Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. Æртыккæгæм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Аргъауæг Иоанн сиды фæсмонмæ

1 Уыцы рæстæг Аргъауæг Иоанн Иудейаг æдзæрæг бæстæйы райдыдта адæмæн дзурын:

2 «Æрфæсмон кæнут, уымæн æмæ æрхæстæг Уæларвон Паддзахад».

3 Иоанн уыди, Исай пехуымпар рагагъоммæ афтæ кæй тыххæй загъта: «Æдзæрæг ран хъуысы фидиуæджы хъæлæс: „Æрцæттæ кæнут Хицауæн фæндаг, æмраст Ын скæнут Йæ цæуæнтæ“».

4 Иоанн дардта теуайы хъуынæй дарæс, йæ астæуыл та уыди гæрзæй рон; йæ хойраг уыдысты мæтыхтæ æмæ хъæддаг мыд.

5 Иерусалимæй, æгас Иудейæйæ, Иорданы алфамбылайæ æппæт адæм дæр цыдысты Иоаннмæ,

6 Æргом кодтой сæ тæригъæдтæ, æмæ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цæугæдоны.

7 Фарисейтæ æмæ йæм саддукейтæй бирæтæ саргъауынмæ кæй цæуынц, уый куы федта, уæд сын загъта: «Калмы цот! Чи уын бафтыдта уæ зæрдæты æрцæуинаг азарæй лидзыны хъуыды?

8 Зæрдиагæй кæй æрфæсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагæй.

9 Ахæм хъуыды уæм ма æрцæуæд, æмæ зæгъат уæхицæн: „Нæ фыдæл Авраам у“. Зæгъын уын, Хуыцауæн Йæ бон у ацы дуртæй дæр Авраамæн цот скæнын.

10 Фæрæт ныридæгæн бæлæстæ бындзарæй акалынмæ цæттæ у: хорз дыргъ цы бæласыл нæ зайы, уый акалынц æмæ йæ баппарынц арты.

11 Уæ фæсмоны тыххæй уыл æз донæй аргъауын, фæлæ мæ фæстæ Чи æрбацæуы, Уый мæнæй тыхджындæр у — æз Ын Йæ дзабыртæ хæссыны аккаг дæр нæ дæн. Уый уыл аргъаудзæни Сыгъдæг Удæй æмæ артæй.

12 Йæ фыййаг Йæ къухы ис, æмæ ссыгъдæг кæндзæн Йæ мус. Мæнæу бафснайдзæн Йæ хордоны, зыгуым та басудздзæн æнæхуысгæ арты».

Иоанн саргъуыдта Йесойыл

13 Уæд Йесо Галилейæ æрцыд Иорданмæ, цæмæй Йыл Иоанн саргъауа.

14 Иоанн та Йæ урæдта æмæ Йын дзырдта: «Хъуамæ Ды саргъауай мæныл, Ды та мæнмæ æрцыдтæ?»

15 Фæлæ йын Йесо дзуапп радта: «Ныртæккæ Мæ бауадз. Уымæн æмæ мах Хуыцауы алы домæн дæр афтæ хъуамæ сæххæст кæнæм». Æмæ Йæ уæд Иоанн бауагъта.

16 Йесо куы саргъуыдта æмæ уайтæккæ донæй куы рахызт, уæд Йæ сæрмæ фегом арвы дуар, æмæ федта Хуыцауы Уды бæлонау æрцæйцæугæ æмæ Йыл æрцæйбадгæ.

17 Æмæ уæлæрвтæй æрыхъуысти хъæлæс: «Ай, Кæуыл аудын, Мæ уыцы уарзон Фырт у».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.