Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Интересные слова

туацъæ низкое болотистое место, поросшее камышом.
"...хуторы бынаты раздæр уыди хъæд æмæ туацъæ. Фæстæдæр хъæд бындзарæй ныццагътой, туацъæ дæр хусгонд æрцыд".
Сотаты Людмилæ, "Ирæттæ Кæсæджы" // "Мах дуг", 7, 2001.

Дзасохты Музафер

КЪОБОСТЫ ХЪÆД

Æрбавгæн æмæ фæстæдæр фæкæс (PDF, RTF)

Радзырдтæ

НÆ АМОНД УЫД, ÆМÆ...

ХЪÆНТÆБÆРÆГГÆНÆГ

ФАРНЫ НЫСАН

ÆВЗÆР КУЫРД

АРГЪАУÆЙ ТЫХДЖЫНДÆР

ЙÆ НОМ ЙÆ УÆЛÆ

ПЫХС ЙÆ СÆРЫЛ АХАСТА

ЗАМАНТÆ

ЙÆ ТÆККÆ ДИДИНÆГ КАЛГÆЙÆ

ДОНЫ ХЪЫСМÆТ

ХÆХТÆЙ НЫЛЛÆГДÆР

ХЪÆБÆРЫЛ ФÆЛМÆН

ЦАРДЫ ÆНЦОЙ

МИТЫ КÆУЫН

ЛÆГГÆНÆГ

ÆНАХУЫР ФÆНДОН

СТЪÆЛФ

УАГЪÆЛЫ ÆМÆ ФÆНААГ

РАГАЦАУ

ÆППÆТЫ ДИССАГДÆР

ЗЫНДÆР САХАТ

ЦЫППАР ФÆДЫ

АЗÆЛД

КЪУЫДЫР

МИГЪТЫ АХÆСТОНЫ

ЙÆХИ ЧИ НÆ УАРЗЫ...

СЫНТЫТÆ

НИЦЫЙÆ ИСТЫ

ЙÆ БЫНЫ РЫГТÆ

УАРÆГ

ДЫККАГ РАЙГУЫРД

ÆХСЫЗГОН ÆМÆ ХЪЫГ

ХЫЗЫ БЫН

ФЫДБЫЛЫЗЫ ФÆНДАГ

ЧИ НÆ БÆЗЗЫД?

ÆНХЪÆЛЦАУ

КЪАХЫРГОНД РÆСТДЗИНАД

ХАЛОНЫ АХСТОН

АДДЖЫН МАСТ

СИДЗÆРГÆСЫ РОД

УИСЫ КАДАВАР

ИЧЪЫНАЙЫ КАЛМ

ÆМБИСОНД

МÆСЫГ ÆМÆ ЙÆ ДУР

ЫЙ-ИУ, ДЫУ-УÆ!

УРСДОНÆЙ КУЫРОЙЫДОНМÆ

САУ ДУР УРС МИТЫ

ЗÆРДÆ ÆМÆ АХСÆН

АХÆМ ФÆНДАГ

ХОРЗЫ ХОРЗ ÆМÆ ÆВЗÆРЫ ÆВЗÆР

УРС-УРСИД МИТÆЙ ГУЫРД

ÆДЫЛЫ КЪОППА

ÆУУÆНК ÆМÆ ТЫХ

ÆППÆТЫ ЗАРÆГ

ДЗÆБИДЫРТЫ ХÆСТ

ЦЫППУРСЫ ÆУУÆРЦЪЫ

УАЗÆГУАРЗОН СЫВЫЛДЗ

КЪÆХТЫЛТЫХСÆГ

МАДЫ УЗÆЛД

 

^^^

НÆ АМОНД УЫД, ÆМÆ...

Дуне ныхмæвæрддзинæдтыл æнцайы. Алы урсæн дæр сау ис, алы рахизæн галиу куыд ис, афтæ, уыимæ урс кæддæриддæр уæлахиз кæны сауыл, рахиз — галиуыл.

Дуне фыд æмæ хосæй арæзт у. Уыимæ алы фыдæн дæр хос ис. Маргæй ма тæссагдæр цы уа, фæлæ уымæн дæр хос ис. Стæй иу æмæ дыууæ нæ. Бирæ хостæ. Чи зоны, адæймаг ын цы хостæ æрхъуыды кодта, уыдонæй къаддæр хостæ нæй цæрæгойтæм, зайæгойтæм, мæргътæм, хилджытæм, сасктæм.

Куыдзыл, дам, калм куы фæхæцы, уæд дзæвгар рæстæг йæ кой, йæ хъæр никæцæйуал райхъуысы. Бирæ хæттыты йæ сæфтыл банымайынц, фæлæ та иуахæмы фæзыны. Куыд дзурынц, афтæмæй калмы хæсты ныхмæ цавæрдæр кæрдæг зоны æмæ уый агурæг ацæуы. Ацæуы, æмæ йæ цалынмæ ссары æмæ йæхи сдзæбæх кæны, уæдмæ нал фæзыны.

Калмы хæстæн хос куыдз йедтæмæ иннæ цæрæгойтæй макæмæ уа, уый зын бауырнæн у, уымæн æмæ хъæстæйы амæттаг æрмæст куыдз нæ бавæййы. Фыд алкæуыл дæр цæуы, алы фыдæн та алы хос ис.

Хорз у, æвæдза, афтæ кæй у, уый. Цард уыцы æгъдауы фæрцы нæ лæууы иу ран, йæ размæцыд уысмы бæрц дæр уый æххуысæй никуы бакъуылымпы вæййы. Алы фыдæн алы хос нæ уæвгæйæ, дуне раджы бабын уыдаид. Ралæууыдаид ахæм дуг, рынчын дзæбæх куынæуал кодтаид, тыхст — æдыхст, мæстджын — æнæмаст.

Нæ амонд уыд, æмæ æрдз алы хосæн алы фыд æрхъуыды кæныны бæсты алы фыдæн алы хос æрхъуыды кодта.

^^^

ХЪÆНТÆБÆРÆГГÆНÆГ

Мартъийы афтæ хонынц. Афæдзæй-афæдзмæ йæ сæр схъил кæнын чи нæ бауæнды, уыцы хъæнтæ сæхиуыл схæцынц, ныхасы бар никæмæнуал фæдæттынц. Хъæнтæм рохтæ лæвæрд кæм æрцæуынц, уым хорз миниуджытæн сæхи фæсвæдмæ æнæайсгæ нæй, уымæн æмæ цæсты нал фæахадынц.

Уæлæнгай æркæсгæйæ, мартъи хъæнтæ кæй рабæрæг кæны, уым хорз йедтæмæ æвзæрæй ницы ис. Искуыдæр ма аипп ссарын æвзæр у! Дæ рæдыд базыдтай, дæ лæмæгъдзинад раиртæстай, уæд æй æнцондæрæй сраст кæндзынæ, йæ фесафыныл къаддæр тыхтæ хардзгонд æрцæудзæн. Зонгæ рынæй мæлæт нæй, зæгъгæ, куы фæзæгъынц.

Уыдæттæ иууылдæр раст сты. Фæлæ раст у æндæр хъуыддаг дæр. Рынтæ иууылдæр æмхуызон не сты. Иутæн хос вæййы, иннæтæн — нæ. Хос кæмæн ис, уый цас тагъддæр раргом уа, уыйас ын хос дæр тынгдæр баххуыс кæндзæн, æнцондæрæй сыскъуыйдзæн йæ уидаг. Фæлæ хос кæмæн нæй, уыцы рын цас тагъддæр фæцагайай, уыйас раздæр райхъал уыдзæн æмæ уымæ раджы дæр æмæ æрæджы дæр æвналын цæмæн хъæуы? Фæлтау уадз æмæ мæрдфынæйæ хуысса, цы æвирхъау тыхтæ дзы æмбæхсы, уыдон азар нæ куынникуы басудза, нæ тæфты дæр куынникуы ауайа.

Мартъи хъæнтæбæрæггæнæг у. Афæдзы иннæ иуæндæс мæйы змæлын дæр кæй никуы бауадзынц, уыцы хъæнты рохтæ уалдзæджы фыццаг мæй суадзы æмæ дзы кæмæн куыд йæ бон вæййы, афтæ знаггад кæныныл нал фæауæрды. Мæнæн, хъæнтæ чи бæрæг кæны, уымæй иннæ мæйтæ мæ зæрдæмæ хæстæгдæр лæууынц, бæрзонддæр æвæрд мæм сты, уымæн æмæ уыдон æппæты тæссагдæр низтæ дæр цыбыр бастæй дарынц, стæлфын сæ никуы фæуадзынц. Чи зоны, мартъи куы нæ уаид, уæд сæ риуты дзаг никуы сулæфиккой, адæмы хъизæмарæй марыны бæсты сæхæдæг æрдæгмардæй лæууиккой.

^^^

ФАРНЫ НЫСАН

Уагъæлыйы хуссарварс пысырайæ цъæх адардта. Алцыдæр йæ афоныл кæй фидауы, уый рагæй хъусын, фæлæ цæмæн, ууыл нырма ныр ахъуыды кодтон. Æвæццæгæн, алцыдæр йæ афоныл кæй фæзыны, уымæн. Æмæ та мæнæ иннæ хæтты хуызæн ныр дæр пысыра йæ афоныл фæзынди.

Нырма гæнгæлыйæн йæ кой дæр нæма ис. Хæрынмæ куы фæбæздзæн, уыцы рæстæгæй зæгъын. Уæдæ хъæндæлыйæн дæр йæ сыф йедтæмæ ницыма фæзынд. Йæ тымбылкъухы йас æнæхæлд коцора куы фæзындзæн, уымæ нырма дзæвгар рæстæджытæ ис Лæджирттæг, дзындзалæг æмæ дудгæйы замантæ дæр нæма ралæууыдысты.

Пысыра та йæ тæккæ хорзыл у. Цалдæр боны фæстæ фæцуддзæн. Фæхъæбæр уыдзæн, йæ сыфтæ хуынчъытæ кæнынмæ фæуыдзысты æмæ йæм æууæрцъыйы номыл ничиуал бавналдзæн. Ныр та, табуафси — æууæрцъы кæн. Æрмæст йæ тæф дæр бирæйы аргъ у, зæрдæйыл æмбæлы.

Адæймаг йæ къухты сыгъд ницæмæуал фæдары. Иу æвзар иннæйы фæдыл тонынц. Армыдзаг куы бавæййынц, уæд армытъæпæнтæ ’ууæрдынмæ фæвæййынц. Цалынмæ сæ лæхъир уынæр райхъуысы æмæ фындзыхуынчъытæ хæрзад тæф банкъарынц, уæдмæ къухтæ се змæлынæй нæ банцайынц.

Фæстаг æууæрцъыйы фæстæ дæлбылмæ фæцæуæг дæн. Фыцгæ суадоны хъуыр-хъуыр мæм хæстæгæй райхъуыст. Ихы хуызæн доны уазалмæ пысырайы судзинты рыст фæкъуырмайау.

Фæстæмæ уæлбылмæ схызтæн. Уагъæлыйы къутæрмæ та фæкомкоммæ дæн. Йе ’рдæгхæлд фæлурсцъæх сыфты астæу иу сырх гага ауыдтон. Цыма цъæх ахорæнæй йæхи ахорын цы æрдз райдыдта, уым сырх уагъæлыйы нæмыг нал фидыдта, афтæ мæм фæкаст, фæлæ йæм уæддæр нæ фæлæууыдтæн æмæ йæ ратыдтон.

Уыцы æнæсахъатæй баззад. Æууæрцъыты фæстæ мæм уæлдай адджындæр фæкаст, стæй адджын уæвгæ дæр уыди. Йæ æппытæ бахус сты æмæ йæ уымæл цъарæй æнцонæй фæхицæн сты.

Фароны нартхорæй дзаг къутуйы бын ма цы æфсиртæ аззайы, уыдоны фарсмæ ног азы фæллойы бæркæдтæ куы æркалай, уый хуызæн мæм фæкаст. Бæркæдтæ бæркæдтæм куы хæццæ кæной, уæд уымæй хуыздæр цы ис! Иу азы фæллой иннæ азы фæллойыл куы ’мбæла, уæд цардæн фæцудынæй тас нæу.

Фароны уагъæлы æмæ ацы азы пысыра кæрæдзиуыл кæй сæмбæлдысты, уый фарны нысан у.

^^^

ÆВЗÆР КУЫРД

Хæрисы къабæзты та туг схъазыд. Туг иннæ бæлæсты къабæзты дæр схъазыд, фæлæ хæрис уалдзæджы æрцыд, иуæй, раздæр банкъардта, иннæмæй, тынгдæр. Уый зыны йæ алы къалиуы алы къуыбырыл дæр. Уæвгæ йæ къуыбыртæ сыфтæры хуызæн тынгдæр сты.

Хъæуккаг лæппутæн ацафон æхситгæнæнтæ кæнынæй хуыздæр куыст нал вæййы. Иу дыууадæс-æртындæс азы кæуыл цæуы, ахæм лæппу хъæугæронмæ сæ рæуæды раскъæрдта. Куыддæр рæуæд цъæх кæрдæгмæ æрæвнæлдта, афтæ лæппу йæ дзыппытæ сгарынмæ фæци. Уайтагъд хæрынкъа йæ къухы февзæрд. Суадоны был хæрисбæласмæ фæраст. Цалдæр хатты йыл йæ цæстæнгас æрхаста, стæй йæм бырынмæ фæци. Тæккæ рæхснæгдæр къалиутæй цалдæр зæхмæ æрæппæрста æмæ йæхæдæг дæр зæххы балæууыд.

Уадындзтæ кæнын æй сæ сыхæгты лæппу сахуыр кодта. Уæдæй нырмæ æнæхъæн афæдз рацыд, фæлæ дзы никуал ферох уыдзæн. Фыццаг уадындз йæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Æвæццæгæн, къалиу нæ фæбæззыд, æндæр æй иуфарс нæ фехстаид. Иннæ къалиуимæ арæхстгайдæр архайдта. Раздæр уадындзы хуыз сныв кодта, стæй йын хæрынкъайы хъæдæй йæ фæрстæ «рæгъæд» кæнын райдыдта. Фаг ын куы фæци, уæд иу къухæй уадындзыл ныххæцыд, иннæмæй къалиуы кæроныл æмæ йæ аивæй сыздыхта. Цъар хъæдæй æнцонæй фæхицæн. Æркæстытæ йæм кодта. Куы ницы аипп æм ссардта, уæд уадындз амайынмæ бавнæлдта. Уый фæстæ йæ сæтæй ахуылыдз кодта, цъар ыл бакодта æмæ дзы ныффу ласта. Фу цъæхснаг æхситты бын куы фæци, уæд йæ цинæн кæрон нал уыд. Йæ цин та æхситтæй кæм æвдыста, уым хъустæ къуырма кæныныл нал ауæрста. Стыхсти дзы хæрис дæр. Бæласы бон дзурын куы уыдаид, уæд ын æнæмæнг загътаид: «Мæ къалиутæ мын æрæхсæстай, уый дын фаг нæу, æхситт та ма мыл кæдæм кæныс, æви æвзæр куырдæн йе ’взалы йæхицæй вæййы?!»

^^^

АРГЪАУÆЙ ТЫХДЖЫНДÆР

Афæдзæй дзæвгар фылдæр кæуыл цыдаид, фæлæ йæ царды бонтæ дыууæ азмæ кæмæн нæма схæццæ уыдаиккой, ахæм сырх рæуæд, далыс æмæ, рæуæдæн йæ бынты æнцонæй чи бауадаид, ахæм хъыбыл кæрæдзийы фæдыл хъæумæ уадысты. Цыма сæ быдыры ницуал хъуыддаг уыд, ууыл æртæйæ дæр æмхуызонæй тынг баууæндыдысты, уый хуызæн цыдысты ныфсджын къахдзæфтæй. Фадхъултæм кæрдæг сæ быны уыд, афтæмæй йæм дзы, æз сæ куы ауыдтон, уæдæй нырмæ иу хатт дæр ничима æргуыбыр кодта.

Æппæты стæмдæр къахдзæфтæ кодта рæуæд. Далыс, цæмæй рæуæды æййæфтаид, уый тыххæй дыууæ хатты бæрц тагъддæр иста йæ къах, хъыбылы та-иу рæстæгæйрæстæгмæ дугъы уайын дæр бахъуыд.

Хур ныгуылæны ’рдæм акъул, фæлæ ма изæрмæ бирæ рæстæг уыд æмæ сæ хизын афтæ раджы кæй ныууагътой, уыцы хъуыддаг ма мæ уый тыххæй дæр дисы æфтыдта. Мæ цурты дæр уыцы æнæвдæлонхуызæй сивгъуыдтой. Цыма сæ дæсныйы амындмæ гæсгæ авд суадоны сæрты ахизын хъуыд æмæ сын хурныгуылдмæ куынæуал бантыса, уымæй тарстысты, уыйау размæ тындзыдтой.

Дзæбæхдæр сæм куы бакастæн, уæд бамбæрстон, сæ фæндаг иуыл лæгъзытæй кæй нæ уыд. Рæуæды къæхтæ суанг гуыбыны онг уыдысты хуылыдз. Далысы къæмдзыгджын хъуынтæй ма хусæй баззад æрмæст йе рагъы нарæг уадздзаг, хъыбыл та æнæхъæнæй дæр уыд донласт.

Аргъау мын мæ зæрдыл æрлæууын кодтой. Уым дæриу алы мыггаг фосы æмæ сырды минæвæрттæ бакъорд сты æмæ хуыздæр цард агурæг афтæ араст сты. Чи зоны, рæуæд, далыс æмæ хъыбыл аргъауæй æрбадзæгъæл сты æмæ, кæцæй рацыдысты, уырдæм фæстæмæ сæ тæккæ фæндаг агургæйæ уыдысты. Æви аргъаумæ дæр, царды цы æрцæуы, ахæм хабæрттæ бафтынц, уæд дæр бæрæг нæй. Æвæццæгæн, афтæ растдæр уыдзæн, уымæн æмæ цард аргъауæй тыхджындæр у.

^^^

ЙÆ НОМ ЙÆ УÆЛÆ

Хъуыдыды тъæнджы мæй дæр вæййы — йæ кой хуымæтæджы нæ баззад. Иугæр тъæнджы мæй хъуыдыды кæм разыны, уым уалдзæджы бæрæгастæу хæрынæн бæзгæ дурвæткъуыйыл сæмбæлын уыйас диссаг нал у.

Æргом дзургæйæ, æз ыл тынг фæдис кодтон, уымæн æмæ ацафон гагадыргътæн сæ сыфтæрты фæзындмæ фенхъæлмæ кæсæм, сæ дыргътæм нæ, фæлæ.

Дурвæткъуы кæмфæнды куы æрзайа, уæддæр ын тæссаг никæмæй æмæ ницæмæй вæййы: йæ сындзытæ йæ афтæ тынг хъахъхъæнынц, æмæ йæм бавналын нæ, фæлæ æввахс бацæуын дæр ничи бауæнддзæн. Ацы бæлас та йæхицæн бынатæн равзæрста дыууæ суадоны астæу, адæм кæдæм не ’фтынц, фос æввахс кæдæм нæ цæуы.

Бæласы цур æрлæууыдтæн, мæ лæдзæгыл æрæнцой кодтон æмæ, цыргъ, сындзæй æмæхгæд дурвæткъуыйыл фæлмæн сыфтæр куыд рахæцыд, уымæ кæсыныл фæдæн. Йæ ныллæг къалиутыл дыууæ ахстоны хæлддзагыл мæ цæст æрхæцыд. Цыдæриддæр у, уæддæр гæркъæраджы ахстæттæ уыдаиккой. Уыдонæй арæхдæр ахæм ран ничи «æрфысым» кæны.

Фароны сыфтæртæй лыстæныл ауыдтон дурвæткъуыйы фæлурс сырх гага, исынмæ дæр æй нæ хъавыдтæн, дзыхы акæнын та йæ мæ зæрды уæвгæ дæр нæ уыди, фæлæ иуæйиу хатт цымыдисдзинад зондæй тыхджындæр разыны æмæ æз дæр дурвæткъуыйы нæмыг фелвæстон.

Иунæг цъæррæмыхсты фæд дæр ыл нæ уыди. Йæ цъар æнцонæй стыхстис æмæ йæ уайтагъд аппæй фæхицæн кодтон. Цы ад кæны, уый бавзарын дæр мæ æрфæндыди. Йæ тæккæ цæттæйыл куы вæййы, уымæй адджындæр йедтæмæ æнаддæр нæ уыди.

Дурвæткъуы ацафонмæ кæй баззад, уый мæм афтæ диссаг нал каст. Йæ ном йæ уæлæ кæй ис, уый тыххæй. Æвæццæгæн æй, дурвæткъуы дæр йæ ахæм гагаты тыххæй схуыдтой. Йæхи чи ныддур кæны, афтæмæй сæрд, фæззæг æмæ зымæджы сæрты уалдзæгмæ æнæхъæнæй чи ’рбахæццæ вæййы...

^^^

ПЫХС ЙÆ СÆРЫЛ АХАСТА

Уалдзæг йæ сæрыл пыхс кæй ахаста, уый тыххæй бирæ æвдисæнтæ ницæмæн хъæуы, сæкæр адджын кæй у, уый базоныны тыххæй путы бæсты иу къæртт ахæрын йедтæмæ куыннæ хъæуы, афтæ.

Уалдзæджы размæбырст ирдæй зыны давоны сыфтыл. Уыдон зæххæй скастысты арцыты хуызæн æмæ сæ цыргъ бырынчъытæ арвмæ сарæзтой. Уалдзæджы хуызæн уыдон дæр пыхс сæ сæрыл ахастой.

Давоны æвзартæ уалдзæджы размæ тынгдæр фæфæдис кодтой æви сыл уалдзæг йæхæдæг тагъддæр сæмбæлынмæ тырныдта, уый зын равзарæн у, фæлæ цыма давæттæ уалдзæгыл раздæр сæмбæлынмæ хъавыдысты, афтæ зыны. Уæлдайдæр, иуæй-иу æвзартæм лыстæгдæр куы ’ркæсай, уæд. Уыдонæн сæ фæндагыл уæлдай стырдæр цæлхдуртæ уыд. Уый æдде бакæсгæйæ дæр хорз зыны. Давоны æвзарты ныхмæ фароны сыфтæ афтæ хъæддыхæй æрлæууыдысты, æмæ сæ бынæттæй иуфарс феггуырсын нæ бакуымдтой, фæлæ давæтты тырнындзинад хус сыфтæрты хивæнддзинадæй тыхджындæр уыд, цæрдхуынчъытæ сæ фæкодтой æмæ сæ цыргъ кæрæттæ уырдыгæй сдардтой.

Хус сыфтæ кæд сæхиуыл иуцасдæр фæйнæрдæм ахæцыдысты, уæддæр цъæх æвзарты фæлмæн базырты цас фæндыд, уый бæрц нæ, æмæ давоны сыфты бахъуыд сæхи хæтæлау стухын. Сæ сæрыл систой хивæнд хус сыфты дæр, мæнæ гал йæ сыкъатыл кæй фелвæста æмæ уым чи бахус, уыцы бирæгъы хуызæн.

^^^

ЗАМАНТÆ

Мæгуыр рæстæджытæ куыннæ скодта хæсты заман! Тыхст æмæ уырыд бонтæ куыннæ бавзæрстам хæсты фæстæ! Кæрдзын бахæрынмæ куы нæ уыд, дзаума — скæнынмæ. Фæлæ ныффæрæзтам. Алчидæр хуыздæр райсоммæ æнхъæлмæ каст. Алкæй дæр уырныдта, фыдбон æмæ фыдлæг бирæ кæй нæ хæссынц. Æмæ нæ хорз замантæ сæхимæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бауагътой. Ралæууыдысты хурæфсæст бонтæ, фæлæ уæддæр ивгъуыдæй нæ фæхицæн стæм. Уый нæ зæрдæйы ставд дамгъæтæй фыстæй баззад, рохгæнæн ын нæй.

Мæ сабидугæй мæ зæрдыл æппæты тынгдæр цы лæууы, уый — кæсаджы арæх. Къæбæр — кадавар, кæсаг — арæх. Цыма нæ æрдз хойрагæй цы фæхъулон кодта, уый нын кæсагæй фыста, уый хуызæн. Уалдзыгон фыццаг хъарм бонтæй-иу æй суанг фæззæгмæ фæахстам, уæддæр къаддæр нæ кодта, стæй йын фæуынæй дæр нæ тарстыстæм.

Ныр, æндæр замантæ куы ралæууыд, æххормаг цы у, уый æрмæстдæр хистæрты ныхæстæм гæсгæ чи зоны, ахæм фæлтæртæ куы рахъомыл, уæд кæсаг скадавар. Раздæриу уæраджы сæртæм доны ныккæнæн кæмæн нæ уыд, уыцы балер кæсаг астæумæ доны дæр зын ссарæн сси. Йæ фесæфын æнцондæр куы уыд, уыцы заман аирвæзт, йæ мыггаг сыскъуынынæн æппындæр æфсон куы нæ ис, уæд та йыл мæгуыры бон акодта...

^^^

ЙÆ ТÆККÆ ДИДИНÆГ КАЛГÆЙÆ

Уарди æмæ давон фæрсæй-фæрстæм æрзадысты. Хур сыл иумæ скæсы, æхсæв сæ иу сау хъæццулы бын иумæ æрбатухы. Иумæ сыл ралæууы уалдзæг дæр, фæлæ сæ хуры рухс æмæ уалдзæджы улæфт æмхуызон нæ батавы. Давон, зæххæй цы зайæгойтæ скæсы, уыдонæн сæ фыццæгтимæ вæййы. Æппæты фыццаг фæвæййы дидинæг калынмæ дæр.

Уардийæн йæ сыф дæр нæма райхæлд, давон та дидинæг калын райдыдта. Уарди йæм йæхинымæр хæлæгæй мæлы, уымæн æмæ йын йæхимæ дæр дидинæг калгæйæ хæлæггæнджытæ вæййы. Йæ хæрздæф алырдæм куы анхъæвзы, мæргътæ йæ цуры сæ зарынæй куынæуал фенцайынц, уæд ралæууы йæ царды амондджындæр æмæ хъæлдзæгдæр дуг.

Давоныл дæр цыма ахæм рæстæг скодта, уардимæ афтæ кæсы, æмæ йæм хæлæг кæны. Йæхæдæг дидинæг куы акалдзæн, уыцы рæстæгмæ бæллы, æрхъæцмæ нал хъæцы. Дидинæг æфтауыны заманмæ кæй тырны, уый хорз у, фæлæ давонмæ кæй хæлæг кæны, уымæй рæдийы, уымæн æмæ, давон йæ тæккæ дидинæг æфтаугæйæ куы вæййы, уæд йæ тæккæ хуыздæр рæстæджытæ нæ ралæууынц. Мæнæ йæм ныр дæр бæллиццагæй ницы ис, уымæн æмæ йæ хъалдæр бонтæ фæсте аззадысты. Йæ хъæд хъæбæр кæнын райдайы, йæ сыф — хус кæнын.

^^^

ДОНЫ ХЪЫСМÆТ

Иннæ хæххон дæтты хуызæн ацы донæн дæр йæ райдайæн цъитийы рæбынæй у. Йæ фыццаг æртæхтæ уырдыгæй райгуырдысты. Куыддæр сæ ныййарæг мадæй фæхицæн сты, афтæ уырдыгмæ фæцагайдтой, фæлæ сæ сæхи хуызæн æртæхтæ иунæгæй цæуын бирæ нæ бауагътой. Джынасуйы цæппузыртау сыл ныхæсгæ цыдысты. Къахдзæфæй къахдзæфмæ дæр, иуæй, сæ нымæцыл æфтыди, иннæмæй, сæ тахт цырендæр кодта.

Иуцасдæр комы куы ныууадысты, уæд сæхимæ афтæ амондджын фæкастысты, æмæ сæ зæрдæ зарын æрцагуырдта. Зарæг систой уылæнтæ, æртæхтæ та сын хъырнгæ кодтой. Зарæг æмæ уылæнтыл базыртæ базад æмæ сæхицæн фæдгæнгæ цыдысты. Фæд та ахæм арæзтой, æмæ дзы уæлдайджынтæй куыд бацыдаиккой. Дон ивылдæй дæр йæ былтæй куыннæ акалдаид.

Уылæнтæ сæхицæн аргъ кæнын базыдтой. Куыдфæстæмæ сæ сæрты гæпп кæнын никæйуал уагътой. Уæдæ доны фистæгæй цæуын дæр йæ ныфс ничиуал хаста. Кæд афтæ арф нæ уыд, уæддæр æрра уылæнтимæ хъæбысхæсты цæуын ничиуал уæндыд. Цалдæр хиды дæр ыл уымæн фæзынд.

Комæй куы раирвæзт, уæд йæ зарæг æрмынæг, йæ уылæнты абухт фæкъаддæр. Æмæ уым диссагæй ницы уыд: æппынæдзух йæ цард зарæг никæмæн вæййы, æппынæдзух æвзонджы тых никæй къабæзты фæхъазы. Бæллæх æндæр ран уыдис. Иннæ дæттæн сæ уылæнтæ егъаудæр кодтой, бæрзонддæрмæ æвналыныл архайдтой, амæн та цыбырдæргæнгæ цыдысты, ныллæгдæрты æнхъæвзтой.

Уыимæ, куыд дарддæр, афтæ тынгæй-тынгдæр. Иу къардиуы цурмæ-ма тыххæйты ныххæццæ. Йæ иуфæрсты азилыныл ацархайдта, фæлæ йæ бон нал баци. Цыма зæххы скъуыды аирвæзт, уыйау фæцыдæр. Æрмæст ма разæй, тынг ивылдæй-иу кæуылты калд, уыцы фæд бæрæг дардта...

Æнамонддæр ма хъысмæт цы уыдзæни! Цъитийы рæбынæй денджызмæ рараст у, æмæ Теркмæ дæр ма ныххæццæ у. Дæ райдайæн зынæд, дæ кæрон æрбайсæфæд. Фæлтау ын йæ райдайæн куы нæ уыниккам, йæ кæрон абухгæ размæ куы лæгæрдид.

^^^

ХÆХТÆЙ НЫЛЛÆГДÆР

Хæхты æртæ фæлтæрмæ фæкомкоммæ дæн, уæвгæ фыццаг дыууæ рæгътæм хæстæгдæр лæууынц. Кæд иуæйиу хæхтæй бæрзонддæр йедтæмæ ныллæгдæр не сты, уæддæр дзы къæдзæхдурыл дæ цæст не ’рхæцдзæн, цъити кæнæ æхсæрдзæны кой та кæнын дæр нæ хъæуы. Канд сæ фæхстæ нæ, фæлæ сæ цъуппытæ дæр æмæхгæд сты тар хъæдæй. Бæлас кæм нæ зайы, уым та кæрдæджы бын фæци.

Æцæг хæхтæ уыдысты æппæты фæстæ. Зымæгон хуры бон цас уыд, уыйас йæ хъарм рæдауæй лæвæрдта зæххæн, æппæты тынгдæр та цъитисæр хæхтæн. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд сæ цъуппытæ æвзистау не ’рттывдтаиккой, хурзæрины зæлдаг тынтæ æхсæрдзæнты дзыккутимæ нæ сæмхæццæ уыдаиккой æмæ иу циныл нæ цин кодтаиккой.

Рæсугъд уыдысты рæгътæ æмæ къæдзæхтæ. Дæргъæйдæргъмæ æртæ уадздзаджы хуссары арв кæрæй-кæронмæ бамбæрзтой. Сæ аивдзинад æмæ сæрыстыр хуызмæ кæсынæй нæма бафсæстæн, афтæ сæры февзæрд æнæнхъæлæджы хъуыды. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ фæкаст, цыма фыццаг таг дыккаджы йæ фæстæ акæнынмæ хъавыд, дыккаг та — æртыккаджы. «Цыма» нæ, фæлæ сын уыцы хъуыддаг иуцасдæр æнтысгæ дæр бакодта. Фыццаг, æппæты ныллæгдæр, дыккаджы иу хай бамбæрзта, дыккаг та — æртыккаджы, фæлæ уæддæр æппæты бæрзонддæр таг, айнæг къæдзæхтæй арæзт чи у, æнусон цъититæ æнусты сæрты йе ’ккой чи хæссы æмæ йæ урс-урсид сæр арвыл кæмæн ныдзæвы, уый бааууон кæнын фыццаджы бон дæр нæ баци æмæ дыккаджы бон дæр. Кæд ын бамбæрзтой, уæд æрмæст йæ «къæхтæ». Уыдон бамбæрзынæн та, иуæй, бирæ нæ хъæуы, иннæмæй, сæры кад нæ фæдæлдæр кæндзысты. Рæгъты дыууæ фæлтæры кæд исты равдыо той, уæд æрмæстдæр уый, æмæ хæхтæй бирæ ныллæгдæр кæй сты.

^^^

ХЪÆБÆРЫЛ ФÆЛМÆН

Зымæг афæдзы иннæ афонты хуызæн нæу. Хатыр никæмæн кæны. Суанг зæххæн дæр. Куыддæр йæ тыхы бацæуы, афтæ, æппæт бæркæдтæ дæр кæцæй цæуынц, дунейы хъæздыгдзинæдтæ кæцæй гуырынц, уыцы фæлмæн æмæ хъарм зæхх дойнаг дур фестын кæны. Цурк дзы нал фæныхсы, фæрæт æй нал фæкæрды.

Ацы азы зымæг афонæй раздæр райдыдта. Фæззæджы кæрон афтæ схъызыд, æмæ зæхх ныссалд. Цыма дзы зымæг иннæ азты мæстытæ дæр иста, уый хуызæн йæ тых-йæ бонæй бацархайдта йæ ныддæвдæг кæныныл. Æрмæст йæ маст бирæ нæ ахаста. Ахæм карз кæй разынд, уый йæм хардзау æркаст æмæ йæ рæдыд раст кæнынмæ фæци. Куыд æнæхатыр æй хонынц, ахæм æнæхатыр кæй нæу, уый равдисыны тыххæй уарынмæ февнæлдта. Фæлмæн миты гæлæбутæй бæзджын хъæццул сарæзта æмæ йæ хъæбæр зæххыл байтыдта, цыма йын афтæ зæгъынмæ хъавыд: «Кæд дæ хъæбæр гобан рауад, уæддæр дыл æмбæрзгæ тинтычъи хъæццул бакодтон».

^^^

ЦАРДЫ ÆНЦОЙ

Адджын уидаг адджын цы уидаджы тыххæй хуыйны, уый иууылдæр зæххы бын вæййы, стыр хæзнайау æй æмбæхстæй дары. Уæлæмæ дзы цы хай зыны, уымæй ахæрын, иуæй, йæ зæрды никæмæн æрæфтдзæн, иннæмæй та дзы, акомдзаг кодта, зæгъгæ, уæд бамбардзæн, маст кæй у.

Адæймагæн æрдзы иннæ хъæбултимæ бирæ иудзинæдтæ ис. Тызмæг цæстæй чи кæсы, фæлæ фæлмæн зæрдæйы хицау чи у, ахæм адæймæгтыл иу æмæ дыууæ хатты нæ сæмбæлæм. Уæдæ разæй худгæ чи кæны, фæсте та счъилы нуæрттæ чи цæгъды, ахæмтæ дæр чысыл нæй.

Цард дæр адджын уидæгтыл æнцайы, йæ зæрдæйы арфы рухс хъуыдытæ кæмæн æмбæхсы, уыдонæй рæсугъд у. Кæд худгæ-хæрæмттæ дæр бирæ ис, уæддæр сæ бон ницы у, йæ адджын уидæгтæ зæххы кæмæн æмбæхсынц, йæ бæллицтæ та — зæрдæйы, уыдон сыл кæддæриддæр фæуæлахиз вæййынц.

^^^

МИТЫ КÆУЫН

Мит куы уарыд, уæд кæнæ дымгæ ниудта, кæнæ мит йæхæдæг куыдта, кæнæ та дыууæйæ дæр иумæ марой кодтой. Арв тæккæ саудæр ахорæнтæй сахуырстæуыд. Тымыгъ буары иннæрдæм хызт. Уæддæр уарыд æмæ уарыд. Бæрзонды цы ставд гæлæбутæ æвзæрд, уыдон тымыгъ гæбазгай фæйнæрдæм хаста. Кæд арв цыфæнды тар уыд, кæд зæххы цæсгом зына-нæзына йедтæмæ бæрæг нæ дардта, уæддæр миты тъыфылтæн фæндаг амонын нæ хъуыд. Кæд-иу сæ тымыгъ цыфæнды бирæ рахæсс-бахæсс фæкодта, уæддæр-иу дзы æппынфæстаг алчи йæ бынат ссардта.

Æхсæв-бонмæ мит йæ уарынæй нæ банцад, дымгæ — йæ ниуынæй, тымыгъ — йæ лæбурынæй. Райсомæй дзы иуæн дæр йæ кой нал уыд. Æмхуызонæй дæр банцадысты. Арв уыцы цъæх-цъæхидæй разынд. Зæхх хуртуан фестад, змисы мурæй лыстæгдæр стъалыты хуртуан...

Мит мæ дисы бафтыдта: арвæй зæхмæ куы хауд, уæд йæ кæуын дардмæ хъуыст, куы райгуырд æмæ йæ риуы дзаг куы сулæфыд, уæд та йæ циндзинад æрттивгæ цæхæртæ фестад.

^^^

ЛÆГГÆНÆГ

Фыццаг уазалтæ фæсте аззадысты. Иннæ зымæгтæй иуæй-иуты хуызæн ацы зымæг йæхи лæмæгъæй иу ран дæр нæма равдыста. Афон ын нæма уыд, афтæ бартæ йæхимæ райста æмæ суанг фæззæджы уæрдоны йæ зарæг ныккодта. Æнафоны хъызты рæстæг дæр æмæ уый фæстæ дæр бирæ хъæддаг гагадыргътæ басыдысты, фесæфтысты.

Хъызт нымады дæр кæмæ нæу, суанг йе ’рцыдмæ зæрдиагæй чи фенхъæлмæ кæсы, ахæм гагадыргътæ дæр ис. Цалынмæ мыртгæйыл уазал сæмбæла, уæдмæ йæ маст ад цæст ныкъулын кæныныл нæ фæцауæрды, хъæддаг фæткъуыйæ та фыртуагæй ахæрæн дæр нæ вæййы. Мугæ æмæ кæркмисындзæг уазалы ралæудмæ фæбæллынц, уымæн æмæ уыдон дæр дзæвгар фæхæрзаддæр вæййынц.

Уазал, æвæццæгæн, алцæмæндæр æмæ алкæмæндæр стыр фæлварæн у. Фæлварæн та лæгдзинад домы. Уæлахизæй дзы чи рацæуы, уый, цы уыди, уымæй хуыздæр фæвæййы, йæ ныхмæ æрлæууын кæй бон нæ бавæййы, уыдон та цыфыддæр бонтæ бавзарынц.

Тохы размæ хæстонтæ иууылдæр æмхуызон вæййынц.

Хъæбатыртæ æмæ сæ тæппудтыл хæст фæдихтæ кæны. Иуты лæгдзинад намысы цъупмæ сисы, иннæты та тæппуддзинад дæлджинæгмæ нывзилы.

^^^

ÆНАХУЫР ФÆНДОН

Бирæ равзар-бавзары фæстæ æхсæры талатæн сæ тæккæ рæхснæгдæр лæдзæгæн ракодтон. Æхсæст æй куы фæдæн, уæд ын йæ лыстæгдæр кæроныл æрхæцыдтæн, цалдæр хатты йæ зæххыл æрцавтон æмæ хъæды фæцæуын. Æрдæбонсарæй алы къудзи, алы къутæрмæ дæр лæдзæггаг агурæг куыд цымыдисæй кастæн, афтæ ныр дæр джигулгæнгæ цæуын. Цæуын æмæ лæдзæгæн бæзгæ тала куы ауынын, уæд йæ цуры æрлæууын æмæ йæ цæмæдæр гæсгæ мæ лæдзæгимæ абарын. Мæ лæдзæгæй цауддæр куы разыны, уæд æхсызгонæн сулæфын æмæ та дарддæр ацæуын.

Цæуын, фæлæ мæ цæстытæ мæ коммæ нæ кæсынц. Рæснæгдæр талатыл сæхи андзарынц æмæ та йæ лæдзæгимæ барыныл фæвæййынц. Мæ коммæ нæ кæсынц мæ хъуыдытæ дæр. Фæнды сæ, цæмæй хъæды цыдæриддæр лæдзæгæн бæзгæ талатæ ис, уыдон иууылдæр мæ лæдзæгæй уой цауддæр. Цæмæн, уымæй мæхи куы бафæрсин, уæд ын æвиппайды дзуапп раттын нæ бафæразин, куы ахъуыды кæнин, уæд та цыма дзуапп раст нæ уаид, афтæ мæм кæсы. Базонын та мæ тынг фæнды: барæвзар талайæ конд лæдзæг мæ къухы куы ис, уæд ма иннæ бæлæстæм цæмæн кæсын, иу дæр дзы мæ лæдзæгæй рæхснæгдæр æмæ растдæр куы нæ уаид, уый мæ цæмæн фæнды, стæй мæ афтæ кæй фæнды, уый цæуыл дзурæг у?

^^^

СТЪÆЛФ

Бæрзондмæ тырнын хорз у. Бæрзондæй бæрзонддæрмæ тырнын та — ноджы хуыздæр. Æвзæр нæу бынмæ кæсын дæр, кæцæй схызтæ, уырдæм афæлгæсын, дæ цæстæнгасæй иннæты дæ фæдыл куы хонай, разæнгард сæ куы кæнай, ныфс сæ куы уадзай, уæд.

Хох цас бæрзонддæр вæййы, уыйас йæ сыгъдæгдзинад бæрæгдæр дары, йæ цъититы урс цæстытæ фæкъахы, сæ æрттывдмæ зындæрæй фæкæсæм. Бæрзонд хохæн йæ сатæгдзинад дарддæрмæ фенхъæвзы, йе ’хсæрдзæнты комулæфт уæрæхдæр февналы.

Адæймаг дæр хъуамæ хохы хуызæн уа. Царды къæпхæнтыл цас уæлдæрмæ схиза, уыйас хъуамæ удыхъæдæй сыгъдæгдæр уа, цы адæмы æхсæнæй рацыд, уыдоныл тынгдæр ауда, дæлæмæ сæм былысчъилæй ма кæса фæлæ. Сымахæй уæлдæр бынаты кæй бадын, уымæ гæсгæ зондджындæр дæн, стæй мæм уыйас зынгæ дæр никуыцæйуал кæнут, зæгъгæ, чи хъуыды кæны, уый зынгæ йæхæдæг никæмæуал кæндзæн, уымæн æмæ, цы адæмы æхсæнæй рацыд, уыдонæй дарддæрæй дарддæр кæндзæн. Дарддæрæй дарддæр чи фæкæны, уый раздæр стъæлфы йас йедтæмæ нал фæзыны, уый фæстæ та бынтондæр æрбайсæфы.

^^^

УАГЪÆЛЫ ÆМÆ ФÆНААГ

Уагъæлы фæндаджы астæу æрзад, хъæддзаутæ дыууæрдæм кæуылты цæуынц, ахæм фæндаджы астæу. Зæххæй йæ сæр куы сдардтаид, уæд дзы диссагæй ницы уыдаид. Цæлхыты астæу æй, иуцасдæр, чи зоны, ницы бахъыгдардтаид, фæлæ уагъæлы сырæзт йæхи хуызæн къутæрты бæрзæндæн. Ныронг æй никуы ничи бахъыгдардта, фæлæ йыл æрæджы уæрдоны цæлхытæ сæ фæд ныууагътой. Йæ къалиуты иу хай зæххыл æрхуыссыд, иннæтæ æрдæгцъæлтæй сæхиуыл тыххæй-фыдæй схæцыдысты æмæ уыцы уæнгуагъдæй лæууынц.

Иуы аххосæй аххос кæй нæй, уый зонын. Æрмæст нæ зонын, фæндагæй уагъæлыйæ тынгдæр аххосджын кæцы у, уый. Цыфæндыйæ дæр мæм фæндаг тынгдæр аххосджын кæсы. Кæд ахæм ран уагъæлыйæн æрзайæн нæ уыд, уæд æй рæзын цæмæн бауагъта, кæд æй рæзын бауагъта, уæд ма йыл æрæджиау уæрдæтты цы сардыдта?

^^^

РАГАЦАУ

Хъæды кæдæй нырмæ рацу-бацу кæнын, фæлæ дзы фæрссаг уынæр нæма фехъуыстон. Мæ къæхты бын миты хъыс-хъыс æмæ, цы къалиутыл андзæвын, уыдон змæлын куы нæ нымайæм, уæд бæстыл иу хъæр, иу цъист никуыцæй цæуы. Цалдæр хатты мæхи фæлваргæ дæр акодтон. Æваст-иу фæлæууыдтæн, мæ алыфарс-иу ахъахъхъæдтон, фæлæ дунейы æнцойдзинад уыцы æнæвнæлдæй лæууыд. Суанг ма гæркъæрæгты дæр Хуыцау йæхимæ фæхаста, цыдæр диссагыл сæмбæлдысты, æндæр уыйбæрц рæстæг иу ран ницы хуызы бафæрæзтаиккой.

Бæрзонд къардиумæ бахæццæ дæн. Иуæй, мæ фæндаг аскъуыд æмæ дарддæр кæуылты цæуон, ууыл ахъуыды кæнын хъуыд, иннæмæй, мæ фæллад суадзын мæ зæрды æрæфтыд, æртыккагæй та ма, ноджыдæр иу хатт æрдзы сабырдзинадмæ æрыхъусынмæ хъавыдтæн.

Дæлбыл цалдæр кæрзбæласы хæрдмæ фæцыдысты. Суанг къардиуы сæрты дæр акастысты. Æз сæ, чи зоны, хъуыды дæр не ’ркодтаин, фæлæ дзы даргъдæры цъуппыл цалдæр гыццыл цъиуы куы абадт æмæ зарæг кæрæдзийы дзыхæй исгæйæ куы сцъыбар-цъыбур кодтой, уæд сæм ме ’ргом куыннæ хъуамæ аздæхтаин!..

Мæргътæн цыдæр цъæхснаг хъæлæс уыд. Цыма карды ком тагъд-зилаг сигæцы зиллаккыл сдауд, уый хуызæниу сæ тæнæг цъист райхъуыст.

Хъуыдытæ чиныджы сыфтау сæры фæлдæхгæ ацыдысты. Æрæджиау дзы иу йæхи фæразæй кодта: тъæнджы мæй фæвæййы. Рацæудзæн ма хæрзцыбыр рæстæг, æмæ ралæудзæн, канд зымæджы нæ, фæлæ æнæхъæн афæдзы тæккæ цыбырдæр мæй. Мæйы хуызæн мæйæ æнæхъæн æртæ боны къаддæр чи у, уый уайтæккæ дæр агæпп ласдзæн æмæ балæудзыстæм, адæмæй, сырдæй, маргъæй йе ’рцыдмæ сæ былыцъæрттæ кæмæ хæрынц, уыцы уалдзæджы. Æвæццæгæн, уæлæ уыцы хъæлдзæг мæргътæ дæр уый æмбарынц æмæ рагацау сæхи зарынмæ æрцæттæ кодтой. Æрдз йæ иумæйаг зарæг куы ныццæлхъ ласа, уæд дзыхъхъы лæуд куыннæ уой, фæсте куынникæмæй баззайой, ууыл рагацау архайын райдыдтой.

^^^

ÆППÆТЫ ДИССАГДÆР

Тæрфыты мит дзæвгар арфдæр у. Иуæй-иу рæтты дзы цырыхъхъ йæ хъустæм аныгъуылы. Хур фылдæр рæстæг кæдæм кæсы, уым митæй бирæ нал аззад. Суанг ма дзы, зæхх кæм разынд, хæмпæлты бур цæсгом кæм æрттивы, ахæм рæттæ дæр цæст ацахсы, фæлæ ам зымæг йæ куыст кæны.

Миты рагъыл бирæ цыдæртæ фенын æнхъæл уыдтæн, стæй дзы уынгæ дæр фæкодтон, æрмæст дзы къогъойыл фембæлдзынæн, уый мæ зæрды кæрон дæр никуы æрæфтыдаид.

Чысыл раздæр мæ къæхты бынæй куы стахт, уæд æм цæмæдæр гæсгæ мæ хъус не ’рдардтон, афтæмæй та хъуыди. Æвæццæгæн, æндæр хъуыдытæ тыхджындæр разындысты æмæ, дис кæнын кæуыл хъуыд, ахæм цауы иуфæрсты ахызтæн. Ныр дыккаг къогъойы куы ауыдтон, уæд мын æрдæбоны хабæрттæ сног сты.

Тъæнджы мæйæн йæ ном йæ уæлæ ис. Æмæ кæд ныртæккæ тъæнджытæ нæ кæны, уæддæр миты хъæпæнтæ нырма зæххæй сæхи æнцонтæй сисын нæ бауадздзысты. Ахæм заман та къогъо йæ хъарм хуыссæнæй рацæуæд æмæ дидинджыты сæрты тæхæгау æнцад-æнæмæтæй тæхæд, уый мæм, фыццаг къогъойы куы федтон, уæд дæр диссаг куыннæ фæкаст, ууыл дис кæнын нырма ныр райдыдтон.

Ноджы канд тæхгæ нæ, фæлæ миты рагъыл бадгæ дæр æркодта. Æз аивæй йæ цуры æрдзуццæг кодтон. Йæ зылын даргъ къæхтæй хъæпæныл фидар ныххæцыд. Фенхъæлæн уыдис, цыма йæ зæрды тæхын æппындæр нал ис, фæлæ уалынмæ йæ базыртæ фæпака сты æмæ сæ къæхтимæ рауад æмызмæлдгæнæг чысыл къуыбылой. Цыма гæрзæхсæны тыхтон дымгæ фелвæста, уыйау иудзæвгар атахт æмæ та ногæй митыл æрбадт.

Цалдæр диссаджы мын баиу сты. Æппæты диссагдæр та уаид къогъойы балцы нысаниуæг базонын.

^^^

ЗЫНДÆР САХАТ

Хъæддаг мæргътæ цадыл сæ зæрдæ кæронмæ никуы дардтой. Ахæм азтæ сыл-иу скодта, æмæ-иу иу уалдзæгæй иннæмæ ардыгæй никуы сыстадысты. Фæлæ уый тынг стæм хæттыты уыди. Зымæг-иу хъызт йæ куыст бакодта. Дониу ныссалд, æмæ-иу мæргътæ зæрдылдаргæдæр бынæттæ агурæг алырдæм фæтахтысты.

Ацы аз дæр та цад мæргъты æууæнчы аккаг нæ разынд. Йæ кæцыдæр хай куы ныссалдаид, уæд ын æй бабызæй, хъазæй, кæсагласæй ныббарстаиккой, фæлæ дзы иу гæбаз дæр нал баззад. Мæргътæн, сæ бырынкъ кæм атылдтаиккой, уый дæр нал уыд æмæ сыл йæ зæрдæ чи сивта, ууыл сæхæдæг дæр сæ зæрдæ сивтой æмæ Бехъанмæ фæтахтысты. Амы суадæттæ цыфæнды хъызтæн дæр нæ басæттынц, уазалы коммæ никуы бакæсынц æмæ сæм хъæддаг мæргътæ дæр тæккæ зындæр сахат уымæн фæзынынц. Тæккæ зындæр сахат та алчидæр тæккæ хуыздæр æмбæлттыл фæдары йæ зæрдæ.

^^^

ЦЫППАР ФÆДЫ

Мæ фæндаг иу у, афтæмæй йыл фæдтæ та цалдæрхуызоны ис. Æппæтыстырдæр æмæ дзы арфдæр фæд ныууагъта машинæ. Йæ астæуты дзæбæх зыны уæрдоны цæлхыты фæд. Æртыккаг фæд дзы акодта цавæрдæр бæхджын.

Разæй æртæ фæды згъорынц. Фæстæмæ ракастæн æмæ уым та мæ цырыхъхъыты фæд дæр разынд.

Иу фæндагыл — цыппар фæды. Мæнæн та æндæр фæдмæ ахсайдта мæ зæрдæ. Ам кæддæр чидæр бæгъæввадæй ма ацыдаид, уый гæнæн нæй. Бирæ æнусты размæ, чи зоны, дæсгай, сæдæгай мин æнусты размæ дзы æрлæууыдысты нæ рагон фыдæлты бæгъæввад къæхтæ. Уыцы фæд кæй нæ зыны, уым диссагæй ницы ис, хъуыды йæм кæй æххæссы, зæрдæйæ рох кæнын кæй нæ комы, сæйрагдæр уый у...

^^^

АЗÆЛД

Дæргъæй-дæргъмæ хъæмпы рагъæн мæ ных бакъахтæуыд. Иуфарсырдыгæй йæм куы бакастæн, уæд мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта, раджы кæддæр чи цард, ахæм дынджыр сырды гуыр. Хъæмп ласын цы кæронырдыгæй райдыдтой, уый та мæм, фæхæцынæввонг чи фæхæлиу, ахæм дзыхы хуызæн фæкаст.

Чи зоны, хъæмпы рагъ хæрын кæй райдыдтой, йæхæдæг дæр фæхæцынæввонг хуыз уымæн райста... Хъæрæн, дам, йæ азæлд дæр йæхи хуызæн вæййы.

^^^

КЪУЫДЫР

Хосы мæкъуыл алырдыгæй æрзæбултæ. Æвæццæгæн æй, чи самадта, уый сæ иуыл дæснытæй нæ уыди, æмæ йæ къæхтыл фидар лæууыны бæсты æмбисзымæг йæ боны фыддæрмæ æрцыди.

Нæ хъæуы иу лæг уыди æмæ-иу йæ сæрыл дзыхъхъынног худ куы ныккодта, уæддæр зæронды хуызæн зынди. Йæ хъустæ адæмы мыггагыл баст никуы æрцыдысты. Уыцы æдзæлгъæдæй-иу æрзæбултæ сты. Фылдæр хатт-иу сæ бæттæнтæ кæрæдзимæ æххæсгæ дæр нал бакодтой æмæиу фæйнæрдыгæй дзеудзæлæй систой. Ноджы ма-иу худы ных хъусы сæрмæ куы февзæрд, бынтон диссаг та уæд уыди.

Ацы хосы мæкъуыл дæр мæм нæ хъæуккаджы худы хуызæн фæкаст. Дзæбæх бындурыл æй куы самадæуыдаид, уæд ын дымгæ дæр ницы кодтаид, стæй йын рæстæг дæр ницыхъом бауыдаид, мæ хъæуккаджы худ та æндæр сæрыл хорзæй куыд разындаид, уый хуызæн.

^^^

МИГЪТЫ АХÆСТОНЫ

Хуры цыма фыстхалæнæй фехæлдæуыд, уыйау дзæбæх нал зыны. Фæлурс мигъты æхсæн фæлурс æрттывд кæны. Мит æмæ æхсырхуыз мигътæй чи кæцы у, уый зын раиртасæн сси.

Хур мигъты къалатийы бахауд æмæ йын зæхх йæ тафст дæр нал хаты æмæ йæм йæ рухс дæр нал æххæссы.

Хуры ахæстоны бачындæуыдаид? Зынæй. Кæд, мыййаг, зæххы бачынд мигъты ахæстоны æмæ йæм хуры тых уымæн нал хъары?..

^^^

ЙÆХИ ЧИ НÆ УАРЗЫ...

Уагъæлыйы къутæр афтæ спыхс, æмæ йыл иунæг сындз дæр куы нæ уаид, уæддæр æм хæстæг бацæуын ничиуал бауæндид. Уæвгæ йæм уый ныртæккæ ничиуал бауæндид, фæлæ зæххыл ахæм фидар цыфæндыйæ дæр йæ сындзыты фæрцы лæууы, афтæ пæлæхсар уыдоны руаджы фæцыд фæйнæрдæм.

Фыццаг бонтæй фæстæмæ лыстæг, цыргъ æмæ фидар сындзытæ уагъæлыйы талайæн басгуыхтысты къæрцхъус хъалагъуртæ. Æмхуызон цæрдæг лæууыдысты æхсæв дæр æмæ бон дæр, хуры дæр æмæ къæвдайы дæр. Сæрд дæр æмæ зымæг дæр сæ хæс фæудыл никуы банымадтой. Сындзытæ нæ уыдысты, зæгъгæ, къутæрæн афонмæ йæ кой дæр нал уыдаид, йæ кой кæмæн нал уыдаид, уымæн та йæ хъæр дæр æнæмæнг фесæфтаид.

Ныр уагъæлыйы къутæрмæ хæстæг бацæуыны ныфс никæмæуал разындзæн, ахæм зондыл чи ныллæууа, уый та йæхи фæсмонæй бахæрдзæн, уымæн æмæ йын сындзытæ сæ фаг фæуаиккой. Лæууы сæрыстырæй уагъæлыйы бирæталаджын къудзи, стæй канд уагъæлыйы къудзи нæ. Йæ тæккæ астæу æрзади мыртгæйы тала æмæ цалдæр азмæ йæ хъахъхъæнæг, йæ сæрхъуызойы сæййæфта. Куыддæр йæ уæллаг къалиутæ йæ сыхаджы бæрзонддæр цонджы онг схæццæ сты, афтæ йæ рæзынæй банцад, цыма йæ фысымæй фæуæлдæр уæвынæй æфсæрмы кодта, уый хуызæн.

Æндæр заман æй, чи зоны, мæ цæст не ’рцахстаид, фæлæ ацафон, æртхъирæнгæнæн мæйы мит фæрсмæ куы уары, уæд ын цы нæбафиппайгæ уыд! Йæ сырх-сырхид цуппæлттæ кæд уагъæлыйы гагаты хуызæн уыдысты, уæддæр сæм цыдæр хицæндзинад дæр уыдис æмæ сæ уайтæккæ дæр ауыдтон. Уагъæлыйы къутæр йæхи куыд хъахъхъæдта, уымæй ноджы тынгдæр хъахъхъæдта мыртгæйы талайы, уымæн æмæ уый уазæг уыд, йæ хъæбысы арфы дæр æй уымæн бакодта.

Уагъæлыйы къутæр канд йæхи нæ бахъахъхъæдта, фæлæ ма бахъахъхъæдта мыртгæйы дæр. Дзæгъæлы нæ акæнынц: йæхи чи нæ уарзы, уый искæй дæр нæ бауарздзæн.

^^^

СЫНТЫТÆ

Гæдыбæласы сæр сынтæй сау дары. Иунæг халон дæр се ’хсæн нæй, афтæмæй рæстæгæй-рæстæгмæ кæцæйдæр æнæуынон «хъуахъ» райхъуысы. Гæдыбæласыл мæ цæстæнгас цалдæр хатты æрхастон, фæлæ, халоны хъæлæс кæцæй райхъуысы, уымæн ницы базыдтон.

Мæ фæндаг дарддæр дарын. Бæласы тæккæ бынмæ ’рхæццæ дæн. Сæ фылдæрæн стæхын æнхъæл уыдтæн, фæлæ дзы иу дæр йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Хардзау мæм куыннæ ’ркастаид æмæ сæм къухæй февзыстон. Цалдæр дзы уыцы-иу пæррæст скодта. Уый æрмæстдæр цалдæр. Иннæтæ сæ бынæтты бадгæйæ баззадысты.

Цæмæндæр мæм диссаг фæкаст. Иутæ кæй фæтарстысты, иннæтæ сæ базырты кæрæттæ дæр кæй нæ фезмæлын кодтой, уый мæ хъуыдытыл бафтыдта.

Æвæццæгæн, тæппудтæ иууылæр иухуызон сты: алчидæр дзы йæ удæн тæрсы. Уæвгæ йæ удæн чи нæ тæрсы, ахæм цæрæгой нæй, фæлæ дзы иутæ фæтæрсынц, тæссаг ын куы нæ вæййы, уæд дæр æмæ йын тæссаг куы вæййы, уæд дæр. Сынтытæй чи стахт, уыдон, цыфæнды уынæрæй дæр чи стъæлфы, цавæрфæнды змæлд ауынæнт, æндæр стæхынмæ йæхи цæттæ чи дары, ахæмтæ уыдысты æмæ сæ мæ къухы фæтылд удаист уымæн фæкодта.

Йæ бынаты чи баззад, уыцы мæргътæ та не стахтысты дыууæ хъуыддаджы тыххæй: фыццаджыдæр, сæ тæппуд æмбæлттæ кæй стахтысты, уый сын радта уыцы бар, уымæн æмæ тæппуд кæм тæрса, уым хъæбатыры тæрсын нæ фæхъæуы, дыккагæй та, тæппудтæй иу дæр семæ куы нæ уыдаид, уæддæр ныртæккæйы хуызæн æнцад бадтаиккой, уымæн æмæ мæ къухы фæтылдæй сæ цардæн ницы тас уыд.

^^^

НИЦЫЙÆ ИСТЫ

Лæгъз быдыры фæцæйцыдтæн. Фароны хæтæлтæн сæ фылдæр миты бынæй нал зыны, фæлæ дзы иуæй-иутæ фыццагау хъæпæны сæрты кæсынц. Сæ зæнгтæ кæд цыфæнды лыстæг сты, уæддæр сæм мит æввахс нæ бауæндыд æмæ, суанг, кæцæй сзадысты, уыйонг хæтæлгондæй баззадысты.

Иуафон мæ развæндагмæ цымыдисдæрæй кæсыныл фæдæн. Мит къаддæр нæ фæци, фæлæ хæмпæлтæ сæ сæртæ уæндонæй-уæндондæр дарын райдыдтой. Фæстагмæ мæ иу къардиугондмæ бахуыдтой æмæ мæ æрлæууын бахъуыд. Мæ хъустыл цыдæр мынæг уынæр ауад.

Къæхæнгондæй бынмæ ныххызтæн æмæ ауыдтон донгуырæн. Иуцалдæр къахдзæфы пыхс-пыхс ныууадтæн æмæ суадоны чысыл уадздзагæй рауад, адæймаг фадхъулты онг кæм аныгъуылдаид, ахæм ирдуылæн дон. Цæуын йæ фæрсты æмæ мæ циндзинадыл æфты. Доны æххуысгæнджытæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Æппæты райдайæны цы донгуырæн федтон, ахæмтæ-ма йæм сæ лыстæг уылæнджын нарæг уадздзæгтæ æрвыстой кæм рахизæрдыгæй, кæм галиуæрдыгæй.

Иу заман ахæм байбынмæ ныххæццæ дæн, æмæ кæддæры барæнтæй кæй абарстон. Кæсаг æнхъæл æй мæ лæдзæгæй рæхойынмæ дæр уымæн фæдæн. Мæ хъуыды мæ нæ фæсайдта.

Куыддæр ма фæстаг рæхуыст бакодтон, афтæ лæдзæджы бырынкъæй ацъыввытт ласта армытъæпæны дæргъæн... цавæр кæсаг, ууыл мисхал дæр дызæрдыг нæ кодтон: амы дæтты балер йедтæмæ æндæр кæсаг нæ цæры.

Кæд цыфæнды гыццыл кæсаг уыди, уæддæр мын æхсызгондзинад стыр æрхаста. Мæ къорийы йас цин хурзæрины йас аци. Цас ма ныууадаин, чи зоны, фæлæ дон аргъауы лæппуйау мæ цæстыты раз рæзти. Кæд аргъауы лæппу бон уылынг рæзти, æхсæв уыдисн, уæд донæн уымæй бирæ тагъддæр рæзынæн дæсгай къахдзæфтæ дæр фаг уыдысты.

Цас ма ныууадаин, чи зоны, фæлæ доны арæнтæ сæхиуыл ахæцыдысты, куыд фæйнæрдæм, афтæ бынмæ дæр. Йæ фæтæныл уыйбæрц бафтыд, æмæ йæ сæрты багæпп кæнынмæ мæ ныфс нал бахастаин, йæ арф та уæраджы сæртæй фæуæлдæр уыдаид.

Мæ фæд-мæ фæд фæстæмæ раздæхтæн. Ныронг дон куыд стырдæргæнгæ цыд, афтæ ныр та къаддæрæй-къаддæр кодта. Æппынфæстаг кæм райдыдта, уырдæм схæццæ дæн. Ногæй та къæхæны сæрмæ æрлæууыдтæн. Лæгъз быдырæй æйтт-зæгъгæ дон куыд рауад, афтæ æйтт-зæгъгæ донæй ныр та лæгъз быдыр рауад...

Ницыйæ исты куы райгуыры, уæд уый тынг хорз у, æмæ-иу кæддæриддæр ницыйæ исты гуырæд, истыйæ ницы нæ фæлæ.

^^^

ЙÆ БЫНЫ РЫГТÆ

Куырой хъæдæй хъæуы астæу уыди. Чи зоны, æмæ йæ бæрæгастæу. Кæд рæдийын, уæддæр бæрæг нæй, фæлæ цæстæй баргæйæ, афтæ зыны. Куырой йæхи скæсæнырдыгæй, ома хъæдырдыгæй тынгдæр кæй хъахъхъæдта, уый æнцонæй раиртасæн ис, уымæн æмæ хъæуæй куыройы астæу иу къудзи дæр нæй, куыройæ хъæды астæу та хæрис æмæ фæрв бæлæсты цалдæр фæлтæры. Уымæй уæлдай Куыройыдоны былгæрæтты зайы æхсæры æмæ каконы тæгтæ.

Иудзырдæй, куырой йæхи хъахъхъæдта æрмæстдæр иуæрдыгæй. Дымгæтæ æмæ тымыгътæй тынгдæр тарст, æви хъæддаг сырдтæй — Хуыцау йæ зонæг, фæлæ уæддæр хъахъхъæнджытæ æрæвæрдта скæсæнырдыгæй, афтæмæй та йын тас ныгуылæнырдыгæй уыд. Адæм уыдысты йæ бынгæнджытæ, уыдон ыл сыстырзæрдæ сты, уыдон ын сдардтой дымгæмæ йæ быны рыгтæ, уыдон æй ныууагътой æнæмæн у зæгъæгæй.

^^^

УАРÆГ

Мит уары. Æнæрынцойæ. Дысон райдыдта, æмæ уæдæй нырмæ йæ калынæй нæма банцад. Хур арвыл йæ бæрзонддæр цъупмæ фæхæццæ кæны, фæлæ ссады рыджы хуызæн урс тæппытæм уæле бынмæ цæуын æгъгъæд нæма фæкаст æмæ æзфæраздæронæй кæрæдзийы сæрты хауынц.

Уары лыстæг стъалытæ. Лыстæг кæй сты, уый æнæуи дæр бæрæг у, фæлæ стъалытæ кæй сты, уый æнæ лыстæг æркæсгæйæ нæ раиртасдзынæ. Нæ фæлæ сæ цы диссаджы аив джиппы рауагъдæуыд! Уыцыиу нывыл карст — рæсугъд æмæ зæрдæисгæ. Адæймаджы цæст сæ уындæй нæма бафсæды, йæ цин æрдæгмæ дæр нæма бахæццæ вæййы, афтæ ноггуырд стъалыты мæлæт ралæууы. Армытъæпæныл дзы чи абады, уыдон уайтæккæ дæр атайынц, фæлæ дыс кæнæ фæдджийыл чи æрæнцайы, уыдоны цард дæр бирæ фылдæр нæ ахæссы. Иутæ амæлынц, иннæтæ сæ хæдфæстæ райгуырынц.

Мит уары, къæвда, их кæнæ зæгъ куыд уары, афтæ. Цымæ сæ уарæг чи у? Зæххы алы кæрæтты сæ чи тауы? Æвæццæгæн, æрдз. Æрдз йедтæмæ ахæм тых никæмæ ис. Уый йæхимæ æмбæхстæй ницы дары. Йæ бон, йæ ис иууылдæр уары царддæттæг зæххыл. Йæ иннæ хъæздыгдзинæдты хуызæн уары мит æмæ къæвда, их æмæ зæгъ дæр. Æрмæст дзы зæххы алы хайæн æмхуызон цæуыннæ ратты? Иу ран æрмæст змисы обæуттæ цæмæн ис, иннæ ран, дон чи никуы фестдзæн, ахæм ихтæ, æртыккаг ран та тархъæдтæ æмæ цъæх-цъæхид кæрдæг?..

^^^

ДЫККАГ РАЙГУЫРД

Мит уалдзæгæн йæ райдайæн нæ, фæлæ йæ кæрон дæр æруары, иуæй-иу хатт ма суанг сæрды дæр, хур тъæнджы мæй йæ ирд цæстæй куыд ныккæсы, афтæ, фæлæ уалдзыгон митæй зымæг фæстæмæ нæ раздæхы, зымæгон хурæй уалдзæг куыннæ ралæууы, афтæ. Уæвгæ иу хатт иннæ хатты хуызæн æдзух нæ вæййы, иу зымæг иннæ зымæгæй бирæ цæмæйдæрты куыд фæхицæн кæны, афтæ иу уалдзæгæй иннæйы æхсæн дæр разыны бирæ хъауджыдæрдзинæдтæ.

Ацы азы зымæджы хуызæн хъызт, карз æмæ дæргъвæтин зымæг арæх нæ, фæлæ, бирæ чи фæцард æмæ алыхуызон рæстæджытæ бирæ чи федта, уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй дыууæ хатты дæр нæ уыди.

Афæдзы алы афоны хуызæн зымæгæн дæр æртæ мæйы лæвæрд вæййы, æмæ уыдон куы ахицæн сты, уæд банхъæлæн уыдис, йæ тыхтæ, мондæгтæ æмæ бæллицтæ дæр фæуыдзысты, æмæ адæм зæххы хуызæн сæхи æрцæттæ кодтой æхсызгонæй сулæфынмæ, фæлæ сæ æгæр бирæ æнхъæлмæ кæсын бахъуыд.

Бонтæ ивынц бонты. Уалдзæджы фыццаг мæйы æмбисæй фылдæр уал фæсте аззад, уæддæр зымæджы миниуджытæй иу дæр фæсте аззайынвæнд нæма кæны: мит уары, цъенга их фыццагау авджы хуызæн æрттивы, комытæфы фæздæг кæлы.

Зымæгæн йæ зонгуытыл æрлæууын æмбæлы, хъуызгæныгъуылгæ йæхи хъуамæ иуфарс айсид, уый та йæ цыппæрвадæй уайынæй нæма банцад, цыма зæххыл йæхи йедтæмæ ничи ис, уый хуызæн никæй уынгæ кæны, никæй хъусгæ. Уый хыгъд йæ тых-йæ бонæй архайы, цæмæй йын уыной æмæ хъусой æрмæстдæр йæхи. Уалдзæджы дæлвæндагæй схизын нæ, фæлæ скæсын дæр нæма бауагъта.

Дзыхджыны бæхджын фæхонынц, ам та бæхджын у дзыхджын. Зымæг йæхи хъæлæсæй сдзурын кодта уады дæр æмæ тымыгъы дæр æмæ сæ уадтымыгъ рауайын кодта. Уый зæххыл æрæвæрдта йæхи фæтк æмæ æгъдау, æмæ уалдзæг фыццаг хатт куы райгуыры, уыцы заман зымæг дыккаг хатт райгуырд. Дыккаг хатт чи райгуыры, уый цин та дæргъвæтиндæр ахæссы.

^^^

ÆХСЫЗГОН ÆМÆ ХЪЫГ

Уагъæлы дæр æмæ мыртгæ дæр салдæй æнцондæр тонæн сты. Уæлдайдæр уагъæлы. Сындзытæ къухы къаддæр ныхсынц. Къухы сындз фæныхсынæй куы нæ тæрсай, уæд дын дыргътæ æртонын дæр фылдæр бантысдзæн. Салдæй мыртгæ тонын дæр æнцондæр у. Уæлдайдæр æй гагагай тонынвæнд куы скæнай, уæд.

Уагъæлытæ æмæ мыртгæтæ тонгæ ацыдтæн. Мæ размæиу кæцы къутæр фæци, уый тонынмæ-иу фæдæн. Мæ дзæкъул хæссынæй фæллайын куы байдыдтон, уæд бамбæрстон, фæстæмæ цæуын афон кæй æрхæццæ.

Нæхимæ сæ æвзарын бахъуыд. Уыцы хъуыддаг, куыд æнхъæлдтон, афтæ æнцон нæ разынд. Цыма мыртгæйы гагатæ стырдæр фесты, уагъæлыйы нæмгуытæ — къаддæр, уыйау кæрæдзийæ ницæмæйуал хицæн кодтой. Ноджы ма æддаг бакастæй дæр æнгæс уыдысты æмæ дзы чи кæцы уыд, уый равзарæн нал уыд. Равзарæн та сын куыннæ уыд, фæлæ-иу сæм цалынмæ дзæбæх æркастæн, уæдмæ иуты иннæтæй нæ иртæстон.

Уыцы уавæр мæм дыууæ хъуыдыйы сæвзæрын кодта. Мыртгæтæ мæм уагъæлыйы йæстæ кæй фæкастысты, уый мын æхсызгон уыд, фæлæ уагъæлытæ мыртгæйы гагаты йæстæ йедтæмæ кæй нал уыдысты, уый та мын хъыг уыд...

^^^

ХЫЗЫ БЫН

Ацафон бæлæсты къуыбыр тыппыр кæнынмæ фæвæййы, алы къалиу, алы цъыхырыйы талайæн дæр йæ туг базмæлы, малусæг миты хъæпæны сæрмæ схизы æмæ йæм бынмæ уæлахизуæвæджы каст æркæны.

Æнæмæнг ацафон дуне бынтон æндæр сагъæсты вæййы, æндæр бæллицтæм фæтырны, æндæр нысантæ йæ фæхонынц сæхимæ. Зæхх канд йæ хуыссæг нæ, фæлæ ма хæрзбон фæзæгъы йæ хуыссæгхъæлдзæгдзинадæн дæр æмæ царды билцъ уадзынмæ бавналы, афтæмæй нырма йæ уæнгтæ иууылдæр салд сты, миты урс-урсид хызæй æмбæрзт.

Хур кæсы, æрмæст зымæгон кастæй: нæ тавы. Тавгæ цы хур нæ кæна, уымæй та дон зымæджы куыройыл калы, уалдзæгæн дзы ницы пайда ис. Зымæг куы фæвæййы, уæд искуы-иу хатт уалдзæг нæма ралæууы. Ахæм рæстæг у ныртæккæ, фæлæ уый афтæ нæ амоны, æмæ зымæг æппындæр нæ фæуыдзæн, уалдзæг æппындæр нæ ралæудзæн. Зымæг фæуыдзæн, уалдзæг дæр ралæудзæн. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, уалдзæг ныртæккæ дæр ралæууыд. Æрмæст иннæ уалдзæгтæй иуцасдæр æндæрхуызондæр у.

Ацы азы уалдзæг рагон чындзы митæ кæны. Йæ къуымы лæууæн бонтæ кæмæн нæма фæвæййынц, æфсинмæ кæй нæма бахонынц æмæ йæ хыз кæмæн нæма сисынц, ахæм чындзы митæ. Уалдзæг нырма урс митын хызæй æмбæрзт кæй у, уымæ йын кæсын нæ хъæуы. Йæ афон куы ралæууа, уæд ныртæккæйы хуызæн мадзура æмæ фырнымд нал уыдзæн. Йæ урс хыз дæр ын сисдзысты, æмæ йæхи уазæг нал хондзæн, бартæ йæ къухмæ райсдзæн æмæ йын уæд дæлдæр абад зæгъæг нал уыдзæн.

Уалдзæджы зымæг цы къуыммæ батардта, урс митæй йыл цы хыз æрытыдта, уыдонæй фервæздзæн æмæ цыфæнды куы уа, уæддæр къуымы нал æрлæудзæн, йæ уæлæ хыз ныккæнын нал бауадздзæн.

^^^

ФЫДБЫЛЫЗЫ ФÆНДАГ

Уагъæлыйы къутæр цы у, уымæй иууылдæр сындз у. Раст-равджы йын йæ къалиутæй иуыл дæр нæ фæхæцдзынæ, куы сыл фæхæцай, уæд дыл йæ сындзытæ бирæйæ уыцы иумæ фæхæцдзысты. Æввахс цæуæг æм уымæн нæй, æндæр къудзийæн йæ кой дæр кæм нæй, уымыты йæхицæн цæрæнбынат уымæн равзары.

Сындзытæ кæуыл зайы, ахæм къутæртæ бирæ дæр ис Уадзæн какон сындз куы загъдæуы. Фæлæ уый дæр уагъæлыйы сындзæй тæссагдæр нæу. Уагъæлыйы сындз кæд бирæ къаддæр у, уæддæр буары æнцондæрæй фæныхсы, куы дзы фæныхсы, уæд та фылдæр хатт уым баззайы, уымæн æмæ хихор кæсаджы дæндæгтау хъæбысырдæм къæдз у.

Уагъæлыйы къутæрмæ бавналын куы сарæхсай, уæддæр дæ къух фæстæмæ æвыдæй стæм хатт раирвæздзæн. Йæ сындзмæ йын бауæндын фыдракондмæ фæндагыл æрлæууынæй уæлдай нæу. Фыдгæнджытæй бирæтæм фыдракондмæ фæндагæй рацæуын фыдракондмæ фæндагыл бацæуыны хуызæн фæкæсы, æмæ рæдыд уымæн æруадзынц, цæрæнбонты фæсмон кæуыл фæкæнынц, ахæм рæдыд. Давыны пайдайæ сæм давыны зиан нал фæзыны æмæ уагъæлыйы къутæрæй къух фæстæмæ тонæгау æнæ сындз фæныхсгæ æмæ æнæ туг акалгæйæ нал аирвæзынц.

^^^

ЧИ НÆ БÆЗЗЫД?

Фæндаггоны хуыздæр æмбал лæдзæг кæм нæу, æмæ та ацы хатт дæр мæхицæн æххуысгæнæг бацагурыныл бацархайдтон. Æрмæст равзар-бавзарыл нал схæцыдтæн, æппæты фыццаг мæ размæ цы æхсæры къудзи фæци, уымæй дарддæр нал ацыдтæн. Растдæр æмæ мæм дзы рæхснæгдæр цы тала фæкаст, уый ракодтон. Кæнгæ йæ бæргæ æнæдызæрдыгæй ракодтон, фæлæ йын фыццаг къахдзæфтæй фæстæмæ йæ хорзыл фæдызæрдыг дæн. Зылын кæй уыд, уый тыххæй йæ ивын бахъуыд. Æрмæст та дыккагæй дæр мæ зæрдæ нæ барухс. Иуæй, фыццагæй растдæр нæ рауад, иннæмæй — æгæр фæцыбыр. Йæ дæргъы аипп ын æнкъардтон, куы йыл-иу æрæнцой кодтон, уæд дæр æмæ-иу æй, мæ бæрзæйыл цæхгæрмæ куы авæрдтон, уæд дæр.

Æртыккаг тала лыг кæнын дæр мæ бахъуыд. Хуыцау хорз, æмæ æхсæры къудзийæ уистæ лыг кæнын ницы хъыгдары, æндæр ме знаггад чысыл нæ уыдаид.

Ацы хатт мæ лæдзæгмæ ницуал аипп æрхастон. Алырдыгæй дæр рауад зæрдæмæдзæугæ. Æз дзы разыйæ бæргæ баззадтæн, фæлæ уыйразмæ цы талаты тæригъæды бацыдтæн, уыдон мын мæхи ницæмæй фæазымджын кодтой? Кæд, мыййаг, уыдон иууылдæр хорз уыдысты, чи сæ æвзæрста, азым æрмæстдæр уымæ хауы? Афтæ куы нæ уыдаид, уæд сæ лыг кæнын æмæ æппарын нæ бахъуыдаид.

^^^

ÆНХЪÆЛЦАУ

Ныртæккæ кæрог йæ тæккæ хорзæй у, фæлæ æвзартæ зæххæй сæ цъæх сæртæ куы сдардтой, сæ дарддæры хъысмæтыл сагъæсы суанг уæд бахаудтой. Хъæуы лæппутæ та сæ тонынмæ кæй февналдзысты, уымæй тæрсгæйæ дзы бирæтыл рагацау ризæг бахæцыд.

Мæнтæджы æмбуар цы кæрог зади, уый-иу алы хатт дæр йæхи йæ сыхаджы фæтæн сыфты аууон бамбæхста æмæ-иу афтæмæй æнæхъæнæй баззад. Æрмæст ын фарон мæнтæг дæр нал баххуыс кодта. Иуæй, рухсмæ йæхæдæг дæр бабæллыд æмæ йæ сæр мæнтæджы сыфты астæуæй сдардта, иннæмæй йæм иу лæппу комкоммæ йæ ных сарæзта æмæ хæмпæлтæ афтæ рауын-бауын кодта, æмæ дзы æддæмæ иу сыф дæр куы нæ зындаид, уæддæр æй æртыдтаид.

Ацы аз кæрог æндæр зондыл ныххæцыд. Йæхи æмбæхсынмæ нал бабæллыд, фæлæ йæ дидинæг йæ тæккæ цъуппыл, афтæмæй хæрдмæ фæцагайдта. Хъæуккаг лæппутæ куы фæзындысты, уæд кæрогджыны иу æвзар дæр æнæсгæрстæй нал ныууагътой. Мæнтæджы сыхаджы дæр стонынмæ хъавыдысты, фæлæ æнхъæлцау у, уый бафиппайгæйæ, йæ иуфæрсты ацыдысты.

Ахæм рæстæджытæ дæр вæййы, æмæ æнхъæлцаумæ æнхъæлцауы цæстæй куы нæ фæкæсынц.

^^^

КЪАХЫРГОНД РÆСТДЗИНАД

Дæргъæй-дæргъмæ рæхснæг æхсæруис мæ размæ фæцис. Гудатæн мæм мæлæты хорз фæкаст. Ахæм хъуыды мæм кæй фæзынд, уымæн, чи зоны, мæ къухы лæдзæг кæй уыд, уый дæр баххуыс кодта. Уис лыгтæ кæнынмæ февнæлдтон. Цыбыр рæстæгмæ гудайы кæри мæ разы февзæрд. Ноджыдæр ма иуцасдæр рæстæг рацыд, æмæ дзы иу дæр мæ цуры нал аззад: иууылдæр сæ фæйнæрдæм къуырд фæдæн.

Мæ лæдзæгыл æрæнцой кодтон æмæ сагъæсты аныгъуылдтæн. Дæргъæй-дæргъмæ уисæй бирæ гудатæ саразæн кæй ис, фæлæ цыфæнды бирæ гудатæй дæр иу уис саразæн кæй нал ис, уый мæм цæмæдæр гæсгæ хардзау æркаст. Бирæ бæлæстæй иу хæдзар саразæн кæй ис, уый æвзæр нæу, фæлæ стыр хæдзарæй суанг гыццыл бæлас дæр рауайынгæнæн кæй никуал ис, уый мын ме уæнгтыл дæлæмæ æрхæцыд. Гыццылæй стыр саразæн кæм ис, уым хъуамæ стырæй дæр чысыл саразæн уа, кæннод рæстдзинад къахыргонд цæуы.

^^^

ХАЛОНЫ АХСТОН

Цæуынæй бафæлладтæн. Ноджы хур дæр арвы астæумæ фæцæйхæццæ кодта æмæ мæм йе ’ндæвд тынгæйтынгдæр хъарын райдыдта. Цъæх-цъæхид кæрдæгæй æмбæрзт быдыры астæу æмдымбыл дардта хъæддаг кæрдо бæлас. Йæ быны куыд сатæг уыдзæн, уый мæ цæстытыл ауад. Суанг ма йæ æнкъаргæ дæр бакодтон æмæ мæ къахдзæф иуцасдæр фæрогдæр. Йæ аууон куы æрлæууыдтæн, уæд мыл цыма Елмæрзайы суадоны ихы къæртты хуызæн æрттиваг æртæхтæ æрбакалдæуыд, уыйау æхсызгонæн сулæфыдтæн.

Бæласы бын фæрвы бындзæфхад разынд æмæ йыл мæхи æруагътон. Цалынмæ мæ хид сысти, уæдмæ мæ бынатæй нал фезмæлыдтæн. Сатæг мын мæ къабæзты ног тыхтæ бауагъта. Уыцы уæнгрогæй фестадтæн, фырхъалæй мæ лæдзæг дард фæхастон æмæ йæ къодахыл æруагътон. Куыддæр лæдзæг æмæ къодах кæрæдзиуыл андзæвыдысты, афтæ бæласы сæрæй æнахуыр пæр-пæр ссыд. Скастæн, æмæ — халон. Цыма йæ базыртæ къалиуты ныссагъдысты, уыйау ма иуцалдæр æнарæхст змæлды скодта æмæ бæласæй фæхицæн. Йæ фæтæн базыртæ йын уæрæх айтындзыны фадат куы фæци, уæд бæрзондæй-бæрзонддæр кæнгæ уæлдæфы сфардæг.

Бæласы бын ма дзæвгар фæбадтæн, фæлæ мæм маргъæн йæ хъæр-йæ цъист никæцæйуал райхъуыст. Кæй мæ бафиппайдтаид, уый та гуырысхойаг нæ уыд. Йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпмæ уыйбæрц рæстæг дзæгъæл хуымæтæджы кæй нæ фæхъуыстаид, уый ма мын цы бамбарын хъуыд æмæ бæласы алыфарс зилынмæ фæдæн. Кæрдо бæлас æртæ саджилæджы кæм фæци, уым ауыдтон, дзæбæх бухархудæй къаддæр чи нæ уыдаид, ахæм ахстон.

Уæдæ йæм уый тыххæй разынд ахæм фæразондзинад! Йæ æйчыты мæт йæ тасæй фылдæр уыд, æмæ йæхиуыл уымæн ныххæцыд, йæ базыртæ уымæн нындзыг сты, йæ къæхтæ йæ хæрдмæ схойын уымæн нал зыдтой. Цалынмæ лæдзæг æмæ къодахы удаистгæнæг хъæр райхъуыст, уæдмæ карды комыл бадти, стæй, мæхæдæг дæр куынæуал уон, уæд ма мæ къуыртт дæр кæй хъæуы, зæгъгæ, банымадта æмæ йæ сусæгдзинадыл комдзог рацыд.

Æргом дзургæйæ, ахстонмæ сбырынмæ рахъавыдтæн. Халоны ахстæттæ уымæй размæ бирæ дæр федтон, фæлæ — дæргъæй-дæргъмæ гæдыбæлæсты цъуппытыл, схизæн кæдæм нæ уыд, ахæм рæтты. Хистæртæ ма-иу нæ тæрсын дæр кодтой. Исчи-иу бæласмæ сбыргæйæ æнцон æрсæттæн къалиумæ схизæд æмæ-иу æй сыхæгтæй ауынæг фæуæд, æндæр-иу йæ тæрсынгæнæн ныхæстæ йæ разæй фесты: «Хауыс æмæ халоны айчы хæлд кæныс!..» Гъе æмæ уыцы халоны айк иу хатт уæддæр куы федтаин, зæгъгæ, кæрдо бæласмæ схизынмæ мæхи рафистæг кæнинаг уыдтæн, фæлæ мæ зæрдыл иу хъуыддаг æрбалæууыд.

Ахæм мæргътæ ис, æмæ сын сæ къуыртмæ бавнæлдтай, уæд æм хæстæг нал æрцæуынц. Суанг ма сын сæ ахстон куы бафиппайай, æмæ йæ куы базоной, уæд дæр ыл хъоды бакæнынц. Уыцы хъуыддаг мын мæ фæндагыл, йæ сæрты ахизæн кæмæн нæй, ахæм цæлхдур фестад æмæ дарддæр ацыдтæн.

Фæстæмæ ма иу хатт фæкастæн æмæ дисы бацыдтæн. Халоны ахстон, иуæй, хъæумæ хæстæг уыд, иннæмæй — зæхмæ æввахс. Мæ нымадмæ гæсгæ та йæ кæд ахæм ныллæг ран арæзта, уæд æй адæмы цæстытæй дарддæр ахæссын хъуыд, кæд ын хъæумæ æнæхæстæг аразгæ нæ уыд, уæд та йæ бæрзонддæрмæ сисын хъуыд, фæлæ, халон йæхицæн, æз ын цæйбæрц зонын, уымæй къаддæр зоыа, уый зын бауырнæн кæй у, уымæ гæсгæ æдæрсгæйæ дарддæр ацыдтæн.

^^^

АДДЖЫН МАСТ

Кæдæй-уæдæй ма хуыскъæл федтон! Кæд йæ хус бæлас тоблахъты æхсæн уыд æмæ искæмæн æнцонæй раиртасын нæ бакуымдтаид, уæддæр мæн дызæрдыджы бафтауын йæ бон нæ баци. Комкоммæ йæм бацыдтæн æмæ йыл бынмæ æввахс арæхстгай схæцыдтæн. Æртæ урсбырынкъ хъуымбылы дзы уыцы сыгъдæгæй сгæпп ластой. Иуы дæр дзы мæ цæст аппарын нæ бауарзта. Мæ фарсмæ цы чысыл, фæлæ сыгъдæг суадон калд, уым сæ ахсадтон æмæ сæ стигъынмæ февнæлдтон. Мæ кæддæры æххормаг дуг йæ лæмæгъ къæхтыл фидар слæууыд.

Цымæ фыццаг комдзæгтæ ахсæнмæ куы ныххæццæ сты, уæд кæрæдзимæ цы ’взагæй сдзырдтой? Ахсæнæн нæ зонын, фæлæ мæнæн хуыскъæлы уынд куыд æхсызгон уыд, афтæ æхсызгон уыд йæ хæрын дæр. Æртыккаг хуыскъæл стигъынмæ куы бавнæлдтон, уæд дзы мæ цæст цы бур стъæлфыл æрхæцыд, уый дæр ницæмæуал æрдардтон, афтæмæй та зыдтон, йæ маст ад мæ дзыхæй тагъд кæй нал ссæудзæн, уый. Кæддæры фæлтæрддзинад мын мæ рохтыл æрхæцынмæ хъавыд, фæлæ йæм нæ байхъуыстон: маст хуыскъæл адджынæн бахордтон. Æмæ уым диссагæй ницы ис. Цард адджын æмæ мастæй арæзт у, æмæ дзы ахæм хабæрттæ чысыл нæ вæййы, маст адджынæн куы фæхæрынц, адджын та — мастæн.

^^^

СИДЗÆРГÆСЫ РОД

Къобосты хъæды тæккæ арфдæр суадоны сæрты иу æмæ дыууæ хатты нæ бахызтæн. Хид дзы кæй нæй, уый мæ никуы баурæдта, уымæн æмæ дымгæ цы бæлæстæ афæлдахы, уыдонæй иуæй-иутæ хиды хæстæ æххæст кæнын сæхимæ райсынц. Мæнæ ныртæккæ цы æрдзон хидмæ схæццæ дæн, уый та йе ’мгæрттæй дæр фылдæр фæцард æмæ чи фæзындзæн, уыдоны дæр йæ фæстæ фæуадздзæн. Цæвиттон, хæрис бæласы къалиутæй иу, тала ма куы уыди, уæд чидæр доны фаллаг фарсмæ атасын кодта æмæ куы сбæлас, уæд дзы агургæ æмæ æнаргæ хид рауад.

Цал æмæ мын цал хатты сарæзта мæ тыхст! Иу хаттæй иннæ хатмæ калд бæлæстæй куы иуы нал ссарын, куы иннæйы, æмæ та æппынфæстаг ацы хæрис мæ ирвæзынгæнæг разыны. Ацы хатт дæр та йыл æхсызгонæй сæмбæлдтæн. Æрмæст ныр доны æмвæзад иуцасдæр фæуæлдæр æмæ бæласыл æдæрсгæйæ æрлæууæн нал уыд. Лæдзæг агурæг мæ алыфарс ахъахъхъæдтон æмæ, мæ тæккæ цур цы æхсæры къутæр уыд, ууыл мæ цæстæнгас æрæнцад. Дæсгай рæхснæг талатæ сæрæн лæппутау уырдыг лæууыдысты. Кæцы дзы ракæноны сагъæсыл фæдæн. Иууылдæр мæм лыстæг фæкастысты. Кæуыл дзы æрæнцой кодтаин, уый æнæмæнг фæтасыдаид, фæлæ уæддæр сæ тæккæ æмрастдæр ракодтон. Зæххыл æй æрцавтон, мæ уæз ыл æруагътон æмæ йыл куы баууæндыдтæн, уæд бæласмæ бараст дæн. Лæдзæг доны бынмæ быцæугæнгæ куыддæртæй фæфале дæн. Рæхснæг тала стыр лæдзæгау йæ куыст бакодта. Уымæн фæзæгъынц: сидзæргæсы род тагъд гал кæны.

^^^

УИСЫ КАДАВАР

Хъæуы ма куы цардыстæм, уæд ныры хуызæн нæ уыди. Цæхæрадæтты алыфарс фæйнæг кæнæ телын быруты бæсты уыдис каутæ. Уисыл сагъæс азæй-азмæ фылдæр йедтæмæ къаддæр нæ кодта. Цæмæй хорз уисыл фæхæст уыдаис, уый тыххæй Даргъ хуымтæн сæ тæккæ арфмæ цæуын хъуыд. Хорз михы тыххæй та-иу, хатгай Къобосты хъæды арæнтæ дæр къуындæг разындысты, æмæ-иу Гæдыты коммæ ахæццæ сты.

Ныр кау ничиуал бийы. Кæд бийы, уæддæр — хæрзчысыл. Æхсæры тала та нæ фæарæхдæр. Хъæды къуымтæй кæцыйæ нæ ракастæн, ахæм нал баззад, афтæмæй дзы иу ранмæ дæр мæ зæрдæ нæ бахъазыд; ам иу уæрдон уис ракæнин, зæгъгæ, никуы загътон. Дисы мæ бафтыдта, раздæр алы цæхæрадоны алыфарс дæр каутæ цы уистæй быдтой, уыдон фенæн хъæуы дæр кæй нал ис æмæ сæ бæсты хъæды дæр талаты нымæц кæй нæ фæфылдæр, уыцы хъуыды.

^^^

ИЧЪЫНАЙЫ КАЛМ

Æрæгвæззæг хæмпæлы сыр-сырæй фылдæр цы вæййы! Чысыл дымгæйы уддзæфæй дæр уынæр йæ къæхтыл слæууы.

Хæмпæлгæрæтты нарæг къахвæндагыл цæуын æмæ мæ хъус алы сыбыртт дæр ацахсы. Ныллæг пæлæхсар тулдз бæласы цур æрлæууыдтæн. Йæ бур-бурид ставд сыфтæм ын кæсыныл фæдæн. Иуцасдæры фæстæ дарддæр цæуынмæ рахъавыдтæн. Мæ къахы сист æмæ æнахуыр сырсыр баиу сты. Уый уалдзæг кæнæ сæрд куы уыдаид, уæд мæ удæй мæхимидæг ницуал аззадаид, фæлæ ныр уыцы æдæрсгæйæ, хæмпæлтæ кæм базмæлыдысты, уырдæм фæкастæн.

Цæмæфæнды дæр æнхъæлмæ кастæн, фæлæ дæргъæйдæргъмæ калм фендзынæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ фыццаг хатт маргæйдзаг хилæгæн йæ койæ нæ, фæлæ йæхицæй дæр нæ фæтарстæн. Æвæццæгæн мæм, цавæр калм у, уый базоныны хъуыды дæр уымæн фæзынд æмæ йæ фæдыл ныййарц дæн. Мæ лæдзæгæй лыстæгдæр æмæ цыбырдæр нæ уыди. Йæ сæры фæйнæфарс ын дыууæ бур зиллаччы куы ауыдтон, уæд ма мын цы базонын хъуыд, бурхъус кæй у æмæ дзы хæцынæй тас кæй нæу. Уæвгæ бирæгъты иууылдæр къуыбырхъусæй куыд тонынц, афтæ мæнæн та кæлмытæй уæлдай нæй: иууылдæр мæ удхæссæг сты. Фæлæ мæм, ацы хатт мæхи цæстытæй цы калмы уыдтон, уый кинойы калмæй æдасдæр фæкаст^ растдæр зæгъгæйæ та дзы æппындæр нæ фæтарстæн. Йæ фæдыл иуцалдæр къахдзæфы куы акодтон, æмæ мæ йæхи афтæ тагъд нал амбæхсдзæн, уый куы бауырныдта, уæд æваст фæлæууыдтæн. Бурхъус ма иуцасдæр абырыд, стæй æрлæууыд, фæстæмæ фæкаст æмæ йæ хъахъхъæнæг ис, уый куы бамбæрста, уæд та йæ сыр-сыр ссыд æмæ хæмпæлтæ змæлын кæнгæйæ дарддæр хилынмæ фæци.

Цалынмæ йæ уыдтон, уæдмæ мæ бынаты лæууыдтæн, стæй хæмпæлты æхсæн куы аныгъуылд, йæ сыр-сыр дæр куынæуал хъуыст, уæд фæстæмæ къахвæндагмæ рахызтæн æмæ дарддæр мæ фæндагыл араст дæн. Æрæгвæззæджы хур æмæ хъарм æрæгвæззæджы сæлфынæг æмæ халасæй бирæ тыхджындæр кæй сты, уый ма мæ ноджыдæр иу хатт бауырныдта. Стæй мæ бауырныдта, хур, суанг æрæгвæззæджы хур куы уа, уæддæр хъæбатыр лæгæй тыхджындæр кæй у, уымæн æмæ хъæбатыр лæг калмы йæ хуынкъæй тыхы фæрцы сласы, хур та йын йæхи рабырын кæны йæ фæлмæн тынты фæрцы, йæ узæлгæ рæвдыдæй, йæ хъармы фæлмæндзинадæй.

Ныр мæм, Ичъынайы калм уæлæуыл кæй баззад, уый дæр диссаг нал кæсы. Чи зоны, уыцы фæззыгон бæрæгбоны заман дæр афтæ фæрæстæг кодта, хур арвыл тулыны бæсты зæххыл атылди æмæ ахæм бонтæ кæрæдзийы фæдыл ныххал сты.. Уæд калмæн дæр йæ хуынкъæй цы ’нæрабыргæ уыди?!.

^^^

ÆМБИСОНД

Алы æмбисонд та мыл æдзух лæдзæгимæ æрцæуы. Ацы хатты хуызæн æм куыдфæндыйы цæстæй никуыма акастæн. Æгæр лыстæг уис ралыг кодтон. Иуцасдæр æй куы фæхастон, уæд дыууæ хъуыддаджы бамбæрстон: æдæрсгæ йыл æрæнцойгæнæн кæй нæ уыд æмæ йыл йæ лыстæджы тыххæй хъæддыхæй хæцын кæй хъуыд. Куыдфæстæмæ йыл ме уæз уадзыныл нал архайдтон, фæлæ мын уымæй бирæ нæ фенцондæр. Мæ армытъæпæны йæ æгæр тынг кæй æлхъывтон, уымæй фæллайын райдыдтон. Ме ’нгуылдзты дыз-дыз тынгæй-тынгдæр æнкъардтон. Сæ хъару куыд сысы, уый бæрæгдæр кодта. Æппæты диссагдæр та мæм фæкаст, хъæддых ыл кæй хæцыдтæн, уымæй æдыхдæр кæй кодтон.

^^^

МÆСЫГ ÆМÆ ЙÆ ДУР

Суадоныл цæхгæрмæ цалдæр къалиуы æрфæлдæхтæуыд æмæ дзы сыфтæ, кæрдæджы хæлттæ æмæ хæмпæлтæй ауæзт рауад. Дон бынты сæрибарæй згъоры, уæле ленкгæнджыты та къалиутæ æруромынц. Цалдæр хъæддаг фæткъуыйыл дæр дзы мæ цæст æрхæцыд. Хæрдмæ скастæн, фæлæ суадоны былгæрæтты цы бæлæстæ уыд, уыдонæй иу дæр фæткъуы нæ разынд. Цымыдисдзинад мыл фæтыхджындæр æмæ донгуырæны ’рдæм араст дæн.

Гыццыл фæцыдаин, бирæ фæцыдаин, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ иу афон схæццæ дæн ног ауæзтмæ. Уым дæр та сыфтæрты æхсæн цалдæр фæткъуыйæ уылæнтæ хъазыдысты. Фæткъуы бæлас ноджы уæлдæр кæй уыд, уый бамбæрстон æмæ суадоны былгæрæтты фæцæуын. Дардæй мæм разынд иннæтæй бæлвырд пæлæхсардæр æмæ бæрзонддæр бæлас. Ноджы суадон дæр тæнæгдæргæнгæ цыд æмæ дзы фæткъуытыл арæхæй-арæхдæр æмбæлдтæн. Фæстагмæ схæццæ дæн, дыргътæ сурыл дæр кæм уыд, ахæм ранмæ. Хæрдмæ скастæн æмæ, дардмæ дæр бæрæг чи дардта, уый фæткъуы бæлас куы разынид. Суадон дæр йæ бынæй гуырд.

Фæткъуытæ мæм суадоны нымудзджыты хуызæн фæкастысты. Цы дыргътæ дыл зайы, уыдон, дæ бынæй цы суадон гуыры, уырдæм хауæнт æмæ, кæм зайыс, уырдæм фæндаг амонæнт, уæд ахæмты æндæр номæй куыд рахуындæуа? Æмæ, дам, мæсыг йæхи дурæй нæ хæлы!..

^^^

ЫЙ-ИУ, ДЫУ-УÆ!

Фадхъ.ултæм миты фæцæуын. Мæ алыфарс быдыр митæй нæ зыны. Уый хыгъд дзы мит йæхæдæг зыны. Урсурсидæй, рухсимæ æмхæццæйæ, мин-мин чысыл цырагъы дзы судзы, афтæмæй. Цæстытæ кæсынæй æфсæдын куы райдыдтой, уæд хъустæ цымыдисдзинадæй сæхицæн хай тонынмæ февнæлдтой, фæлæ дзы мæ къахдзæфты уынæр йедтæмæ ницы раиртасын сæ бон баци. Уый дæр — уыцыиухуызон. Мæ алы къахдзæфæн дæр цырыхъ миты уæлцъарыл хафгæ ацæуы, хъæпæны аныхсы æмæ галиу къахы уынæрæй «ый-иу!» рауайы, рахизы уынæрæй — «дыууæ!»

«Ый-иу! Дыу-уæ! Ый-иу! Дыу-уæ!» — хъустæ фæцахуыр сты, размæ цæуын кæмæн не ’нтысы, уыцы æбæркад нымадыл. Уæвгæ «фæцахуыр сты» зæгъын бынтон раст нæ уыдзæн, уымæн æмæ дзы тыхсын райдыдтон. Цыма мæ мидбынаты цоппайыл фæдæн, афтæ кæсын мæм райдыдта. Ноджы мæ алыфарс цы уæрæх быдыр айтынг, уым, ме змæлд кæй фæрцы раиртæстаин, иу ахæм æвдисæн нæ уыд æмæ ма мын уый дæр мæ сагъæсыл æфтыдта. Уæддæр размæ цыдтæн. Денджызы уылæн кæй æрцахсы, фæлæ уæддæр былгæронмæ раирвæзынмæ йæ быцъынæг тонгæйæ ленк кæныныл чи нæ сыстырзæрдæ вæййы æмæ йæ фæллад гæндзæхтæ тилынæй чи нæ банцайы, уый хуызæн.

Кæд размæ цыфæнды ныфсджынæй цыдтæн, уæддæр мæ хъуыдытæ уыдысты æнахуыр уавæрæй фервæзыныл.

Дардмæ бирæгъы чи ауыны, ахæм æнæхæцæнгарз лæгауиу мæ алыфарсмæ дæр акастæн, кæд дзы мæ зæрдæ цæуыл фæлæууа, ахæмæй истæуыл мæ цæст æрхæцид, зæгъгæ, фæлæ дзы урс-урсид мит йедтæмæ кæй ницы уыд, уымæ гæсгæ зондджын чындзы фыдæнæнау размæ ныфсджындæрæй лæгæрстон. Зондджын чындзмæ дæр, дам, йе ’фсин куы фæзагъд кæны, уæд фæстæмæ сдзурыны бæсты йæ маст хæринагыл акалы æмæ адджындæр комдзæгтæм февналы.

Иуцасдæр ма ауадтæн æмæ мæ сæры февзæрд æнахуыр хъуыды. Цыма азым иууылдæр зæвæттæм хауд, афтæ мæм фæкаст. Мæ нымадмæ гæсгæ уыдон сæхи хъæпæны уæлцъарыл хафгæ куы нæ цыдаиккой, уæд «дыу-уæ!» йæ арæнтæ раджы атыдтаид æмæ мæ балцы кæрон дзæвгар хæстæгдæр фæуыдаид.

Мæ къæхтæ бæрзонддæр исын райдыдтон. Мæ уавæрæй фервæзынмæ æнхъæлмæ кастæн, афтæмæй ма йыл æфтгэе дæр бакодта. «Ый-иу!» дæр нал æмæ «дыу-уæ!» дæр. Сæ бæсты къæхтæ «дзурын» райдыдтой «иу, иу!» Галиу къах дæр «иу!», рахиз дæр — «иу!»

Ныр та кæйдæр сахъат чындзы уавæры бахаудтæн. Уый дæр, дам, иу низæй хъæрзыд, фæлæ йæ йе ’фсин молломæ куы бакодта æмæ йын, цы хостæ рафыста, уыдон нызт куы фæци, уæд та ноджы фыддæр низы ахæсты бахауд. Æфсин, дам, дины кусæгæн лæгъстæ кæнынмæ фæци, фыццаг куыд уыди, ахæм уавæрмæ-ма йæ уæддæр раздах, зæгъгæ.

Мæнæн дæр мæ нымад, иуæй, «дыууæмæ» нал хæццæ кодта, иннæмæй, мæ къæхтæ æнарæхст исгæйæ уайтагъддæр афæлладысты æмæ фæстæмæ мæ фыццаг къахдзæфмæ рахызтæн.

Цыфæндыйæ дæр «иу» «дыууæ» куы кæна, уæд уый размæ цыды нысан у. Йæ тæккæ хуыздæр æвдисæн — Куыройыдоны былгæрон. Чысыл раздæр йæ кой, йæ хъæр дæр кæмæн нæма уыд, уый мæм йæ сау-сауид уæлцъар равдыста. Йæ былгæрон куы ’рлæууыдтæн, уæд ын уынын райдыдтон йæ тæлфаг буар дæр.

^^^

УРСДОНÆЙ КУЫРОЙЫДОНМÆ

Ацы хабар мын мæ зонгæ кæсагахсæг радзырдта. Куыройыдоны, дам, хуыдзых æрцахстон. Диссаг мæм куыныæ фæкастаид, кæд æмæ Куыройыдонæн йæ алы фæзилæн, йæ алы байбын дæр мæ фондз æнгуылдзы хуызæн зонын, уæд! Балерæй цы зæгъыс, уый зæгъ! Иуæй-иу рæтты — балгæсаг дæр, фæлæ — хуыдзых! Уымæн йæ хуыздæр бадæн кæддæриддæр уыди Урсдон кæнæ Терк. Суадоны уазалæн бабыхса, уый æнхъæл никуы уыдтæн.

Мæ зонгæ мæ багæды кодта. Урсдон, дам, афтæ ныууазал вæййы, æмæ дзы хуыдзых лæууын нал фæфæразы æмæ арфдæр æмæ уыцы-иу рæстæг хъармдæр бынæттæ агурæг, Дур-дуры дон Урсдоныл кæм бафты, уырдæм йæ ных саразы, уырдыгæй — Теркмæ, Теркæй та — суадæттæм.

— Ау, Урсдон Куыройыдонæй уазалдæр у? — ноджыдæр-ма иу хатт бафарстон кæсагахсæджы.

— Иуæй-иу хатт — уазалдæр. Уæлдайдæр, куы ныссæлы, уæд. Ахæм заман Куыройыдоны сæрмæ мигъ сбады. Уый дæр, уæлдæф дзæвгар кæй фæуазалдæр, ууыл дзурæг вæййы...

Раздæр кæсагахсæджы ныхæстыл дис кодтон, ныр мæ дис рахызт Урсдон æмæ Куыройыдонмæ, уыдонæй та — балер æмæ хуыдзыхмæ. Диссаг мæм фæкаст, хъарм Урсдон уазал Куыройыдонæй куыд фæуазалдæр вæййы, уый, стæй хуыдзых суадонмæ фæндæгтæ куыд ссары, уый дæр. Къаддæр диссаг нæу Куыройыдон, тæвды ихы къæртты хуызæн чи вæййы, уазалы та — хъармы хуызæн. Иннæ ахæм балер: хъармы дæр уазал чи нæ агуры, уазалы дæр хъарммæ чи нæ тырны.

^^^

САУ ДУР УРС МИТЫ

Дзыхъаумæ тымыгъ мит фæхаста. Цалынмæ йæ йæ алыфарс быдыримæ сæмвæз кодта, уæдмæ нæ ныууагъта. Дзыхъауы тæккæ астæу уыдис, адæймаг тыххæйты кæй сфæрæзтаид, ахæм сау дур. Урс мит йæ сæрмæ лæууын дæр нæ бафæрæзта, йæ алыфарсæй дæр йæхи айста æмæ афтæмæй урс-урсид дзыхъхъауы сау-сауидæй зынди.

Иу дзы иннæмæй йæхи кæй хъахъхъæдта æмæ, цас йæ бон уыд, уыйбæрц æддæдæр кæй «алæууыд», уый бамбæрстон, фæлæ дзы чи кæмæй тарст, уый рахатын мæ бон нæ баци. Сæ дыууæйы тас дæр æмхуызон уыд, зæгъгæ, ахъуыды кодтон, фæлæ ууыл дæр кæронмæ нæ баууæндыдтæн: се ’хсæн цы дæрддзæг уыд, ууыл ма цыма иу ахæм бафтыдаид, афтæ мæм фæкаст.

^^^

ЗÆРДÆ ÆМÆ АХСÆН

Хъæды куы вæййын, уæд хæринаг никуы æрымысын. Зымæгон бон дæр, зымæгон бонæй дыууæ хатты даргъдæр чи у, ахæм сæрдыгон бон дæр. Бон-сауизæрмæ амæй-ай зындæр цæуæнты фæразил-базил кæн, цалдæр хатты дæ хид акæлæд, уæддæр дзыхы къæбæр акæнынмæ макуы бабæлл.

Мæнæ та ныр дæр Къобосты хъæды зилынæй бафæлладтæн. Хойраджы хъæстæ кæй нæма фæдæн, уый афтæ диссаг нæу, хæрын мæм кæй нæ цæуы, уый куыд диссаг у. Раст зæгъын хъæуы, ацафоны хъæды минæстæй цæмæйдæрты ацахуыстон. Кæркмисындзæджы цалдæр гагайы, тыртыйы цупæлттæ, мыртгæйы нæмгуытæ, дурвæткъуытæ æмæ æртæ мугæйы. 0, о, нымадæй æртæ мугæйы. Уыдонæй дæр иу зæххы ссардтон, иннæтæ та ма куыддæртæй къалиуыл баззадысты.

Ацы мугæ мын алы аз дæр йæ дыргътæй дзаджджын хай бакæны. Цыма йæм кæй фæзындзынæн, уый фæзоны, уый хуызæн йæхи æхсæры къудзитæ æмæ сусхъæды талаты астæу æрæмбæхсы æмæ та мæм йæ хуынтæ æнæхъæнæй равдисы.

Ныр æм æгæр æрæджиау фæзындтæн. Бæласæн цæстытæ куы уаид, стæй йын æнхъæлмæ кæсынæй урс куы кæниккой, уæд мæ мугæ хорз уавæры нæ бахаудаид. Фæлæ йæм уæддæр æппынфæстаг кæй фæзындтæн, уымæй мæхицæй фæбузныг дæн. Йæ дыргътæ йын æрæджиау ссардтон. Раздæр, зæхмæ чи ’рхауд, уый, уый фæстæ, къалиуыл хæцыны ныфс кæмæ разынд, уыдон.

— Бузныг, мугæ бæлас! Æгайтыма æнхъæлмæ кæсын зоныс. Æнхъæлмæ кæсын чи зоны, фæразын æмæ быхсыны хъару кæмæ ис, уыдон, иуæй, тыхджын сты, иннæмæй сыл, чи баууæнда, уыдон нæ фæрæдидзысты...

Дарддæр ацыдтæн. Цыма Нарты куывдæй сыстадтæн, мæхимæ афтæ фæкастæн. Хæрын мæм уымæй размæ дæр нæ цыди, ныр цыма хæринаг æппындæр никуыуал æрымысдзынæн, афтæ мæм фæкаст.

Куы зæгъын, цы зæххыл райгуырдтæн, уым, фылдæр рæстæгæн нæ зонын, фæлæ боны срухсæй баталынгмæ цасфæнды куы фæзилон, уæддæр нæ сæххормаг уыдзынæн. Цæуыннæ, ууыл ахъуыды кæнгæйæ мæхинымæр скарстон: æвæццæгæн, мæ уарзон быдыртæ, дæттæ, хъæдтæ, атагъатæ, къуыбыртæ æмæ тæгтæм цин афтæ сбирæ вæййы, æмæ зæрдæйы арæнтыл уæрæх ахæцы æмæ дзы ахсæнмæ цы хай фæхауы, уый дæр йæхи рахоны.

^^^

АХÆМ ФÆНДАГ

Къобосты хъæды мын, мæхимæ хъусыныл кæм фæвæййын, ахæм бынæттæ дæр ис. Уыдонæй иу у, мæнæ ныртæккæ кæцæй скастæн æмæ мын Арыхъхъы рæгътæ мæ размæ нывгондау чи авæрдта, уыцы уæлбыл. Хъæдгæсимæ дæр ам базонгæ дæн. Кæд арæх не ’мбæлдыстæм, уæддæриу ыын кæрæдзийы уынд æхсызгон уыд. Æз-иу æм æдзухдæр хæлæг кодтон, йæ уарзон адæмы æхсæнæй чи сыстад æмæ йæ уарзон хъæды чи ’рæнцад. Канд йæхæдæг нæ — йæ бинонтимæ.

Ныр хъæдгæс æгас нал у. Мæнæй бирæ хистæр нæ уыд, афтæмæй мæрдтæм бацыд. Барвæндонæй. Йæхимæ йæ къух сисдзæн, уый æнхъæл никуы уыдтæн. Йæ бирæ цоты фæрцы царды арф æмæ фидар уидæгтæ кæй ауагъта, канд уый тыххæй нæ. Парахат зæрдæйы хицау уыд, хъæлдзæг, цинæфсæст. Æмæ дын рацæй-рабон æмæ, дам, йæхи амардта...

Уæлбыл æрлæууыдтæн. Хъæдгæсы хæдзар дæр мæм разынди. Иу хатт мæ тыххæй сæхимæ куы бахуыдта, уый мæ зæрдыл æрлæууыд. Йæ бинойнаг нын ахæм цæрвджын уæлибæхтæ скодта, æмæ мæ никуы ферох уыдзысты.

...Худын никæуыл хъæуы. Йæхи чи амары, уыдоныл дæр. Мæстджынæй адæймаг цы нæ бакæндзæн, ахæм нæй. Йæхимæ йæ къух чи сисы, уый дæр, æвæццæгæн, бирæтæм мæсты вæййы, уыимæ йæхимæ дæр, фæлæ йæм тæккæ тæссагдæр уавæры йе знæгтæй йæхицæй хæстæгдæр ничи вæййы, стæй дзы йæ бон йæхицæй тынгдæр никæуыл фæцæуы æмæ ахæм æнамонд фæндагыл уымæн æрлæууы...

Маст зæрдæхалæн у. Зæрдæ ныррæхойын та иуæй-иутæ зæрдæ халынæй æнцондæрæн равзарынц...

^^^

ХОРЗЫ ХОРЗ ÆМÆ ÆВЗÆРЫ ÆВЗÆР

Хуры цæст арвгæронæй абазийау æрттивы. Хъæд тæрфауы æрныгъуылд, фæлæ æрдæгæй уæлæмæ сау дары. Митæй æмбæрзт быдыр ын йæ тарыл æфтауы. Хъæды тар та миты урсмæ рухсæй фæкаст æмæ уый фæрцы сау тардæрæй зыны, урс — ирддæрæй.

Иннæтæн нæ зонын, фæлæ урс сауы саудæр куы кæна, сау та урсы урсдæр, уæд мæм уый хорз кæсы. Хъуамæ æвзæр, цас æвзæр у, уыйбæрцæй зына, хорз та, цас хорз у, уыйбæрц хорзæй. Хорзæн йæ хорз æмбæхсгæ нæу, æвзæрæн — йе ’взæр...

^^^

УРС-УРСИД МИТÆЙ ГУЫРД

Дзæвгар ма йæм уыдтæн, афтæ кæсаглас йæ базыртыл уæззаугай схæцыд æмæ йæ лыстæг даргъ къæхтæй йæхи фесхуыста. Митæй мæм урсдæр ф.æкаст. Йæ къæхтæ баиу сты æмæ дзы чысыл сау лæдзæггонд рауад. Йæ зылынмылын даргъ къубал уæлдæфы бырауау ныхсгæ йе ’ргом хъæугæронмæ сарæзта. Æнхъæлдтон, фæстæмæ разилдзæн, зæгъгæ, фæлæ кæройнаг цæхæрадонæй чысыл ацырдæмдæр, суадон цы æрхæй гуыры, уый сæр æрбадт. Кæцæй стахт, уыцырдæм акастæн, кæд, мыййаг, сауæй аззад, зæгъгæ, фæлæ цæй сау æмæ цæй цыдæр! Быдыр куыд урс уыд, афтæмæй лæууыд. Мæхинымæр мæм ахæм хъуыды æрцыд: цыма митæй æмбæрзт урс-урсид быдыр гуымбыл ахста æмæ дзы кæсаглас рауад. Æз йæ цурмæ куы фæцæйхæццæ кодтон, уæд тæхыны онг сцæттæ æмæ уæлдæфмæ йæхи систа.

Цыфæндыйæ дæр урс-урсид кæсагластæ митбыдыр фестыны бæсты, митбыдырæй урс-урсид кæсагластæ гуырæд, цæмæй æрдз тыхджындæр, рæсугъддæр æмæ цардхъомдæр уа.

^^^

ÆДЫЛЫ КЪОППА

Мæнтæджы фарсмæ æрзад къаппа-къуппа. Æвæццæгæн, зайæгойтæн дæр адæмы хуызæн сæ сыхæгтæ æдзух сæхи æвзаргæ нæ вæййынц, æндæр къаппа-къуппа мæнтæгмæ æввахс нæ бацыдаид. Цæуыннæ куы зæгъат, уæд дзы йæ сæрæн нал у: былысчъилæй йæм кæсы, худы йыл, дæлджинæг æй кæны.

Къаппа-къуппа йæ ницæмæ дары. Йæ тымбыл урс сæр йæ лыстæг къахыл афтæ бæрзонд схæцыд, цыма йæ быны кæрдæджытæ æмæ хæмпæлтæн се ’ппæты уидæгтыл дæр хæцы. Афтæмæй та хæрдмæ кæй фæрцы фæцыд æмæ хъæддых цæй руаджы лæууы, уыдон цалдæр цыбыр уидаджы æмæ хырхæй лыджы хуызæн сыфы йедтæмæ не сты. Йæ бур-бурид коцора иуфарсырдæм кæмæн фæуæз кодта, уыцы дидинæгимæ иу зæнгыл кæй нæ зайынц, уый дæр æнæ лыстæг æркæсгæйæ нæ равзардзынæ.

Æппæт уыдæтты тыххæй йæм мæнтæг мæстæй мæлы. Уымæн йæ уидæгтæ зæххы арфдæр ацыдысты, стæй фылдæр æмæ фидардæр сты, уæддæр къаппа-къуппайы хуызæн раст нæ лæууы. Йæ сыфтæ дæр — зæбултæ. Кæй бафæнды, уый дзы худ ацаразы, дон нуазын кæмæ æрцæуы, уый та — къус. Сыфтæ сæ куынæуал фæхъæуынц, уæд сæ зæххы амæттаг бакæнынц. Чысыл раздæр дæр ма йе уæнгты царды тых кæмæн хъазыд, уый рыджы смидæг вæййы, къæхты бын йæ мæлæт æрцæуы.

Къаппа-къуппайы тымбылæг кæд лæмæгъ æмæ чысыл бавнæлды фаг йедтæмæ нæ зыны, уæддæр йæхимæ йæ зæрдæ ницæмæй æхсайы. Раст зæгъын хъæуы, дымгæ йæм йæ сыхæгтæй уæндондæрæй æвналы, йæ базмæлын кæнын æм æнцондæр кæсы, фæлæ йæ лыстæг мыггæгтæ тымбыл чъирийыл афтæ фидар хæцынц, æмæ сын ничи ницы хъом у.

— Фæлæуу, мæнæ дæ рæстæг ралæууа,— æвзиды йæм мæнтæг,— кæддæра ма дæ сæрыл иу «хъуын» дæр аззаид!

Къаппа-къуппа хъусæй лæууы. Æмбары, æдылы дзурæгмæ зондджын хъусæг кæй хъæуы. Йа? мыггæгтæ йæ иунæгæй кæй ныууадздзысты, уый мæнтæгæй æвзæрдæр нæ зоны, стæй йын хъыг дæр нæу. Уадз æмæ, йæ хъæбултæн æрдз цы базыртæ радта, уыдон, сæ афон куы ’рцæуа, уæд сæхиуыл схæцой æмæ алырдæм фæтæхой. Уадз æмæ дзы алкæцыдæр йæхицæн цæрыны фæрæзтæ агура, йæ мыггаг ма сыскъуыйа.

— Дæуимæ фæнды дзур, фæнды ма! — æнцайынвæнд нæй мæнтæгмæ.— Дæ ном дæр номы хуызæн нæу! Къаппа-къуппа чи хуыйны, уымæй цы бадомдæуа?!.

Ницы та йæм сдзырдта къаппа-къуппа. Йæ сызгъæрин доны цы кала! Мæнтæджы хуызæн цыбырзондæн хуымæтæджы ныхæстæ дæр æвгъау сты. Искæй номыл чи худы, худын ууыл хъæуы. Къаппа-къуппамæ йæ ном дæр хорз кæсы, уымæн æмæ йæ уырны, къаппа-къуппа кæй хуыйны, уым æвзæрæй ницы ис, мæнтæг æдылы къоппа кæй у, уым хорзæй куыд ницы ис, афтæ.

^^^

ÆУУÆНК ÆМÆ ТЫХ

Лæнкауы ныууадтæн. Йæ иннæ фарс куы фæхæрдмæ кодтон, уæд мын æмбисфæндагыл тых нал сфаг æмæ магм æввахсдæр цы хус къалиу уыд, ууыл фæхæцыдтæн. Хæцгæ йыл бæргæ фæкодтон, фæлæ æмбыд разынд, мæ къухы фæсаст æмæ уæлгоммæ ахаудтæн.

«Мæ зæрдæ йыл куыд дардтон æмæ йыл æууæнк куыннæ разынд», — ахъуыды кодтон мæхинымæр. Сыстадтæн, мæ рыгтæ æрцагътон æмæ ацы хатт даргъдæр, фæлæ æнцондæр фæндагыл фæуæле дæн. Лæбырды сæрæй ма æрдæбоны къалиуы сæстæгтыл мæ цæст ахастон. Ма?

зæрдæ фæфæлмæндæр: «Æууæнк ыл цас уыд, йæ хъару уыйбæрц куы амыдтаид, уæд йæхицæй иузæрдиондæр æмæ æнæхиндæр зын ссарæн уыдаид...»

^^^

ÆППÆТЫ ЗАРÆГ

Къардиуы сæрмæ цъиу абадт, æмæ — зарыс ма — нал! Бæласы бынты цы дон калд, уымæн ма уысмы размæ дæр йæ уылæнты уынæр хъус рæвдыдта, ныр æй маргъы цъæхснаг хъæлæс йæ быны аууæрста. Зарæджы аивдæр мыртæ чысыл дзæнгæрджытау фæйнæрдæм згъорынц æмæ дзы чи уæлдæфы айсысы, чи та хæмпæлты хъæбысы æрмынæг вæййы.

Тымбылкъухы йас цъиу æнæхъæн дуне барæвдауыныл бæргæ архайы, фæлæ йæм иу хъусæг куы нæ и, уæд йæ диссаджы фæндыр кæй цæстмæ райста? Кæмæн дзы хъавы æхсызгондзинад æрхæссынмæ?

Ничи йæ хъусы, зæгъгæ, загътон? Уый, æвæдза, афтæ нæу, æндæр маргъы зарæг дзæнгæрджытæ нæ цæгъдид, æппындæр никуыдæм хъуысид. Уый нæ, фæлæ йæм иууылдæр се ’ргом аздæхтой, хъусынтыл æм фесты. Зайæгойæ дæр æмæ цæрæгойæ дæр. Суанг ма йæ бынты цы дон кæлы, уый дæр йæ уылæнты рохтыл æрбахæцыд, сымахæй рæсугъддæр хъæлæс кæмæн ис, уымæ уал байхъусæм, зæгъгæ.

^^^

ДЗÆБИДЫРТЫ ХÆСТ

Хъæды цæугæйæ адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма æппындæр ницæуыл хъуыды кæны. Ноджы ма йæм афтæ дæр фæкæсы, цыма ахæм уавæры, цалынмæ цæра, уæдмæ уыдзæн, фæлæ дыууæ хъуыддаджы дæр æцæгдзинадмæ дæрддзæфгомау лæууынц. Фыццаджыдæр, уымæн, æмæ сæры магъзæн йæ куыст æнæгæнгæ нæй, суанг, адæймаг фынæй куы уа, уæд дæр. Иннæмæй та, цыфæнды уавæрæн дæр кæрон ралæууы...

Мæнæ ныр дæр хъæды фæцæуын æмæ хъуыды кæнын, кæй ницæуыл хъуыды кæнын, ууыл. Уæвгæ хъуыды та куыд ницæуыл кæнын, кæд æмæ мæ ставд тæрсбæлас сагъæстыл бафтыдта...

Йæ алыфарс цы бирæ бæлæстæ уыд, уыдонæй раздæр нæ федта дунейы рухс. Уæдæ билцъ кæм рафтыдта, уыцы зæххы хай дæр уæлдай хъæздыгдæр нæ уыд, афтæмæй хъæды сæрты акаст, иннæ бæлæстæй ставддæр æмæ цардхуыздæр уыд. Ноджыдæр ма иу миниуæгæй хицæн кодта йæ сыхæгтæй: йæ сæрæй кувын нæ уарзта, фæрвытæ æмæ хæристы хуызæн ратасбатасгæнаг нæ уыд. Цыфæнды дымгæ ма рацæуæд, уæддæр йæ бирæ æмæ арф уидæгты фæрцы фидар лæууыд йæ тыхджын æмæ ставд къахыл. Къæскъæсгæнаг хъызты дæр йæхимæ хъусыныл никуы фæци, йæ хъæрзын никуы райхъуыст.

Цыдысты бонтæ. Тæрс хуссарварсы бæлæсты сæрты акаст. Йæ цардæфсæст къалиуты амондджын сыфтæртæ рагуалдзæгæй æрæгвæззæгмæ иннæты ’хсæн бæрæг дардтой сæ диссаджы аив фæлыстæй. Тæрс, бирæ азты куыд уыд, афтæ дзылаты хуызæн хъæддых лæууыд, æрдз ын цæрынæн цы бынат саккаг кодта, уым. Никуы ницæмæ ’рдардта зилгæдымгæтæ æмæ уадтымыгъты. Йæ алыфарс фæлдæхтæй цы бирæ бæлæстæ уыд, уыдоны хал ахæрынæй никуы фæтарст. Никуы дзы бацыд йæ бирæнымæц къалиуты сагъæс дæр, уымæн æмæ уыдон иу туг, иу стæг уыдысты æмæ йæхи хуызæн тасын дæр нæ зыдтой æмæ сæттын дæр. Фæлæ цыргъ фæрæт æмæ хъæбæр архæй иуæн кæддæр лæмæгъдæр æнæразынгæ нæ вæййы...

Рацыд ахæм дымгæ, æмæ йæхицæн æмбал нæ уыд. Зæххыл æндзæвыдысты бæлæсты цъуппытæ, тасын чи зыдта, уыцы бæлæсты цъуппытæ, фæлæ тæрс уыдонæй нæ уыд. Уый йæ зæрдæ дардта йæ уидæгтыл дæр, йæ зæнгтыл дæр, йæ къалиутыл дæр æмæ хъæддыхæй æрлæууыд, æнæхъæн хъæды удаист чи фæкодта, уыцы дымгæйы ныхмæ. Куыд хъуамæ æртасыдаид, къах-къух бæрæг кæмæн нæй, уæлдæфы уыцы футтытæн, куыд ын хъуамæ акуывтаид зæххы онг йæ сæрæй? Цæрæнбонты сæттын йæ иу къалиуы туджы дæр кæмæн нæ уыд, уый йе ’нæхъаруйыл куыд хъуамæ басастаид?! Фæлæ, æвæццæгæн, сæттын чи нæ фæкомы, æцæг саст уый акæны...

Фæстаг хатт ыл дымгæ йæхи ахæм тыхæй ныццавта, æмæ тæрсы зæнг йæ бæрæгастæу тæгæлтæ ахауд. Диссаг та куыннæ у, æвæдза, цæстæй фенæн кæмæн нæй, уый, цæстæн æхсызгондзинад чи хаста, йæ сæрыстырдзинад æмбисондæн кæмæн хастæуыд, уымæн мæлæтхæссæг разынæд! Æви тæрсбæласы, дзæбидырты хæсты тыхджындæр мæлы, зæгъгæ, уыцы æмбисонды азар басыгъта?

^^^

ЦЫППУРСЫ ÆУУÆРЦЪЫ

Ацы зымæг дæр та мæгуырты зымæгыл нымад куы ’рцæуа, уымæй тæрсын райдыдтон. (Уæвгæ дзы тæрсгæ та, цымæ, цæмæй кæнын, исты хъæздыджыты номхыгъдмæ куы нæ бахаудтæн, стæй куы бахауин, уæд мæ цыма мæ мæгуыры бонтæ ферох уаиккой, уый хуызæн). Стæй дзы тæрсын уæвгæ дæр нал хъæуы, уымæн æмæ, цыппурсы мæйæ — ацы ран мын мæ хъуыды дарддæр ахæццæ кæнынæн диссаджы фадат ис æмæ дзы спайда кæнон — ацы азæй, ацы æнус æмæ ацы минæймаг азæй дыууæ боны йедтæмæ нал баззад, афтæмæй хур, иунæг мигъы къæм дæр кæм нæй, уыцы цъæх-цъæхид арвæй йæ кæсыныл нæ ауæрды. Куы зæгъын, зымæгæн йе ’ртыццаг хай фæци, фæлæ мит æртæ хатты дæр, куыд æмбæлы, афтæ нæма ’руарыд. Иу хатт дзæбæх февнæлдта æмæ æнхъæлæн уыди, ацы афонæн куыд æмбæлы, дуне ахæм хуыз райсдзæн, зæгъгæ, фæлæ, иуæй, мит йæ уарынæй æгæр тагъд банцад, иннæмæй та уайтагъд фæрæстæг кодта æмæ, зæххыл сызгъæрин фæззæг ралæууыд æви уалдзæг ралæууыд, уый зын раиртасæн сси.

Афæдзы ахæм рæстæгæн уæлдай хуыздæр æвдисæн у хъæд. Бæлæсты сыфтæртæ иууылдæр зæххы хай баисты, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд бынтон раст нæ уыдзынæн, уымæн æмæ фатхъæды иуæй-иу бæлæстæ, уæлдайдæр ногдзыд талаты бинаг къалиутыл бур-бурид сыфтæ фидар хæцынц æмæ сæ дардмæ дæр адæймаджы цæст ацахсы. Тулдзыты кой нал кæнын. Уыдонæй бирæтæ суанг бæрзонд къалиуты онг сыфтæй бæз-бæз кæнынц. Фæлæ уæддæр сыфтæртæн сæ райгуырæн бынатæй сæ мæлæн бынатмæ æнæтырнгæ кæм ис, æмæ зæхх бур-бурид дары. Æваст куы фæлæууай, уæддæр ма иудзæвгар рæстæг сæ сыр-сыры азæлд дæ хъустыл уайдзæн, фæлæ та иу къахдзæф куы акæнай, уæд азæлд æнахуыр уынæры бын фæуыдзæн æмæ адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма уыцы сыр-сырыл ницавæр æндæр уынæр фæуæлахиз уыдзæн.

Хъæды уæвгæйæ, цалынмæ лæдзæг ракæнын, уæдмæ мын цыдæр нæ фæфаг кæны, «цыдæр» нæ, фæлæ æмбал, мæ алы къахдзæфы дæр кæуыл æрæнцой кæнын, доны сæрты хизгæйæ фаллаг фарс кæй фæрцы балæууын, мæ фæндаг кæй æххуысæй фæбæлвырддæр вæййы, ахæм æмбал. Ацы хатт дæр та мын мæ тыхст æхсæры къудзи ацарæзта, æмæ мæ лæдзæджы фæрцы ныфсджындæрæй араст дæн. Ныр мæхицæн æнæнхъæлæджы чысыл дзыхъхъы ныххауынæй дæр нал тæрсын, мæ къах дурыл скъуырынæй дæр, уымæн æмæ мæ ме ’гомыг æмбал развæдсгарæджы хæстæ йæхимæ райста æмæ зæрдæхсайгæ бынæттæ мæ бæсты сгарынмæ фæвæййы.

Иуæй-иу рæтты зæхх сыфтæртæй афтæ бæзджын æмбæрзт у, æмæ ма йæ быны искуы канд сыджыт нæ, фæлæ дур дæр ис, уый адæймаджы нал фæуырны. Уый, стыр бæлæстæ кæрæдзимæ хæстæгдæр кæм вæййынц, уыцы рæтты, фæлæ, æрдузмæ бахæццæ дæ, зæгъгæ, уæд къæхтæ зæхх дæр банкъарынц, дурты мыггаг кæй нæ сыскъуыд, уый дæр æй бауырны.

Къулыл цас уæлдæр хизын, уыйбæрц арæхæй-арæхдæр æмбæлын цъæх халыл. Сыфтæрты æхсæнæй кæм дзедырæджы къалиуыл æрхæцы цæст, кæм цилы æвзарыл, кæм та, йæ ном кæмæн нæ зонын, ахæм кæрдæджы мыггагыл. Иууылдæр уыцы кæрдæгцъæх сты. Цыма сыл хъызт йæхи хафгæ дæр нæма акодта, афтæ дзы иуыл дæр сыды фæд бæрæг нæй.

Фахсæй къуырфаумæ æрхызтæн. Цæмæдæр гæсгæ ам цъæх хал бæлвырд фæкадавардæр, афтæмæй йæ цæст та агуырдта. Ам дæр та мæ ме ’ххуысгæнæджы сæр бахъуыд. Мæ лæдзæгæй зæгъын. Сыфтæртæ бæзджындæр кæм уыдысты, уым лæдзæджы фындзæй азмæстон æмæ дзы пысырайы æвзартæ куы разынид, цалдæргай сыфтæ кæуыл уыд, ахæм æвзартæ. Æнхъæлдтон, ацафон йæ судзинты хъару саст уыдзæн, зæгъгæ, фæлæ фæрæдыдтæн, уымæн æмæ дзы мæ уырзтæ кæцымæ баххæссыдысты, уыдоныл нæ бацауæрстой. Афæдзы иннæ афонты пысырайы сыгъды хуызæн мæм нæ фæкаст. Кæд пысырайы сыгъд искуы искæмæн æхсызгондзинад æрхаста, уæд мæнæн дæр.

Чысыл дарддæр ацыдтæн æмæ мæ лæдзæджы сæр дæр нал бахъуыд: пысыратæ цалдæр раны сыфтæрты сæрты сæ цъæх цæстытæй кастысты. Зилгæ сыл ацыдтæн æмæ дзы æууæрцъыйы фаг ратыдтон. Уайтагъд мæ армытъæпæнæй цъæх æвзарты мондаггæнæг уынæр райхъуыст. Цæхх мæм, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ разынд, фæлæ æууæрцъы афтæмæй дæр хæрзад уыд. Æрмæст йæ тæф дæр мæ рагуалдзæджы, уымæй дæр мæ сабидуджы рагуалдзæджы, балæууын кодта.

Уæлдæр ма йæ куы загътон, фæлмæн зымæг-иу нæ фыдæлтæ мæгуырты зымæг хуыдтой. Хъармдарæсхъуаг чи уыд, уыдоны-иу кæй барæвдыдта, уый тыххæй. Стæй ма-иу, чи зоны, йæ къæбицы æххормаг адæймаджы бафсадыны фаг бæркад кæй разынд, уый тыххæй дæр.

Афтæ фæзæгъынц, тъæнджы мæй, дам, хъуыдыды нæй æмæ, чи зоны, раст фæзæгъынц, фæлæ цыппурсы мæй æууæрцъы нæй, зæгъгæ, исчи куы зæгъа, уæд ыл нал баууæнддзынæн.

^^^

УАЗÆГУАРЗОН СЫВЫЛДЗ

Уыйбæрц тæрсытæ æмæ фатхъæдты æхсæн сывылдзыл фембæлынæнхъæл нæ уыдтæн. Хъæды æмхæрд фахсыл мæ цæст куы схастон, уæд æй уайтæккæ дæр ауыдтон. Æлхуыйы хуызæн æмраст зæнгты астæу бæрæг дардта. Иуæй, зылын-мылын уыд, иннæмæй, йæ хуыз дæр тардæрæй зынд. Йæ цурмæ куы схæццæ дæн, уæд мæ лæфлæф ссыд æмæ æрлæууыдтæн. Дæлиауæй мæм куыд фидар фæкаст, хæстæгмæ ахæм нæ разынд. Йæ зæнг зæххы æмвæзæй уæлæмæ иуцасдæр мидæмæ къахт разынд. Къахт, зæгъгæ, йæ, æвæццæгæн, цыдæр бахъыгдардта æмæ иу нæ, фæлæ рувасы йас дыууæ сырды сæхи мит æмæ къæвдайæ кæм бааууон кæной, ахæм байбын дзы рауад. Бæласыл кæй никæцырдыгæй фæзынд, уый бæрæг уыд йæ зæнгыл дæр, йæ къалиутыл дæр, йæ бæрзæндыл дæр. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ фæкаст, цыма хæларзæрдæ сывылдз йæ бындуры æрдæг хъæды цæрджытæй кæмæндæр хæдзарæн радих кодта. Афтæ нæ уæвгæйæ сывылдзæн иннæ бæлæсты астæу ахæм сæрыстыр хуыз нæ уыдаид.

^^^

КЪÆХТЫЛТЫХСÆГ

Дзедырæджы иутæ къæхтылтыхсæг хонынц æмæ цыма рæдигæ кæнынц, афтæ мæм кæсы, уымæн æмæ никуы никæй размæ бабадт, уæдæ фæстæты дæр никуы никæмæ ма бахъуызыд. Уый хыгъд ын йæхи ссæндынц, сæ къæхты бын æй кæнынц, æмæ хъуамæ йæ сындз дæр макæй фæныхса, искæй къахыл дæр ма атыхса?! Уæд уый, иуæй, дзедырæг нал хуыйндзæн, иннæмæй та, йæ мыггаг сыскъуыйдзæн.

Æмæ, дам, къæхтылтыхсæг! Иуы къахыл дæр нæ тыхсы. Чи йæ бахъыгдары, тыхсын æй уыдон скæнынц, æрдзæй йын цы лæвæрд ис, уый сæххæст кæнын æй кæй нæ фæуадзынц, уымæй. Дзедырæджы сæйраг мæт вæййы йæ дыргътæ цæттæйы онг аирвæзын кæнын, цы адæм, мæргътæ æмæ йæм сырдтæ фенхъæлмæ кæсы, уыдоны дзы бафсадын. Æмæ йæ чи фæхъыгдары, уыдоны йæ сындзытæ уымæн аныхсынц, сæ къæхтæ ’мæ сын сæ къухтæ уымæн ныххырхы, ныттонынæй сыл уымæн нæ бацауæрды.

^^^

МАДЫ УЗÆЛД

Ахæм диссаг фыццаг хатт федтон. Дыууæ къухы æнцонæй кæуыл æрбаххæссыдаиккой, иу къух та — зынæй, ахæм бæлæстæ ацы хъæды иу æмæ дыууæ нæй, фæлæ мæ дзы йæхимæ æрмæстдæр ацы тæрс æркæсын кодта. Цалынмæ йæ цурмæ схæццæ дæн, уæдмæ æрлæууын мæ зæрды кæрон дæр нæ уыд. Йæ хæдфарсмæ ауыдтон, йæ зæнг зылынгомау — уæвгæ зылынгомау дæр куыннæ уыдаид! — кæмæн уыд, ахæм дзæвгар лыстæгдæр тæрсы тала.

Тала, зæгъгæ, адæймаджы цонгæй иу-дыууæ хатты ставддæр уыдаид, ахæм йæ сыхаджы зæнгыл баныхæстæуыд, æрмæст йæ ныхæсты фæдтæ иу ран дæр нæ зындысты. Диссаг мæм фæкаст, бæласы зæнджы афтæ æнцонæй аныгъуылæн куыд ис, уый æмæ стырдæры иннæ фарсмæ бацыдтæн, кæд уыцырдыгæй разынди, зæгъгæ, æмæ, æцæгæйдæр, тала, бæласы зæнджы кæм айсæфт, уымæй дыууæ-æртæ уыдисны уæлдæр къаддæр бæласы кæрон разынд. Уыимæ йæ хуыз быитондæр скалдта, зæххæй дзы цы хай зынд, уыимæ йын иумæйагæй ницыуал уыд. Уыцы æмраст стыр бæласы зæнджы æмбуар цалдæр метры хæрдмæ фæцыд. Йæ зæнг уыд лæгъз æмæ ирд, æнæ иу къуызыр...

Мæхинымæр хъуыдытыл куыннæ фæуыдаин. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ фæкаст, цыма стырдæр бæласæн тала йæ хъæбул уыд æмæ, цы зæххæй скаст, уымæй фаг рæвдыд не’ййæфта. Зылын, фыдцъылыс дæр уымæн рахаста. Мадбæласæн уыцы уавæрмæ кæсын йæ бон нæ баци æмæ йæ йæ хъæбысы æрбакодта, барæвдыдта йæ. Куы фæхъуыртхъом, уæд ын скæсæнырдыгæй — тала зади ныгуылæнфарс — дуар байтыгъта æмæ цардæфсæст тала хæрдмæ фæцагайдта.

1984–2000

Литературон библиотекæмæ


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.