зæгъын дæр фефсæрмы кодта...
— Адæм иууылдæр кæй зонынц, ахæм хабар дзурыс, — аскъуыдта Фатымæ йæ лæппуйы ныхас. — Ног исты зæгъ.
— Ног дæр зæгъдзынæн... ныртæккæ... Лæг искæмæн зæгъын дæр фефсæрмы кодта, йæхæдæг бауайа æмæ сывæллоны йæ хъæбысы фелваса, уый дæр нæ бауæндыди адæмæй. Сывæллон къардиуæй ахаудта æмæ ныппырх ис.
— Уый фехъуыстам, фæлæ дæ ног зæгъинаг та цы у? — фæрсы Фатымæ, — хорз æм кæсы Чермены ныхасмæ хъусын, — æгайтма йын ахæм хъаруджын лæппу разынди.
Хасанбеджы зæрдæмæ нæ цыдысты Чермены ныхæстæ, уыдон йæ хъуыдытæ, йæ уырнындзинæдты ныхмæ цыдысты, фæлæ йын комкоммæ уый куыд загътаид, — уый бæсты, худгæйæ, бакасти йæ мадмæ:
— Нана, нæ зоныс, махæн Чермен большевик у.
— Большевик нæма дæн, чи зоны, фæстæдæр уыдзынæн, фæлæ мæ бауадзут мæ ног хабар зæгъын.
— Дзур, цас дæ фæнды, уыйас, — æз хъусынмæ цæттæ, — хъазæгау зæгъы Хасанбег.
Гом дуарæй бакасти куыдз, багæпп кодта къæсæры сæрты æмæ хæдзары тæккæ астæу фæтъæпæн ис.
— Мæнæ Бури дæр дæумæ хъусынмæ æрбацыди, — загъта Хасанбег.
— Ныртæккæ... ныртæккæ... Хъусæд уый дæр... Æз цы дзурын, уыдон иууылдæр раст ныхæстæ сты, æцæг ныхæстæ сты... Иу хатт не скъола экскурсийы куы уыди, уæд иу хæххон хъæуы æрцыди ахæм хабар. Хæдзары дыккаг уæладзыджы, хъæдын уæладзыджы, цыдæр ссыгъди. Бинонтæй хæдзары ничи уыди ног чындзы йеддæмæ. Чындз фæтарсти æмæ йæхæдæг ницы сарæхсти зынг ахуыссын кæнынмæ, фæлæ фæдис рауади йæ тиумæ. Тиу афтæ дард нæ уыди хæдзармæ — уынджы кæрон кæимæдæр ныхас кодта. Уыдонмæ комкоммæ сдзурыны бæсты чындз ауади тæлмац агурæг. Уый цалынмæ тæлмац агуырдта, цалынмæ тæлмац уыцы дыууæ лæгæн хъуыддаг æмбарын кодта, цалынмæ лæгтæ хæдзармæ уадысты, уæдмæ хъæдын уæладзыг иууылдæр схæцыди æмæ басыгъди... Мах дæр ма бæргæ бауадыстæм, фæлæ нæ бон ницуал сси... Уый уын нæ ирон гæды æфсарм.
— Ирон æфсарм хорз у, нæ цард уымæй фидар уыди, — загъта Хасанбег... — Хуыцау нын æй ма фесафæд!
— Хуыцау æй нæ фесафдзæн, фæлæ мах нæхæдæг кусдзыстæм йæ фесафыныл... Сылгоймаджы æфсармы бын ныккодтат æмæ хæрын дæр нæ уæндыди... Уæвгæ цы хордтаид? Къæристæ, лæгты уæлдæйттæ йеддæмæ йæм цы хаудта! Æмæ уыдтат, цы хуызæн уыдысты ирон сылгоймæгтæ — тæнтъихæг, низджын... Æгайтма колхоз уыцы æвзæрдзинæдтæ дæр сафы!
Уыцы дзырдтæм хъусгæйæ, Фатымæ хинымæры хъуыды кодта:
«Раст сты, раст йæ ныхæстæ... Афтæ... афтæ... бæлвырд».
Йæ цæст ахаста Фатымæ йæ царды фæндагыл. Йæ сывæллоны бонты уыди сæрибар, уыййеддæмæ уый фæстæ иудадзыгдæр баст... баст уыди æгъдæуттæй, сæ сæрты ахизæн кæмæн нæ уыди, халæн кæмæн нæ уыди, уыцы ирон æгъдæуттæй. Дæ къахдзæф барст — азгъорын, уæнгтæ фаг аивазæн нæй, — уый худинаг у хъомыл сылгоймагæн, чызг уа, ус уа, уæддæр. Дæ худт — барст, дзыхыдзаг ма бауæндай! — æнæуаджы ном дыл сбаддзæн. Стонг дæ — æмбæхс æй, хæрыс, уæд нывыл, барстæй, дæ фаг ма бауæндай! — гуыбындзæлы ном дыл сбаддзæн. Æмæ хæргæ дæр цы? Лæгты уæлдæйттæ. Хионтæн лæуу, сыхæгтæн лæуу, уазæгæн лæуу. Кæд бафæлладтæ лæууынæй, æрбадын дæм цæуы, уæддæр лæуу — æрбадын худинаг у... Ноджыдæр уыдæттæм гæсгæ хъуыдытæ азылдысты Фатымæйы сæрымагъзы. Чермены ныхæстæ йæ цыма йæ цæстытæй ракæсын кодтой, уый хуызæн æм зынди. Æмæ нæ уыдта, мыййаг, уыцы æгъдæуттæ хæлды кæй цæуынц, уый? Уыдта, хъуыста, фæлæ цардмæ касти Джанаспийы цæстытæй, фæстаг рæстæджы та йæ хистæр фырты цæстæнгасæй дæр. Уыдонмæ гæсгæ, уый дæр æнæуагдзинадыл нымадта уыцы æгъдæутты хæлд. Фæлæ кæцæй у уый раст? Сылгоймаг дæр адæймаг куы у, уæд лæгæй уæлдай афтæ баст цæмæн у?
— Уыныс, нана, — баздæхти Хасанбег йæ мадмæ, — Чермен æдзух æмбырдтæм цæуы, комсомолтимæ æрвиты рæстæг æмæ йæ цæуылты сахуыр кодтой!
— Æмæ ныр уыдæттæ большевиктæ амонынц, нæ? — бафарста Фатымæ.
— Уæдæ чи? Ног хицауад амоны афтæтæ.
Фатымæ йæхимæ ныхъхъуыста æмæ ницуал сдзырдта.
Хасанбег фæхъуыды кодта, æгæр æргом кæй равдыста йæ хъуыдытæ Чермены раз æмæ фæфæсмон кодта... Афæнд кодта иу чысыл йæхи арæстытæ кæнын. Загъта:
— Бирæ хорз хъуыддæгтæ аразы ацы хицауад... Скъолатæ сарæх кодта, фæндæгтæ аразы, колхоз сарæзта адæмы цард фæхуыздæр кæнынæн... Фæлæ æгъдæуттæ... нæ зонын...
— Уæдæ, Хасанбег, уыцы æгъдæутты хæлд дæр адæмы цард фæхуыздæр кæнынæн у, уый зон.
— Чи зоны, рæдийын, фæлæ мæнмæ афтæ нæ кæсы, — къуызгæйæ сдзырдта Хасанбег.
Ацы быцæуы Фатымæ иудадзыгдæр Чермены фарс уыди, фæлæ хорз зыдта Джанаспи æмæ Хасанбеджы цæстæнгас хъуыддагмæ æмæ, уымæ гæсгæ, æмбæхста йæ хъуыдытæ, тарсти æфхæрынæй, тарсти, куы йын зæгъой, ды дæр, зæгъгæ, комсомолты фæндагыл фæцæуыс.
***
Уый уыди фæззæджы, нартхор тонын афон. Уæдæй ма уалдзæджы онг фенхъæлмæ каст Джанаспи, кæд, зæгъгæ, искæцæй фæзынид æххуыс æмæ та цард йæ фыццаг бынаты сбадид. Нæй, æххуыс никæцæй зынди, стонгдзинад та йын йæ хурх, æрвæдзæгæй æлвасæгау, тынгдæрæй-тынгдæр æлвæста. Гъе, уæд бамбæрста, дарддæр æмгъуыдтæ кæнæн кæй нал ис, æмæ бацыди колхозмæ. Йæ зæрдæйæ афтæ загъта, æмæ йын цыфæнды æнад у колхоз, уæддæр йæхи ныхъхъæбæр кæндзæн æмæ дзы бафæраздзæн кусын рæстæгмæ... рæстæгмæ. Фæлæ уæддæр, куыд федтам, афтæмæй дзы уайтагъд афæлмæцыди. Йæхинымæры хъуыды кодта афтæ, инвалидыл æй куы нымаиккой, уæд, зæгъгæ, бирæ фенцондæр уаид йæ хъуыддаг, фæллойбонтæ та йын хорз нымад цæуид. Уымæ гæсгæ цухтæ кæнын байдыдта рынчыны æфсон. Мысыди куы иу низ, куы иннæ.
Иу бон, мæнæу кæрдыны рæстæджы, Джанаспи, мæ къæхтыл лæууын нал фæразын, зæгъгæ, йæхи æруагъта зæххыл æмæ тынг хъæрзын байдыдта. Ацæргæ лæг кæм уыди, уым йæ низыл ничи гуырысхо кодта æмæ йыл хъыг кодтой. Æрмæст Тезиаты Исламы нæ уырныдта йæ низ æмæ йын зæгъгæ дæр кодта, йæ иувæрсты фæцæйцæугæйæ:
— Гъе, Джанаспи, дæ низ цы у, уый дын зæгъон?
— Зæгъ, цы у!
— Уæззау куыстахуыр нæ дæ, æмæ уый.
Джанаспийæн хъыг уыди Исламы ныхас. Зæххыл фæлдæхтæй фæлæууыди дзæвгар, стæй лæдзæджы æнцæйтты сындæггай араст ис хъæумæ. Уым йæ риуы дзаг сулæфыди — æгайтма нал уыны колхозы куыст, колхозонты цард станы. Сбадти-иу дуармæ йæ фæйнæгын бадæныл æмæ, лулæ пъæртт кæнгæйæ (ныр арæхдæр дымын байдыдта), йæ царды фæндты хæлдыл хъуыдытæ кодта. Мæсты кодта колхозонтæм æппæтмæ дæр, тынгдæр та, фыццаг дзы чи ныллæууыди, уыдонмæ. Фæлæ йæ хæд сыхæгтæ Тотырбег æмæ Ислам куыд ныхъхъал сты, уый-иу йæ зæрдыл куы æрбалæууыди, уæд-иу фырмæстæй йæ бадæны бадын нал бафæрæзта æмæ-иу фестади. Уæлдай мæсты кодта Исламмæ, йæ низыл ын кæй фæгуырысхо ис, уый тыххæй.
— Фæлæууæд, куыдзы фырт!.. — сдзырдта-иу хинымæры.
Мæсты кодта Джанаспи Исламæн йæ усмæ дæр, йæ патефон гом рудзынджы дæлвæйнæгыл кæй æрцаразы, уый тыххæй.
Иу хатт Фатымæ дуармæ рацыди æмæ йæ лæгимæ цæйдæр тыххæй ныхас кодта. Æвиппайды патефоны цагъд айхъуысти. Джанаспи фестади æмæ фæцæйлæбурдта Сонамæ, йæ патефон куыд нæ хъæр кæнын кæна. Фатымæ йыл фæхæцыди.
— Цы кæныс? Æрра сдæ æви цы? Уадз æмæ зара... Хорз дзаума куы у уый.
Джанаспи æрбадти фæстæмæ.
— Хорз дзаума фæуæд, фæлæ йæ уыцы налат барæй æрцаразы гом рудзынгыл, мæнæ, дам, махмæ ис, сымахмæ нæй... Æнад мын у уыцы дзаума.
— Æмæ фæндыры цагъдæй хуыздæр та цы ис? Цæмæн дын у æнад?
— Хорз дзаума!.. Хорз фæуæд, фæлæ уæртæ сæ сыст топпы хъæр кæмæн кодта, уыдоны у æмæ дзы мæн мæстæй марынц. Мæхи куы уаид, мæхи, уæд æм æз дæр уарзын хъусын, фæлæ мын ныр æнад у... Куыйтæ, алцæмæй байдзаг кодтой сæ хæдзæрттæ, мæнмæ та дзаумайы мыггагæй ницыуал баззад!
Фатымæ йæ сабыр кодта, зæгъгæ, мæнæ, ныр колхозы стæм æмæ та махмæ дæр фæзындзæн дзауматæ, фæлæ Джанаспийы маст нæ сабыр кодта. Хинымæры-иу æртхъирæн кодта: «Фæлæууæнт, æз сын истытæ фæуыдзынæн сæ колхозæн дæр æмæ сæхицæн дæр!»
***
Джанаспийы колхозмæ куы айстой, уæд Чермен æмæ Тамарæ æнхъæл уыдысты, ныр, зæгъгæ, къуылымпыдзинадæй ницыуал уыдзæн сæ фæндагыл, фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауади.
Чермен йæхæдæг фефсæрмы кодта йæ фыдæн зæгъынмæ, фæлæ йыл сардыдта йæ мады. Иу бон лæг æмæ ус хибарæй бадтысты зæронд хæдзары арты фарсмæ. Уæларт фыхти æхсæвæр, хуылыдзгомау сугтæ къæрццытæгæнгæ æмæ сымсымгæнгæ сыгъдысты аджы бын. Куыдз къæсæры сæрты багæпп кодта æмæ хæдзары астæу зæххын пъолыл фæтъæпæн ис — æнхъæлмæ касти, кæд ын исты хæринаг раппариккой. Нæй, хъуыды дæр æй ничи кодта, уыцы дыууæ адæймаджы уымæ не ’вдæлди, зæрдиаг ныхасыл уыдысты.
— Æнæ Тамарæ нал лæууы Чермен, æмæ йын æй саккаг кæнын хъæуы, — дзæбæх чызг мæм кæсы Тамарæ.
Джанаспи цæхæртæ акалдта.
— Тотырбеджы хæлд чызджы тыххæй зæгъыс? Дзæбæх чызг уый хоныс? Æмæ уый комсомол куы у! Уый æнаккаг чызг куы у. Иудадзыгдæр хицæутты раз йæхи æвдисыныл сси. Хæдзармæ нал цæуы. Куысты куы нæ вæййы, уæд та æмбырдты æрвиты рæстæг. Тотырбег æдылы куы нæ уаид, уæд ын цъæхснаг уисæй йæ буары фæлмæнтæ хорз сцъæхтæ кæнид.
Фатымæ Джанаспийы ныхмæ дзурын уыйас нæ уæндыди, афтæ ахуыр нæ уыд, фæлæ уæддæр сдзырдта Тамарæйы фарс. Йæ кæлмæрзæны хаутæ схъаугæйæ æмæ зæхмæ кæсгæйæ, загъта:
— Дзæгъæлы йæм аиппытæ хæссыс. Тамарæ хорз чызг у, æппын дзы æвзæрдзинадæй ницы хъусын. Куыстуарзаг кæй у, уый та аипп нæу, — пайда йын у æмæ кусы. Фылдæр куысты бонтæм алцыдæр рауайы фылдæр. Уый чердæм æвзæрдзинад у, не ’мбарын?
Джанаспи æртыскæн систа, æмæ Фатымæ фæтарсти, кæд дзы, зæгъгæ, уый цæвынмæ хъавы, — а фæстаг рæстæджы уыцы дæрзæг цæсгомимæ цыди æдзух, æмæ мæстджын лæг цы нæ бакæндзæн? Æнæуый дæр хор зыдта Фатымæ йæ лæджы къухты ахаст, иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ хаста йæ буар цъæхтæй къуыригай æмæ фылдæр. Нæ, ацы хатт Джанаспимæ цæвыны фæндæй ницы уыди. Куыдз дæр йæхицæн фæтарсти æмæ фестади, фæлæ уый дæр дзæгъæлы фæтарсти æмæ уый куы базыдта, уæд фæстæмæ æрхуыссыди. Джанаспи иу цъусдуг æртыскæныл бæрзонд фæхæцыд, стæй артдзæсты сугтæ кæрæдзиуыл дзæбæхдæр авæрдта.
Ныхас цыди дарддæр афтæ:
Джанаспи: Ды дзы, уæдæ, ницы фехъуыстай æвзæрдзинадæй, фæлæ дзы æз фæхъуыстон. Уый чызг дæр нал у — хæрз æнаккаг сси.
Фатымæ: Дæ хорзæхæй, чи дын дзырдта? Дæлæ Саукуыдз уыдаид... Æмæ уый дзырдæн аргъ ис? Уый йæ мæнæн дæр дзырдта... Бын бауа! Йæ бакаст сахъ лæг, йæ конд — конд, йæ уынд — уынд, афтæмæй номылусы койтæгæнгæ цæуы. Уæдæ ’мæ йæхæдæг чъизи чи вæййы, ахæм фæуарзы æндæрты чъизи кæнын.
Джанаспи: Ныууадз, дæ хорзæхæй. Сыгъдæджытæй сыгъдæгдæр куы уа Тамарæ, уæддæр æй æз мæ хæдзармæ не ’рбауадздзынæн.
Фатымæ: Чермен дæумæ нæ уæнды...
Джанаспи: Уæдæ-ма æрбауæндæд — æз ын йæ рагъ ныххойон. Искуы-ма уый æрцыди, æмæ фырт йæ фыдмæ ус курыны тыххæй уæнда?
Фатымæ: Хорз... хорз. Æмæ дæм куы нæ уæнды, æз дæр уый куы дзурын.
Джанаспи: Æниу уый тыххæй демæ ныхас кæныныл куыд схæцыди... Галиугæнæг ды дæхæдæг дæ.
Фатымæ: Цæй галиугæнæг?.. Мæ уарзон хъæбул... йæ зæрдиаг ныхас зæгъын мын бауæндыд, æмæ уый цы диссаг у?.. Уыцы чызг, дам, куы нæ уа, уæд, зæгъы, æз æппындæр ус нæ курын. Уый у йæ фæстаг ныхас.
Джанаспи: Йæ мыггагмæ дæр ма ракурæд! Чызджытæ — бирæ, æмæ уыдонæй йæхицæн аккагдæр равзарын кæд нæ зоны, уæд мæ фыртæн дæр нæ хъæуы. Æдзух комсомолтимæ рæстæг æрвиты æмæ йæхæдæг дæр фехæлди, комсомолтæй хуыздæр нал у... Тамарæ мæ хæдзармæ не ’рбацæудзæн, уый зонæд Чермен, æмæ мын уый тыххæй кой дæр мачиуал кæнæд!
Уынгæй куыйты рæйын ссыди, æмæ Бури дæр агæпп кодта хæдзарæй, йе ставд рæйд æрбайхъуысти уынгæй.
Хæдзармæ бацыди Хасанбег газеттимæ æмæ цыдæр зæгъынмæ хъавыди, фæлæ йæхи фæурæдта.
Джанаспи дзырдта дарддæр:
— Къулыбадæг хæдзары чызг! Сæ сыст топпы хъæр кодта æмæ га кæндзæн, æндæр хицауад куы æрлæууа, уæд... Æмæ уæд ахæм хæстæджытæй цы кæнын? Сомбон мæн тыххæй хъуамæ афтæ мачи зæгъа: «Гæбæр бæх гæбæр бæхимæ хизы».
Хасанбег бамбæрста, цæй тыххæй у ныхас, уый, сдзурынмæ хъавыди, фæлæ Фатымæ фæраздæр ис.
— Йæ чысыл зæрдæ асæтдзæн Черменæн...
— Ма тæрсут, — загъта Хасанбег, — фæдзурдзæн, фæдзурдзæн, стæй æндæр æрхæсдзæн.
Джанаспи газетмæ фæкомкоммæ ис.
— Гъы, цы фыссынц дæ газеты?
Фатымæ уыдон газет кæсгæ ныууагъта æмæ зæрдæхъыгæй ацыди хæдзарæй. Чермены мæт æй тынг бацыди. Ныр цы дзуапп зæгъдзæн Черменæн, уый йæ хъуыддагæн цæттæ æнхъæл куы у, йæ фæндыл уæлдай зæгъæг нæ фæуыдзæн, зæгъгæ, афтæ æнхъæл куы у!..
Дыккаг райсом Фатымæ йæ хуыссæнæй куы сыстади, уæд йæ дзуапп цæттæ уыди. Хъуамæ йын чызджы рафауа, сылваз Саукуыдз дзы цытæ дзуры, уыдон дæр ын хъуамæ бамбарын кæна. Кæд афтæмæй Чермены зæрдæ фæуазалдæр уаид чызгмæ æмæ йын тынг маст не скæнид йæ фыды дзуапп... Кæннод, мæгуыр, цы кæндзæн? Йæ чысыл зæрдæ куы басудздзæн!
Иу къорд бонты дæргъы Фатымæ нæ дзырдта Черменæн йæ дзуапп, кæд, зæгъгæ, йæ зæрдæ иу чысыл æрсабыр уаид, æфсон ын кодта, фадат ран, зæгъгæ, нæма фембæлди Джанаспийыл, йæ зæрдæ хорзыл куы уа, ахæм сахат, дам, ын зæгъын хъæуы. Мад йæ фарс кæй у, уый зыдта Чермен æмæ æнцонæй æнхъæлмæ касти.
Иу бон хибарæй фембæлдысты Чермен æмæ йæ мад. Се ’хсæн æрцыди ахæм ныхас:
Чермен: Дзырдтай, нана, бабайæн?
Фатымæ: Загътон дæ фыдæн, æмæ нæ разы кæны. Æнад мын у, зæгъы, уыцы адæймаг... Цыдæр æвзæрдзинæдтæ дæр дзы æрыхъуыста. Мæнæн мæхимæ æвзæр чызг нæ кæсы Тамарæ, фæлæ дзы æз дæр æрыхъуыстон цыдæртæ. Кæимæдæрты, дам, сæмуд ис... Æнæуаг, æнæгъдау сси, зæгъынц.
Чермен: Нана, æрымысæггаг йеддæмæ уым æцæгдзинадæй ницы ис.
Фатымæ: О, ма зæгъ, Чермен, æнæ зынгæй фæздæг нæ вæййы.
Чермен: Бæлвырд у уый, æнæ зынгæй фæздæг нæ вæййы, фæлæ арæхдæр афтæ рауайы: фæздæг кæцæй зыны, зынг уым нæ вæййы. Фарон дæ хойы хæдзар судзы, зæгъгæ, куы фæфæдис кодтам, уæд бæлвырдæй фæздæг уыдтам дæ хойы хæдзары сæрмæ. Уайæм, уайæм, æмæ дæ хойы хæдзар фæстейæ аззади, — сыгъд разынди æгас сых дарддæр... Дисæй амардтæн... Нана, Тамарæ хорз чызг у, уындджын чызг у, хъаруджын чызг у, куыстуарзаг у, бирæ фæллойбонтæ кусы. Тамарæйæ æгуыдзæгдæр чи у, хордзинæдтæй Тамарæйы аййафын йæ бон кæмæн нæу, ахæмтæ йыл мысынц æвзæрдзинæдтæ. Хæлæгдзинад йеддæмæ ам æппындæр ницы ис... Нана, Тамарæ дын уыдзæн хорз чындз, æмæ ма ноджыдæр баныхас кæн бабаимæ.
Фатымæ: Зæгъдзынæн ма йын... Фæлæ фæстæдæр, ныртæккæ нæ... Мæнмæ бæргæ хорз чызг кæсы Тамарæ.
Фатымæ иунæгæй куы баззади, уæд фæхъуыды кодта Чермены ныхæстыл, зондджын ныхæстæ йæм фæкастысты... Адæм хæлæгæй, хæрамдзинадæй æмæ фыдæнæн кæрæдзиуыл бирæ цыдæртæ фæмысынц, æмæ уыдæттыл æууæндын æдылыдзинад у.
Джанаспимæ фæдзæбæх кæныны фæндæй ницыма уыди. Арæх бадти дуармæ йæ фæйнæгыл æмæ-иу колхозонтæй искæй куы ауыдта, уæд хъаст кодта йæ къæхты низæй. Иу изæр Тотырбег цæйдæр хъуыддаджы тыххæй суади хъæумæ. Джанаспи дуармæ бадти æмæ бæзджын фæздæг уагъта йæ лулæйæ. Салам загътой кæрæдзийæн.
— Тамако дымын куы байдыдтай, Джанаспи!
— Æнкъард кæнын ам иунæгæй æмæ дзы мæхи ирхæфсын.
— Куыд сты дæ зæнгтæ, нæма дзæбæх кæнынц?
— Цыма сæ рис иу чысыл фæкъаддæр ис, уый хуызæн мæм кæсы... Куыстæй кæй цух кæнын, уый хорз нæу, бæргæ.
— Куыст дæр та баййафдзынæ... Диссаджы мæнæутæ нын æрзади, — минас кæндзыстæм. Æз æмæ дзы Исламмæ дзæвгар рауайдзæн, бирæ фæллойбонтæ нын ис.
— Хæлар уын уæнт, — загъта Джанаспи (хинымæры та хъуыды кодта: «Тугæй сæ куы фæкаликкат, уастæн, — сымах мæ цардхалджытæ стут»). — Мах æрæджы райдыдтам кусын æмæ нæм дзы, цы рахаудзæн, нæ зонын.
— Цæуылнæ, сымахмæ дæр дзы хъуамæ хорз рауайа, — загъта Тотырбег æмæ сæ хæдзары ’рдæм фæзылди.
Фæлæ уыцы минут æбуалгъ хъуыды фегуырди Джанаспийы сæры, æмæ сдзырдта:
— Цæй арæх суай-суай кæнут куыстæн йæ тæккæ тæмæны?
— Иу чысыл хъуыддаг мæ уыди... Райсом та раджы быдыры балæудзынæн.
— Знон Исламы дæр ам ауыдтон. Сымахмæ дæр бауади æмæ дзы иу сахаты бæрц афæстиат ис. Æвæццæгæн ын исты ныстуан æрвыстай уæхимæ.
Тотырбег Исламæн ницы ныстуан æрвыста æмæ-иу цъусдуг аджих ис, æвиппайды ницы сарæхсти сдзурын, æрæджиау загъта:
— О... иу хъуыддаджы тыххæй æрвыстон.
— Хæдæгай, дæ сывæллæттæн æмдзуарджын уый куы у... Хæстæг хорз у. Ныстуан дæр хæстæгæй хуыздæр чи сæххæст кæндзæн (йæ рихийы бын мидбылты худтау чысыл цыдæр фæзынди, æмæ йæ Тотырбег фæхъуыды кодта).
Джанаспи йæ ардауæн дзырдтæ куы кодта, уæд касти Тотырбеджы цæсгоммæ, æмæ уый дисгæнæгау куы аджих ис, уæд ын æхсызгон уыди, йæхицæй ныббузныг ис, зæгъгæ, рæстдзæф æппæрст бакодта Тотырбеджы зæрдæмæ дызæрдыджы æнхъизæн. «Куыдзы къæбылатæ, — дзырдта Джанаспи хинымæры, — сдзурынмæ кæуыл не ’рвæссыдтæн, уыдон схъал сты, сæхæдæг мыл нал æввæрсынмæ хъавынц. Мæ фæйнæ фарс сты — уынын сæ — куы сæ иуы хæдзары минас кæнынц, куы се ’ннæйы хæдзары. Æз та нартхоры кæрдзынæй дæр мæ гуыбын нал дзаг кæнын».
Тотырбег æмæ Ислам уыдысты хæлар чысылæй фæстæмæ, фæлæ Ислам Тотырбеджы сывæллæттыл куы саргъуыдта, уæдæй фæсгæмæ та уæлдай хæлардзинад ацыди дыууæ бинонты æхсæн, — кæрæдзи хъыг никуы райстой, кæрæдзи хъуæгтæ арæзтой.
Ныр мæнæ Тотырбеджы зæрдæйы ныххаудта дызæрдыгдзинад йæ ус Дуня æмæ Исламы тыххæй æмæ йæ хæрын байдыдта. Никуы фæци æнæууæнк йæ бинойнагыл, — æгъдауджын, куыстуарзаг сыгоймаг ын уыди, йæ сывæллæттæн та хорз мад. Никуы фæгуырысхо ис Тотырбег æнæгъдаудзинадæй йæ хæлар Исламыл дæр. Ныр мæнæ, ныронг ын æнæзонгæ чи уыди, ахæм хъуыдытæ зилын байдыдтой йæ сæрымагъзы, ныронг кæй нæма бавзæрста, ахæм рис ын хъыгдарын байдыдта йæ зæрдæйы.
Бакодта кæрты дуар. Дуары хъинцмæ, йæ къæдзил тилгæйæ, рауади Бирæгъ — стыр гæрæм, æцæг бирæгъы хуызæн къуыбырхъус куыдз. Кæддæриддæр æм-иу Тотырбег лæгъз ныхас скодта, йæ рагъ ын-иу асæрфтытæ кодта. Ныр æй йæ къахæй асхуыста æмæ фæхъæр кодта:
— Афардæг у, Бирæгъ!
Куыдз æм дисгæнæгау бакасти, йæ къæдзил æрæппæрста æмæ иуварс ацыди.
Бараст ис Тотырбег уатмæ. Дуня диваныл бадти æмæ цыдæртæ æмпъызта. Йæ лæг фæлурс кæй уыди, йæ цæстытæ куыддæр дзæгъæлгаст кæй кодтой, уый фæхъуыды кодта, фæлæ ницы сдзырдта.
«Йæ цæстыты цыдæр гуырысхойаг ис», — загъта Тотырбег хинымæры. Дунямæ сдзырдта:
— Дон ма мын авæр, — фæндагыл сдойны дæн. — Æрбадти стъолы фарсмæ венаг бандоныл. Фæкомкоммæ ис трюмомæ æмæ фæдис кодта, йæ хуыз куыд цыд уыди, ууыл.
Дуня æмпъузинаг диваныл æрæвæрдта æмæ ауади къухнамæ дон хæссынмæ.
— Бæлвырд, йæ цæстæнгас фæлитой у мæ къайæн, — загъта хинымæр Тотырбег.
Дуня бахаста дон. Тотырбег нуазы æмæ кæсы йæ къайы цæстытæм.
— Ахæм куысты рæстæг куыд суай-суай кæнут ардæм? — бафарста Дуня. — Знон Исламы дæр ам ауыдтон.
Тотырбег хинымæры:
«Куыд зæгъы? Ауыдтон, дам, æй!»
Хъæрæй загъта:
— Бирæ нын дзы нал ис кусинаг. Рæхджы фæуыдзыстæм æмæ уæд иудадзыгдæр ссæудзыстæм.
Уаты дуар гом уыди, æмæ дзы иу карк базгъордта раст Тотырбеджы къæхты бынмæ. Тотырбег æй афтæ фесхуыста къахæй, æмæ уый дуары æдде дурау æрхаудта.
Дуня уайдзæфау:
— Цæй æхст ын фæкодтай? Афтæмæй хæдмæл фæвæййы. Ды та йын йæ дзидза бирæ куы уарзыс.
«Æвæццæгæн, карчы дзидзайæ иннæйы дæр хорз æрбауыны», — фæхъуыды кодта лæг æмæ загъта:
— Уæддæр бирæ сты, иу дзы куы фæхæдмæл уа, уæд уымæй хæдзар нæ фехæлдзæн. — Бахудти.
Дунямæ уыцы худт æнахуыр фæкасти, æнæуый дæр, йæ лæг æнкъард кæй у, цыдæр маст дзы кæй ис, уый уайтагъд фæфиппайдта, фæлæ йæ ницæмæ бадардта — царды мидæг циндзинад æмæ хъыгдзинад кæрæдзи ивгæ цæуынц, исты маст дзы ис, æвæццæгæн.
— Уæддæр цæй тыххæй суадтæ? — афарста Дуня.
— Правленийы мæ иу чысыл хъуыддаг ис, æмæ райсом раджы фæстæмæ быдыры балæудзынæн... Куыстæн йæ тæккæ карз рæстæг у, æмæ дзæгъæлы цухтæгæнæн нæй.
Тотырбег правленимæ куы ацыди, уæд Дуня та йæ лæгæн хæринаг цæттæ кæнынмæ фæци. Кæмдæр æм æвæрд уыди авджы дзаг арахъ, — уый дæр рахаста æмæ æхсæвæрыл хорз федта йæ лæджы.
Ницæмæй равдыста Тотырбег йæ зæрдæхсайындзинад, афтæмæй райсомæй раджы араст ис быдырмæ. Хъæуæй станмæ фæндагыл Тотырбег хъуыдытæ кодта иудадзыгдæр Дуня æмæ Исламы тыххæй. Кæд, чи зоны, æмæ рагæй сты афтæ? Кæд, чи зоны, йæ зæнæгæй дæр исчи Исламæй у? Кæд ыл, чи зоны, иумæ уæвгæйæ, иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ худтысты?.. Фæлæ куыд уыдзæн уый уæддæр? Куыд разындаид Ислам ахæм гадзрахат адæймаг?.. Хорз æй зоны чысылæй нырмæ, никуы йæм фехсайдта йæ зæрдæ гадзрахатдзинадæй. Куыд æй афæлывтаид Дуня дæр, уал æмæ уал азы æмудæй кæимæ фæцардысты, се ’хсæн иу дæрзæг ныхас кæимæ не ’рцыди? Уæд æууæндæн нал ис æппындæр адæймагыл, уæд адæмæн иумæ цæрæн нал ис, — ныппырх уæнт хъæдты æмæ хæхты æмæ сырдтау иугæйттæй цæрæнт!.. Уæдæ Джанаспи мæнг загъта? Цæмæн æй бахъуыди уыцы мæнгдзинад? Йæ кæрты дуармæ бадти æмæ федта — Ислам бацыди мæ хæдзармæ æмæ дзы сахаты бæрц бафæстиат ис... Æниу мæхæдæг нæ федтон, куыд хъыг уыди Дуняйæн ме ссыд! Куыд арæх, зæгъы, суай-суай кæнут ахæм куысты рæстæджы? Знон, дам, Исламы дæр ауыдтон. Хъусыс уымæ? «Ауыдтон æй», зæгъы... Æниу йæ цæстæнгас куыд фæлитой уыди! Раздæр æм мæ зæрдæ не ’хсайдта, æмæ мæм, æвæццæгæн, йæ калмы цæстытæ дæр зæды цæстыты хуызæн уый тыххæй зындысты.
Ахæм хъуыдытæй дзæгъæлтæ кодта Тотырбеджы сæрымагъз, йæ зæрдæ йын дыууæ дихы фæкодтой. Иу æрдæг дзырдта: «уыдаиккой», иннæ æрдæг дзырдта: «нæ уыдаиккой». Станмæ куы бахæццæ ис, уæд фæфидар кодта йæхи, загъта йæхицæн:
— Æнцад, æнцад!.. Кæд дзæгъæлы хæрыс дæхи? Кæд, чи зоны, ницы ис уыцы дыууæ адæймаджы æхсæн?.. Фæлæуу æмæ базон!
Кæддæриддæр куыд уыди, афтæ Ислам бацин кодта Тотырбегыл, афæрстытæ йæ кодта.
— Гъы, нæ бафæлладтæ? Дæ хъуыддаг ахицæн кодтай? Уæдæ арахъ дæр анызтаис, æвæццæгæн?
Тотырбегмæ афтæ фæкасти, цыма йыл Ислам уыцы фæрстытæй худгæ кæны, йæ хъæлæсы ахаст дæр æм афтæ фæкасти. Райхъал та сты йæ гуырысходзинæдтæ, фæлæ уæддæр йæ хъуыдытæ ницæмæй равдыста, нывыл дзуаппытæ ратта Исламæн. Йæхинымæры ма афтæ ахъуыды кодта:
«Æвæццæгæн, уыцы арахъæй ды дæр, Ислам, анызтаис æндæрæбон, нуæзтаис дзы раздæр дæр... Сылгоймаг йæ лæджы хайы йæ мойæ буцдæр фæдары».
Иу къорд бонты фæстæ Джанаспи балæууыди станы, загъта:
— Фæдзæбæхдæр дæн æмæ кусын байдайон, хъуамæ мæ фæллойбонтæ фæфылдæр уой. — Фæкуыста иу-дæс боны бæрц, афтæ та иу бон, тæккæ кусгæ-кусыны, æрхаудта æмæ уæлæмæ нал стади. Ацы хатт иудадзыг ауагъта йæхи. Колхозонтæ сихор хæрынмæ куы цыдысты станмæ, уæд Джанаспийы дæр кодтой семæ, æмæ та-иу уайтагъд æрхаудта. Ацы хатт Тезиаты Ислам дæр гуырысхо нал кодта Джанаспийы низыл, æцæг ыл ис, æвæццæгæн, загъта хинымæры, къæхты низ — куы вæййы ахæм дæр. Бацыди йæм æмæ йæ дæлармы йæ къух акодта, дзуры йæм:
— Гъе, мæ сыхаг, æгæр ма æруадз дæхи, цом чысылгай æмæ исты бахæр, кæд дын фенцондæр уаид.
Иннæрдыгæй бацыди Тотырбег æмæ йæ дыууæйæ хæссæгау кодтой.
— Чысыл дæ къæхтыл æнцай, Джанаспи, — дзуры йæм Тотырбег. — Афтæ æнцон хæссæн нæ дæ.
— Тæрсгæ ма кæн, Джанаспи, — сдзырдта иувæрсты цæуджытæй чидæр. — Фæдзæбæх уыдзынæ æмæ та кусдзыстæм иумæ.
Бахæццæ кодтой Джанаспийы станы размæ.
— Мидæмæ мæ ма кæнут. Ам мæ æруадзут мæнæ бæласы аууон. Гъе... уæ цæрæнбонтæ бирæ уæнт... Цæут сымах хæрæндонмæ, уæ сихор ахицæн кæнут.
— Исты куы ахæрис ды дæр, хуыздæр дын уыдзæн! — сдзырдта Готырбег.
— Æппын мæм хæрын нæ цæуы, — хъæрзгæйæ дзуры Джанасни. — Мæнмæ ма кæсут. Цæут.
Ислам æмæ Тотырбег бараст сты мидæмæ, фæлæ Ислам фæлæууыди, дзуры фæстæмæ, худгæйæ:
— Уæвгæ, чи нæ кусы, уый хъуамæ хæргæ дæр ма кæна... Афтæ нæу, Тотырбег?
— Афтæ у, уæдæ цы у. Чи нæ куса, уый хъуамæ йæ дзыхыл цъутта сæвæра.
— Ды мын-иу, Тотырбег, дæ хай авæр, — сдзырдта Джанаспи, — фæлæ нæ зонын, хæйттæ дæ кæмæ æнтысы, уыдон æндæртæ сты.
Тотырбег фæдис кодта уыцы дзырдтыл, йæ цæсгом фæтар ис.
Ислам комкоммæ бамбæрста уыцы дзырдтæ æмæ загъта:
— Хæйттæй нæ фæцæрдзæн адæймаг. Фæлтау, Джанаспи, адзæбæх кæн дæхи æмæ, куыд æмбæлы, афтæ кусын байдай, — уæд искæй хæйтты хъуаг нæ уыдзынæ.
Джанаспи та, къуызгæйæ æмæ хъæрзгæйæ, загъта:
— Иуæй-иутæ куы цæрынц хæйттæй, уæд æз цæуылнæ фæцæрдзынæн?..
Ацы хатт Ислам дæр ницыуал бамбæрста Джанаспийы дзырдтæй æмæ аджих ис.
— Кусын мæхи бæргæ хуыздæр фæнды, фæлæ кæм ис, мæ хъару нал у, къах нал ис... Цæут, цæут; уæ сихор ныууазал уыдзæн... Аслæнбеджы куы федтаин... Зæгъут-ма йын.
— Зæгъдзыстæм ын.
Джанаспи ма ноджыдæр сдзырдта сæ фæдыл:
— Ма ферох кæн, Тотырбег, дæ хай мын-иу авæр, кæд æндæр искæмæй рантыса, уæд.
— Цæмæй зæгъы уый? — цæугæ-цæуын фæрсы Ислам Тотырбеджы.
— Не ’мбарын, цæмæй зæгъы... Цæйдæр койтæ кæны.
Тотырбег хорз æмбæрста, Джанаспийы койтæ Дуня æмæ Исламы тыххæй кæй сты, фæлæ йæ фæнды нæ уыди уыцы æмбарындзинад Исламæн базонын кæнын. «Джанаспи бæлвырдæй зоны хъуыддаг, — фæлæ йæ комкоммæ нæ зæгъы, — хинымæры дзырдта Тотырбег. — Койтæ кæны, мæнæ дын, зæгъы, фæд амонын æмæ, уыцы фæдмæ гæсгæ дæхæдæг сбæлвырд кæн хъуыддаг».
— Койтæй дзурын æдзæсгом æмæ цъаммар адæймаджы хъуыддаг у, — загъта Ислам. — Раст æмæ сыгъдæгзæрдæ адæймаг койтæй дзурынмæ йæ сæр никæд æрхæсдзæн... Æнхъæл уыдтæн, кæд æцæг рынчын у, зæгъгæ, фæлæ йыл ныртæккæ фæгуырысхо дæн — нæу рынчын... — Йæхи-иу барæй æруагъта... Амæй махæн колхозон нæ рацæудзæн.
Уыдон уыцы ныхæстæ куы кодтой, уæд Джанаспи та, цинæй мæлгæйæ, хинымæры хъуыдытæ кодта:
«Йæ цæсгом куыд фæтар ис Тотырбегæн! Хорз мын бамбæрста мæ ныхас... Мæ хъуыддаг рæзы... Багъæц, а дыууæ боны йæ ноджыдæр бацардаудзынæн. Æдылы у. Хорз бакодтон, Тотырбеджы кæй равзæрстон, уымæй. Ислам æгæр зондджын у, ардауын нæ бакуымдтаид. Куыйтæ!.. Сæ цæсгæмттæ хурау худгæ хæссынц. Фæлæууæнт, æз сæ схудын кæндзынæн». Уыцы хъуыдытимæ Джанаспийы цæсгомыл бадти стыр æхсызгондзинад, йæхи хъардта йæ цæсгомæй мидбылты худт рафтауыныл, куыд ничи йæ фена, афтæ, фæлæ йын не ’нтысти. Уалынмæ дуары хъист фæцыди. «Уый Аслæнбег у, æвæццæгæн», — хинымæры загъта Джанаспи æмæ уæд йæ хъуыдытæ фездæхтысты æндæрырдæм — куыд зæгъдзæн, цы зæгъдзæн Аслæнбегæн? Йæ мидбылты худт дæр æрбайсæфт, — стыр удхар фæзынди йæ цæсгомыл. Хъæрзгæ раййæфта Аслæнбег Джанаспийы.
Се ’хсæн æрцыди ахæм ныхас:
Аслæнбег: Цы хабар у, Джанаспи? Цы та кæныс? Дæ хуыз æнæниз хуыз куы у!
Цыма низтæ иууылдæр ууыл бафтыдысты, уый хъæрзт ныккодта Джанаспи.
Джанаспи: Кæцæй дæн æнæниз, мæнæ мæ къæхтыл лæууын куынæуал фæразын? Нæй, Аслæнбег, æз уæззау куыстæн нал бæззын. Аппарут мæ инвалидтæм æмæ уын истæмæйты æххуыс уыдзынæн.
Аслæнбег: Афтæ аппаргæйæ нæу. Къамис дæ фендзæн æмæ нын йæ ныхас зæгъдзæн.
Джанаспи: Къамис æй цæмæй базондзæн? Мæ низ мын мæхицæй хуыздæр чи зоны?
Аслæнбег: Инвалиддзинад дохтыртæ фæбæрæг кæнынц... Цы дын зæгъын, Джанаспи, уый зоныс? Цу уал уæхимæ æмæ баулæф. Куы фенæниз уай, уæд та байдайдзынæ кусын... Цæуын афæраздзынæ хъæумæ?
Джанаспи: Лæдзæджы æнцæйтты, æрбад-æрбадгæнгæ, кæд хæццæ кæнин.
Аслæнбег бацыди фæстæмæ къантормæ. Джанаспи, хъæрзгæйæ, лæдзæджы æнцой сыстади æмæ фæцæуы хъæуы ’рдæм.
Афæлгæсыди алырдæм, алфамбылай куы ничи зынди, уæд хъæрæй сдзырдта:
— Уæ, колхоз, колхоз, мæ фæндиаг куы фæуис, уæд дæ къах дæр бæргæ нал атилис... Уалдзæгæй нырмæ дзы кусын, ома — кусæгау дзы кæнын, æмæ мын æнадæй-æнаддæр кæны.
Цæуы, ранæй-ран æрбады, афæлгæсы алырдæм æмæ та араст вæййы. Фæндаджы къардиугондмæ куы ахæццæ ис æмæ бæлæсты аууон куы фæци, уæд ма иу каст фæкодта фæстæмæ æмæ тындзгæ фæцæуы. Уый афтæ æнхъæл уыди, æмæ йæ ничи федта, фæлæ йæ уынджытæ фæци, — уыцы фенджытæ уыдысты Чермен æмæ Тамарæ. Уыдон кæрæдзи фенын хъуыди, Тамарæ рагæй æнхъæлмæ касти Джанаспийы дзуапмæ æмæ ныр сихор хæрынæй рацыдысты чысыл раздæр. Фыццаг разынди станы чъылдыммæ Чермен æмæ уайтагъд ауыдта Джанаспийы. Йæ хæд фæдыл цыди Тамарæ.
— Кæс-ма, кæс, Тамарæ, — сдзырдта Чермен. — Мæ фыд æнæ лæдзæджы æнцой къахдзæф кæнын нал фæрæзта, ныр уæртæ фезгъоры. Зын æм кæсы колхозы кусын, фæлæ æз уæддæр афтæ æнхъæл дæн, æмæ йыл сахуыр уыдзæн...
Тамарæ ницы сдзырдта. Аив æм нæ касти йæ уарзоны фыды тыххæй æвзæр дзурын.
Лæппу æмæ чызг æрлæууыдысты станы чъылдыммæ æмæ се ’хсæн æрцыди ахæм ныхас:
Чермен: Цæй тагъд рауадтæ, Тамарæ, дæ сихор æрдæг хæрдæй куы фæуагътай?
Тамарæ: Хæрын мæм нæ цæуы, фæлæ ды та цы кодтай, цæуылнæ исты ахордтай?
Чермен: Æз æфсæст дæн... æз æфсæст дæн, Тамарæ, дæ уарзондзинадæй.
Йæ хъæбысы йæ æрбакодта.
Тамарæ: Куыд у хъуыддаг? Дæ фыд цы зæгъы?
Чермен: Къæртт, цъула нæ кæны. Æз, дам, Тамарæйы мæ хæдзармæ не ’рбауадздзынæн — æнæуаг чызджы, комсомолы... Нанайы бæргæ фæнды, фæлæ уый бон ницы у.
Тамарæ: Æз та цин кодтон, колхозмæ куы бацыдыстут, уæд. Ныр, загътон, нæ фæндагыл къуылымпыдзинадæй ницыуал баззади...
Чермен: Æмæ дзы æнæуый дæр къулымпыдзинадæй ницы ис.
Тамарæ: Æмæ куыд уæддæр? Цы кæнын дæ зæрды ис æнæ дæ фыды фæндон?
Чермен: Мæ мады бар ма бакодтон, иу хатт ма йæ бафæрсæд, æмæ кæд уымæй уæлдай хуыздæр дзуапп нæ дæтта, уæд æз хицæн кæнын мæ фыды хæдзарæй... Зын у ныййарджытæй хицæн кæнын, фæлæ мын æндæр гæнæн нал ис — мæ фыдæн æгæр æнад сдæн. Йæхицæн дæр æнæмастдæр уыдзæн афтæ... Мæ мадæн тæригъæд кæнын... Фæлæ... цы гæнæн ис — бафæразæд. Баныхас кæндзынæн хибарæй йемæ. Æххуыс сын кæндзынæн мæ фæллойæ, мæ бон цас уа, уыйас. Афтæ мæ фыдæн æнцондæр уыдзæн. Знаджы цæстæй мæм кæсы æмæ хицæн куы уон, уæд нæ дыууæйæн дæр хуыздæр уыдзæн.
Тамарæ (Чермены æфцæгыл йæхи ацауыгъта): Мæ зæрдæ мæ нæ фæсайдта. Мæ ныфс дæуæй раст афтæ уыди, — ницы къуылымпыдзинæдтæ йæ, загътон, бауромдзысты... Фæлæ дæ ныййарджытæн æххуыс кæнын хъæудзæн. Иумæ сын æххуыс кæндзыстæм.
Чермен: Мæ фыды кæртмæ дæ, Тамарæ, æз уæддæр нæ бакæндзынæн цæрынмæ. Хъуамæ нын колхоз баххуыс кæна ахстон сбийынæн.
Тамарæ: Колхоз нын кæй баххуыс кæндзæн, ууыл æз иучысыл дæр гуырысхо нæ кæнын... Ног кæрт, ног хæдзар... Æз дæр ницæй тыххæй бацæудзынæн дæ фыды кæртмæ. Джанаспийы цæстытæн афтæ низ кæм дæн, уым хъуамæ мæхи дæрдты ласон.
Чермен: Цæстыты низ ын æрмæст ды нæ дæ, æз дæр ын фестадтæн цæстыты низ... Фæлæ ма банхъæлмæ кæсæм. Мæ мад ма бадзуринаг у йемæ, чи зоны, кæд фæсæттид.
Тамарæ: Цæй, мæ зæрдæйы лæууæн, рæхджы сихор хæрд фæуыдзысты, æмæ нæ исчи куы раййафа, уæд хорз нæу. Нæ хъуыддаг уал адæмы цæстытæй æмбæхст куы уа, уæд хуыздæр у.
Чермен: Цæугæ уæдæ ды фæстæты, æз та иннæуылты ацæудзынæн.
Чызг æмæ лæппу дæргъвæтин пъа ныккодтой æмæ фæйнæрдæм ацыдысты.
Чермен йæ фыдæн афтæ æнад сси, æмæ-иу ын йæ фенд дæр хъыг уыди, рæстмæ дзургæ дæр йемæ никуыуал акодта. Лæппу хорз æмбæрста, хæрам зæрдæ йæм кæй дары йæ фыд, уый, æмæ уымæ гæсгæ, арæх ыл куыд не ’мбæлдаид, ууыл йæхи хъардта. Цæмæн æм афтæ схæрам ис, уый хорз æмбаргæ дæр нæ кодта, фæрсгæ дæр никæй кодта уый тыххæй. Æнхъæл уыди, æвæццæгæн, Тамарæйы тыххæй у, зæгъгæ. Æмæ уæд Тамарæмæ та цæмæн у хæрам? Цы йын кодта Тамарæ?
Иу бон Джанаспи бадти дуармæ йæ фæйнæгыл æмæ уынгыл фæлгæсыди куы уæлæрдæм, куы дæлæрдæм. Ранæй-рæтты дзы хъазынц сывæллæттæ. Иу-дыууæ раны сæ дуæрттæм бадынц зæронд лæгтæ, куыстхъом чи нæуал у, ахæмтæ. Дæлæ уынджы кæрон, доны ’рдыгæй æрбазынди иу зæронд ус ведратимæ. Сыхæгты дуармæ дыууæ куыдзы хъазынц ратул-батул æмæ згъорынæй. Кæрчытæ къуыркъуыргæнгæ лекка кæнынц дуæрттæм. Æндæр змæлæг нæй уынджы. Куыстхъом адæм кусынц быдыры, архайынц сæ цард фæхуыздæр кæныныл.
Рацыди калиткæйæ Фатымæ æмæ йæ лæджы раз æрлæууыди.
— Чермен æмæ Тамарæйы тыххæй дæ дзырд аивинаг нæ дæ æви цы? Лæппу ихсийы мæтæй. Æнæ Тамарæ, дам, мæн цард ницæмæн хъæуы.
Джанаспи дзуапп нæ дæтты, систа йæ лулæ, сындæггай дзы тамако ныннадта, ссыгъта йæ, дыууæ-æртæ хатты йæ ацъырдта, æмæ фæздæг зилгæ-зилгæ хæрдмæ фæцæуы.
Фатымæ æнхъæлмæ кæсы.
Джанаспи лулæ дзыхæй райста æмæ загъта:
— Уый тыххæй мæнмæ уæлдай ныхас нæй. Тотырбеджы чызг мæ хæдзары къæсæрыл не ’рбахиздзæн.
— Дæ-дæ-дæй! Йæхицæн исты куы ракæна нæ лæппу! — сæрдиаг кодта Фатымæ.
— Цыфæнды кæнæд!
— Уый та куыд, цыфæнды кæнæд? Нæ уарзон хъæбул?
— О... о... цыфæнды кæнæд! Ныр уарзон хъæбултæ бирæ нал ис. Цард ныззыгъуыммæтæ ис, хъæбул бæрæг дæр дзы нал ис, ныййарæг бæрæг дæр. Хъуыды ма кæныс — уæлæ Гæдоты сауджыны йæ фырт куыд амардта? — Нæ, дам, мæ истой партимæ, сауджыны фырт кæй дæн, уый тыххæй. Уый дын хъæбул! Чермен мæнæн фырт кæй нал у, уый бамбар æмæ мæ ныууадз... Тотырбеджы чызджы мæ хæдзармæ кæнынмæ хъавы! Нæ, фæлæ йын йæхи дæр мæ кæрты дуарæй æрбакæсын нал бауадздзынæн.
— Ныр цытæ дзурыс? Нæ уарзон хъæбул! Нæ уарзон хъæбулы дæхицæй сурыс?
— Уæддæр ма хъæбул, хъæбул кæны! Мæнмæ уæлдай фæнд нал æрцæудзæн, æгас афæдзы дæргъы мын куы фæдзурай, уæддæр, æмæ мæ ныууадз.
Фатымæ бамбарын кодта Черменæн, Джанаспи сразы уыдзæн, уымæй дзы æппындæр ныфс куыд нæ уа, афтæ.
— Фæлæ дын тынг маст ма скæнæд дæ фыды дзуапп, — загъта Фатымæ. — Чызджытæй фылдæр цы ис — æндæр бацагур, æмæ уæд сразы уыдзæн.
— Маст та мын куыд нæ у... Фæлæ ницы кæны... Æгайтма мæ фыдæн йæ цæхгæр дзуапп базыдтон, ныр, куыд мæ фæнды, афтæ араздзынæн мæ цард. Фæлæ, нана, цыдæриддæр бакæнон, хъыг ыл-иу ма ракæн, — хуыздæрырдæм уыдзæн. Ма мæм-иу смæсты у, уый зон, æмæ æндæр ницыуал гæнæн ис.
— Æмæ уæддæр цы кæнынмæ хъавыс? Мацы фыдбылыз сараз!
— Ма тæрс, нана, фыдбылызæй. Цæмæн саразон фыдбылыз? Æз мæ цард аразын, мæхи куыд фæнды æмæ куыд зонын, афтæ, — бабайæн дæр хуыздæр куыд уа, афтæ бакæндзынæн.
— Лæгтыдзуар дын раст фæндагамонæг уæд!.. Фæлæ дæ фыдмæ дæр æгæр мæсты ма кæн, — ныртæккæ уый йæ чемы нæй. Рынчын дæр у, стæй цæйдæр тыххæй мæстджын у, ницы йын æмбарын.
Ууыл ахицæн ис мад æмæ фырты ныхас.
Черменæн йæ фæнд цæттæ уыди, фæлæ йын зын уыди йæ сæххæст кæнынмæ бавналын, зын æм касти ныййарджытæй байуарын. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ уæддæр бацыди Аслæнбегмæ æмæ йын радзырдта йæ хъуыддаг. Чермены ныхæстæй Аслæнбег бамбæрста, æцæгдæр фыд æмæ фыртæн иумæ цæрæн кæй нал ис, æмæ загъта:
— Хорз, байуар. Нæ колхозы хуыздæр кусджытæй стут, æмæ уын колхоз æнæмæнг баххуыс кæндзæн уæ къæхтыл слæууынæн. Фæлæ дæ мад, дæ фыды ма ферох кæн, дæ бон цас амоны, уымæй сын-иу æххуыс кæн.
— Ма тæрс, Аслæнбег, — загъта Чермен, — мад æмæ фыды ферох кæныны зонд мæм никæд æрцæудзæн. Ныртæккæ мæ уынд дæр бабайæн маст кæны, æмæ нын иумæ цæрæн нал ис, — уый тыххæй дзы хицæн кæнын, уыййеддæмæ йыл ме ’ххуысы хай æдзухдæр æмбæлдзæн.
Ууыл ахицæн ис Аслæнбег æмæ Чермены ныхас.
Иу къорд бонты фæстæ æгас колхозыл æмæ хъæубæстыл дæр айхъуысти, Чермен, дам, йæ фыдæй байуæрста. Адæмæй чи Чермены раст кодта, чи Джанаспийы.
***
Уыди æрæгвæззæг. Асæст бонтæ хаста. Хур-иу фæзынди стæм хатт. Колхозы правлени паддзахадон хæстæ куы ахицæн кодта, уæд бавнæлдта колхозонтæн, цы сæм цыди хорæй-æндæрæй, уыдон уарынмæ. Уæзласæнтæ дыууæрдæм кодтой уынгты, дзагæй-иу куы иу кæрты смидæг сты, куы — иннæйы æмæ та-иу фæстæмæ афтидæй ауагътой уынгты сæхи, æхситтытæгæнгæ. Алчи йæхи цæттæ кодта даргъ зымæг арвитынмæ. Чи йæ хортæ, йæ алы халсар æфснайдта, чи йæ хæдзармæ зылди — рудзгуытæ, дуæрттæ-æндæртæ цалцæг кодта, чи йæ уæлдай хор кооперативмæ лæвæрдта æмæ дзы фæстæмæ хаста алы дзауматæ æмæ промтовартæ. Адæм дзаджджын фæллойбонтæ райстой æмæ хъæлдзæг уыдысты, худт, зард хъуыстысты алырдыгæй.
Нæ уыди хъæлдзæг æрмæст Дуриаты Джанаспи, æрæгвæззыгон бонау хъуынтъыз цæсгомимæ хъеллау кодта йæ кæрты дыууæрдæм, уынгмæ арæх нал касти, колхозонты хъæлдзæгдзинад куыд нæ уыдтаид, афтæ. Дыууæ хатты бацыди йæ кæртмæ уæзласæн æмæ дзы чысыл цыдæртæ ныууагъта, — цас бакуыста Джанаспи, уыйас райста, — фылдæр ын цæмæ раттаиккой? Уыдтой Джанаспи æмæ йæ бинонтæ, хъуаг та кæй æййафдзысты æмæ сæ мæт бацыди — бинонтæ бирæ: Джанаспи, Фатымæ, Хасанбег, ног чындз æмæ Хасанбеджы дыууæ сывæллоны, исгæ та ракодтой æрмæст Хасанбеджы фæллойбонтæн — Джанаспийы фæллойбонтæ нымаинаг дæр нæ уыдысты — æдæппæт бакуыста 46 боны.
Фатымæ зыдта, Чермен сын йæ фæллойæ хорз кæрдих кæй ратдзæн, фæлæ уый тыххæй кой нæма кодта, барæй йæ сусæг кодта, Джанаспи йæ æвиппайды куыд базыдтаид, афтæ.
Иу бон Джанаспи кæрты дуармæ лæууыди, йæ лулæйы фæздæг йæ алыварс къуыбылæйттæ кодта. Кæсы, æмæ уæзласæн æхситтытæгæнгæ суайы. Нартхорæй йæ тæккæ дзаг, æмæ æрлæууыди Исламы дуармæ. Йæ цæсгом хурау рухс, афтæмæй дуарæй ракасти Ислам. Йæ къухтæ фæйнæрдæм акодта æмæ сдзырдта:
— Æгъгъæд у, æгъгъæд у, кæм сæ æфснайон, уый мæм нал ис!
Джанаспи уыцы иу зылд фæкодта æмæ йæ кæрты смидæг — йæ бон нæ баци дарддæр Исламы ныхæстæм хъусын. Æппæт колхозонтæй Ислам æнаддæр уыди Джанаспийæн — уый йын загъта рынчын нæ дæ, зæгъгæ. Кæрты дæр нал фæлæууыди Джанаспи, фæлæ суанг зæронд хæдзары балæууыди æмæ арты фарсмæ абадти.
— Фæлæууæнт!.. Фæлæууæнт!.. — уыцы æртхъирæны дзырд йæ дзыхæй хицæн нал кодта.
Агурын байдыдта Джанаспи фадат ноджыдæр Тотырбеджы бацардауынæн, æмæ йын иу къорд бонты фæстæ фæзынди уыцы фадат.
Тотырбеджы бахъуыди горæтмæ цæуын. Кæрты астæу лæууыди æмæ дзырдта йæ усæн:
— Горæтмæ машинæ нæй ныртæккæ — аивгъуыдта. Æдзæугæ та мын уæвгæ нæй. Фистæгæй бауайдзынæн — аст километры йеддæмæ ма у... Фæстæмæ уыдзæн машинæ æмæ изæрырдæм хæццæ кæндзынæн.
Джанаспи йæ кæртмæ айхъуыста уыцы ныхæстæ æмæ фырцинæй йæ къухтæ аууæрста, йæ къæхтæ мидбынаты сис-æрæвæр акодта æмæ загъта йæхицæн: «Рæзы... рæзы мæ хъуыддаг!»
Æмбисбонæй дзæвгар аивгъуыдтаид, афтæ Тотырбеджы кæрты дуарæй рацыди Дуня, йæ къухтæ риуыл атыхта æмæ дæлæрдæм кæсы. Алæууыди иучысыл, афтæ ауыдта Исламы, — сцæйцыди дæлæрдыгæй. Схæццæ ис Ислам, дзуры Дунямæ:
— Дæ бон хорз, Дуня!
— Хорз дыл æрцæуæд, Ислам!
Дуриаты Джанаспи бадти йæ фæйнæгын бадæныл, уыцы дзырдтæ куы айхъуыста, уæд бауади кæртмæ, быруйы фæстæ амбæхсти æмæ хъусы дарддæр лæг æмæ усмæ.
Уыдон æхсæн та æрцыди ахæм ныхас:
Ислам: Цы хъуыдытæ кæныс ам, Дуня?
Дуня: Нæ лæг горæты ис, æмæ уый æрбацыдмæ æнхъæлмæ кæсын. Афтæ æхсызгон хъуыддаг æй горæты ницы уыди, æмæ уал фæлтау хæдзары фезмæлинæгтæ куы акодтаиккам, уæд бæргæ хуыздæр уыдаид.
Ислам: Уагæр цы фезмæлинæгтæ?
Дуня: Нартхор уæгъд кæлдтытæй лæууы, картоф æмæ халсартæ дæр афтæ. Æвиппайды куы фæуазал кæна, уæд басидзысты.
Ислам: Æз картоф хорз бафснайдтон, фæлæ нартхорæн цы кæндзынæн, нæ зонын. Уыйас мæм рацыди, æмæ бынат дæр нæй, кæм æй бафснайон. Йе ’мбис ын кооперативмæ æнæ дæтгæ нæй... Ныртæккæ уым уыдтæн.
Дуня: Мах дæр афтæ бакæнын хъæуы. Ныр ам куы уаид нæ лæг, уæд уый хъуыддаг дæр бакæниккам. Цы нæм дзы баззайа, уый уæд æнцондæр æфснайæн уаид. Хæрынæн нын мæнæу уæлдайджынтæй фаг у. Нартхор та фосæн, кæрчытæ æмæ æндæртæн, — стæй... сымах кæм лæуут æнæ арахъ, æнæ бæгæны, æнæ махсымæ. Уыдæтты тыххæй дæр дзы фæуадзын хъæуы.
Ислам: Кусгæ дæр уымæн кæнæм, æмæ нæм хъуамæ алцы дæр уа. Уæвгæ ацы аз тынг бафыдæбон кодтам — рувыны рæстæджы нæ стыр тох кæнын бахъуыди хæмпæлгæрдæгимæ. Йæ уд ын сыскъуыдтам хæмпæлæн, æмæ уыныс, цастæ нæм рацыди алцыдæр!
Дуня: Алкæмæ — йæ куыстмæ гæсгæ.
Ислам: Куыстмæ гæсгæ, уæдæ цы... Ныр уæдæ Тотырбегмæ æнхъæлмæ кæсыс?
Дуня: Уæдæ... Фалæмæ машинæ нал уыди, æмæ фистæгæй ацыди. Фæстæмæ хъуамæ уа машинæ.
Ислам: Машинæ хъуамæ рæхджы хæццæ кæна... Хæрзбон. Æз нæхимæ бауайон... Магазины уыдтæн, куы зæгъын, — цытæ райсдзынæн мæ уæлдай нартхормæ, уый бæрæг кодтон. Зæгъын хъæуы бинонтæн, уыдон æндæр истытæ исыны фæнд куы кæной, мыййаг.
Дуня: Куыд у? Ис дзы дзæбæх истытæ магазины?
Ислам: Цæуылнæ! Ис дзы къахыдарæс, хъуымæцтæ, æфсæйнаг сынтæджытæ æмæ æндæртæ. Æз дзы дыууæ сынтæджы исын... Нæ лæппуйæн — велосипед — афтæ йæ бафæндыди. Ноджы æндæр цыдæртæ.
Дуня: Мæнæн та Тамарæ æнæ пианино нал лæууы. Иу дзы ис æмæ йæ, цалынмæ ничи алхæдта, уалынмæ йæ райсын хъæуы. Хъуамæ йæ Тамарæйæн йемæ раттон.
Ислам: Черменæн дæр æхсызгон уыдзæн уый, уæдæ цы. Сиахс уын хорз ис. Чермен хорз лæппу у. Йæ фыдæй кæй байуæрста, уымæй дæр хорз бакодта. Чызг æмæ лæппу сæ дыууæ дæр куыстуарзаг сты æмæ цæрдзысты дзæбæх. Джанаспи та сæ цæрын нæ бауагътаид, бахордтаид сæ.
Дуня: Колхоз сын хорз баххуыс кодта. Дыууæ уаты сын сарæзта æд къухна. Кæрт дзы хорз — алцы гæнæн дæр дзы ис.
Ислам: Хъуамæ ахæмтæн æххуыс кæна колхоз, уæдæ цы — йæ хуыздæр кусджытæн, æнæсайгæ кусджытæн... Цæй, хæрзбон!
Ислам бацыди йæ хæдзармæ. Дуня ма иучысыл банхъæлмæ касти, стæй бараст ис сæхимæ, дзургæйæ:
— Ныр кæд цæудзæн? Кæдмæ йæм æнхъæлмæ кæсон?
Цыдæриддæр дзырдтой Ислам æмæ Дуня, уыдонæй иу дзырд дæр нæ аивгъуыдта Джанаспийы хъусты фæрсты. Рацыди кæртæй, æрбадти йæ бадæныл æмæ йæхиимæ дзуры:
— Хъусыс уыдонмæ, — сæ хор, се ’ндæр æфснайынæн бынат нал арынц æмæ стыхстысты. Ноджы цытæ æлхæнынмæ хъавынц? Æфсæйнаг сынтæджытæ, велосипедтæ, пианинотæ!.. Уыдæттæ сын бæргæ фенæрай уыдзысты... Æз ам цы гæс дæн... Фæлæууæнт!.. Бирæ æнхъæлмæ кæсын дæр нал хъæуы...
— Цы хъуыр-хъуыр кæныс ам? — сдзырдта йæм калиткæйы зыхъхъырæй Фатымæ.
Чермен куы байуæрста йæ фыдæй, уæдæй фæстæмæ Фатымæ æнцой нал ардта. Хъуыддагæн афтæ разилын æнхъæл нæ уыди æмæ ныр хъынцъымæй марди. Ам ис нырма Чермен, фæлæ йæ фыдимæ æппындæр кæрæдзимæ нал дзурынц. Хасанбегимæ дæр знæгты каст кæнынц кæрæдзимæ... Лидзы а дыууæ боны, колхоз ын цы хæдзар сарæзта, уырдæм. Адæргæй цы акæна Фатымæ, уый нæ зоны æмæ йæхи раппар-баппар кæны, куы иуæн акæны йæ хъæстытæ, куы иннæмæн. Йæ лæгмæ уыйас уæндгæ дæр нæ кæны, фæлæ йæ маст уый размæ хæссы уæддæр. Æххуыс ын цы фæуыдзæн? Уый йæ ныхас раджы загъта æмæ йæ сæрты нал ахиздзæн, фæлæ Фатымæмæ афтæ кæсы, цыма йын йæ мойы раз фенцондæр вæййы. Мæнæ та ныр дæр райста йæхи йæ цурмæ. Йæ хъуыр-хъуырæй йын ницы бамбæрста, фæлæ йæм афтæ фæкасти, цыма йæ фыртимæ ахицæныл фæсмон кæны æмæ йæхиимæ хæцы уый тыххæй.
— Цы хъуыр-хъуыр кæныс ам? Цыдæриддæр æрцыди, уый æрцыди дæхи аххосæй, — загъта Фатымæ.
Джанаспи йæ усы дзырдтæм хъусгæ дæр нæ бакодта, йæхи хъуыдытæ йыл тыхджындæр уыдысты.
— Уæдæй нырмæ Ислам æмæ Дунямæ хъуыстон, — раздæхти Джанаспи Фатымæйы ’рдæм.
Ус рахызти калиткæйæ.
— Æрлæууыдысты дæлæ уым дуармæ æмæ æппæлынц сæ хортæ, се ’ндæртæй. Кæм, дам, сæ æфснайæм, уый нын нал ис. Ислам кооперативæй ссыди — уым дзауматæ уыдта. Йæ хоры уæлдæйттæ уырдæм дæтты, æлхæны æфсæйнаг сынтæджытæ, велосипед йæ фыртæн æмæ æндæр ахæмтæ. Дуня йæ лæгмæ æнхъæлмæ кæсы горæтæй. Уыдон дæр сæ уæлдæйттæ магазинмæ дæттынц, æлхæнынц пианино сæ чызгæн, ома не ’намонд фыртæн дæр.
Фатымæ бахъынцъым кодта:
— Фæхæтæнхуаг ис нæ лæппу... Сразы дæ хъуыди Тотырбеджы чызгыл, æмæ уæд Чермен махæй нæ ахицæн уыдаид... Нæ зоныс ныры фæсивæды — сæхи фæнд тæрынц... Нæ дæ хъуыди афтæ цæхгæр ныллæууын йæ ныхмæ.
— Мауал мын кæн йæ кой! — фæтызмæг кодта Джанаспи йæ хъæлæс. — Уый дæр комсомол у. Партимæ цæуы, уый нæма фехъуыстай?.. Гæххæтт балæвæрдта... Кæрæдзи ссардтой Тотырбеджы чызгимæ, — «хуызæн хуызæны агуры». Цæрдзысты. Колхоз сын сарæзта дыууæ уаты æд къухна. Кæрт дæр хорз. Ныртæккæ Дуня дзырдта Исламæн... Цæрдзысты... Ахæм зондахаст куы уа нæ лæппумæ, уæд нæ фесæфдзæн... Йæ койæ мæ зæрдæ риссы, йæ уындæй та саугуырм кæнын.
«Æй-джиди, йæ зæрдæ куы фæфæлмæн уаид, — йæ фæндтæ куы фендæр уаиккой», — хъуыды кодта Фатымæ æмæ ма ноджыдæр авзæрста, загъта:
— О, ма йыл сыстырзæрдæ у! Æнахъом у. Куыд вæййы, цы вæййы, — иу райсом йæ фынæйæ куы рахъал уа, æмæ йæм хуыздæр зонд куы ’рцæуа æмæ куы зæгъа: «Нæ мын æмбæлди мæ ныййарджыты ныууадзын!..»
Джанаспи мæсты худт бакодта, йæ сæр æрдиаджы тылд ныккодта.
— Ма зæгъ, ма зæгъ, усай, — а большевикты зондыл чи ацæуа, уымæн раздæхæн нал ис, ныууадз, ферох æй кæн, — уымæй дæуæн фырт нал ис... Саст кæрдзын ныхæсгæ нал кæны.
— Æгæр ныддур кодтай дæ зæрдæ...
Джанаспи мæсты кæнын байдыдта йæ дзырдтыл, йæ хъæлæс фæбæрзонд кодта æмæ загъта:
— Мауал мын дзур уый тыххæй, банцай! — йæ лулæ æрхоста бандоныл.
Фатымæ фæзылди æмæ хъуамæ калиткæйы мидæг фæуыдаид, фæлæ ма иу здæхт фæкодта.
— Банцадтæн... банцадтæн, нал дзурын. Фæлæ ма дын цы зæгъынмæ хъавыдтæн...
— Цы зæгъынмæ? — бæрæг уыди, Джанаспийæн йæ маст тыхджындæрæй-тыхджындæр кæй кодта.
— Нæ колхозы куыстæй нæм ницы уыйас рахаудта. Нæ куыстат зæрдиагæй. Мæн дæр нæ ауагътат кусынмæ, чындзы дæр. Хорæй хъуаг кæндзыстæм, æмæ рагацау уый тыххæй басагъæс кæнын хъæуы. Ныртæккæ колхозонтæм бирæ ис уæлдай хор æмæ æнцонæй раттиккой æфстау, кæнæ æндæр исты æгъдауыл... — Фæурæдта йæ ныхас, бамбæрста, Джанаспи йæхи мидæг тынг кæй тыхсти, йæ дзырдтæ йын тынг хъыг кæй уыдысты, фæлæ йын куыд нæ дзура хъуыддаджы тыххæй!
Дæлæрдæм йæ цæстытæ ныццавта Джанаспи, афтæмæй фæхъæр кодта:
— Цу дæ хæдзармæ, дæ хъуыддаг не сты уыцы уынаффæтæ! Цæугæ!.. Цæугæ!.. Ныууадз мæ!.. Цæугæ!.. Цу!.. Нæ мæ æвдæлы демæ ныхас кæнынмæ.
Фатымæ фæзылди, калиткæйы дуарыл фæхæцыди, фæкасти ма фæстæмæ.
— Цæуын, цæуын. Мæ мæгуыр зондæй дын зæгъынмæ хъавыдтæн...
Джанаспи йыл фæхъæр кодта:
— Цæугæ, зæгъын!.. Мауал лæуу!
Фатымæ кæрты фæмидæг ис. Уым ма искуы куы лæууа, зæгъгæ, Джанаспи фестади йæ бадæнæй æмæ бакасти калиткæйæ — нæ ныллæууыди Фатымæ, уыцы иу схуыстæй хæдзары фæмидæг ис. Джанаспи ма йын йæ фæдджи ауыдта.
Æрбадти Джанаспи фæстæмæ йæ бадæныл, лулæ æрыдзаг кодта æмæ йæ ссыгъта, дымы. Дымы æмæ дæлæрдæм фæкæс-фæкæс кæны. Хинымæры дзуры:
— Афон у. Рæхджы йæ ардæм хъæуы. Цæттæ у... Фæлæ ма иу цæф ныккæнон... Цытæ дзурынц! Нæ, дам, дæ инвалид æмæ зæрдиагæй кус... Бæгуыдæр нæ дæн инвалид, фæлæ сымах уæ кæрæдзи инвалидтæ куыд фестын кæнат, æз уын ахæм ми бакæндзынæн... Афонмæ æрбацæуы...
Дардæй æрбайхъуысти автомобилы уаст.
— Æнхъæлдæн, уый машинæйы æхситтытæ сты. — Йæ рихитæ аздыхта, йæ иу къах иннæуыл баппæрста.
Хæстæгæй, уынджы тигъы æддейæ та фехъуысти машинæйы уаст.
— Уый... у... уый у йæхæдæг!
Тигъæй æрбазынди машинæ æмæ æрлæууыди. Иу къорд адæймаджы дзы рахызти æмæ алырдæм ацыдысты. Уалынмæ Тотырбег дæр разынди. Дæлæ ссæуы, мидбылты худы, дзуры Джанаспийы ’рдæм:
— Хорз та куыд нæ у ацы машинæ, дæс минутмæ нæ горæтæй ардæм æрбахæццæ кодта... Де ’зæр хорз, Джанаспи!..
— Хорз цæр æмæ æгас цу, Тотырбег! Машинæйæ куы рахызтæ. Горæты, мыййаг, уыдтæ?
— Уыдтæн... уыдтæн, уæдæ цы. Раст нæ дæс минутмæ æрбахæццæ кодта машинæ.
— Цы дзы загъдæуа, хорз дзаума у, — сдзырдта Джанаспи. — Фыццаг та ахæмтæ кæм уыди. Бауырнæд дæ, хорз у советон хицауад, бирæ хорз хъуыддæгтæ аразы.
Тотырбег æрлæууыди Джанаспийы цур.
Дарддæр ныхас цыди афтæ:
Тотырбег: Йæ бон цы у, уымæй нæ ауæрды. Хъыгдарджытæ, знаггадгæнджытæ ма ис, уыййеддæмæ йын ныронг дæр фылдæр бантыстаид.
Джанаспи: Хъыгдарджытæн сæхи хъыгдарын хъæуы, æмæ уæд нал хъыгдардзысты.
Тотырбег: Кæуыл хæст кæнæм, уыдоныл нæ ауæрдæм, фæлæ се ’ппæты чи зоны — æмбæхстæй кусынц.
Джанаспи: Æмбæхсæнтæ къахын хъæуы æмæ æмбæхстыты сæ хъустæй хурмæ ласын хъæуы. Куы нæ сыл хæст кæнай, уæд «расты цæв, æмæ зылын сбæрæг уа»... Тæккæ растдæр чи уа, уый цæвын хъæуы.
Тотырбег: Расты куы ныццæвай, уæд уымæй зылын не сбæрæг уыдзæн. Зылынтæ рæстытæн сæхи нæ зонын кæнынц. Фæлæ зæрдиагæй агурын хъæуы зылынтæн сæхи æмæ, иу зылыны куы ссарай, уæд ын зæгъын кæн йе ’мбæлтты, — алы зылын дæр иу къорд æмбалы зондзæн.
Джанаспи: Нæ, Тотырбег, зылын зылыны не схъæр кæндзæн, «халон халоны цæст нæ къахы». Расты цæвын хъæуы, расты, зылын уæд бæрæг кæны...
Тотырбег: Æмæ уæд цæфтæ иууылдæр уайдзыстæ рæсттыл, зылынтæ та фæсаууонæй худæгæй мæлдзысты. — «Сæгъы мехъ бирæгъæн худæг».. Нæ, Джанаспи, афтæ нæ, фæлæ къæрцхъус æмæ цырддзаст хъуамæ уæм, æмæ уæд зылынтæ комкоммæ нæ къухты æфтдзысты... Цæй, хæрзизæр уал у... Нæхимæ бауайон.
Фæзылди, фæцæуы.
Джанаспи: Ныр дын, Тотырбег, æз ам æнхъæл уыдтæн. Æрдæбон Ислам сымахæй рацыди, æмæ афтæ фенхъæлдтон, мæ сыхæгтæ, зæгъын, сæ бирæ куысты фæстæ иумæ бадынц, сæ фæллад уадзынц, минас кæнынц.
Тотырбег сдзæгъæлдзаст ис.
— Бауырнæд дæ, Тотырбег, мæнæн дæр фадат куы уаид, уæд æз дæр афтæ кæнин. «Цардæй цард агурын хъæуы».
Джанаспийы уыцы дзырдты фæстæ Тотырбегæн йæ былтæ уæгъд змæлд скодтой, æндæр ницыуал, æвзаг ма дзæгъæлы ахатти комы мидæг — иу дзырд нал схаудта йæ дзыхæй, афтæмæй кæрты дуарæй фæмидæг ис.
Уынгты чидæр æрцæйцыди æмæ Джанаспийæн загъта изæры салам, фæлæ уыцы салам Джанаспи нæ бамбæрста, фехъуыста йæ, фæлæ йæ иувæрсты ауагъта, æрæджиау бахызти йæ хъустæм æмæ уæд адзырдта цæуæджы фæстæ:
— Хорз цæр. Дæ хъуыддаг раст!
Джанаспи цæуæджы саламæн дзуапп раттын æвиппайды уый тыххæй нæ бафæрæзта, æмæ йæ уымæ не ’вдæлди, цинæй марди уыцы минут, Тотырбег дзæгъæлдзастæй кæй аззади, дзурын кæй нал сфæрæзта æмæ æвиппайды сæ кæрты дуары мидæг кæй фæци, ууыл.
— Нæмыг мысанæн йæ тæккæ астæу сæмбæлди, — загъта хинымæры Джанаспи. — Ницыуал дзы хъæуы ныр. Тæвд æфсæйнаджы сыгъдау ын мæ дзырдтæ асыгътой йæ зæрдæ. Кæд ма дзы гуырысхойагæй иучысыл исты уыди, уæд дзы ныр иу мур дæр нал аззади...
Æрбалæууыдысты Джанаспийы зæрдыл Исламы дзырдтæ, зæгъгæ, хорз бакодта Чермен, йæ фыдæй йæхи кæй рахицæн кодта, уымæй, зæгъгæ сæ Джанаспи бахордтаид... «Æз хорз бакодтон, æз! — сдзырдта хинымæры Джанаспи. — Ноджыдæр ма сæ ахæм ран куы ссарин, уæд та афтæ бакæнин...»
Хъуыдытæ кодта дарддæр:
«Ныр хъуамæ ам дзæбæх хъуыддæгтæ æрцæуа, бирæ æнхъæлмæ кæсын дæр сæм нал бахъæудзæн... Дарддæр? Дарддæр истытæ хъуыды кæндзынæн. Сæнад кæнын хъæуы колхоз адæмæн, худайстæй дзы куыд лидзой, афтæ... Дарддæр? Дарддæр дæр фендзыстæм».
Афтæ уыдысты Джанаспийы хъуыдытæ æмæ фæндтæ. Никæй зæрдæ æхсайдта, зæгъгæ, хицауады ныхмæ лæууы, колхозы ныхмæ лæууы. Иу дзырд дæр дзы хицауады ныхмæ, колхозы ныхмæ никуы ничи фехъуыста. Чермены раз чысыл цыдæртæ срæдыдтытæ кодта хъазæн æмхасæнтæй, æмæ уый хъазæн уыди æмæ хъазæн, — æцæгæй та Джанаспи кæддæриддæр дзырдта хицауады фарс, колхозы фарс, фыццаджыдæр колхозмæ гæххæттытæ чи балæвæрдта, уыдонимæ уыди... Хъуамæ йæм æппындæр макæй зæрдæ æхсайа. — Ахæм хъуыдытимæ байгом кодта Джанаспи калиткæ æмæ бацыди йæ хæдзармæ.
Тотырбег нæ бафæрæзта комкоммæ йæ хæдзармæ бацæуын, Дуняйы раз балæууын — рагагъоммæ йæ дызæрдыгдзинæдтæ куы раргом уой, уымæй тарсти. Уымæ гæсгæ, азылди кæрты къуымты, бæлæстæм фæлгæсæг йæхи скодта, йæ зæрдæ йе ’муд цæмæй æрцæуа, ууыл йæхи хъардта. Дзæвгар афæстиат ис кæрты, стæй бараст ис йæ уатмæ. Дуарæй куы бакасти, уæд федта — Дуня трюмойы раз йæхи разил-базил кæны.
— Кæсыс уымæ! — сдзырдта Тотырбег хинымæры, — йæхи чындздзон чызгау дзæбæхтæ кæны... Мæн тыххæй? Куыннæ стæй! Æз та ма йын цы дæн!
Кæд лæг йæхиуыл хæцыди, уæддæр, йæ чемы кæй нæй, уый Дуняйы цæстытæй нæ басусæг ис, афарста йæ:
— Цы кæныс, рынчын дæ æви цавæр у, дæ хуыз йæ бынаты куы нæ ис?
— Ницы дæн рынчын, — загъта Тотырбег, — æвæццæгæн, фæндагыл бафæлладтæн æмæ дæм уымæн афтæ кæсы.
Æрбадти диваныл æмæ йæ къайы цæсгомыл агуры исты къæмдзæстыгдзинад — нæй, ахæмæй йыл ницы уыны æппындæр æмæ дис кæны хинымæры, куыд арф æмбæхсын зоны сылгоймаг йæ хъуыдытæ!.. Цы бамбæрстæуа ныр ацы адæймагæн? Йæ цæстытæ — калмы цæстытæ... Æууæндæн нæй ахæм цæстытыл!.. Джанаспи куы нæ уыдаид, уæд æй цæмæй базыдтаин — хынджылæг мæ кодтаиккой нырæй фæстæмæ дæр. Уый тыххæй бузныг Джанаспийæ.
Афтæ хъуыдытæ кæнгæйæ, Тотырбег афарста Дуняйы:
— Цымæ Ислам ам нæй?
Дуня цыдæртæ змæлыди уаты дзауматимæ, ракасти комкоммæ йæ лæгмæ.
— Уæдæ кæм уыдзæн? Абон æй уæртæ уынджы ауыдтон. Кооперативæй сцæйцыди.
Тотырбеджы сæры йæ сау хъуыдытæ дарддæр сæ зилыны куыст кодтой:
«Хъусыс æм, цы зæгъы? Кооперативæй, дам, сцæйцыди... Сырх дæр нæ баци, цæст дæр нæ фæныкъуылдта!»
— Ислам йæ уæлдæйттæй цыдæртæ æлхæны магазины, дзырдта дарддæр Дуня. — Æрæгмæ æрбацыдтæ, уыййеддæмæ мах дæр ныууадаиккам. Нартхоры уæлдай федде кæнын хъæуы. Пианино æлхæнинаг куы уыдыстæм Тамарæйæн. Ноджыдæр ма нæ истытæ бахъæудзæн.
— Райсом бахъуыддаг кæндзыстæм уыдæттæ, — загъта Тотырбег æмæ та рацыди кæртмæ, йæ бон нал уыди иу ран бадын, — йæ сау хъуыдытæ йын æнцой нал лæвæрдтой. Æхсæвæры фæстæ йæхицæн хуыссæн бакæнын кодта кушеткæйыл. Раджы схуыссыди, фæлæ суанг боныцъæхы онг нæ бафынæй ис, æдзух хъуыдытæ кодта йæ царды хæлды тыххæй. Хаттæй-хатт-иу цыдæртæ схъуыр-хъуыр кодта. Дуня-иу æм байхъуыста, фæлæ дзы ницы æвзæрста.
«Рынчын у æмæ йæ нæ хъæр кæны», — дзырдта хинымæры Дуня. Йæ лæгмæ гæсгæ уый дæр æнæхуыссæг фæци. Иу хатт æй афарста:
— Цы кæныс, цæмæй рынчын дæ? Цæмæн афтæ тыхсыс дæхи мидæг?
— Банцай, ныууадз мæ! — схуыст дзырд скодта Тотырбег.
«Цыдæр маст дзы ис æмæ йæ мæнæн нæ хъæр кæны, — фæхъуыды кодта Дуня. — Ныууадзон æй йæхи бар, кæд æй афтæ æмбæхсы, уæд».
Райсомырдæм афынæй ис Тотырбег, фæлæ ахæм фынтæ уыдта, æмæ фыртыхстæй цыдæртæ хъæр кæнын байдыдта. Дуня йæ райхъал кодта æмæ уæд сдзырдта:
— Уæу, мæнæ диссæгтæ уынын!
— Исты æвзæр фынтæ федтай, æвæццæгæн? — афарста та йæ Дуня.
Нæ йын схъæр кодта Тотырбег йæ фынтæ дæр.
***
Аходæнафон уыдаид, афтæ Тотырбег рацыди уынгмæ, акасти алырдæм. Æвзæр бон уыди. Сау денджызы ’рдыгæй дымдта уазал дымгæ. Мигътæ кæрæдзи фæдыл бырыдысты æмæ бырыдысты. Уаргæ нæ кодта, фæлæ уымæл уæнгты хъардта. Уынгты змæлæг нæ уыди — ахæм бон æнæ хъуыддагæй чи цæуы уынгмæ.
Калиткæйæ ракасти Дуня:
— Цæй-ма кооперативмæ кæд ныууайдзыстæм? Кæдмæ лæудзæн нартхор уæгъд кæлдтытæй? Картофтæ-йедтæ дæр нывыл æфснайд нæма сты... Зымæг та махмæ нæ кæсдзæн... Цæй, цы зæгъыс?
— Нæма мæ æвдæлы. Æз дын мæхæдæг зæгъдзынæн, — къуызгæйæ сдзырдта Тотырбег. Дуня бацыди мидæмæ.
«Куыд дары йæхи! — бадис кодта Тотырбег. — Айдæнæй сыгъдæгдæр, сихæй æнæтæригъæддæр цыма у, уый хуызæн... уал æмæ уал азы фæцæр йемæ æмæ йæ ма базон! Æппын æм дæ зæрдæ ма фехсайа!.. Куырм разындтæн, куырм. Бузныг Джанаспийæ — уый руаджы йæ базыдтон».
Иу цъусдуг ма алæууыди Тотырбег дуармæ, йæхимæ хъусгæйæ, стæй бацыди фæстæмæ кæртмæ. Йæ фæнд рæгъæд уыди, фæлæ йæ æххæст кæныныл тагъд нæ кодта. Йæхи уромын фæрæзта.
Иу-дæс минуты фæстæ та разынди Тотырбег дуармæ. Ацы хатт йæ къухы уыди фæрæт. Сындæг къахдзæфтæй бараст ис Тезиаты Исламы хæдзары ’рдæм. Æрлæууыди кæрты дуары цур. Иу цъусдуг алæууыди, хъуыдытæ кæнгæйæ, стæй бадзырдта:
— Ислам, ам дæ, цы?
Йæ хæд цурæй сдзырдæуыди:
— Мæнæ дæн, Тотырбег, — мидæмæ!
Ислам бадти кæрты, быруйы хæд фарсмæ, къодахыл. Йæ кæрц, йæ уæхсчытыл æппæрст, бапъирос дымдта æмæ фæлгæсыди йæ кæртыл.
Тотырбег дуарæй куы базынди, уæд æм куыдз рагæпп кодта рæйгæ, фæлæ уайтагъд йæ къæдзил атылдтытæ кодта æмæ иуварс ацыди — хионмæ цæмæн лæбурдтаид!
— Дæ бон хорз, Ислам.
— Хорз цæр, Тотырбег.
— Цы стыхтай дæхи кæрцы, нырма зымæг куы нæ у?
— Зымæг нæма у, фæлæ куыд уымæл у, уый уыныс, — уæнты иннæрдæм хъары... Бадын æмæ фæлгæсын мæ кæртыл. 44 азы цæрын дунейы æмæ ацы кæрт афтæ дзаджджынæй никуыма федтон. Йæ уындæй зæрдæ рухс кæны. Акæс-ма уыцы хъазтæм, куыд стæвдтæ сты иууылдæр! Æмæ кæрчытæ та? Æмæ гогызтæ та? Æниу бабызтæ? А иннæтæ нымад сты, хъазтæ сты дыууын фондз, гогызтæ æртындæс, фæлæ кæрчытæ цал сты, уый нæ зонын. Сона дæр æй нæ зоны. Æрдæбон сын хæринаг акалдта æмæ кæрт æгасæй дæр æмызмæлд кодта. Ныр та алы къуымты абырдтытæ кодтой.
Тотырбег йæ рахиз къухы фæрæт дары, афтæмæй фæлгæсы кæртыл. Алырдыгæй змæлыдысты хæдзарон мæргътæ, сæ дзыхтæ зæххыл хафгæйæ, алы æвзагæй кæрæдзимæ сидгæйæ. Куы иуæрдыгæй хъуысти уасæджы уасын, куы иннæрдыгæй, æмæ-иу уæд гогызтæ æмхор-хор скодтой. Кæцæйдæр хъуысти хуыты хъох-хъох æмæ хъыбылты хъыс-хъыс. Иу сæгъ, æртæ фысы æмæ ацы азы род кæрты иу къуымы батымбыл сты, уыдон, æнцад-æнцойæ, æнæ сæхи зонын кæнгæйæ, чи хæлттæ æууылдта, чи сынæр цагъта.
Бирæ хæттыты уыди Тотырбег ацы кæрты æмæ, йæ хуылфы цы ис, уымæ ныр йеддæмæ лæмбынæг никуыма æркасти. Бирæ ис йæхимæ алцыдæр, фæлæ йæм Исламы кæрт дзаджджындæр фæкасти, æмæ йын хъыг уыди. Сдзырдта:
— Диссаг уæртæ уыцы хъазтæ сты... Ныр фысты дзугæй уыдонæй цы хъауджыдæр ис?.. Акæс-ма уыдонмæ!.. Цæмæй сæ хæссут, уæ хорзæхæй?
— Сымах сæ цæмæй хæссут, мах дæр уымæй.
— Хъуццытæ дæм дыууæ ис, æнхъæлдæн... Уый дын дыууæ хъуджы, фыстæ, сæгътæ... Хуытæ дæм дыууæ йеддæмæ куы нæ уыди, ныр дын куы бабирæ сты!
— Цæй бирæ? Цотæн уæртæ иу йоркшираг хъыбыл балхæдтон. Хорз мыггаг у уый, — нырæй фæстæмæ ахæм мыггаг дардзынæн.
— Иу дзырдæй, дæ иу къах иннæ къахыл сæвæр æмæ минас кæн.
— Афтæ мæ зæрды ис, афтæ... æмæ ды дæр афтæ куы кæнис!
— Æмæ цæуылнæ кæнон? Дæуæй къаддæр, мыййаг, куы нæ кусын. Цæмæн дæм æрбауадтæн, уый зоныс?
Ислам ын фæдис кодта йæ хъæлæсы ахастыл.
— Цæмæй йæ зонын? Зæгъ æй, æмæ йæ уæд зондзынæн.
— Мæнæ мын мæ фæрæт ацыргъ кæн. Дуртыл æй фæхостой, æмæ хал нал лыг кæны... Ацыргъ æй кæн... Дæ цыргъгæнæн цалхæн æмбал нæй.
Ислам айста фæрæт æмæ йын йæ ком стыр æнгуылдзы уырзæй уыны.
— Цы къахыртæ сси! Цы алыг кæна афтæмæй?.. Ацыргъ æй кæндзынæн. Цæуылнæ? — Сыстади æмæ фæцæуы сарайы ’рдæм.
Йæ фæдыл цæуы Тотырбег. Йæ сæрымагъзы фæзынди хъуыды: «Фæлæбурон æмæ йын йæ хурхыл бахæцон!» — Йæ къухты æнгуылдзтæ сæхи уагæй æлвасæн змæлдтытæ акодтой... Баурæдта йæхи. — «Кæсыс амæ?.. — ахъуыды кодта Тотырбег, — йæхи мын хæлар скодта, афтæмæй мын мæ уаты сыгъдæгдзинад фесæфта!..
Ислам аппæрста йæ кæрц æмæ æрбадти цалхы раз.
— Æрзил уæдæ цалх, Тотырбег!
— Уый дын мæ быгъдуан. Цалх æрзилын æнцон у. Фæлæ йæ афтæ ацыргъ кæн, æмæ сæр куыд даса.
Ислам дары фæрæт цалхыл, рæстæгæй-рæстæгмæ йын йæ коммæ æркæсы.
Йæ къухтæ хыссæйæ ахуырст, афтæмæй къухнайæ ракасти Исламы бинойнаг Сона — йæ райгæ цæсгомæй цыма æгас кæрт барухс и, уый хуызæн зынди.
— Тагъд равдæлут, — худæндзастæй бадзырдта сарайы ’рдæм, — æвæджиау уæливыхтæ мæм ис нæ ног мæнæуы ссадæй.
— Ахуыпгæнинаг дæр исты уыдзæн, æвæццæгæн? — афарста Тотырбег æмæ цалх тынгдæр æрзылдта.
— Уыйас дæр уæ хъæуæд, — замманайы хорз арахъ мæм ис. — Худгæйæ фæаууон ис къухнайы.
Ислам та ауыдта фæрæты ком æнгуылдзы уырзæй.
— Гъе ныр ын æгъгъæд уыдзæн.
Тотырбег райста фæрæт æмæ йæ уый дæр къухæй ауыдта.
— Хъæуы ма йæ. Афтæмæй сæр нæ адасдзæн.
— Адасдзæн.
— Нæ адасдзæн, — ацыргъ ма йæ кæн. Абонæй фæстæмæ фæрæтæй йеддæмæ сæр ницæмæйуал дасын.
— Цæй, хорз, адауон ма йæ.
Тотырбег зилы цалх. Ислам дары фæрæт.
— Цытæ равзæрстай дæхицæн, Ислам, магазины? — фæрсы Тотырбег. — Не ’фсин мын загъта, магазинæй, дам, сцæйцыди.
— Уыдтæн, уыдтæн магазины. Дыууæ æфсæйнаг сынтæджы, нæ лæппуйæн велосипед, хъуымæцтæ-йедтæ.
— Æфсæйнаг сынтæг дæр хорз у, — дзуры Тотырбег, — фæлæ, мæнмæ гæсгæ, адæймагæн сыджытæй хуыздæр хуыссынæн ницы ис.
Ислам фæдис кодта Тотырбеджы дзырдтыл æмæ йæм скасти — йæ цæсгом фæлурс, йæ цæстытæ æнахуыр æрттывд кæнынц. Фæдис кодта, не ’мбæрста цæмæн афтæ у Тотырбеджы цæсгом иннæ бонтæй хъауджыдæр. Сдзырдта:
— Æнахуыр ныхæстæ кæныс... А, фен ныр дæ фæрæт!
Тотырбег райста фæрæт, ауыдта йæ.
— Гъеныр цыфæнды сæр дæр адасдзæн. Искæй устытыл цы Ислам зилы, уый сæр дæр адасдзæн.
Арвы æрттиваджы æрттывд фæкодта Исламы сæры, дунейы æбуалгъдæр цы фыдракæнд ис, уый тыххæй гуырысходзинад, фестынмæ хъавыди, зæгъынмæ хъавыди...
Йæ лæджы мароймæ разгъордта Сона. Ислам мард уыди, йæ къухтæ фæйнæрдæм æппæрст, афтæмæй йæ туджы мæцыди сарайы хъæбæр зæххыл. Фæлæбурдта Сона Тотырбегмæ.
— Цы бакодтай? Цы бакодтай?!.
Тотырбег асхуыста усы. Ус афæлдæхти сарайы цæджындзы фарсмæ, бауадзыг ис.
Хъæртæм алырдыгæй æрбазгъордтой адæм, фæлæ байрæджы ис, — ирвæзын кæнын никæйуал хъуыди, иргъæвинаг дæр дзы ничиуал уыдис. Ислам уыди мард, йæ тугæй йæ алыварс сау зæхх сырх хъулæттæ сси. Ус уадзыгæй лæууыди, иу къорд устытæ йæ разы, — донæй йын сæрфтой йæ ных, йæ цæсгом. Адæм Тотырбегыл ныххæцыдысты. Сбастой йæ. Хъæр ма кодта.
— Иннæ мын баззадис! Уымæ ма куы баирвæзтаин! Уый аххосджындæр уыди!
Кулдуарæй æрбазынд асæй рæстæмбис, карæй иу-дыууыназыккон лæппулæг. Морæ цухъа сау куырæтимæ нарæг æлвæст уыди æвзистæргъæвæгджын ронæй æмæ хорз фидыдта хæрзконд гуырыл. Роныл ауыгъд уыди æвзистæй фæлыст хъама. Лæппу куы айхъуыста кæуыны уынæр, куы ауыдта кæрты бирæ адæмы змæлд, уæд фæлæууыди.
Айхъуысти кæйдæр хъæр:
— Никъала æрбацæуы, марадзут!
Уый уыди Исламы иунæг фырт. Сахатæй фылдæр нæ рацыди, афтæ йæ йæ фыд арвыста цæйдæр хъуыддаджы тыххæй уæлæсыхмæ. Цавæр у? Цы ’рцыди уыцы цыбыр рæстæджы?
Бауадысты йæм 3–4 лæджы æмæ йæ разы æрлæууыдысты.
— Цавæр у? Цы хабар у?
— Стыр фыдбылыз æрцыди, фæлæ дæхи уромын бафæраз, — Тотырбег амардта Исламы.
Лæппу минуты бæрц сагъдау баззади.
— Æмæ мæ размæ цы ’рлæууыдыстут?
— Ма цу уырдæм!
— Ма тæрсут, туг исыныл нæ ныллæудзынæн... Ауадзут мæ, фенон мæ фыды!
Нæ йæ уадзынц, йæ цæнгтыл ын ныххæцыдысты.
Никъала сæм хъæбæр сдзырдта:
— Зæгъын уын, æз туг исыныл нæ ныллæудзынæн. Æз фæскомцæдисы хъомылгонд дæн æмæ ахæм æнæсæрфат хъуыддаг нæ бакæндзынæн. Цы ’рцыди, уый æрцыди. Мæ фыды йæ туг райсынæй нал райгас кæндзынæн... Ауадзут мæ!
Ауагътой йæ, фæлæ йæ фæйнæ фарс цыдысты, фæлæбурын æввонгæй. Кастысты йæм адæм. Бирæтæ дис кодтой, куыд æнцад у, ууыл. Бирæтæ æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, барæй йæхи æрæнцад кодта, фадат минут равзардзæн æмæ йæ фыды туг райсдзæн.
Лæппу бацыди æнцад сарамæ, æрлæууыди йæ фыды марды раз, æдзынæг ын ныккасти йæ цæсгоммæ, фæлæ не скуыдта, æрмæст дыууæ цæссыджы æрбырыдысты уадултыл æмæ æрхаудтой бæрцагъудтыл. Рагæй дæр æм æгад касти лæджы куыд, хъуамæ лæг йæхи уромын фæраза.
Бон тардæр кодта. Сæлфынæг хæссын байдыдта. Бæрæг уыди, æрæгвæззæг йæ барты бацæуыны фæнд кæй скодта. Боны æнкъарддзинад зынди фосыл, мæргътыл, адæмыл. Уæлдай æнкъард æристы абон адæм, фыдбылызы хабар хъæуыл куы айхъуысти, уæд. Цыдысты, цыдысты адæм иугæйттæй æмæ къордгæйттæй Тезиаты дуармæ, кæрæдзийæн сæ хъыгдзинад дзырдтой. Тотырбег æмæ Ислам хъæуы ’хсæн нымад уыдысты æууæнкджын, хæрзæгъдау æмæ раст адæймæгтыл. Давгæ нæ кодтой, хыл нæ кодтой. Адæмæй иуæй-иутæ уарзтой æвзæр дзыхæй дзурын, иуæй-иутæ ма дзы сæхи хъал дæр кодтой, зæгъгæ, афтæ арæхсæм æлгъитынмæ, æнæуаг ныхæстæ мысынмæ, фæлæ Тотырбег æмæ Ислам уыдæттæй нæ уыдысты, никæмæй сæ ничи фехъуыстаид æвзæр ныхас. Адæм зыдтой ноджы, ацы дыууæ адæймагæн сæ бинонтæ дæр кæрæдзиимæ куыд хæлар уыдысты. Уымæ гæсгæ ныр иууылдæр дис кодтой фыдбылызыл. Бирæтæ зæрдæбынæй хъыг кодтой, сæ цæссыгтæ фæдджитæй сæрфтой.
Хъæртæм, кæуынмæ, уынæрмæ рауади колхозы правленийы сæрдар Аслæнбег дæр. Исламы сарайы мардæй куы федта, уæд йæ уæлхъус иу цъусдуг сагъдау аззади. Никъалайы хабар æм правленимæ байхъуысти, æмæ йын ныр йæ къух райста, загъта йын:
— Бузныг, ды дæ æцæг фæскомцæдисон!
Фæдзырдта дружинникмæ æмæ йæ арвыста фæдисы хъæусоветы сæрдармæ. Уайтагъд фæзынди хъæусоветы сæрдар Бимболат.
Сона уæдмæ æрчъицыдта, йæ уæрджытæ хойы, йæ дзыккутæ тоны, æрдиаг кæны:
— Мæ боныл, æна, цы бын æрбадæн!
Йæ фарсмæ устытæ бадзыгуыр сты æмæ дзыназынц. Фæкасти Аслæнбег уыдоны ’рдæм — кæд ферох кæндзысты адон се ’нæуаг куыд, нæ сыл афæстиат ис йæ цæстæнгас, ацыди дарддæр æмæ банцади Тотырбегыл...
Бимболат фæдзырдта иннæ дружинникмæ:
— Адзурæд исчи телефонæй районы хицæуттæм!
Чидæр азгъордта.
Фæкасти Бимболат мардмæ:
— Æрæмбæрзут марды истæмæй.
Бацыди Тотырбегмæ. Уый бæстытæй лæууыди цæджындзы фарсмæ. Федта Тотырбег, куыд бацыди Никъала, куыд æнцад у, куыд æм нæ лæбуры марынмæ, æмæ дис кодта. Йæ цæсгом мæрдон фæлурс, йæ цæстытæ дзагъул, афтæмæй дзæгъæлгаст кодта алырдæм. Уалынмæ цъæхахстгæнгæ базгъордта Тамарæ, иу каст фæкодта марды ’рдæм, стæй йæ фыдыл йæхи ныццавта, ныттыхсти йыл æмæ ныдздзынæзта:
— О... о... Мæ мæгуыр фыд, цы бакодтай? Цы дыл æрцыди?.. Дæ зонд цы фæци? Цæмæн бабын кодтай дыууæ хæдзары? — Кæуы.
Тотырбег æм разылди, къуыхцгæйæ сдзырдта:
— Басабыр у! Басабыр у. Цы кæнын мыл æмбæлди, уый бакодтон, æндæр ницы.
Бимболат уал уыдон фæуагъта, раздæхти адæмы ’рдæм.
— Хорз адæм, фыдбылыз æрмæст Тезиаты æмæ Æрдынатыл не ’рцыди. Фыдбылыз æрцыди æгас хъæуыл, тынгдæр та нæ колхозыл, — Тотырбег æмæ Ислам уыдысты нæ колхозонтæн сæ хуыздæртæй. Ныр сæ иу мард у, иннæмæй дæр махæн пайда нал ис... Зæгъут-ма, цы сыл æрцыди?
Чи цы загътаид, иууылдæр дисы бын уыдысты. Тотырбег дзуапп никæмæн лæвæрдта.
Уыцы сахат кæртмæ бацыди Джанаспи æмæ æрдиаг кæнын байдыдта.
— Йе уæууæй, йе! Цæй фыдбылыз ныл æрцыди! Цы кодтой? Цавæр у?.. Адон мæ тæккæ сыхæгтæ сты. Хорз сæ зыдтон. Се ’хсæн хæрамдзинадæй никуы ницы уыди, хæларæй цардысты. Кæрæдзийæн ма æмдзуарджынтæ дæр уыдысты.
— Нæ сæ зыдтам! — сдзырдта чидæр. — Нæ хъæубæсты адонæй хæлардæрæй ничи царди.
Бимболат устыты сæ куыдæй фæсабыр кæнын кодта, стæй баздæхти Тотырбегмæ.
Се ’хсæн æрцыди ахæм ныхас:
— Зæгъ-ма, Тотырбег, цы кодтат? Хæларæй куы цардыстут, уæд уыл цы ’рцыди!
— Ма мæ фæрс. Цы ’рцыди, уый уæхæдæг уынут, æмæ мæ рафæрс-бафæрсæй ныууадзут. Кæд мæ ахæстоны кæнут, уæд бакæнут, кæд мæ маргæ кæнут, уæд амарут. Фæрсгæ мæ ма кæнут, иицы уын зæгъдзынæн.
— Зæгъын хъæуы, — фæлмæн сдзырдта Бимболат. — Амардтай дæ сыхаджы, дæ хæлары. Уый хуымæтæджы нæу. Зæгъ нын, цæй тыххæй йæ амардтай?
— Ницы уын зæгъдзынæн.
Бимболат йæ къух æрæвæрдта Тотырбеджы уæхскыл. Адæм æдзæмæй ныхъхъуыстой, кæддæра цы зæгъид Тотырбег.
— Æз дæн хъæусоветы сæрдар, æз дæн партион. Фæрсын дæ, æргом мын зæгъ, цæй тыххæй амардтай Исламы?
Тотырбег исдугмæ дзуапп нæ лæвæрдта, нæ дзырдта, фæлæ фæстагмæ загъта:
— «Усы байст уды айст у», Бимболат. Афтæ зæгъы фыдæлты æмбисонд. Æмæ мын мæ уд чи иса, уымæ æз къухтæ æруадзгæйæ кæсон?
Уым, иуварсырдыгæй, цæссыгтæ калгæйæ, устытимæ лæууыди Тотырбеджы ус Дуня. Уый йæ лæджы дзырдтæ куы айхъуыста, уæд ныцъцъæхахст кодта æмæ йæ уæрджытæ æрхоста.
— Мæ хæдзар байхæлд! Цытæ дзурыс уый? Куы ницы зонын мæ сæрæн, уæд цытæ дзурыс?! Æфсымæр... æфсымæры цæстæй куы кастæн æз Исламмæ, уæд дыл цы ’рцыди? Цæмæн бабын кодтай дыууæ хæдзары?!
Устытæй æмæ лæгтæй чидæртæ кæрæдзимæ ракæс-бакæс кæнын байдыдтой. Æхсызгон уыди иуæй-иутæн, ахæм хабар дзы кæй рабæрæг ис, уый, сæхи йыл аирхæфсдзысты, уыйфæстæ йæ афæдзы æрдæг дзурдзысты кæрæдзийæн, æндæртæн, чи йæ нæ фехъуыста, ахæмтæн, — уый дæр сын зæрдæ фæлæууынæн хорз. Иуæй-иутæ уадысты ардæм æрмæст хи айвазыны, хи аирхæфсыны тыххæй, бирæ адæмы астæу фæуыны æмæ аныхæстæ кæныны тыххæй, уыййеддæмæ сын хъауджыдæр нæ уыд, исчи искæй амардта æви цы, хъыг дæр ыл нæ кодтой, цин дæр ыл нæ кодтой. Фæлæ ахæмтыл ацы ран сæмбæлди уæлдай хорз — сæ цымыдысдзинад сын чи рæвдыдта, ахæм стыр хабар дзы разынди — дыууæ хæларæй иу иннæйы усимæ царди, æмæ фыдбылыз æрцыди уыйохыл, уымæй дзæбæхдæр ма сын цы уа зæрдæ фæлæууынæн! Ракæс-бакæс кæнынц кæрæдзимæ устытæй чидæртæ, иуæй-иутæ дзы цæст æрныкъулынц, иннæтæ та афтæмæй дæр æмбарынц кæрæдзи.
Дарддæр ныхас цыди афтæ:
Бимболат: Рæдийыс, Тотырбег. Цыма фос, дзаума байсыныл у хъуыддаг, уый хуызæн цæуы дæ ныхас. Æцæгдæр, фыдæлты рæстæджы сылгоймаг нæлгоймаджы къухы фосы уавæры уыди, фæлæ ныр, советон царды, афтæ нал у. Дæхæдæг иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыстаис — сылгоймаг æмæ нæлгоймаджы бартæ æмхуызон сты. Сылгоймаджы демæ цæрын куынæуал фæнда, уæд йæ бауромын дæ бон нæу. Сылгоймаг барвæндонæй дæуæй æндæрмæ куы ацæуа, уæд уый усы байст нæ хуыйны. Уый ныхмæ æрлæууын дæ бон нæу.
Тотырбег: О Бимболат, хъуыстон уыдæттæ, фæлæ ахæм хъуыддаджы «зæрдæ зонды нæ фæрсы»... Æррайау сдæн, — мæ зæрдæ мын цы дзырдта, уый бакодтон, мæ удисæгæй мæ маст райстон.
Бимболат: Рæдийыс, Тотырбег, — зæрдæ зонды хъуамæ фæрса. Зæрдæйы йæхи бар куы ауадзай, уæд бирæ фыдбылызтæ сараздзæн... Зæгъ-ма нын, зæгъ, куыд æрцыд уæддæр хъуыддаг, кæд, чи зоны, дзæгъæлы сæрра дæ?
Тотырбег: Зæгъдзынæн, кæд уæ афтæ æхсызгон хъæуы, уæд.
Бимболат: Хъæуы, Тотырбег, зæгъ!
Тотырбег: Мæнæн-иу быдыры, куысты уæлхъус, мæ хид куы калди, уæд-иу Ислам хъæуы балæууыд æмæ мæ бинойнагимæ æрвыста рæстæг.
— Цæй тугтæ мыл мысыс уый, лæгай? Цы дыл æрцыди?! — ныдздзынæзта Дуня.
Тотырбег: У... у... залиаг калм, дæуæн басæттæн ис!..
Бимболат: Багъæц, багъæц, Тотырбег! Зæгъ-ма, зæгъ, цæмæй зоныс, Ислам дæ усмæ цыдис, уый?
Тотырбег: Зонын æй.
Бимболат: Уæддæр?
Тотырбег: Зонын æй. Загъдæуыди мын.
Уыцы дзырдтæ фехъусгæйæ адæм базмæлыдысты, суынæр кодтой.
Хъуысынц дзырдтæ:
— Ам цыдæр ис!
— Æнæ знаджы къух дзы хос нæй!
Бимболат: Æмæ дын чи загъта уæддæр уыцы хабар?
Уыцы ран Дуриаты Джанаспи ахицæн ис адæмæй æмæ уæртæ фæцæуы кулдуары ’рдæм.
Тотырбег: Мæнæ мæ тæккæ сыхаг Дуриаты Джанаспи йæхи цæстытæй фендтытæ кодта...
Бимболат дзуры дружинниктæм.
— Раздахут уартæ уыцы лæджы!
Дружинниктæ ауадысты, здахынц Джанаспийы. Уый сын нæ комы, нæ хæдзармæ, дам, мæ бауайын хъæуы, ныртæккæ раздæхдзынæн фæстæмæ. Нæ йæ ауагътой, раздæхтой йæ.
Тотырбег: Джанаспи йæхи цæстытæй фендтытæ кодта — бацыди-иу Ислам мæ хæдзармæ æмæ-иу уым дзæвгар рæстæг арвыста.
Дуня та ныдздзынæзта:
— Цæй тугтæ мыл æрымысыдысты! Цæй æнамонд фæдæн!
Бимболат: Фæсабыр у, дæ хорзæхæй!
Бацыди Джанаспи. Йæ фæдыл — дружинниктæ.
Джанаспи уæндон хъæлæсæй бафарста:
— Мæнæ дæн, цы мæ кæнут?
Бимболат æм баздæхти дæрзæг хъæлæсæй:
— Тотырбегæн загътай, йæ усмæ йын Ислам цæуы, зæгъгæ?
Джанаспи ныддис кодта:
— Уый та куыд? Йæ усмæ йын Ислам цæуы, зæгъгæ? Нæ, æз Тотырбегæн афтæ никуы загътон.
— Уæдæ йын куыд загътай?
— Загътон ын, дæ хæдзармæ, зæгъын, æвæццæгæн, исты ныстуантæ æрвыстай, бацыди, зæгъын, Ислам, æмæ дзы иу сахаты бæрц бафæстиат ис.
— Æмæ уый æцæг уыди?
— Æцæг уыди, уæдæ цы.
— Федтат? — сдзырдта Тотырбег адæмы ’рдæм.
— Æрымысыди Джанаспи! — фæхъæр кодта Дуня. — Нæ лæг нæ хæдзары нæ уæвгæйæ, Ислам нæ кæрты дуарæй дæр никуы бакасти.
Джанаспи дзырдта дарддæр:
— Тæккæ знон Тотырбег горæты уыди, æмæ та афтæмæй Ислам бацыди йæ хæдзармæ. Æз Тотырбегæн сæхимæ æнхъæл уыдтæн, æмæ йын уый дæр загътон.
Дуня та ныдздзынæзта:
— Æдзæсгом Джанаспи мысгæ æркодта уыдон иууылдæр. Ислам знон магазинæй сцæйцыд æмæ йыл уæртæ уынджы фембæлдтæн. Уым иучысыл алæууыдыстæм, аныхæстæ кодтам... Куыд бон мыл æркодта! Мæ сывæллæтты æмдзуарджынимæ мын аныхасгæнæн нæй?
Адæм æмбарын байдыдтой, Джанаспи дыууæ лæджы кæрæдзиуыл сардауыны куыст кæй кодта, уый. Иутæ афтæ æмбæрстой хъуыддаг, æмæ Джанаспийы дзырдтæ æрымысгæ сты сæрæй кæронмæ. Иннæтæ та афтæ хъуыды кодтой, æмæ Джанаспи цы зæгъы, уый, чи зоны, уыдаид, æмæ йæ Тотырбегæн дзырдта, æрмæст ардауыны тыххæй.
Чидæртæ сдзырдтытæ кодтой:
— Мысгæ æркодта Джанаспи!
— Мысæггаг хъуыддаг йеддæмæ дзы ницы ис!
Дуня хъуыста æнцад, стæй та сæрдиаг кодта æмæ загъта:
— Æдзæсгом Джанаспи хæрам хъуыддаг сфæнд кодта, æмæ йын уæртæ уыцы æнæсæр лæг та æнцон ардауæн разынди!
Стыр дызæрдыгдзинад ныххаудта Тотырбеджы зæрдæйы. «Кæд, мыййаг, ницы уыди дыууæ адæймаджы æхсæн, кæд, мыййаг, дзæгъæлы амардтон мæ хæлары æмæ фесæфтон мæхи дæр?! — Уыцы хъуыдытимæ æррадзастæй касти куы Дунямæ, куы — Бимболатмæ, куы — Джанаспимæ.
Устытæй иуæй-иутæ, лæгтæн дæр сæ сылвазтæ хъыг кæнын байдыдтой, цы пикантон хабар æнхъæл уыдысты хъуыддаджы, уый дзы куы нæ разына, зæгъгæ, — уæд-иу цы æрымысдзысты, цы-иу радзурдзысты кæрæдзийæн æвдæлон сахаты.
Бимболат иу цъусдуг ахъуыды кодта, стæй баздæхти Джанаспимæ:
— Зæгъæм, Джанаспи, афтæ: ды федтай Исламы Тотырбеджы хæдзармæ бацæугæ, фæлæ йæ уайтагъд Тотырбегæн дзурыныл цæмæн фæдæ? Æрмæст ардауыны тыххæй, æндæр хуызы бамбарæн нæй хъуыддагæн. Æмæ дæм кæд дыууæ лæджы кæрæдзиуыл сардауыны фæнд уыди, уæд мысгæ дæр æркодтаис уыцы хабæрттæ иууылдæр.
Джанаспи бамбæрста, йæ къамтæ кæй раргом сты, хи сраст гæнæн ын зын кæй уыдзæн. Йæ сæрымагъзы арвы æрттывдау ферттывта иу тасон хъуыды, зæгъгæ, ахсты куы фæуа, уæд ын мæлæты тæрхон йеддæмæ ницы уыдзæн. Уыцы хъуыды йын йæ сæры фегуырын кодта алидзыны фæнд: ацы сахат ардыгæй куы аирвæзид, уæд абырæг алидзид æмæ йæ куыст иудадзыгдæр скæнид большевикты æмæ колхозты сафын. Баздæхти Бимболатмæ:
— Мæ дзырдтæн мын ницы аргъ кæнут æмæ мæм афтæмæй цæмæн фæсидтыстут, нæ зонын... Æз ам ницæмæн хъæуын. — Сыдзмыдзы акъахдзæф кодта æмæ ацæуынмæ хъавыди.
— Лæуу ам, Джанаспи! — хъæбæр сдзырдта Бимболат.
Джанаспи уæддæр фæстæмæ йæхи ласы.
— Цы лæууон, нæ зонын... Хъуыддаг зыгъуыммæтæ куы кæнат, уæд!..
— Лæуу. Ацæуæн дын нæй!
Йæ фæстæ æрлæууыдысты дружинниктæ.
— Дæ зылындзинад æргом у, Джанаспи, æмæ йыл басæтт дæхæдæг, — хуыздæр уыдзæн.
— Цæуыл басæттон? Æз Тотырбегæн афтæ никуы загътон, уæртæ, зæгъгæ, Ислам дæ усимæ æнæуаг хъуыддæгтæ кæны.
— Басæтт ууыл, Исламы кæй никуы федтай Тотырбеджы хæдзармæ бацæугæ, Тотырбег-иу йæхæдæг уым куы нæ уыди, уæд. Басæтт, дыууæ лæджы кæрæдзиуыл ардауыны фæнд дæм кæй уыди, ууыл.
Адæм æнувыдæй ныхъхъуыстой — кæддæра цы зæгъид Джанаспи.
Джанаспи ма бирæ фæливæн ныхæстæ фæкодта, фæлæ бамбæрста æххæстæй, æппындæр ын срастгæнæн кæй нал бантысдзæн. Стыр хъыгдзинад ын æрбалхъывта йæ зæрдæ. Хъыг кодта ууыл, йæ зæрдæйы фаг кæй нæ фæци советон хицауадæн, афтæмæй йын кæй сыскъуындзысты йæ цард. Уыдта, ардыгæй йын аирвæзæн кæй нал ис. Зыдта хорз, хатыр ын кæй нæ уыдзæн, фервæзæн ын кæй нал ис. Æвирхъау фæнд æвиппайды фæзынди йæ сæрымагъзы. Ныццин кодта хинымæры уыцы фæндыл æмæ дзуапп ратта Бимболаты фарстæн:
— Кæд мæ нал уадзут, уæд уын æй зæгъдзынæн. Никуы федтон æз Исламы Тотырбеджы хæдзармæ цæугæ, Тотырбег-иу йæхæдæг уым куы нæ уыди, уæд... Æз сæ кæрæдзиуыл ардыдтон.
Тотырбег йæ бæттæнтыл ахæстытæ кодта æмæ фæхъæр кодта:
— У... у... куыдз, дæумæ иу ирвæзт бакæн!.. Кæдæм фæлыгъди мæ зонд? Хорз адæм, ме ’фсымæры амардтон... Басудзут мæ сындзын арты!
— О мæ мæгуыр фыд! Цы бакодтай, цы? — ныдздзынæзта Тамарæ.
Адæм сызмæлыдысты, суынæр кодтой. Устыты æхсæн та кæуын стынг ис.
Айхъуысти хъæртæ:
— Цæвут æй агъуыд куыдзы!
— Акъабæзтæ кæнын æй хъæуы!
Бимболат уырдыг фестади:
— Уæ хорзæхæй, фæсабыр ут! Махмæ хи судæн бынат нæй. Хицауад базондзæн, кæмæн цы хъæуы, уый...
Адæм фенцадысты. Кæуын дæр фæмынæгдæр ис, æрмæст ма Сона, дзедзыройгæнгæ, сындæггай хъарæггæнæгау куыдта.
Чермен лæууыди кæронæй, ныр æввахсдæр бацыди æмæ бадзырдта Джанаспимæ:
— Фыдбылыз уыдтæ, мæ фыд, рагæй дæр æмæ фыдбылызы хай бадæ... Дыууæ хæдзары бабын кодтай, æмæ, цы аккаг дæ, уыцы æфхæрд райсдзынæ.
— Афардæг у, комсомол! — фæхъæр ыл кодта Джанаспи.
— Фæсабыр ут иууылдæр! — йæ хъæлæс фæбæрзонд кодта Бимболат. — Зæгъ-ма, Джанаспи, цæмæн ардыдтай уыцы дыууæ лæджы кæрæдзиуыл?
Джанаспийæн йæ фæнд йæ сæры бады, куыд æй сæххæст кæндзæн, ууыл хъуыды кæны, афтæмæй йæхи дзурæг скодта дарддæр, дзуры æмæ, йæ ныхасы рæстæджы хъуысынц адæмы æхсæнæй дзырдтæ:
— Знаг!
— Фыдызнаг!
— Уый размæйы фыдбылызты дæр исты уыдаид!
— Ацагурын хъæуы!
Джанаспи дзуапп дæтты Бимболаты фарстæн:
— Зæгъдзынæн. Мæнæн хъауджыдæр нал ис. Адон æмæ адæтты хуызæттæ уыдысты советон хицауадыл хæцæг. Адæтты руаджы сфидар ис хицауад. Адæттæ уыдысты колхоз аразæг. Сарæзтой йæ, сæ къæхтыл слæууыдысты æмæ схъал сты. Йæ сыст топпы хъæр кæмæн кодта, æз кæуыл не ’ввæрсыдтæн дзурынмæ дæр, уыдон мæм уæлейæ дæлæмæ кæсынц. Æз стонгæй мæлынмæ æрцыдтæн, уыдон та цардæй тъæпп хауынц. Адæттæ сты мæ цард халæг. Хæстæгдæр мæм дзы чи фæци, уыдонæй уал мæ маст систон. Дарддæр мæ сæрымагъзы рæгъæд кодтой ноджы ахæм фæндтæ, фæлæ...
Дзырд «фæлæ» æххæстæй нал фехъуысти, — æвирхъау хъæр «Амардта мæ!» айхъуысти, азæлыди кæрты къуымты æмæ дарддæр.
Адæм иууылдæр уыдысты Джанаспимæ хъусыны æмæ хъуыддаг куыд æрцыди, уый ничи фæхъуыды кодта.
Дружинниктæ æмæ хæстæгдæр лæуджытæ фæлæбурдтой Джанаспимæ, ныххæцыдысты йыл, йæ хъама йын байстой. Байрæджы ис — Бимболат йæ цæфтыл хæцгæйæ, фæлдæхтæй лæууыди сарайы æмæ удыскъуынæн хъæрзыдæй хъæрзыдта. Иу цæф сæмбæлди артæнты, иннæ риуы, зæрдæмæ хæстæг.
Чидæртæ нал баурæдтой сæхи æмæ æрцæфтæ кодтой Джанаспийы...
— Афтæ нын хъуыди!.. — скъуынгæ ныхасæй сдзырдта Бимболат. — Афтæ нын хъуыди! Фаг къæрцхъус нæ уыдыстæм...
Уыцы дзырдтæ куы загъта, уæд адаргъ кодта йæ къæхтæ, йæ зæрдæ бахъарм.
Устытæ кæуынц. Сæ иу хъарæг кæнын байдыдта.
Джанаспийы æмæ Тотырбеджы, сæ къухтæ фæстæмæ бæстытæй, дружинниктæ акодтой хъæусоветмæ, уым хъуамæ фæуой, цалынмæ районæй фæдис хæццæ кæна, уæдмæ.
ФИППАИНÆГТÆ
Повесть фыццаг хатт рацыд — КА-40. Мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Уыди ма «Уацмысты».
аренды — хаццон (зæхх æххуырсын).
вексыл (вексель) — бæрæг афоныл æхцайы хæс бафидыны гæххæтт.
йоркшираг хуы — Англисы Йоркширы районы кæй хастой, ахæм нардгæнаг хуыйы мыггаг.
Ахæм пъарадкæтæ æрæвæрдтой, æмæ æвзалы йеддæмæ ницыуал баззад сæ хæдзæрттæй,— ам ныхас цæуы, Гуырдзы меньшевикты æфсад Хуссар Ирыстоны куы басыгъта, уыцы хабæрттыл.
Малаканты слабодкæ — Дзæуджыхъæуы иу район, Терчы галиу фарс.
æрвæдзæг — бæндæны æлхынцъ, æлвасæн.
пикантон хабар — цымыдисаг, адæм сæхи цæуыл ирхæфсой, ахæм диссаг.