Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Маркы Евангели. Сæр 14

Аудио (mp3, ~4 МБ)

Сусæгъæнд Йесойы ныхмæ

1 Дыууæ боны фæстæ хъуамæ уыдаид Куадзæны æмæ Донгонд дзулты бæрæгбон. Алчертæ æмæ динамонджытæ агуырдтой Йесойы хинæй æрцахсыны æмæ Йæ амарыны фадат.

2 Æмæ тæрхæттæ кодтой: «Æрмæст бæрæгбоны нæ, науæд адæм сызмæнтдзысты».

Йесойы байсæрстæуыди хæрздæфгæнæнæй

3 Йесо уыди Вифанийы, хъотырджын Симоны хæдзары. Æмæ фынгыл куы бадт, уæд æрбацыд иу сылгоймаг, нард цы зайæгой хонынц, уымæй ист сыгъдæг æмæ зынаргъ хæрздæфгæнæнæй дзаг дурынимæ. Сылгоймаг дурыны хъуыр асаста æмæ хæрздæфгæнæн райдыдта Йесойы сæрыл уадзын.

4 Иуæй-иутæ смæсты сты æмæ дзырдтой: «Цæмæн хъуыди уыйбæрц хæрздæфгæнæн хардз кæнын?

5 Уыди йын æртæсæдæ динарæй фылдæрыл ауæйгæнæн æмæ æхца мæгуыртæн раттæн». Æмæ бустæ кодтой сылгоймагыл.

6 Фæлæ сын Йесо загъта: «Ныууадзут æй, цæмæн æй къæмдзæстыг кæнут? Уый Мын хорз хъуыддаг сарæзта.

7 Мæгуыртæ æдзух уæ фарсмæ сты, æмæ уæ куы фæнда, уæд сын уæ бон у баххуыс кæнын; Æз та æдзух уемæ нæ уыдзынæн.

8 Сылгоймагæн йæ бон цы уыди, уый бакодта: Мæ баныгæныны размæ Мын хæрздæфгæнæнæй байсæрста Мæ буар.

9 Æцæг уын зæгъын: фарны уац æппæт дунейы хъуыстгонд кæмдæриддæр уа, уым ацы сылгоймаджы æрымысынæн загъдæуыдзæн, цы сарæзта, уый тыххæй».

Гадзрахат

10 Уæд Иудæ Искариот, дыууадæс ахуыргæнинагæй иу, ацыди алчертæм, цæмæй сын ауæй кæна Йесойы.

11 Куы йæм байхъуыстой, уæд бацин кодтой æмæ йын зæрдæ бавæрдтой æхцайæ. Æмæ Иудæ агуырдта сæ къухтæм сын Æй раттыны фадат.

Куадзæны æхсæвæр

12 Донгонд дзулты бæрæгбоны фыццаг бон, Куадзæны уæрыкк æргæвдыны бон, Йесойæн Йæ ахуыргæнинæгтæ загътой: «Куыд Дæ фæнды, кæдæм Дын ацæуæм Куадзæны фынг æрæвæрынмæ?»

13 Уый арвыста Йæ ахуыргæнинæгтæй дыууæйы æмæ сын загъта: «Ацæут сахармæ. Уым уыл сæмбæлдзæн иу адæймаг доны дурынимæ, æмæ-иу араст ут йæ фæдыл.

14 Кæдæм бацæуа, уыцы хæдзары хицауæн-иу зæгъут: „Ахуыргæнæг зæгъы: Мæ ахуыргæнинæгтимæ Куадзæн кæм бахæрон, Мæ уыцы уат кæм ис?“

15 Æмæ уын уый уæллаг уæладзыджы фенын кæндзæн стыр æфснайд уат; уым-иу нын æрæвæрут фынг».

16 Ахуыргæнинæгтæ араст сты, бацыдысты сахармæ æмæ æппæт дæр ссардтой, Йесо сын куыд загъта, афтæ; æмæ æрæвæрдтой Куадзæны фынг.

17 Куы баизæр, уæд Йесо æрцыд Йæ дыууадæс ахуыргæнинагимæ.

18 Æмæ фынгыл куы бадтысты, уæд Йесо загъта: «Æцæг уын зæгъын, уæ иу Мыл рацæудзæни гадзрахатæй — ныртæккæ Мемæ чи хæры, уый».

19 Уыдон æрæнкъард сты æмæ Йын иу иннæйы фæдыл райдыдтой дзурын: «Уый æз уыдзынæн, мыййаг?»

20 Йесо сын загъта: «Дыууадæсæй иу, цæхдоны Мемæ йæ къæбæр чи тулы, уый.

21 Адæймаджы Фырт фæивгъуыйы, Сыгъдæг Фыст Дзы куыд зæгъы, афтæ. Фæлæ сар йæ сæр, Адæймаджы Фыртыл гадзрахатæй цы адæймаграцæуа, уымæн. Уыцы адæймаг фæлтау куы нæ райгуырдаид, уæд ын хуыздæр уыдаид».

22 Хæргæ куы кодтой, уæд Йесо райста дзул, арфæ ракодта, асаста йæ, радта сын æй æмæ загъта: «Айсут æмæ хæрут — уый Мæ Буар у».

23 Стæй райста сæны кæхц, арфæ ракодта, радта сын æй, æмæ дзы сеппæт дæр банызтой.

24 Æмæ сын загъта: «Уый Мæ Туг у — уымæй фидаргонд цæуы ног фидыд, æмæ акæлдзæни бирæты сæраппонд.

25 Æцæг уын зæгъын, нал баназдзынæн сæнæфсиры сæнæй, цалынмæ Хуыцауы Паддзахады ног сæн баназон, уæдмæ».

26 Стæй азарыдысты арфæйы зарæг æмæ ацыдысты Елеоны хохмæ.

Йесо Петры тыххæй

27 Йесо сын загъта: «Уеппæт дæр Мæ ныууадздзыстут, уымæн æмæ Сыгъдæг Фыст зæгъы: „Амардзынæн фыййауы, æмæ фыстæ ныххæлиу уыдзысты“.

28 Фæлæ Мæ райгасы фæстæ уæ разæй ацæудзынæн Галилеймæ».

29 Петр афтæ бакодта: «Сеппæт дæр Дæ куы ныууадзой, уæддæр Дæ æз нæ ныууадздзынæн».

30 Йесо йын загъта: «Æцæг дын зæгъын, ахсæв уасæг дыууæ хатты нæма ныууасдзæн, афтæ Мыл æртæ хатты атигъ кæндзынæ дæхи».

31 Фæлæ Петр ноджы ныфсджындæрæй дзырдта: «Демæ мæ амæлын куы бахъæуа, уæддæр Дыл мæхи нæ атигъ кæндзынæн». Афтæ дзырдтой иннæтæ дæр.

Йесо кувы Гефсиманийы

32 Уæд æрцыдысты, Гефсимани чи хуынди, уыцы бынатмæ. Йесо Йæ ахуыргæнинæгтæн загъта: «Цалынмæ бакувон, уæдмæ уал ам абадут».

33 Йемæ ахуыдта Петры, Иаковы æмæ Иоанны, бафтыди мæлæтон тасы æмæ райдыдта æрхæндæг кæнын.

34 Æмæ сын загъта: «Мæ уд мæлæтон хъынцъым кæны; фæлæуут ам, ма-иу бафынæй ут».

35 Иучысыл æддæдæр рацыд, зæххыл дæлгоммæ æрхауд æмæ куывта, цæмæй, гæнæн æмæ амалæй, ацы тухæн ма бавзара:

36 «Аввæ, Мæ Фыд, æппæт дæр у Дæ бон. Ацы хъизæмæртты кæхц Мын ма бадар. Æниу, Мæн куыд фæнды, афтæ нæ, фæлæ Дæу куыд фæнды, афтæ фæуæд».

37 Йесо бацыд Йæ ахуыргæнинæгтæм, æмæ сæ фынæйæ куы баййæфта, уæд Петрæн загъта: «Симон, фынæй дæ? Æнæ фынæйæ иу сахат нæ бафæрæзтай?

38 Ма ныффынæй ут æмæ кувут, цæмæй фæлварæны ма бахауат. Уд цæрдæг у, буар та — æдых».

39 Ногæй та фæхибар æмæ бакуывта, уымæй размæ куыд куывта, афтæ.

40 Бацыди сæм æмæ та сæ баййæфта фынæйæ, уымæн æмæ сæ цæстытæ æруæззау сты, æмæ Йын цы дзуапп раттаиккой, уый нæ зыдтой.

41 Бацыди сæм æртыккаг хатт дæр, æмæ сын загъта: «Ныр дæр ма фынæй кæнут æмæ уæ фæллад уадзут? Æгыъæд у, æрцыди рæстæг. Мæнæ Адæймаджы Фырт лæвæрд цæуы тæригъæдджынты къухтæм.

42 Сыстут æмæ цæуæм. Мæнæ Мæ уæйгæнæг æрбаввахс».

Йесойы æрцахстой

43 Йесо Йæ ныхас нæма фæци, афтæ æрбацыд Иудæ, дыууадæс ахуыргæнинагæй иу. Алчертæ, динамонджытæ æмæ йын адæмы хистæртæ йемæ рарвыстой бирæ адæм кæрдтæ æмæ хъилтимæ.

44 Йесойы уæйгæнæг сын радта ахæм нысан: «Кæмæн аба кæнон, Уый у. Æрцахсут Æй, акæнут Æй æмæ Йæ уæгъд ма суадзут».

45 Æмæ куыддæр æрбахæццæ, афтæ бацыд Йесомæ æмæ Йын загъта: «Равви!» Æмæ Йын аба кодта.

46 Уæд фæлæбурдтой Йесомæ æмæ Йæ æрцахстой.

47 Йемæ чи лæууыд, уыдонæй иу фелвæста кард, ныццавта дзы алчеры цагъары æмæ йын йæ хъус ахауын кодта.

48 Уæд Йесо адæмæн загъта: «Цыма абырæджы ахсут, уыйау Ме ’рцахсынмæ кæрдтæ æмæ хъилтимæ куы рацыдыстут.

49 Æз æрвылбон Кувæндоны уемæ уыдтæн, ахуыр кодтон адæмы, æмæ Мæ нæ ахстат. Фæлæ Сыгъдæг Фыст цы зæгъы, уый хъуамæ сæххæст уа».

50 Уæд Æй ахуыргæнинæгтæ сеппæт дæр ныууагътой æмæ фæлыгъдысты.

51 Иу æрыгон лæппу, йæ бæгънæг буарыл хъуымац тыхт, афтæмæй цыд Йæ фæдыл, æмæ йæ æфсæддонтæ æрцахстой.

52 Фæлæ сын лæппу хъуымац сæ къухы фæуагъта æмæ бæгънæгæй алыгъд.

Йесо — синедрионы

53 Йесойы акодтой алчермæ. Уым æрæмбырд сты алчертæ, адæмы хистæртæ æмæ динамонджытæ иууылдæр.

54 Петр дæрддзæф цыди Йæ фæдыл æмæ бацыд алчеры кæртмæ. Уым æрбадти хъахъхъæнджытимæ æмæ йæхи тавта артмæ.

55 Алчертæ æмæ æппæт синедрион Йесойы ныхмæ агуырдтой æвдисæйнæгтæ, цæмæй Йын рахæссой амарыны тæрхон, фæлæ нæ ардтой.

56 Бирæтæ лæууыдысты мæнгæвдисæн Йæ ныхмæ, фæлæ цы дзырдтой, уый сын кæрæдзийыл нæ бадт.

57 Цалдæр мæнгæвдисæны сыстадысты æмæ дзырдтой Йæ ныхмæ:

58 «Мах фехъуыстам, цы дзырдта, уый: „Æз фехалдзынæн лæджыкъухæйконд ацы Кувæндон æмæ æртæ бонмæ сараздзынæн æндæр, лæджыкъухæйконд чи нæу, ахæм“».

59 Фæлæ уыдонæн дæр се ’вдисæйнæгтæ кæрæдзийыл нæ бадтысты.

60 Уæд алчер размæ ралæууыд æмæ бафарста Йесойы: «Дæ ныхмæ Дын цы æвдисæнтæ хæссынц, уыдонæн ницы дзуапп дæттыс?»

61 Йесо ныхъхъус æмæ ницы дзуапп лæвæрдта. Алчер Æй ногæй бафарста: «Ды дæ Чырысти, Арфæгонды Фырт?»

62 Йесо загъта: «Æз дæн. Æмæ Адæймаджы Фырты уындзыстут Æппæтхъомысы рахиз фарс бадгæ æмæ уæларвон æврæгътыл æрцæйцæугæ».

63 Уæд алчер арæмыгъта йæ дарæс æмæ загъта: «Цæй æвдисæнтæ ма нæ хъæуы?

64 Сымах фехъуыстат, Хуыцауы куыд фауы, уый. Цы хъуыды уæм ис?» Сеппæт дæр Æй банымадтой аххосджыныл æмæ амарыны аккагыл.

65 Уæд Ыл иуæй-иутæ райдыдтой тутæ кæнын, бамбæрзтой-иу Ын Йæ цæсгом, цавтой Йæ æмæ Йын дзырдтой: «Кæд пехуымпар дæ, уæд Дæ чи ныццавта, уый базон». Дзæхстытæ Йæ кодтой хъахъхъæнджытæ дæр.

Петр йæхи атигъ кодта Йесойыл

66 Ныр Петр та уыди бынæй, кæрты. Уырдæм æрбацыд алчеры лæггадгæнæг сылгоймæгтæй иу,

67 Петры федта йæхи артмæ тавгæ, æдзынæг æм ныккаст, æмæ йын загъта: «Ды дæр Назаретаг Йесоимæ уыдтæ».

68 Фæлæ Йыл Петр атигъ кодта йæхи: «Цы дзурыс, уый нæ зонын æмæ не ’мбарын». Петр рацыд æддаг кæртмæ, æмæ уасæг ныууасыд.

69 Лæггадгæнæг сылгоймаг та йæ федта уым дæр, æмæ йæ фарсмæ лæуджытæн дзурын райдыдта: «Ай уыдонæй у».

70 Петр та Йесойыл атигъ кодта йæхи. Уым чи лæууыд, уыдон дæр чысыл фæстæдæр загътой Петрæн: «Æнæмæнг уыдонæй дæ, уымæн æмæ ды дæр галилейаг дæ. [Де ’взаджы здæхт дыл комдзог цæуы.]»

71 Уый райдыдта ард хæрын æмæ Хуыцауæй сомы кæнын: «Сымах Кæмæй зæгъут, æз уыцы Адæймаджы нæ зонын».

72 Æмæ уыйадыл уасæг ныууасыди дыккагхатт. Æмæ Петр æрымысыд, Йесо йын цы загъта, уый: «Уасæг дыууæ хатты нæма ныууасдзæн, афтæ Мыл æртæ хатты атигъ кæндзынæ дæхи». Æмæ райдыдта кæуын.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.