Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Маркы Евангели. Сæр 15

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Йесо æмæ Пилат

1 Куыддæр сбон, афтæ алчертæ, адæмы хистæртæ, динамонджытæ æмæ æппæт синедрион рахастой уынаффæ. Йесойы сбастой, акодтой Йæ æмæ Йæ радтой Пилаты къухтæм.

2 Пилат Æй бафарста: «Ды дæ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дæхæдæг æй куы зæгъыс».

3 Æмæ Йæ алчертæ зылын кодтой бирæ хъуыддæгты.

4 Пилат та Йæ бафарста: «Ницы дзуапп дæттыс? Уыныс, куыд бирæ азым Дæм хæссынц».

5 Фæлæ йын Йесо дзуапп нал радта, æмæ Пилат дисы бафтыд.

Марыны тæрхон

6 Пилат-иу бæрæгбоны рауагъта, адæм кæй куырдтой, иу ахæм ахæсты.

7 Уæд ахæстоны уыд иучидæр, йæ ном — Вараввæ; бадти, змæсты рæстæг туг чи ныккалдта, уыцы змæнтджытимæ.

8 Адæм æрæмбырд сты æмæ Пилатæй райдыдтой курын, цæмæй та ацы хатт дæр сараза, куыд-иу сын кодта, афтæ.

9 Уый сын загъта: «Фæнды уæ, цæмæй уын иудейаг Паддзахы рауадзон?»

10 Пилат зыдта, алчертæ йын Йесойы йæ къухтæм сæ хæлæгæй кæй радтой, уый.

11 Фæлæ алчертæ сардыдтой адæмы, Вараввæйы сын рауадзыныл куыд дзурой, афтæ.

12 Пилат сын ногæй загъта: «Уæдæ сымах иудейаг Паддзах Кæй хонут, Уымæн та цы бакæнон?»

13 Уæд уыдон ныхъхъæр кодтой: «Байтындз Æй!»

14 Пилат сын загъта: «Уагæр æвзæрæй цы ракодта?» Фæлæ уыдон ноджы тынгдæр ныхъхъæр кодтой: «Байтындз Æй!»

15 Пилаты фæндыд адæмы зæрдæ балхæнын, æмæ сын рауагъта Вараввæйы, Йесойы та ехсæй фæнæмын кодта æмæ Йæ радта дзуарыл байтындзынмæ.

Æфсæддонтæ æфхæрынц Йесойы

16 Æфсæддонтæ Йесойы акодтой бæстæйы хицауы галуаны мидæггаг кæртмæ, æмæ æрæмбырд кодтой æгас æфсæддон хай.

17 Скодтой Йыл сæнтсырх дарæс, сбыдтой сывдзын кадыхуд æмæ Йыл æй æркодтой.

18 Æмæ Йын райдыдтой арфæ кæнын: «Æгас цæуæд иудейаг Паддзах!»

19 Йæ сæр Ын цавтой лæдзæгæй, тутæ Йыл кодтой, Йæ разыиу æрлæууыдысты сæ зонгуытыл æмæ Йын куывтой.

20 Куы Йæ бафхæрдтой, уæд сæнтсырх дарæс раластой, скодтой Йыл Йæхи дарæс æмæ Йæ акодтой байтындзынмæ.

Йесойы байтыгътой

21 Уыцы рæстæг фæссахарæй æрбацæйцыд иу кириниаг лæг Симон, Александр æмæ Руфы фыд; æмæ йын ахæссын кодтой Йесойы дзуар.

22 Йесойы æркодтой, Голгофæ (ома, Сæргæхцы бынат) чи хуыйны, уырдæм.

23 Æмæ Йын лæвæрдтой сæн смирнæимæ хæццæйæ, фæлæ йæ Йесо нæ бакуымдта.

24 Дзуарыл Æй байтыгътой, æмæ Йын Йæ дарæстыл æппæрстой хæлттæ, кæмæ дзы цы æрхауа, ууыл, æмæ сæ се ’хсæн байуæрстой.

25 Куы Йæ байтыгътой, уæд цыди æртыккаг сахат1.

26 Йæ азымы тыххæй фыст уыди фæйнæгыл: «Иудейаг Паддзах».

27 Йемæ Йын байтыгътой дыууæ абырæджы, иуы Йæ рахиз фарс, иннæйы та Йæ галиу фарс.

28 [Æмæ сæххæст, Сыгъдæг Фыст цы зæгъы, уый: «Фыдгæнджыты хыгъдмæ Йæ бахастæуыд».]

29 Йæ цурты чи цыди, уыдон тылдтой сæ сæртæ æмæ Йæ фаудтой: «Гъей, Кувæндон халæг æмæ йæ æртæ бонмæ аразæг!

30 Дæхи фервæзын кæн — дзуарæй æрхиз».

31 Афтæ Дзы хынджылæг кодтой алчертæ дæр динамонджытимæ, æмæ кæрæдзийæн дзырдтой: «Иннæты ирвæзын кодта, Йæхи фервæзын кæнын та Йæ бон нæу!

32 Чырысти, Израилы Паддзах, ныр дзуарæй æрхизæд, цæмæй йæ фенæм нæхи цæстæй æмæ Йыл баууæндæм». Йемæ тыгъд чи уыд, уыдон дæр Æй фаудтой.

Йесойы мæлæт

ЗЗÆхсæзæм сахат куы ралæууыд, уæд бæстæ æгасæй дæр баталынг, æмæ афтæ ахаста фарæстæм сахаты онг.

34 Фарæстæм сахатыл Йесо хъæрæй ныууынæргъыдта: «Элои, Элои, лема сабахтани?» Ома: «Мæ Хуыцау, Мæ Хуыцау, цæмæн Мæ ныууагътай?»

35 Уым чи лæууыд, уыдонæй чидæртæ уый фехъуыстой æмæ дзырдтой: «Илиамæ дзуры».

36 Иучидæр та азгъордта, губкæ стылдта туаг сæны æмæ йæ æрсагъта лæдзæгыл. Баназынмæ Йæм æй бадардта æмæ загъта: «Фæлæуутма, бакæсæм, кæддæра Илиа æрцæуид дзуарæй Йæ æрисынмæ».

37 Йесо та хъæрæй ныууынæргъыдта æмæ Йæ уд систа.

38 Æмæ Кувæндоны мидæг æмбæрзæн дыууæ дихы фæци уæлейæ бынмæ.

39 Йесо хъæрæй куыд ныууынæргъыдта æмæ Йæ уд куыд систа, уый Йæ разы лæууæг сæдæйыхицау куы федта, уæд загъта: «Ацы Адæймаг æцæгæй Хуыцауы Фырт уыди».

40 Уым уыдысты æмæ дæрддзæфæй кастысты сылгоймæгтæ дæр; уыдонимæ — магдалæйаг Мариа, кæстæр Иаковы æмæ Иосийы мад Мариа, стæй Саломи.

41 Ацы сылгоймæгтæ цыдысты Йæ фæдыл æмæ Йын лæггад кодтой, Йесо ма Галилейы куы уыди, уæд. Уыди ма дзы, Иерусалиммæ Йемæ чи æрцыд, бирæ ахæм сылгоймæгтæ дæр.

Йесойы баныгæдтой

42 Ныридæгæн баизæр, æмæ майрæмбон кæй уыд — сабатмæ цæттæ кæныны бон, —

43 Уымæ гæсгæ синедрионы дзырддзæугæ уæнг, аримафейаг Иосиф (уыйдæр Хуыцауы Паддзахадмæ æнхъæлмæ каст), йæ ныфс бахаста Пилатмæ бацæуынмæ æмæ Йесойы мард ракурынмæ.

44 Йесо ныридæгæн кæй амарди, уый Пилатмæ диссаг фæкаст, басидт сæдæйыхицаумæ æмæ йæ бафарста: «Раджы амард?»

45 Æмæ сæдæйыхицауæй хабар куы базыдта, уæд Йесойы мард раттын кодта Иосифæн.

46 Иосиф балхæдта уæздан кæттаг, æриста Йесойы, батыхта Йæ кæттаджы æмæ Йæ бавæрдта, къæдзæхы цы зæппадз къахт уыди, уым; æмæ йын йæ бацæуæныл бафæлдæхта дур.

47 Магдалæйаг Мариа æмæ Иосийы мад Мариа уыдтой, кæм Æй бавæрдтой, уый.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.