Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

По оценкам ЮНЕСКО осетинский язык признан уязвимым: что это значит?..

Ног Фæдзæхст

Апостол Петры фыццаг фыстæг. 3-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Ус æмæ лæг

1 Афтæ сымах дæр, устытæ, кæсут уæ лæгты коммæ, Хуыцауы ныхасæн дзы чи нæ сæтты, цæмæй уыдонæн зæгъын дæр ма бахъæуа, фæлæ сæ Хуыцаумæ æрхона сæ устыты цард,

2 Уымæн æмæ фендзысты, сымах кæй цæрут сыгъдæгæй æмæ уæм кæй ис Хуыцауы тас.

3 Æддаг бакастæй чи зыны, дзыккуты уыцы аив быд, сызгъæрин фæлындæнтæ кæнæ аив дарæс ма уæнт уæ фидауц,

4 Фæлæ уæ зæрдæйы уаг, Хуыцауы цæсты тынг зынаргъ чи у, уыцы æвæлмас æмæ сабыр удыхъæды æнæмæлгæ рæсугъддзинад.

5 Хуыцауыл йæ зæрдæ чи дардта, уыцы сыгъдæг устытæ дæр рагзаманы фидауццжын уыдысты, сæ лæгты коммæ кæй кастысты, уымæй.

6 Афтæ Саррæ уыд Авраамæн коммæгæс, æмæ йæ хуыдта йе ’лдар. Кæд сымах хорз хъуыддæгтæ аразут æмæ уыл фæстæмæ ницавæр тас хæцы, уæд Саррæйы хъæбултæ стут.

7 Сымах дæр, лæгтæ, цæрут уæ устытимæ, уыдон лæмæгъдæр кæй сты, уый æмбаргæйæ. Аргъ сын кæнут, уымæн æмæ уыдон дæр уемæ райсдзысты Хуыцауы хорзæх — мыггагмæйы цард. Афтæмæй уæ куывд нæ фæкъуылымпы уыдзæн.

Фыдæхæн фыдæхæй ма фидут

8 Уæдæ уеппæт дæр ут æмзонд, иннæйы мæт æмæ цинæй хайджын, æфсымæруарз, зæрдæхæлар, сæрныллæг.

9 Фыдæхæн ма фидут фыдæхæй, æфхæрæн ныхасæн — æфхæрæн ныхасæй. Уый нæ, фæлæ Хуыцауæй курут хорзæх æфхæрджытæн — Хуыцау сымах уый тыххæй æрхуыдта. Æмæ уыл уæд æрцæудзæн Йæ хорзæх.

10 Уымæн æмæ «тæхудиаг цардæй цæрын æмæ хорз рæстæг фенын кæй фæнды, уый ма уæд маргæвзаг æмæ йæ дзыхæй ма рацæуæд мæнгныхас,

11 Ныууадзæд фыдæх æмæ аразæд хорз хъуыддæгтæ, зæрдиагæй тырнæд фидыдмæ.

12 Хицау Йæ цæст дары рæстгæнджытæм æмæ сын хъусы сæ куывдмæ; фыдгæнджытæн та Хицау сæ ныхмæ у».

13 Æмæ хорз хъуыддæгтæм куы тырнат, уæд уын фыдбылыз чи хъуамæ сараза?

14 Фæлæ кæд Хуыцауæн фæндон хъуыддæгты тыххæй тухæн æвзарут, уæд тæхудиаг стут; уе ’фхæрджытæ уæ цæмæй тæрсын кæнынц, уымæй та ма тæрсут æмæ ма тыхсут.

15 Зæрдæбынæй кад кæнут Чырыстийæн — уæ Хицауæн. Уæ зæрдæдарæны бындурæй уæ чи фæрса, уымæн кæддæриддæр цæттæ ут æвæлмасæй æмæ Хуыцауæй тæрсгæйæ дзуапп раттынмæ.

16 Уæ цæсгомыл къæм абадын ма бауадзут, æмæ фæхудинаг уой, уæ дзæбæх чырыстон цардыл цъыф чи калы, уыдон.

17 Уымæн æмæ Хуыцауы фæндæй иугæр хъизæмар бавзаргæ куы уа, уæд æй æвзæр хъуыддæгты бæсты фæлтау хорз хъуыддæгты тыххæй бавзар.

18 Уымæн æмæ Чырысти дæр мах Хуыцаумæ æрхоныны охыл уыциу хъизæмар бавзæрста — Йæхæдæг æназым уыди, афтæмæй азымджынты сæраппонд амарди уыдоны тæригъæдты тыххæй. Йæ буар Ын амардтой, фæлæ уды æгъдауæй райгас,

19 Æмæ афтæмæй ацыд æмæ хъусын кодта уац ахст удтæн —

20 Кæддæр Хуыцауæн чи нæ басаст, уыдонæн. Хуыцау сын быхста æмæ æнхъæлмæ касти, цалынмæ Ной нау арæзта, уæдмæ. Уыцы науы æрмæст цалдæрæй — аст адæймаджы — фервæзтысты доны фæрцы.

21 Уыцы дон фæсномыгæй амыдта донаргъуыдмæ; донаргъуыд та у буары чъизи æрæхсын нæ, фæлæ Хуыцауæн сыгъдæг цæсгомимæ цæрыны тыххæй зæрдæ бавæрын1. Донаргъуыд абон сымах ирвæзын кæны Йесо Чырыстийы райгасы фæрцы —

22 Уый ацыд уæларвмæ, бады Хуыцауы рахиз фарс, Йæ дæлбар сты зæдтæ, уæларвон барджынтæ æмæ тыхджынтæ.

1 3:21 Ацы бынат тæлмац кæнынц афтæ дæр: Уыцы дон фæсномыгæй амыдта донаргъуыдмæ; донаргъуыд та буары чъизи æрæхсын нæу, фæлæ у Хуыцаумæ сыгъдæг цæсгомы тыххæй кувын.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.