Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 14-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Аргъауæг Иоанны мæлæт

1 Уыцы рæстæг æлдариуæггæнæг Ирод фехъуыста Йесойы кой,

2 Æмæ йæ фæсдзæуинтæн загъта: «Уый Аргъауæг Иоанн у. Мæрдтæй райгас æмæ уый тыххæй аразы диссæгтæ».

3 Уымæй размæ Ирод йе ’фсымæр Филиппы ус Иродиадæйы тыххæй æрцахста Иоанны, сбаста йæ рæхыстæй, æмæ йæ бакодта ахæстоны.

4 Уымæн æмæ йын Иоанн дзырдта: «Нæ дын æмбæлы уыимæ цæрын».

5 Ироды фæндыд Иоанны амарын, фæлæ тарст адæмæй, уымæн æмæ йæ пехуымпарыл нымадтой.

6 Фæлæ Иродæн йæ райгуырæн бон куы уыд, уæд Иродиадæйы чызг кафыд уазджыты раз. Уымæй Ироды зæрдæ балхæдта,

7 Æмæ Ирод расомы кодта, цы ракура, уый йын раттыны тыххæй.

8 Чызг йæ мады ардыдæй загъта: «Гъертæккæ мын ардæм тæбæгъы Аргъауæг Иоанны сæр æрбахæсс».

9 Паддзах фенкъард, фæлæ йæ сомымæ гæсгæ æмæ йемæ минасгæнджыты æфсæрмæй радта йæ курдиат ын сæххæст кæныны бардзырд.

10 Арвыста Иоаннмæ, æмæ йын ахæстоны акъуырын кодта йæ сæр.

11 Иоанны сæр æрбахастой тæбæгъы æмæ йæ радтой чызгмæ, уый та йæ ахаста йæ мадмæ.

12 Иоанны ахуыргæнинæгтæ æрцыдысты, ахастой йын йæ мард æмæ йæ баныгæдтой, стæй ацыдысты æмæ уый тыххæй радзырдтой Йесойæн.

Йесо бафсæста фондз мин лæджы

13 Йесо уый куы фехъуыста, уæд уырдыгæй бæлæгъы иунæгæй ацыд хибар ранмæ. Адæм уый куы базыдтой, уæд сахартæй фистæгæй ацыдысты Йæ фæдыл.

14 Йесо былмæ куы рахызт, уæд федта бирæ адæм æмæ сын фæтæригъæд кодта æмæ сдзæбæх кодта сæ рынчынты.

15 Куы баизæр, уæд Æм æрбацыдысты Йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ загътой: «Ам фæсвæд ран у, ноджы банафон. Ауадз адæмы, ацæуой хъæутæм æмæ сæхицæн хæринаг балхæной».

16 Фæлæ сын Йесо загъта: «Цæуын сæ нæ хъæуы. Сымах сын раттут хæринаг».

17 Дзуапп Ын радтой: «Ам махмæ ис æрмæстдæр фондз дзулы æмæ дыууæ кæсаджы».

18 Уый сын загъта: «Ардæм Мæм сæ рахæссут».

19 Йесо адæмы æрбадын кодта кæрдæгыл, стæй райста фондз дзулы æмæ дыууæ кæсаджы, скаст уæларвмæ, арфæ ракодта, асаста дзултæ æмæ сæ радта ахуыргæнинæгтæм, уыдон та сæ байуæрстой адæмæн.

20 се ’ппæт дæр бахордтой æмæ бафсæстысты. Æмæ ма цы уæлдæйттæ баззад, уыдонæй байдзаг дыууадæс чыргъæды.

21 Хæргæ чи кодта, уыдон та, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты нæ нымайгæйæ, уыдысты фондз мин лæджы бæрц.

Йесо къахæй цæуы денджызыл

22 Йесо ахуыргæнинæгты уайтагъд сбадын кодта бæлæгъы æмæ сæ Йæ разæй арвыста денджызы иннæ фарсмæ; Йæхæдæг уал баззади, цалынмæ адæмы ауадза, уæдмæ.

23 Æмæ адæмы куы ауагъта, уæд хибарæй бакувынмæ ссыди хохмæ, æмæ куы баизæр, уæд дæр ма уым уыд иунæгæй.

24 Бæлæгъ та уыцы рæстæг адард и денджызы былæй, æмæ йæ уылæнтæ хостой, уымæн æмæ цыди дымгæйы ныхмæ.

25 Боныцъæхты размæ сæм Йесо денджызыл бацыди къахæй.

26 Æмæ Йæ ахуыргæнинæгтæ денджызыл цæугæ куы федтой, уæд фæтарстысты æмæ дзырдтой: «Уый цæстылуайæн у». Æмæ сæ фыртæссæй ныхъхъæр кодтой.

27 Фæлæ сæм Йесо уайтæккæ сдзырдта: «Фидар фæлæуут, уый Æз дæн! Ма тæрсут».

28 Петр Ын загъта: «Хицау, кæд уый Ды дæ, уæд мын зæгъ, цæмæй Дæм доныл къахæй бацæуон».

29 Йесо йын дзуапп радта: «Рацу». Петр рахызти бæлæгъæй, къахæй араст доныл, æмæ бацыд Йесомæ.

30 Фæлæ дымгæ куыд тыхджын уыди, уый куы федта, уæд фæтарсти, райдыдта дæлдон кæнын æмæ хъæр систа: «Хицау, фервæзын мæ кæн!»

31 Йесо йæм уайтагъд Йæ къух бадардта, ныххæцыд ыл æмæ йын загъта: «Лæмæгъ уырнæг, цæмæн фæдызæрдыг дæ?»

32 Æмæ бæлæгъмæ куы бахызтысты, уæд дымгæ банцади.

33 Бæлæгъы чи уыд, уыдон æрзоныгыл сты Йесойы раз æмæ Йын загътой: «Ды æцæгæй Хуыцауы Фырт дæ».

Йесо Геннисареты сдзæбæх кодта рынчынты

34 Бахæццæ сты денджызы иннæ фарсмæ, Геннисареты цурмæ.

35 Уымы адæм Йесойы куы базыдтой, уæд фехъусын кодтой æппæт алфамбылайы дæр. Æрхастой Йæм æппæт рынчынты,

36 Хатыдысты Йæм, цæмæй сæ бауадза уæд та Йæ пæлæзы коцорайыл бандзæвын; æмæ-иу чидæриддæр бандзæвыд, уыдон-иу сдзæбæх сты.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.