Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

ГÆДИАТЫ СЕКЪА

АЙСÆ

Гуырдзыстон Уырысимæ баиу кæныны рæстæджы адæм дыууæ дихы фесты: иутæ Уырысы нæ уагътой Гуырдзымæ, иннæтæ та сæ фарс уыдысты.

Иукъорд азты фæстæ адæм ’æрсабыр сты, уырыс алы комы хицæуттæ скодтой, иугай лæгтæ тæрхон кæнын байдыдтой, адæмы æмбырд фехæлди.

Иу хорз уалдзыгон бон Æгайты хуссары сау фосыдзуг хизыныл ахæлиу сты, лæппулæг фиййау Ахмæт рындзыл бадти, йæ фосы уындæй йæ зæрдæ рухс кодта æмæ уадындзæй зарыди.

Уалынмæ саунæмыгдзау чызджытæ, сæ къæртатæ сæ къухты, æфцæгæй æрцыдысты æмæ Ахмæтæн арфæ ракодтой:

— Дæ фос бирæ уа, Ахмæт!

Ахмæт уырдыг фестад, уадындз зæххыл авæрдта æмæ афтæ зæгъы:

— Хорз амонд уæ хай, хорз чызджытæ! Айсæ уадындз зæххæй фелвæста, Ахмæты къухы йæ авæрдта æмæ чызджытæ æмхуызон схудтысты:

— Азар ма нын, Ахмæт, дæ уадындзæй, æмæ та схудтысты, Ахмæт уадындзы ныуулæфтытæ кодта æмæ ныззарыди:

Урс доны сæрмæ — сау фæрдыг, — Бирæ дзы уымæн ныуæзтон. Урс цонг дæ, чызгай, сау æрфыг,— Бирæ дæ уымæн ныууарзтон...

Айсæ джихæй баззади, Ахмæты уарзондзинадæй йæ зæрдæ сыгъди, цыма йын йæ зæрдæ тæвд æфсæйнаг тæлы æрбалвæста, — иу дзырд дæр йæ бон нал уыди.

Ахмæт дæр кæд уадындзæй зарыди, уæддæр ыл хуыздæр бон нæ уыди, — уымæн дæр Айсæйы уарзондзинадæй йæ зæрдæ сыгъди уырыди, фæззыгон сыфтæрау. Уадындзы амонæнтыл йæ къухтæ зырзыр кодтой, рызтысты.

Хуыцау зоны, цас сын фæзарыдаид. Чызджытæ араст сты, ацыдысты. Аисæ дæр сæ фæстæ, Ахмæтмæ фæкæс фæкæсгæнгæ, къуыбырæй фæаууон.

Ахмæт бонизæрмæ фосы фæдыл уæнтæхъил, сæр гуыбырæй фæхатти. Изæры фос æртардта æмæ арты фарсмæ къонайыл æнкъардæй абадти. Йæ хицау Хъуыдайнат æддейæ æрбацыди æмæ афтæ зæгъы:

— Цы кæныс, цæуыл æнкъард дæ? Ахмæт, куыд лæскъдзæрин лæг, æххуырст лæг, хæрз чысылæй сидзæр баззади, æмæ афтæ бакодта æнкъардгомау:

— Ницы, мæ сæр риссы.

Царддæттæг сæрд ацыди, аивгъуыдта, Ахмæт æмæ Айсæ кæд арæх нæ уыдтой кæрæдзийы, уæддæр-иу хаттæй-хатт сæмбæлдысты æмæ-иу уæд дзæнæтон царды сахæттæ æрвыстой.

Фæззæг æрцыди. Хуымтæ æркарстой. Мæкъуылæй мусты алыварс байдзаг. Адæм сæ хор хос æрæфснайдтой.

Ахмæт дæр фиййау нал цыди.

Иу æхсæв Ахмæт æмæ Айсæ мусы мæкъуылты аууон ныхæстæ кодтой сæ уарзондзинады тыххæй, сæ царды тыххæй.

Æвиппайды чидæр мусы æмбондæй йæ топпы дзых æрбадардта æмæ афтæ зæгъы:

— Сис дæ топп, кæрæдзи хъуамæ амарæм, — мæ хойы мын фæхудинаг кодтай!

Ахмæтæн дæр цæсты ныкъуылдæн йæ топпы сампалы вделхъ фæцыди æмæ кæрæдзийы риутыл топпытæ авæрдтой.

Айсæ схъæр кодта:

— Уари! Уари! ма ныццæв, Ахмæт у! Уари йæ топпы ’нцой иудзæвгар сахат, æнæдзургæйæ, фæлæууыди, стæй афтæ зæгъы:

— Æнхъæл дæн, мæ хо, фæхудинаг мæ кодтай!

— Нæ, Уари цæра, нæ... Сыгъдæг, сыгъдæг уарзондзинады ныхас кæнæм, æндæр ницы...

Ахмæт æмæ Уари мусы чъилыл æрбадтысты, Айсæ та сæ цуры уырдыг лæууыди æмæ ныхас кæнын райдыдтой.

Уари загъта:

— Хъусыс, Ахмæт! Айсæ мæ кæнгæ хо у, ды дæр æй зоныс, — ды та мæ хæлар æмгар дæ, кæрæдзийы уарзут, уый базыдтон, фæлæ йын иу зæронд фыды йедтæмæ никуы ницы ис æмæ ныгæнинаг у. Айсæ йæ фыды хæдзарæй никуыдæм фæцæудзæн. Дæуæн дæр хæдзар нæй; чысылæй сидзæр баззадтæ, æххуырстæй кæдмæ фæцæрдзынæ, дæ хъару дын зонын: æртæ азы иумæ фиййау фестæм... Дæ уды хайы хохы сæр дæр фæдардзынæ, æрцу æмæ Дауитайы хæдзары цæр — йæ чызг дæр дæу уыдзæн æмæ йæ ис дæр: уыцы иунæг чызджы йедтæмæ йын никуы ницы ис, мæнæн дæр хæстæгæн бæздзыстут.

Ахмæт, æнкъардгомау, афтæ зæгъы:

— Уари! Сидзæрæй адæм дардмæ лидзынц, амонд та йæм хæстæг нæ цæуы!.. Дауита куы нæ сразы уа, йæ чызджы мын куы нæ радта, уæд мæ хъуыддаг куыд уыдзæн?

Уари хъуыддаджы бар йæхимæ райста Дауитайы сразы кæныны тыххæй, æмæ бирæ нал фæдзырдтой: бафидыдтой. Ахмæт йæ фæсронæй дамбаца фелвæста æмæ йæ Уаримæ нысангарзæн авæрдта...

Уари æмæ Айсæ Дауитайы хæдзармæ ацыдысты, Ахмæт та, лæскъдзæрæн кæмæ царди, уыдонмæ бацыди.

Дауита арты фарсмæ бандоныл бадти æмæ лулæ дымдта...

Уари æмæ Айсæ хæдзары балæууыдысты æмæ йын Уари салам радта:

— Де ’хсæв хорз, Баба!

—Хорзæй мын фæцæрай, хорзæй, Бабайы хур. Уари бандоныл æрбадти æмæ бирæ нал фæгæдзæ кодта. Ахмæт æмæ Айсæйы хабар Дауитайæн лыстæггай радзырдта. Дауита дæр сразы ис, фаг æхсызгон ын уыд æмæ бафидыдтой.

Хур ацыди, бæлæсты сыфтæ æрызгъæлдысты, зымæг йæ урс кæрц хæхтыл æрæмбæрзта, доны былтыл их фæхæцыд, мæргътæ хъарм бæстæм атахтысты, джиуæргуыба æрцыди, адæмы зæрдæ бæркад хæрднуæзтæй схъæлдзæг, физонæджы тæф лæджы зæрдæ рухс кодта. Лæппутæ сæ нæуæгхаст устытыл цинæй мардысты.

Ахмæт дæр Айсæимæ саргъуыдта, ус æмæ лæг систы.

Ахмæт Хъуыдайнатæй йæ лæсчъы хай æртиссæдз фысы райста æмæ цæрын байдыдта Дауитаимæ.

Хъал цы нæ кæны — мæгуыр цы нæ бары...

Иу бон Бибо бегара кæнынмæ æрцыди æмæ та хъæртæ кодта адæмыл.

Уыцы бон Ахмæт фиййау уыди хохы. Дауита дуармæ бадти æмæ лулæ дымдта. Бибо Дауитайыл фæхъæр кодта æмæ йын афтæ зæгъы:

— Ныртæккæ бегарайы цæуын хъæуы æлдарæн хос ласынмæ, дæ галтæ сифтындз, æмæ цæугæ!

Зæронд лæг бахъуыр-хъуыр кодта æмæ афтæ зæгъы:

— Дæ хорзæхæй, ныр мæ ныууадз, æндæр хатт ацæудзыстæм, — лæппу дæр ам нæй, фиййау ис, æз та зæронд лæг дæн, — кæдæм дын афæраздзынæн?

Цыбырæй зæгъæм, Бибо стырзæрдæ лæг уыди хицæутты ныфсæй, лæг йæ цæсты æрду дæр нæ уыд: æвиппайды ехсæй зæронд лæгыл æрлæууыди æмæ йын йæ уадулты туг æркалдта.

Дауита Тогъуызаты мыггагæй уыд, цæф чи нæ барста: фарсылдарæн кард фелвæста æмæ йæ Бибойы нард гуыбыны раст фистоны уонг ассыдта, Бибо уæлгоммæ ахаудта зæххыл. Иннæ чапартæ Дауитайыл амбырд сты, фидар ын бæндæнæй йæ къухтæ сбастой æмæ йæ хицаумæ аластой. Бибо бирæ нал ацард, дыккаг æви æртыккаг бон амарди.

Хъуыддаг изæрæрдæм уыди.

Ахмæтмæ лæгтæ ’рвитын нал бахъуыди. Йæ фос æртардта æмæ Айсæйы, кæугæ дзыназгæ, æрæййæфта.

Ахмæт бирæ фæхъыг кодта уыцы фыдбылызы тыххæй æмæ бандоныл æрбадти...

Æмбаргæ лæг зын хъуыддаджы кæддæриддæр нæ тагъд кæны. Бирæ рахъуыды-бахъуыды фæкодта æмæ афтæ зæгъы:

— Æнæ хицæуттæ хъуыддаг кæнæн нæй.

Ахмæт хицæутты зæрдæ хорз зыдта, хъуыддаг æнæ уыдон кæй нæ сарæзтаид, уый.

Аст туманы йæм æхца уыд, йæ дзыппы сæ авæрдта æмæ ацыди.

Хицауы тæлмац, Пиран, зæгъгæ, Ахмæт уымæ радта йæ хъуыддаг кæнын.

Дыккаг бон раст сихорафон Пираны хæдзары балæууыди, æмæ йын дардæй ныллæг бакуывта. Пиран стъолы фарсмæ бадти æмæ цыдæр хъуына чингуытæ рафæлдах-бафæлдах кодта...

Æрæджиау афтæ зæгъы:

— Цы дæ хъæуы? — æмæ йæ дыууæ ’рфыджы астæу хъæды сынчъыйас фелхынцъ кодта.

— Дæ хорзæх, дæ рынтæ бахæрон, дæ хорзæх... Уалынмæ Елызбарчапар æрбацыди æмæ тæлмацæн афтæ зæгъы:

— Тырсыйы хъæуы хицау уæрыччытæ ’ркодта æмæ сæ цы фæкæнæм? — Сæ мадæлтæ дæр семæ сты? — Пиран æй бафарста.

— Нæй, дæ рынтæ бахæрон, нæй, сæ мадæлтæ семæ не сты.

— Ныр та уыдон хъæрмæ куы нæ хъусон! Ацу æмæ йын зæгъ, — сæ мадæлтæ дæр сын куыд æркæна, афтæ. Елызбар ацыди æмæ дуармæ хъуыр- хъуыр кæны:

— Ай диссаг нæу, уæрыччытæ йын æркодта, æмæ ма сын сæ мадæлты дæр агуры!..

Ахмæт бæгъæмсарæй фæсдуар уырдыг лæууыди æмæ дзуапмæ æнхъæлмæ касти. Æппынæрæджиау, чингуытæ рафæлдах-бафæлдах куы фæкодта, уæд афтæ зæгъы:

— Цы хъуыддаг дæ ис, цы хабар у? Ахмæт хæстæгдæр балæууыди.

— Цы хабар, дæ рын бахæрон, — мæгуыры дур хæрдмæ суры, Дауитайы хъуыддаджы тыххæй дæм æрбацыдтæн, кæд ын исты хос æмæ фæрæз æрцæудзæн йæ хъуыддагæн, уæд мыл æхцайы тыххæй ма бацауæрд.

Пиран уырдыг фестади æмæ Ахмæтмæ ныхæстæ кæнын райдыдта:

— Хъæуиаргъ лæг амардта, мæ хур, хъæуиаргъ!.. Хицауы донг ракодта, йе ’фсымæрæй дæр æй фылдæр уарзта, фæлæ хъæдгом сæрдæнæй фæлмæн кæны, афтид армы хъыргъы нæ бады, исты дæм ис, исты, хицаумæ цы бавдисæм, уымæй?

— Æрмæджы уал мæм аст туманы ис,—цы ма хъæуа, уый та ма фосæй ауæй кæндзынæн æмæ дын æрхæсдзынæн, цас зæгъай, уыйас.

Пиран фæстæмæ бандоныл æрбадти æмæ та хъуына чингуытæ рафæлдах бафæлдах байдыдта.

Ахмæт лæууынæй куы схъыг, уæд афтæ зæгъы:

— Ацы аст туманы уал айс, æз нæхимæ ацæуон, кæд искæмæ æхца æфстау ссарон, уæд дын ноджыдæр æрхæсдзынæн. Пиран æрæджиау- æрæджиау афтæ зæгъы:

— Ды искуы уæхимæ цæудзынæ, уым æфстæуттæ агурдзынæ, уалынмæ хъуыддаг дæумæ нæ кæсдзæн. Æхца æфстау куы агурай, уæд ам дæр бирæ ис, — уæртæ сомихаг Иуанемæ æхца йæ фылдæр цы ис: кæд дæ фæнды, уæд æм арвитæм, æмæ æрбацæуа?

Ахмæт дарддæр ницыуал загъта, Пираны фæндыл сразы ис. Арвыстой æмæ иу рæсыд гуыбын сомихаг æрбацыди. Иуанеимæ хицæуттæ лымæн уыдысты, уый тыххæй, æмæ-иу искæй æхца æфстау куы бахъуыди гæртамы тыххæй, уæд ын-иу уымæй исын кодтой.

Пиран æмæ сомихаг сусæгæй цыдæртæ адзырдтой, æмæ сомихаг афтæ зæгъы:

— Ратдзынæн ын дæс æмæ ссæдз туманы мæйы æмгъуыдæй, кæд мын ме ’хца йе ’мгъуыдмæ нæ бафида, уæд алыбон дæр туман пайда куыд кæной, афтæ.

Ахмæт тыхст лæг уæвгæй, йæ усы фыды йын Сыбырмæ кæй ахастаиккой, уый зыдта æмæ сомихаджы дзырдыл сразы ис.

— Æгæр цыбыр æмгъуыд мын кæй дæттыс, уый хорз нæу. Пиран йæ чъылдым фездæхта æмæ фæбогъ ласта:

— Дæ бон дæ уа, уæззау хъуыддаг рæуæг ныхæстæй нæ арæзы!

Цы дардыл дзурын, сомихагæн чиныг ныффыстой — дæс æмæ ссæдз туманы (вексел). Ахмæты бæсты иу кæцондæр салдат йæ къух æрфыста. Чиныг сомихаг айста, æмæ дæс æмæ ссæдз туманы Пираны къухы банымадта. Ахмæты аст туманимæ— стдæс æмæ ссæдз туманы Пиран йæ дзыппы ассыдта.

—Хъуыддаг мæ бар уадз?—загъта, æмæ Ахмæт æрцыди йæ хæдзармæ.

Иу къуырийы фæстæ фехъуысти, — Дауита рынчын у, ахъазаг нал у, мæлы, дам. Дауитайы мард къухы нал æфтыд æнæ хицæутты, дохтырты чиныгæй.

Ахмæт Пиранæн лæгъстæ кæнын байдыдта, цæмæй йын Дауитайы марды хицæутты дохтыртæй ракура, фæлæ Пиран хъуыддаг уæззауæй равдыста: хæцгæ низæй мард у, загъта, ома Ахмæт йе ’хца фæстæмæ курын мауал бауæнда.

Дыккаг бон Ахмæтмæ цавæрдæр чиныг авæрдта æмæ афтæ зæгъы:

— Хъусыс, ацы чиныгыл цас бахъуыди хардз — де ’хцайæ ма æгасæй иу туман ис, иннæтæ иууылдæр хъуыддаджы фæдыл бахъуыдысты! Цас хъæуы, цас!.. Ныддис кодта.

Ахмæт Дауитайы мард раласта йæ хæдзармæ. Адæм ыл фæкуыдтой, фæхъыг кодтой.

Ахмæт Дауитайæн хорз хæрнæг скодта. Адæм хæрнæг бахордтой: «Рухсаг уæд, рухсаг!» загътой æмæ ацыдысты. Æрмæст ма хъуысти Дауитайы хæдзарæй Айсæйы хъарджытæ.

Ахмæт йæ хæс йе ’мгъуыдмæ бæргæ бафыста, фæлæ йæ чиныг æнæхæлдæй баззади.

Ацыдаид ыл дыууæ азы бæрц, афтæ иу бон дианбег (пъырыстыф) æмæ фондз асаулыйы Ахмæты дуармæ балæууыдысты æмæ Ахмæты номæй бадзырдтой хæдзармæ. Айсæ сæм хыссæ къухæй рауади æмæ сын афтæ зæгъы:

— Æрхизут, лæг хохы хъæуы ис, фæлæ йæ хæдзар — ам, кæрдзын бахæрут.

Дианбег усмæ фæлывд цæстæнгасæй бакаст æмæ йын арфае ракодта.

Дианбег æмæ асаулытæ хохмæ ацыдысты. Раст сихорафон, Ахмæт йæ фос кæм дардта, уырдæм схæццæ сты.

Ахмæт сæ размæ рауади, куыйтæй сæ баиргъæвта æмæ сын салам радта, æгъдаумæ гæсгæ. Бæхтæй æрхызтысты æмæ дианбег Ахмæтæн афтæ зæгъы:

— Дæ фос æртæр æмæ сæ куыд ныффыссон, афтæ, сомихаджы хæсы тыххæй. Торгæй сæ хъуамæ ауæй кæнæм. Ахмæт йæ топпы æнцой алæууыд æмæ афтæ зæгъы:

— Ау, æз сомихаджы хæс раджы куы бафыстон, уæд мын дыккаг хатт фидын кæнут?

Дианбег йæ хызынæй цыдæр чингуытæ систа æмæ сæ райгом кодта.

— Сомихаг Иуанейæ дæс æмæ ссæдз туманы дардтай æмæ йын сæ йе ’мгъуыдмæ нæ бафыстай, уый тыххæй алы бон дæр йе ’хца туман пайда кæны, афтæ амоны йæ чиныг. Ныр авд мины онг сты.

Фосмæ асаултæй арвыста æмæ сæ æртæрын кодта. Ахмæт фиййæуттæй æвдисæнтæ бæргæ бавдыста, сомихаджы хæсы тыххæй йæ фосæй кæй цуры ауæй кодта, æхца кæй цуры радта сомихагæн, фæлæ уыцы æвдисæнтæ æнахъазæй баззадысты, æхцайы хæс, дам, æвдисæн нæ уадзы, — дианбег загъта.

Ахмæтæн йæ фос ныффыста суанг фæстаг уæрыччы онг дæр. Ахмæт фыццаг æнхъæл нæ уыди, æцæг ын йæ фос тæрдзысты, уый. Фæлæ фос куы араст кодтой — цыппарфондзыссæдз фысы, уæд йæ зæрдæ мæстæй ссыгъди, йæ цæстытæй тугæмхæццæ цæстысыгтæ æркалдта. Сывæллонæй уæдмæ цы фосимæ сахуыр, уыдонæй йын иу бон йæ къух исын кодтой.

Ахмæт йæ хъару æрбамбырд кодта, йæ топпы астæуыл фæхæцыд, фосы размæ базгъордта æмæ сæ фæстæмæ раздæхта.

Дианбег асаултыл фæхъæр кодта:

— Цæвут æй ехсæй!

Ахмæтыл, æцæг, ехсытæй ралæууыдысты.

Уалынмæ Ахмæты гæрах фæцыд, æмæ асаултæй иу асхъиудта; хъама фелвæста æмæ дыккаг фæтымбыл. Иннæ æртæ Ахмæты кæрдтæй лыстæг къуыхтæ скодтой æмæ йын йæ фосы атардтой.

Асаулты мæрдтæм цыдæр хицæуттæ æрцыдысты, федтой сæ æмæ сæ баныгæдтой.

Фиййæуттæ Ахмæты мард сынтыл сæвæрдтой æмæ йæ йæ хæдзармæ æрхастой. Адæм æрæмбырд сты, фæкуыдтой йыл, фæхъыг ыл кодтой, «рухсаг у, рухсаг, æгады мардæй нæ амардтæ!» загътой.

Баныгæдтой йæ, æхсæны хист ын скодтой æмæ ацыдысты, æрмæст ма хъуысти Ахмæты хæдзарæй Айсæйы кæуын æмæ хъарджытæ.

Айсæ бонæй бон мæллæгдæр кæнын байдыдта, кæрдзын нал хордта, æдзух кæуынæй нæ ’нцади. Иу къуырийы фæстæ Айсæйыл æррайы бæрджытæ фæзынди: Ахмæты кардиу сбаста æмæ-иу уынгты рацу-бацу кодта хъæргæнгæ. «Ахмæты чи амардта! Ахмæты чи амардта!»,—дзырдта Айсæ. Тынгæй-тынгдæр æрра кæнын байдыдта, дзæгъæл цæуын систа, кæд ма йæ хæстæджытæ æмæ йæ хорз сыхæгтæ хъахъхъæдтой, урæдтой, уæддæр иуран нал лæууыди, дзæгъæл цыди.

Раст нæуæгбон æхсæвы та Айсæ дзæгъæл ацыди æмæ йæ урс доны сæрмæ бирæгътæ бахордтой. Йæ дарæсæй æмæ ма йын йе стæгдарæй адæм кæй ссардтой, уыдон æрхастой æмæ сæ Ахмæты цур баныгæдтой. Рухсаг ут, рухсаг! загътой æмæ ацыдысты.

Афтæтæ кодтой уыцы рæстæджы хъæндилтæ.

ГÆДИАТЫ Секъа. Рауагъдад «Ирыстон». Цхинвал, 1979.

Гæдиаты Секъайы радзырдтæ


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.