Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

В библиотеке болгарского города Кырджали есть книги на осетинском языке.

Ног Фæдзæхст

Апостол Петры дыккаг фыстæг. 2-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Мæнгахуыргæнджытæ

1 Израилаг адæмы æхсæн мæнг пехуымпартæ куыд уыдис, афтæ сымахæн дæр уыдзæн мæнгахуыргæнджытæ; уыдон æрхæсдзысты семæ мæлæтмæ тæрæг мæнгахуырæдтæ, сæхи атигъ кæвдзысты сæрибар сын æрхæссæг Хицауыл, æмæ афтæмæй сæхи æвиппайды бакæндзысты мæлæты амæддаг.

2 Бирæтæ сын бафæзмдзысты сæ чъизи митæ; уыдоны аххосæй æгад уыдзæни раст фæндаг.

3 Кæрæф кæй сты, уымæ гæсгæ сæ мæнгард ныхæсты руаджы тона кæндзысты сымахæй. Тæрхон сын раджы рахастæуыд, æмæ сæм сæ мæлæт къæрцхъусæй лæууы.

4 Кæд тæригъæды чи бафтыд, Хуыцау уыцы зæдтыл нæ бацауæрста, ныппæрста сæ зындонмæ æмæ сæ тæрхоны бонмæ талынджы дары рæхыстæй бастæй;

5 Кæд рагон дунейыл нæ бацауæрста, бахызта æрмæстдæр рæстдзинады фидиуæг Нойы йæ бинонтимæ — аст адæймаджы, æнæхуыцæутты дуне та доны хъаймæтæй фесæфта;

6 Кæд Содом æмæ Гоморрæйы сахарты фестын кодта æртхутæг, æмæ сын уымæй рахаста сæ сыскъуыныны тæрхон, фидæны æнæхуыцæуттæн уый зондыхос куыд уа, афтæ;

7 Хæлд адæмы æлгъаг цардæй чи сфæлмæцыд, уыцы рæстгæнæг Лоты та фервæзын кодта —

8 Уымæн æмæ уыцы рæстгæнæг царди се ’хсæн, æмæ алы бон дæр йæ зæрдæ рысти, се ’нæуаг хъуыддæгтæ сын кæй уыдта æмæ хъуыста, уымæй, —

9 Уæд Хицау зоны, рæстгæнджытæ фæлварæнтæй куыд фервæзынгæнгæ сты, æнæхуыцæуттæ та сæ бафхæрыны тыххæй тæрхоны бонмæ куыд ныууадзгæ сты, уый —

10 Чъизи мондæгты фæдыл чи цæуы, Хуыцауы бартæ чи ницæмæ дары, налат, хивæнд чи у æмæ намысджынты фауынæй чи нæ тæрсы, уæлдайдæр уыдон.

11 Афтæмæй зæдтæ уыдонæй домбайдæр сты хъомыс æмæ тыхæй, фæлæ Хицауы раз намысджынтæн нæ фæзæгъынц фауæн ныхас.

12 Уыдон та фауынц, цы не ’мбарынц, уый. Æрцахсынæн æмæ æргæвдынæн чи райгуырд, ахæм æнæзонд цæрæгойтæй уæлдай не сты, кæсынц се ’рдзыхъæды коммæ, æмæ кæй фехæлдысты, уый сæ æркæндзæни сæфтмæ.

13 Уыдонæн сæ хæрам хъуыддæгтæ бафыстæуыдзæн хæрамæй. Æхсызгон сын сты се ’рвылбоны хиирхæфсæнтæ; æлгъаг æмæ æгадгæнджытæ, райгонд вæййынц сæ фæливæн митæй, уемæ куы фæцæл кæнынц, уæд.

14 Сæ цæстытæ агурынц хæтаг сылгоймæгты, тæригъæдæй æфсис нæ зонынц; сæ къæппæджы бахауынц, йæ уырнынад кæмæн не сфидар, ахæмтæ. Сæ зæрдæтæ систы кæрæф, уыдон æлгъыст сты,

15 Ныууагътой раст фæндаг, фæдзæгъæл сты æмæ ацыдысты Восоры фырт Валаамы фæндагыл — уый бабæллыд йæ тæригъæды тыххæй мызд райсынмæ,

16 Фæлæ йын йæ цæстмæ бадардæуыди, зылын кæй у, уый: æгомыг хæрæг сдзырдта адæймаджы æвзагæй æмæ пехуымпары бахызта сæрхъæн мийæ.

17 Ахæмтæ сты хуыскъ суадæттæ, уад кæй ахæссы, ахæм мигътæ. Уыдонмæ æнхъæлмæ кæсы саудалынг.

18 Уыдон кæнынц хиппæлой æмæ ницæйаг ныхæстæ, чъизи мондæгты къæппæгæй ахсынц, зылын фæндагыл цæуджытæй нырма ныр чи фæхицæн, ахæмты.

19 Зæрдæ сын æвæрынц сæрибарæй, афтæмæй сæхæдæг та мæлæты цагъартæ сты, уымæн æмæ чи кæмæн басасти, уый уымæн цагъар у.

20 Кæд нæ Хицау æмæ Ирвæзынгæнæг Йесо Чырыстийы базоныны фæрцы фервæзтысты дунейы чъизитæй, фæлæ та дзы ногæй суйтæ кæнынц æмæ сæ амæддаг баисты, уæд сæ фæстаг уавæр фыццагæй фыддæр уыдзæн.

21 Уыдон базыдтой раст фæндаг, фæлæ ныууагътой, цы сыгъдæг фæдзæхст сын лæвæрд æрцыд, уый. Уыцы раст фæндаг куы нæ базыдтаиккой, уæд сын хуыздæр уыдаид.

22 Фæлæ уыдоныл æрцыди раст æмбисонд: «Куыдз раздæхы йæ омдзæгмæ», «æхсад хуы ацæуы цъыфы йæхи сæвдулынмæ».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.