Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыстæг ромæгтæм. 14-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Тæрхон макæмæн кæнут

1 Йæ уырнындзинад лæмæгъ кæмæн у, ууыл уæхи ма тигъ кæнут, æмæ уæм иу хъуыды кæй нæй, уый тыххæй уын йемæ быцæу ма уæд.

2 Иуæн йæ уырнындзинад дæтты æппæт дæр хæрыны бар, лæмæгъ та айдагъ халсартæ хæры.

3 Чи хæры, уый æнæрвæссон ма уæд, чи нæ хæры, ууыл; æмæ чи нæ хæры, уый тæрхон ма кæнæд, чи хæры, уымæн: Хуыцау дзы Йæхицæн хъæбул загъта.

4 Ды чи дæ, æмæ кæйдæр цагъарæн тæрхон кæнай? Йæ къæхтыл лæууы æви ахауд — уый йын йæ Хицау равзардзæн. Уæддæр слæудзæн, уымæн æмæ Хицауæн Йæ бон у уый йæ къæхтыл сæвæрын.

5 Чидæр иу бон иннæ бонæй ахсджиагдæрыл нымайы, иннæмæн та бонтæ æмхуызон сты. Уадз æмæ алчидæр иузæрдионæй баззайæд, цæуыл æууæнды, ууыл.

6 Иу бон иннæмæй ахсджиагдæрыл чи нымайы, уый йæ Хицауы кадæн нымайы. [Иу бон иннæмæй ахсджиагдæрыл чи нæ нымайы, уый йæ Хицауы кадæн нæ нымайы.] Чи хæры, уый Хицауы кадæн хæры, уымæн æмæ арфæ кæны Хуыцауæн. Чи нæ хæры, уый Хицауы кадæн нæ хæры, æмæ арфæ кæны Хуыцауæн.

7 Махæй йæхицæн ничи цæры æмæ йæхицæн ничи мæлы.

8 Кæд цæрæм, уæд Хицауæн цæрæм, кæд мæлæм, уæд Хицауæн мæлæм. Уæдæ цæргæ æви мæлгæ кæнæм — кæддæриддæр Хицауы стæм.

9 Уымæн æмæ Чырысти дæр уый тыххæй амард æмæ райгас, цæмæй мæрдтæн дæр æмæ удæгæстæн дæр сæ Хицау уа.

10 Ды та цæмæн тæрхон кæныс де ’фсымæрæн? Æмæ ды дæр цæмæн дæлдæр кæныс де ’фсымæры? Неппæт дæр Хуыцауы тæрхоны раз æрлæудзыстæм.

11 Уымæн æмæ Сыгъдæг Фысты загъд у: «Æз цардæгас дæн, — зæгъы Хицау, — Мæ разы æрзоныгыл кæндзæн алы адæймаг дæр, æмæ алы æвзаг стаудзæни Хуыцауы».

12 Уæдæ махæй алчвдæр Хуыцауы раз дзуапп ратдзæн йæхи тыххæй.

Ма фæкæлæд де ’фсымæр

13 Уымæ гæсгæ кæрæдзийæн мауал тæрхон кæнæм, фæлæ уый бæсты бацархайут, цæмæй уе ’фсымæр уæ аххосæй ма фæкæла æмæ тæригъæды ма бафта.

14 Хицау Йесоимæ кæй дæн, уымæ гæсгæ æз зонын æмæ фидарæй æууæндын, чъизи хойраг кæй нæй, ууыл; исчи чъизийыл цы нымайы, уый æрмæст уымæн у чъизи.

15 Кæд цы хойраг хæрыс, уымæй де ’фсымæры хъыджы цæуыс, уæд уарзондзинадмæ гæсгæ нæ цæрыс. Уæдæ Чырысти кæй тыххæй амард, уый дæ хойрагæй ма саф.

16 Архайут, цæмæй сымах хорзыл цы нымайут, уый мачи бафауа.

17 Уымæн æмæ Хуыцауы Паддзахад хæрд æмæ нозт нæу.

Рæстгæнæджы цардæй цæрын, Сыгъдæг Уд кæй дæтты, уыцы фарн æмæ цин — уый у Хуыцауы Паддзахад.

18 Йæ ахæм цардæй Чырыстийæн чи кусы, уый æлхæны Хуыцауы зæрдæ æмæ дзы адæм дæр сты райгонд.

19 Уæдæ тырндзыстæм, фарн цы хæссы æмæ нын кæрæдзийы фидар кæнынæн ахъаз цы у, уымæ.

20 Хуыцауы хъуыддаг хойраджы сæраппонд ма хал. Алы хойраг дæр сыгъдæг у, фæлæ æвзæр у, иннæйы тæригъæды чи бафтауа, уыцы хойраг хæрын.

21 Фæлтау дзидза ма хæр, сæн ма нуаз æмæ, де ’фсымæр цæуыл фæкæла, [тæригъæды йæ цы бафтауа, кæнæ йæ цы слæмæгъ кæна,] ахæмæй мацы кæн.

22 Цы уырнындзинад дæм ис, уый Хуыцауы раз ныууадз дæхицæн. Растыл цы нымайы, уый тыххæй йæхицæн тæрхон чи нæ кæны, уыцы адæймаг тæхудиаг у.

23 Фæлæ цы хæры, ууыл дызæрдыг чи кæны, уый тæрхонгонд у, уымæн æмæ уырнындзинадмæ гæсгæ нæ архайы. Уырнындзинадмæ гæсгæ цы нæ уа, уый та тæригъæды бафтын у.

24 Кад Хуыцауæн! Йæ бон у сымахæн хъару раттын; ууыл дзурæг у, Йесо Чырыстийы тыххæй æз кæй хъусын кæнын, уыцы фарны уац. Уым æргом кæны Хуыцауы сусæг фæнд — уый æнусты дæргъы æмбæхст уыди,

25 Ныр та раргом. Мыггагмæйы Хуыцауы фæндонæй уыцы сусæгдзинад пехуымпарты фыстыты фæрцы зындгонд сси æппæт адæмтæн, цæмæй баууæндой æмæ Хуыцауæн суой коммæгæс.

26 Йесо Чырыстийы фæрцы кад уæд мыггагмæ иунæг æмæ уæлзонд Хуыцауæн! Амен.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.