Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

10 тысяч осетинских топонимов, собранных «в поле» А. Дз. Цагаевой, — в её книге «Топонимия Северной Осетии» (1971, 1975 гг.).

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыстæг ромæгтæм. 11-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Хуыцау нæ ныууагъта Йæ адæмы

1 Уæдæ уæ фæрсын: ау, Хуыцау ныууагъта Йæ адæмы? Ницы хуызы! Æз мæхæдæг дæр израилаг дæн, Авраамы байзæддаг, Вениамины хæдзарвæндагæй.

2 Хуыцау рагагъоммæ кæй базыдта, Йæ уыцы адæмы нæ ныууагъта. Æви сымах нæ зонут, Сыгъдæг Фыст Илиайы тыххæй цы зæгъы, уый? Мæнæ цы хъаст хæссы израилæгтыл Хуыцаумæ:

3 «Хицау, Дæ пехуымпарты амардтой, Дæ нывондхæссæнтæ ныппырх кодтой; иунæг æз ма баззадтæн, æмæ мæн дæр хъавынц амарынмæ».

4 Цы дзуапп ын радта Хуыцау? «Æз Мæхицæн ныууагътон, Ваалы раз сæ зонгуытыл чи не ’рлæууыд, ахæм авд мин адæймаджы».

5 Афтæ ныр дæр ис, Хуыцау Йæ хорзæхмæ гæсгæ кæй сæвзæрста, ахæм адæмы къорд.

6 Æмæ сæ Хуыцау кæд Йæ хорзæхмæ гæсгæ сæвзæрста, уæд хъуыддæгтæ нымад не сты, науæд хорзæх уæвгæ дæр нал уаид хорзæх.

7 Уæдæ цы? Израил цæмæ тырныдта, уый нæ райста. Æвзæрстытæ йæ райстой, иннæтæн та сæ зæрдæтæ ныддур сты,

8 Сыгъдæг Фыст куыд зæгъы, афтæ: «Хуыцау сæ бафтыдта фынæйыл, радта сын, абон дæр ма кæмæй нæ уынынц, ахæм цæстытæ, æмæ кæмæй нæ хъусынц, ахæм хъустæ».

9 Давид дæр зæгъы: «Сæ минасы фынгтæ сын разынæнт ахсæн хызтæ æмæ къæппæг, уадз æмæ дзы бахауой æмæ райсой сæ хъуыддæгтæм гæсгæ.

10 Баталынг уæд сæ цæстырухс, цæмæй ма уыной, æмæ сæ синтæ ныкъкъæдз уæнт мыггагмæ».

Ирвæзындзинад муртаттæн

11 Уæдæ фæрсын: ау, израилæгтæ афтæ фæкалдысты, æмæ мауал сыстой? Ницы хуызы! Фæлæ кæй фæкалдысты, уый фæрцы муртаттæм æрцыд ирвæзындзинад, цæмæй сæм израилæгтæ хæлæг кæной.

12 Кæд израилæгтæ сæ фæкалдæй дунейæн хъæздыгад æрхастой, сæ фæсыккæй та — муртаттæн хъæздыгад, уæд, Хуыцаумæ æнæхъæнæй раздæхгæйæ, уагæры цас æмæ цас хорзæх æрхæсдзысты!

13 Сымахæн, муртатгæн, зæгъын: куыд муртатты апостол, афтæ æз буц дæн, мæ бæрны цы куыст ис, уымæй.

14 Уыцы куысты фæрцы кæд мæ бон бауид, мæ туг-ме стæг чи у, уыдоны муртаттæм хæлæгыл бафтауын æмæ дзы иуæй-иуты фервæзын кæнын.

15 Хуыцау сыл Йæхи кæй атигъ кодта, кæд уый дунейæн Хуыцауимæ бафидауыны хос фæци, уæд сæм Хуыцау ногæй Йе ’ргом куы раздаха, уæд уый цы уыдзæн? Мæрдтæй рабадын нæ уыдзæн, æви?

16 Кæд хорысæрæй фыццаг дзул Хуыцауы у, уæд дзултæ иууылдæр Хуыцауы сты. Кæд уидаг Хуыцауы у, уæд къалиутæ дæр Хуыцауы сты.

17 Кæд къалиутæй иуæй-иутæ асастысты, дæу та, хъæддаг зетибæлас, сæ бынаты бафтыдæуыд æмæ сой исыс бæласы уидагæй,

18 Уæд иннæ къалиутæм былалгъæй ма кæс. Кæд сæм былалгъæй кæсыс, уæд та дæ рох ма уæд: уидагыл ды нæ хæцыс, увдаг хæцы дæуыл.

19 Ды зæгъдзынæ: «Къалиутæ уымæн асастысты, цæмæй мæн сæ бынаты бафтыдæуа».

20 Афтæ у. Уыдон асастысты, уырнындзинад сæм кæй нæ уыди, уый тыххæй, ды та бæласыл уырнындзинады фæрцы дæ. Æмæ хъал ма у, фæлæ тæрс.

21 Хуыцау æрдзон къалиутыл кæм нæ бацауæрста, уым дæуыл бацауæрддзæн?

22 Дæ зæрдыл дар: Хуыцау зæрдæхæлар дæр у, æмæ карз дæр у. Чи Йæ ныууагъта, уыдонæн карз у, дæуæн та — зæрдæхæлар, Йæ хорзæхыл Ын куы хæцай, уæд. Науæд дæу дæр акъуырдзæн.

23 Дзуттæгтæ дæр хивæнд куы нæ уой æмæ куы баууæндой, уæд та сæ бафтыдæуыдзæн, уымæн æмæ Хуыцауæн Йæ бон у бæласыл сæ ногæй бафтауын.

24 Æрдзæй хъæддаг цы зетибæлас уыди, кæд дæу уымæй акъуырдæуыд, æмæ, æрдзы куыд нæ вæййы, афтæ дæ бафтыдæуыд дыргъдоны зетибæласыл, уæд уыцы æрдзон къалиутæ та цас хуыздæр бафтдзысты сæхи зетибæласыл!

Израил æппынфæстаг фервæздзæн

25 Фæнды мæ, æфсымæртæ, сымахæн ацы сусæгдзинад раргом кæнын, цæмæй уæхицæй ма ныббуц уат: Израилы иу хай хивæнд у, цас æмбæлы, муртаттæй уыйбæрц Хуыцаумæ цалынмæ æрцæуа, уæдмæ.

26 Æмæ æппæт Израил фервæздзæн, Сыгъдæг Фыст куыд зæгъы, афтæ: «Сионæй æрцæудзæн Ирвæзынгæнæг, æмæ Иаковы байзæддæгты суæгъд кæндзæн сæ æнæхуыцау митæй.

27 Æмæ семæ сараздзынæн ацы фидыд, сæ тæригъæдтæ сын куы скуынæг кæнон, уæд».

28 Фарны уацыл кæй нæ æууæндынц, уымæ гæсгæ Хуыцауы знæгтæ сты, æмæ уый уæ пайдайæн у. Фæлæ сæ Хуыцау кæй сæвзæрста, уымæ гæсгæ сæ уарзы сæ рагфыдæлты тыххæй.

29 Уымæн æмæ Хуыцау искæй куы сæвзары æмæ йæ куы схорзæхджын кæны, уæд йæ уынаффæ нæ ивы.

30 Сымах, муртаттæ, кæддæр Хуыцауæн æгоммæгæс куыд уыдыстут, æмæ уын ныр дзуттæгты хивæнды тыххæй куыд ныббарстæуыд,

31 Афтæ уыдон дæр: сымахæн кæй ныббарстæуыд, уый тыххæй абон сты хивæнд, цæмæй ныббарстæуа сæхицæн дæр.

32 Уымæн æмæ Хуыцау æппæт адæмы скодта хивæндæн уацайрæгтæ, цæмæй ныббара сеппæтæн дæр.

33 Куыд æвидигæ сты Хуыцауы хъæздыгад, зонд æмæ зонындзинад! Кæй зонд аххæсдзæн Йæ уынаффæтыл, æмæ Йын чи раиртасдзæн Йæ хъуыддæгтæ!

34 «Хицауы зонд чи базыдта? Чи Йын уыд уынаффæгæнæг?

35 Кæнæ Хуыцауæн чи цы радта, цæмæй йын æй фæстæмæ фидын бахъæуа?»

36 Уымæн æмæ æппæт дæр Хуыцау сфæлдыста, æппæт дæр цæры Йæ фæрцы æмæ Уымæн. Кад Ын уæд мыггагмæ! Амен.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.