Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 13-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Фæсномыг ныхас тауæджы тыххæй

1 Уыцы бон Йесо рацыди хæдзарæй æмæ æрбадти денджызы был.

2 Уыйас бирæ адæм æрæмбырд, æмæ Уый бахызти бæлæгъмæ æмæ дзы æрбадт; адæм та иууылдæр лæууыдысты былгæрон.

3 Бирæ сын амыдта фæсномыг ныхæстæй: «Мæнæ тауæг рацыди тауынмæ.

4 Таугæтауын иуæйиу нæмгуытæ æрхаудысты фæндаггæрон, æртахтысты мæргътæ æмæ сæ рауыгътой.

5 Иуæйиутæ дзы æрхаудысты, сыджыт бирæ кæм нæ уыд, ахæм дурджын ран, æмæ уайтагъд сæвзæрдысты, уымæн æмæ зæхх арф нæ уыд.

6 Æмæ хур куы скаст, уæд сæ басыгъта æмæ бахус сты, уымæн æмæ сын уидаг нæ уыд.

7 Иуæйиутæ дзы æрхаудысты сындзыты æхсæн, сындзытæ сзадысты æмæ сæ ныххурх кодтой.

8 Иуæйиутæ та дзы æрхаудысты бæзнаг мæрыл æмæ радтой: иу — фондзыссæдз хатты, иннæ — æртиссæдз хатты, аннæ — дæс æмæ ссæдз хатты фылдæр тыллæг.

9 Хъустæ кæуыл ис, уый хъусæд!»

10 Йесомæ бацыдысты Йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ Йæ бафарстой: «Цæй тыххæй сын амоныс фæсномыг ныхæстæй?»

11 Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххæй, æмæ Уæларвон Паддзахады сусæгдзинæдтæ зонын сымахæн лæвæрд у, уыдонæн та лæвæрд нæу.

12 Кæмæ ис, уымæн рардæуыдзæн æмæ йæм уыдзæни бирæ; кæмæ нæй, уымæй та ист æрцæудзæн, цы йæм ис, уый дæр.

13 Фæсномыг ныхæстæй сын уый тыххæй дзурын, æмæ уыдон кæсынц, фæлæ нæ уынынц, хъусынц, фæлæ сæм нæ хъуысы, æмæ не ’мбарынц“.

14 Уыдоныл æрцыд Исайы пехуымпар ныхас: „Хъусæй хъусдзыстут, фæлæ нæ бамбардзыстут, цæстæй кæсдзыстут, фæлæ нæ фендзыстут.

15 Уымæн æмæ ацы адæмæн сæ зæрдæ ныддур, хъусæй зынтæй хъусынц, сæхгæдтой сæ цæстытæ, цæмæй цæстæй ма феной, хъусæй ма фехъусой, зæрдæйæ ма бамбарой, ма раздæхой Мæнмæ æмæ сæ Æз ма сдзæбæх кæнон“.

16 Сымахæн та тæхудиаг сты уæ цæстытæ — уынгæ чи кæны; æмæ уæ хъустæ — хъусгæ чи кæны.

17 Æцæг уын зæгъын: бирæ пехуымпартæ æмæ рæстгæнджытæ тæхуды кодтой, сымах цы уынут, уый фенынмæ, фæлæ йæ нæ федтой; сымах цы хъусут, уый фехъусынмæ, фæлæ йæ нæ фехъуыстой.

18 Сымах та байхъусут, тауæджы тыххæй фæсномыг ныхас цы амоны, уымæ.

19 Хуыцауы Паддзахады тыххæй ныхас чидæриддæр фехъусы æмæ йæнæбамбары, уымæ æрцæуы хæйрæг æмæ аскъæфы, уымæн йæ зæрдæйы цы байтыдæуыд, уый. Уыцы адæймаг у, фæндаггæрон кæй байтыдæуыд, ахæм нæмыгау.

20 Дурджын ран кæй байтыдæуыд, уый ахæм у: фехъусы ныхас æмæ йæ уыйадыл цингæнгæ айсы йæ зæрдæмæ,

21 Фæлæ æнæуидаг у æмæ бирæ нæ бафæразы. Тыхст рæстæг куы ралæууы, кæнæ Хуыцауы ныхасы тыххæй æфхæрын куы райдайынц, уæд уайтагъд ныууадзы йæ уырнындзинад.

22 Сындзыты æхсæн кæй байтыдæуыд, уый та ахæм у: фехъусы ныхас, фæлæ зæххон царды мæт æмæ мулчы бæллиц ныххурх кæнынц уыцы ныхас, æмæ пайда нæ ратты.

23 Бæзнаг мæрыл кæй байтыдæуыд, уыдон ахæмтæ сты: фехъусынц ныхас æмæ йæ бамбарынц; æмæ сæ иу ратты фондзыссæдз хатты, иннæ — æртиссæдз хатты, аннæ та — дæс æмæ ссæдз хатты фылдæр пайда».

Фæсномыг ныхас мæгъæлдайы тыххæй

24 Йесо ма сын радзырдта æндæр фæсномыг ныхас дæр: «Уæларвон Паддзахад у, йæ хуымы хорз мыггаг чи байтыдта, уыцы адæймаджы хуызæн.

25 Адæм куы бафынæй сты, уæд æрцыд йе знаг, мæнæуы æхсæн байтыдта мæгъæлда æмæ ацыди.

26 Мæнæу куы равзæрд æмæ æфсир куы рафтыдта, уæд фæзынд мæгъæлда дæр.

27 Хуымы хицаумæ æрцыдысты йæ цагъартæ æмæ йын загътой: „Хицау, дæ хуымы хорз мыггаг куы байтыдтай, уæд дзы мæгъæлда куыд фæзынди?“

28 Сæ хицау сын дзуапп радта: „Уый знаг бакодта“. Цагъартæ йæ бафарстой: „Фæнды дæ, уæд мах ацæуæм æмæ сæ срæдувæм?“

29 Фæлæ сын уый загъта: „Нæ хъæуы, мыййаг, мæгъæлдаимæ мæнæу дæр куы срæдуват.

30 Сæ иуы дæр æмæ сæ иннæйы дæр ныууадзут хуымгæрдæнтæм. Æмæ хуымгæрдæнты рæстæг æз зæгъдзынæн хуымгæрдджытæн: фыццаг æрæмбырд кæнут мæгъæлда, скæнут дзы куыристæ æмæ сæ басудзут; мæнæу та бафснайут мæ хордоны“».

Фæсномыг ныхас хъыцъыйы нæмыджы тыххæй

31 Йесо ма сын радзырдта æндæр фæсномыг ныхас дæр: «Уæларвон Паддзахад у, адæймаг йæ хуымы кæй байтыдта, уыцы хъыцъыйы нæмыгау.

32 Кæд уый æппæт мыггæгтæн сæ къаддæр у, уæддæр куы сзайы, уæд цæхæрадоны иннæ зайæгойтæй фæбæрзонддæр вæййы. Ахæм бæлас дзы рауайы, æмæ йæм æртæхынц уæларвон мæргътæ æмæ йæ къалиутыл саразынц ахстæттæ».

Фæсномыг ныхас æнхъизæны тыххæй

33 Йесо ма сын радзырдта æндæр фæсномыг ныхас дæр: «Уæларвон Паддзахад у, сылгоймаг ссады æртæ сасирыл кæй бафтыдта æмæ хыссæ æгасæй дæр кæмæй сæнхъызт, уыцы æнхъизæнау».

34 Æппæт уыдæттæ Йесо адæмæн дзырдта фæсномыг ныхæстæй, æнæ фæсномыг ныхæстæй та сын ницы дзырдта.

35 Афтæмæй хъуамæ сæххæст уыдаид, пехуымпары дзыхæй цы загъдæуыд, уый: «Дзурдзынæн фæсномыг ныхæстæй; фехъусын кæндзынæн, дуне сфæлдисынæй нырмæ сусæг цы уыди, уый».

Йесо æмбарын кæны фæсномыг ныхас

36 Йесо ауагъта адæмы æмæ бахызти хæдзармæ. Уæд Æм бацыдысты Йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ Йын загътой: «Бамбарын нын кæн фæсномыг ныхас хуымы тыд хæмпæлгæрдæджы тыххæй».

37 Йесо сын дзуапп радта: «Хорз мыггаг тауæг Адæймаджы Фырт у.

38 Хуым у дуне, хорз мыггаг — Хуыцауы Паддзахады хъæбултæ, хæмпæлгæрдæг та — хæйрæджы хъæбултæ.

39 Хæмпæлгæрдæг байтауæг знаг у хæйрæг, хуымгæрдæнтæ сты дунейы кæрон, хуымгæрдджытæ та — зæдтæ.

40 Хæмпæлгæрдæг куыд æмбырд кæнынц æмæ йæ арты куыд басудзынц, афтæ уыдзæн, дунейæн йæ кæрон куы æрцæуа, уæд дæр:

41 Адæймаджы Фырт рарвитдзæн Йæ зæдты, æмæ Йын Йæ Паддзахадæй æрæмбырд кæндзысты, тæригъæды æфтыд чи уыди æмæ иннæты дæр тæригъæды чи æфтыдта, уыдоны иууылдæр;

42 Æмæ сæ баппардзысты судзгæ пецы. Уым уыдзæни кæуын æмæ дæндæгты хъыс-хъыс.

43 Уæд рæстытæ хурау сæрттивдзысты сæ Фыды Паддзахады. Хъустæ кæуыл ис, уый хъусæд!

Фæсномыг ныхæстæ æмбæхст хæзна æмæ зынаргъ налхъуыты тыххæй

44 Уæларвон Паддзахад у быдыры ныгæд хæзнайы хуызæн. Адæймаг æй ссардта, фæстæмæ йæ баныгæдта, цингæнгæ ацыд, æмæ йæм цыдæриддæр уыди, уый ауæй кодта æмæ балхæдта уыцы быдыр.

45 Уæларвон Паддзахад ма у хорз налхъуыт агурæг сæудæджеры хуызæн.

46 Уый иу зынаргъ налхъуыт куы ссардта, уæд ацыд æмæ йæм цыдæриддæр уыди, уый ауæй кодта æмæ йæ балхæдта.

Фæсномыг ныхас кæсагахсæн хызы тыххæй

47 Уæларвон Паддзахад ма у, денджызмæ кæй баппæрстой æмæ алыхуызон кæсæгтæ чи æрцахста, ахæм хызы хуызæн дæр.

48 Хыз куы байдзаг, уæд æй раластой былмæ, стæй æрбадтысты æмæ кæсæгтæн сæ дзæбæхтæ нывæрдтой чыргъæдты, æвзæрты та аппæрстой.

49 Афтæ уыдзæни, дунейæн йæ кæрон куы æрцæуа, уæд дæр: æрцæудзысты зæдтæ, тæригъæдджынты фæхицæн кæндзысты рæстытæй

50 Æмæ сæ баппардзысты судзгæ пецы. Уым уыдзæни кæуын æмæ дæндæгты хъыс-хъыс».

51 Йесо Йæ ахуыргæнинæгты бафарста: «Æппæт уыдæттæ бамбæрстат æви нæ?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «О, Хицау».

52 Йесо та сын загъта: «Уæдæ Уæларвон Паддзахады ахуыргæнинаг чидæриддæр сси, уыцы динамонæг у, йæ хæзнадонæй ног æмæ зæронд хæзнатæ чи райсы, ахæм хæдзары хицауы хуызæн».

Назареты синагогæйы

53 Йесо уыцы фæсномыг ныхæстæ дзырд куы фæци, уæд ацыди уырдыгæй.

54 Æрцыд Йæ сахармæ æмæ адæмæн амыдта синагогæйы. Уыдон дисы æфтыдысты æмæ дзырдтой: «Кæцæй Йæм ис ахæм зонд, ахæм диссæгтæ аразын Йæ бон куыд у?

55 Ай хъæддæсныйы фырт нæу, мыййаг? Йæ Мад Мариа нæ хуыйны? Иаков, Иосиф, Симон æмæ Иудæ Йе ’фсымæртæ не сты?

56 Йæ хотæ дæр иууылдæр не ’хсæн не сты, æви? Гъемæ Йын уæдæ æппæт адæттæ кæцæй сты?»

57 Æмæ Йыл не ’ууæндыдысты. Йесо сын загъта: «Пехуымпар йæ фыдыбæстæ æмæ йæ хæдзарæй дарддæр æгад никуы вæййы».

58 Æмæ уым бирæ диссæгтæ нæ сарæзта, уырнындзинад сæм кæй нæ уыд, уый тыххæй.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.