Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 22-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Фæсномыг ныхас чындзæхсæвы тыххæй

1 Йесо сын фæсномыг ныхæстæй дзырдта дарддæр:

2 «Йæ фыртæн чындзæхсæв чи сарæзта, Уæларвон Паддзахад уыцы паддзахы хуызæн у.

3 Уый йæ цагъарты арвыста хуындтыты чындзæхсæвмæ æрхонынмæ, фæлæ уыдоны æрцæуын нæ бафæндыди.

4 Ноджы арвыста æндæр цагъарты æмæ сын загъта: „Зæгъут хуындтытæн: мæнæ æз æрæвæрдтон фынгтæ, мæ галтæ æмæ мæ хаст фос æргæвст сты, алцыдæр цæттæ у, рацæут чындзæхсæвмæ“.

5 Фæлæ йæ уыдон ницæмæ æрдардтой æмæ ацыдысты — чи йæ хуыммæ, чи та сæудæджер кæнынмæ.

6 Иннæтæ та йын æрцахстой йæ цагъарты, бафхæрдтой сæ æмæ сæ амардтой.

7 Паддзах смæсты, арвыста йе ’фсад, ныццагъта уыцы лæгмарты æмæ сын сæ сахар басыгъта.

8 Уæд йæ цагъартæн загъта: „Чындзæхсæвы фынг цæттæ у, фæлæ хуындтытæ аккаг нæ разындысты.

9 Уæдæ ацæут фæндæгты тигътæм, æмæиу кæйдæриддæр фенат, уыдоны æрхонут чындзæхсæвмæ“.

10 Уыцы цагъартæ ацыдысты фæндæгтæм æмæ æрбахуыдтой, кæуылдæриддæр сæмбæлдысты, уыдоны — фыдзæрдæты дæр æмæ хæрзгæнджыты дæр. Æмæ чындзæхсæв байдзаг фынгыл бадæг адæмæй.

11 Паддзах фынджы адæмы фенынмæ куы бацыд, уæд дзы бафиппайдта, бæрæгбоны дарæс кæуыл нæ уыд, ахæм адæймаджы,

12 Æмæ йын загъта: „Мæ хæлар, æнæ бæрæгбоны дарæсæй ардæм куыд æрбацыдтæ?“ Уый ныхъхъус и.

13 Уæд паддзах загъта йæ фæсдзæуинтæн: „Сбæттут ын йæ къухтæ æмæ йæ къæхтæ æмæ йæ аппарут æддæмæ, талынгмæ: уым уыдзæни кæуын æмæ дæндæгты хъыс-хъыс“.

14 Уымæн æмæ хуындтытæ бирæ сты, æвзæрстытæ та — чысыл».

Хъалон кесæрæн

15 Уæд фарисейтæ ацыдысты æмæ бауынаффæ кодтой, цæмæй Йесойы ракъахой æмæ Йын Йæ ныхæстæ Йæхи ныхмæ фæцаразой.

16 Æмæ Йæм барвыстой сæ ахуыргæнинæгты Ироды фарсдарджытимæ, æмæ Йын уыдон загътой: «Ахуыргæнæг, мах зонæм, Ды раст кæй дæ æмæ Хуыцауы фæндаг æцæгадмæ гæсгæ кæй амоныс; искæй зæрдæ балхæныныл нæ архайыс, уымæн æмæ никæй хъулон кæныс.

17 Уæдæ нын зæгъ: куыд Дæм кæсы? Кесæрæн хъалон фидын æмбæлы æви нæ?»

18 Фæлæ сын Йесо бамбæрста сæ фыдвæнд æмæ загъта: «Цы Мæ къахут, цæстмæхъустæ?

19 Равдисут Мæм, хъалон цы æхцайæ фидынц, уый». Уыдон Æм æрбахастой динар.

20 Æмæ сын загъта: «Кæй ныв æмæ йыл кæй ном ис?»

21 Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесæры». Уæд сын Йесо загъта: «Уæдæ кесæры цы у, уый дæттут кесæрæн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауæн».

22 Уый куы фехъуыстой, уæд сæм диссаг фæкасти, ныууагътой Йæ æмæ ацыдысты.

Мæрдты райгасы тыххæй

23 Уыцы бон Йесомæ æрбацыдысты саддукейтæ (саддукейтæ дзурынц, мæрдтæ нæ райгас уыдзысты, зæгъгæ), æмæ Йæ бафарстой:

24 «Ахуыргæнæг, Моисей загъта: „Исчи æнæзæнæгæй куы амæла, уæд ын йе ’фсымæр ракурæд йæ усы æмæ цот рауадзæд йе ’фсымæрæн“.

25 Махмæ уыд авд æфсымæры. Хистæр æрхаста ус, амард æнæзæнæгæй æмæ йæ ус баззади йе ’фсымæрæн.

26 Афтæ рауад сæ хабар дыккаг æмæ æртыккагæн дæр, стæй иннæтæн дæр суанг æвдæм æфсымæрмæ.

27 Се ’ппæты фæстæ ус дæр амард.

28 Ныр мæрдтæ куы райгас уой, уæд уыцы авд æфсымæрæй уый кæй ус уыдзæни? Се ’ппæты ус дæр куы уыд».

29 Йесо сын дзуапп радта: «Сымах рæдийут, нæдæр Сыгъдæг Фыст, нæдæр Хуыцауы тых кæй нæ зонут, уымæ гæсгæ.

30 Уымæн æмæ мæрдтæ куы райгас уой, уæд нæдæр ус курдзысты, нæдæр мой кæндзысты, фæлæ уыдзысты уæларвон зæдтау.

31 Мæрдты райгасы тыххæй уын Хуыцау цы загъта, уый нæ бакастыстут, æви:

32 „Æз дæн Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау æмæ Иаковы Хуыцау“? Хуыцау мæрдты Хуыцау нæу, удæгæсты Хуыцау у».

33 Адæм уый куы фехъуыстой, уæд дисы æфтыдысты Йесойы ахуырадыл.

Тæккæ ахсджиагдæр фæдзæхст

34 Йесо Йæ дзырдæй саддукейты кæй басаста, уый фарисейтæ куы фехъуыстой, уæд æрæмбырд сты иумæ.

35 Уыдонæй иу, динамонæг, Йесойы къахгæйæ, загъта:

36 «Ахуыргæнæг, Моисейы Æгъдауы сæйрагдæр фæдзæхст кæцы у?»

37 Йесо йын дзуапп радта: «„Уарз дæ Хицау Хуыцауы æппæт зæрдæйæ, æппæт удæй æмæ æппæт зондæй“.

38 Уый у фыццаг æмæ сæйрагдæр фæдзæхст.

39 Дыккаг дæр уый хуызæн у: „Уарз хионы, дæхи куыд уарзыс, афтæ“.

40 Моисейы æппæт Æгъдауæн æмæ пехуымпарты ахуырадæн ацы дыууæ фæдзæхсты сты сæ бындур».

Кæй байзæддаг у Чырысти?

41 Фарисейтæ куы æрæмбырд сты, уæд сæ Йесо бафарста:

42 «Цы хъуыды кæнут Чырыстийы тыххæй? Кæй байзæддаг у?» Уыдон Ын загътой: «Давиды».

43 Йесо сын загъта: «Уæдæ Йæ Давид, Сыгъдæг Удæй разæнгардæй, цæмæн хоны Хицау? Мæнæ афтæ куы дзуры:

44 „Хуыцау загъта мæ Хицауæн: сбад Мæ рахиз фарс, цалынмæ Дын Де знæгты Дæ къæхты бын æрæвæрон, уæдмæ?“

45 Уæдæ Йæ кæд Давид Хицау хоны, уæд Уый йæ байзæддаг куыд у?»

46 Æмæ Йесойæн никæй бон уыди дзуапп раттын. Уыцы бонæй фæстæмæ Йæм бафæрсынмæ йæ ныфс ничиуал хаста.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.