Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Маркы Евангели. Сæр 16

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Чырысти райгас

1 Сабат куы аивгъуыдта, уæд магдалæйаг Мариа, Иаковы мад Мариа æмæ Саломи балхæдтой хæрздæфгæнæнтæ, цæмæй ацæуой æмæ байсæрдой Йесойы.

2 Æмæ къуырийæн йæ фыццаг бон, сæумæйæ, хур куыддæр скаст, афтæ æрцыдысты зæппадзмæ.

3 Кæрæдзийæн дзырдтой: «Зæппадзмæ бацæуæнæй нын дур чи афæлдахдзæн?»

4 Фæлæ куы бакастысты, уæд æй федтой фæлдæхтæй; дур тынг стыр уыди.

5 Зæппадзмæ куы бацыдысты, уæд уым федтой урс дарæсджын лæппуйы рахизырдыгæй бадгæ; æмæ фæтарстысты.

6 Фæлæ сын уый загъта: «Ма тæрсут. Дзуарыл тыгъд Назаретаг Йесойы агурут сымах — ам нæй, райгас и. Мæнæ, кæм Æй бавæрдтой, уыцы бынат.

7 Фæлæ ацæут, зæгъут Ын Йæ ахуыргæнинæгтæн æмæ Петрæн, уæ разæй цæуы Галилеймæ, зæгъгæ. Уым Æй фендзыстут, куыд уын загъта, афтæ».

8 Сылгоймæггæ рацыдысты зæппадзæй æмæ згъорынмæ фесты. Фыртæссæй сæхи дæр нал æмбæрстой æмæ никæмæн ницы загътой, уымæн æмæ сæ тас бацыд.

Йесойы фæзынд ахуыргæнинæгтæм

9 [Къуырийæн йæ фыццаг бон, сæумæраджы, Йесо куы райгас, уæд фыццаг фæзынд, авд дæлимоны кæмæй расырдта, уыцы магдалæйаг Мариамæ.

10 Мариа ацыд æмæ хабар радзырдта, раздæр Йесоимæ чи уыд, ныр та кæугæ æмæ æрдиаг чи кодта, уыдонæн.

11 Фæлæ Йесо кæй райгас æмæ Йæ Мариа кæй федта, уый куы фехъуыстой, уæд сæ нæ бауырныдта.

12 Уый фæстæ уыдонæй дыууæ хъæумæ куы фæцæйцыдысты, уæд сæм Йесо Йæхи равдыста æндæр хуызы.

13 Уыдон раздæхтысты æмæ уый тыххæй радзырдтой иннæтæн дæр. Фæлæ адоныл дæр нæ баууæндыдысты.

14 Æппынфæстаг Йесо фæзынд иуæндæс ахуыргæнинагмæ, фынгыл куы бадтысты, уæд. Æмæ сын уайдзæф кодта, уырнындзинад сæм кæй нæ уыди, сæ зæрдæтæ æхгæд кæй разындысты æмæ, Йæ райгасы фæстæ Йæ чи федта, уыдоныл кæй нæ баууæндыдысты, уый тыххæй.

15 Йесо сын загъта: «Æрзилут æгас дунейыл æмæ хъусын кæнут фарны уац æппæт адæмæн.

16 Чи баууæнда æмæ кæуыл саргъуыдæуа, уый фервæздзæни; чи нæ баууæнда, уый та уыдзæни тæрхонгонд.

17 Уырнджытæ та æвдисдзысты ахæм диссæгтæ: Мæ номæй сурдзысты дæлимонты, дзурдзысты ног æвзæгтыл,

18 Сæ къухтæм исдзысты кæлмытæ, марг куы баназой, уæд сын ницы уыдзæн; рынчынтыл æвæрдзысты сæ къухтæ, æмæ-иу уыдон сдзæбæх уыдзысты».

19 Семæ фæныхас кæныны фæстæ Йесойы систæуыд уæларвмæ, æмæ æрбадти Хуыцауы рахиз фарс.

20 Ахуыргæнинæгтæ ацыдысты æмæ алы ран дæр хъусын кодтой фарны уац. Хицау сын æххуыс кодта æмæ, сæ ныхас раст кæй у, уый æвдыста, Йæ фæрцы кæй арæзтæуыд, уыцы диссæгтæй.]

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.