Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 20-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Фæсномыг ныхас сæнæфсирдоны кусджыты тыххæй

1 Уымæн æмæ райсомæй раджы йæ сæнæфсирдонмæ кусджытæ æххуырсынмæ чи рацыд, Уæларвон Паддзахад уыцы хицауы хуызæн у.

2 Уый кусджытимæ бафидыдта бон фæйнæ динарыл, æмæ сæ арвыста йæ сæнæфсирдонмæ.

3 Æртыккæгæм сахатмæ хæстæг та рацыд æмæ федта, сахары фæзы æгуыстæй чи лæууыд, ахæмты.

4 Æмæ уыдонæн дæр загъта: „Ацæут сымах дæр мæ сæнæфсирдонмæ, æмæ цы æмбæла, уый уын бафиддзынæн“. Уыдон ацыдысты.

5 Ноджы рацыд æмбисбонмæ хæстæг, стæй фарæстæм сахатмæ хæстæг, æмæ та баххуырста æндæрты.

6 Æппынфæстаг рацыд иуæндæсæм сахатмæ хæстæг, федта та æндæр æгуыст адæм æмæ сæ бафарста: „Ам æнæхъæн бон æгуыстæй цы лæуут?“

7 Уыдон ын дзуапп радтой: „Ничи нæ баххуырста“. Уый сын загъта: „Ацæут сымах дæр мæ сæнæфсирдонмæ [æмæ цы æмбæлы, уый райсдзыстут]“.

8 Куы баизæр, уæд сæнæфсирдоны хицау йæ исбонæн уынаффæгæнæгæн загъта: „Басид кусджытæм æмæ сын мызд ратт; фæстæдæр чи æрбацыди, уыдонæн раздæр бафид, раздæр чи æрбацыди, уыдонæн та — фæстæдæр“.

9 Иуæндæсæм сахатмæ хæстæг чи æрбацыд, уыдон райстой фæйнæ динары.

10 Раздæр чи æрбацыд, уыдон æнхъæл уыдысты, фылдæр райсдзысты, зæгъгæ, фæлæ уыдон дæр райстой фæйнæ динары.

11 Æмæ мызд куы райстой, уæд сæнæфсирдоны хицауыл райдыдтой бустæ кæнын.

12 Уыдон дзырдтой: „Фæстæдæр кæй баххуырстай, уыдон иунæг сахат бакуыстой, фидгæ та сын махимæ æмхуызон бакодтай, мах та æнæхъæн бон æнтæфы фæфыдæбон кодтам“.

13 Уæд ай сæ иуæн ахæм дзуапп радта: „Хæлар, æз дæ хъыджы нæ бацыдтæн. Мемæ динарыл нæ бафидыдтай?

14 Цы дæм æмбæлы, уый айс æмæ ацу. Дæуæн цас радтон, мæн та фæстæдæр æрбацæуæгæн дæр уыйбæрц раттын фæнды.

15 Мæн цы у, ууыл мæ бар нæ цæуы? Æви æз рæдау кæй дæн, уый дæ цæст нæ уарзы?“

16 Афтæ фæстæгтæ уыдзысты фыццæгтæ, фыццæгтæ та уыдзысты фæстæгтæ. [Уымæн æмæ хуындтытæ бирæ сты, æвзæрстытæ та — чысыл.]»

Йесо æртыккаг хатт зæгъы Йæ мæлæт æмæ Йæ райгасы тыххæй

17 Йесо Иерусалиммæ куы цыди, уæд фæндагыл фæхибар кодта дыууадæсы æмæ сын загъта:

18 «Ныр мах цæуæм Иерусалиммæ, æмæ Адæймаджы Фырт лæвæрд æрцæудзæн алчертæм æмæ динамонджытæм. Рахæсдзысты Йын марыны тæрхон

19 Æмæ Йæ ратдзысты муртаттæм, цæмæй Дзы уыдон фæхынджылæг кæной, ехсæй Йæ фæнæмой æмæ Йæ байтындзой, æмæ æртыккаг бон райгас уыдзæн».

Зеведейы усы курдиат

20 Уæд Æм бацыди Зеведейы ус йæ фырттимæ, Йæ разы æрзоныгыл æмæ Йæм хатыди цæйдæр тыххæй.

21 Йесо йæ бафарста: «Цы дæ хъæуы?» Уый Йын дзуапп радта: «Бар ратт, цæмæй Дæ Паддзахады мæ ацы дыууæ лæппуйæ иу сбада Дæ рахиз фарс, иннæ та — Дæ галиу фарс».

22 Йесо сын загъта: «Цы курут, уый уæхæдæг дæр не ’мбарут. Æз цы хъизæмæртты кæхц нуаздзынæн, уый баназын [кæнæ Мæныл цы аргъуыдæй аргъуыдæуы, ахæм аргъуыд райсын] суыдзæн уæ бон?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Суыдзæн».

23 Уый сын загъта: «Мæ хъизæмæртты кæхц нуаздзыстут [æмæ Мæныл цы аргъуыдæй аргъуыдæуы, уымæй уыл саргъуыдæуыдзæн]. Мæ рахиз фарс æмæ Мæ галиу фарс сбадын та Мæнæй аразгæ нæу, фæлæ уыцы бынæттæ Мæ Фыд кæмæн æрцæттæ кодта, уыдон дзы сбаддзысты».

24 Уый дæс ахуыргæнинаджы куы фехъуыстой, уæд смæсты сты дыууæ æфсымæрмæ.

25 Йесо басидти се ’ппæтмæ дæр æмæ сын загъта: «Сымах зонут, æлдæрттæ адæмтæн кæй хицауиуæг кæнынц, æмæ хицæуттæ адæмтыл барджын кæй сты, уый.

26 Сымахмæ та афтæ ма уæд. Фæлæ уæ уæлдæр уæвын кæй фæнды, уый уын уæд лæггадгæнæг;

27 Æмæ уæ фыццаг уæвын кæй фæнды, уый уын уæд цагъар.

28 Адæймаджы Фырт дæр уый тыххæй не ’рцыд, æмæ Йын лæггад кæной, фæлæ цæмæй Йæхæдæг балæггад кæна æмæ бирæты ссæрибары сæраппонд ратта Йæ цард».

Дыууæ куырмы цæстæй ракастысты

29 Иерихонæй куы рараст сты, уæд Йесойы фæдыл цыди бирæ адæм.

30 Дыууæ куырмы бадтысты фæндаггæрон. Йесо сæ рæзты кæй æрцæуы, уый куы фехъуыстой, уæд ныхъхъæр кодтой: «Батæригъæд нын кæн, Хицау, Давиды Фырт!»

31 Адæм уыдонæй домдтой, цæмæй ныссабыр уой, фæлæ ноджы тынгдæр хъæр кодтой: «Батæригъæд нын кæн, Хицау, Давиды Фырт!»

32 Йесо æрлæууыди, басидти сæм æмæ сæ бафарста: «Цы уæ фæнды? Цы уын саразон?»

33 Уыдон Ын загътой: «Хицау, мах фæнды нæ цæстытæй ракæсын».

34 Йесо фæтæригъæд кодта куырмытæн æмæ сын бавнæлдта сæ цæстытæм. Уыдон уайтæккæ ракастысты сæ цæстытæй æмæ ацыдысты Йæ фæдыл.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.