Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Маркы Евангели. Сæр 13

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Пехуымпар ныхас Кувæндоны тыххæй

1 Йесо Кувæндонæй куы рацæйцыд, уæд Ын Йæ ахуыргæнинæггæй иу загъта: «Ахуыргæнæг, акæс-ма, мæнæ цы дуртæ æмæ бæстыхæйттæ ис!»

2 Йесо йын дзуапп радта: «Уыныс ацы стыр бæстыхæйттæ? Уыдон афтæ ныппырх уыдзысты, æмæ дзы ам дур дурыл нал баззайдзæн».

Бæллæхты райдайæн

3 Йесо Елеоны хохыл Кувæндоны бакомкоммæ куы бадт, уæд Æй хибарæй фарстой Петр, Иаков, Иоанн æмæ Андрей:

4 «Зæгъ-ма нын, уый кæд уыдзæн, æмæ æппæт уыдæттæн се ’рцыды афон цæмæй бæрæг уыдзæн?»

5 Йесо сын райдыдта дзурын: «Уæхи хизут, цæмæй уæ мачи фæсайа.

6 Бирæтæ æрцæудзысты æмæ дзурдзысты: „Æз Чырысти дæн“, æмæ бирæты фæсайдзысты.

7 Æввахс æмæ дард хæстыты тыххæй куы фехъусат, уæд ма фæтæрсут — æппæтт уыдæттæн æнæрцæугæ нæй, фæлæ уый кæрон нæма уыдзæни.

8 Сыстдзысты адæм адæмы ныхмæ æмæ паддзахад паддзахады ныхмæ, ранæй-рæтты уыдзæни зæххæнкъуыстытæ, скæндзæни стонг рæстæг. Æппæт уыдæттæ арæг сылгоймаджы хъизæмæртты райдайæнау уыдзысты.

9 Фæлæ сымах цæттæ дарут уæхи: дæтдзысты уæ тæрхондæттæм æмæ уæ нæмдзысты синагогæты; Мæн тыххæй уæ кæндзысты хицæуттæм æмæ паддзæхтæм, цæмæй Мын уыдоны раз уат æвдисæнтæ.

10 Фæлæ уал уыдæтты размæ æппæт адæмтæм хъуамæ фæхæццæ уа фарны уац.

11 Тæрхонмæ уæ куы кæной, уæд цы зæгъдзыстут, ууыл-иу рагацау ма мæт кæнут, фæлæ-иу дзурут, уайтæккæ уын цы рардæуа, уый. Уымæн æмæ сымах нæ дзурдзыстут, фæлæ уæ дзыхæй дзурдзæни Сыгъдæг Уд.

12 Ратдзæн æфсымæр æфсымæры æмæ фыд хъæбулы мæлæтмæ; сыстдзысты зæнæг сæ ныййарджыты ныхмæ æмæ сæ амарын кæндзысты.

13 Мæ номы тыххæй алкæмæн дæр уыдзыстут æнæуынон; фæлæ кæронмæ чи бафæраза, уый фервæздзæн.

Æрцæуинаг бæллæхтæ

14 Кæм не ’мбæлы, уым „æлгъаг гæныстон“ куы фенат, — чиныгкæсæг æй бамбарæд, — уæд Иудейæйы чи уа, уыдон лидзæнт хæхтæм.

15 Уæлхæдзар чи уа, уый йæ хæдзармæ ма æрхизæд уырдыгæй исты рахæссынмæ.

16 Быдыры чи уа, уый дæр ма раздæхæд йæ дарæс рахæссынмæ.

17 Уæд додоййаг уыдзысты сывæрджынтæ æмæ дзидзидарджытæ.

18 Кувут, цæмæй уæ ма бахъæуа зымæджы лидзын.

19 Уымæн æмæ уыцы бонты уыдзæни, Хуыцау дуне куы сфæлдыста, уæдæй нырмæ чи нæма уыд æмæ нал уыдзæн, ахæм стыр бæллæх.

20 Æмæ Хицау уыцы бонтæ куы нæ фæцыбыр кодтаид, уæд иу адæймаг дæр нæ фервæзтаид. Фæлæ Йæхæдæг кæй сæвзæрста, уыдоны сæраппонд сæ фæцыбыр кодта.

21 Уæд уын исчи куы зæгъа: „Мæнæ ам ис Чырысти“, кæнæ: „Уым ис“, — ма уæ бауырнæд.

22 Уымæн æмæ фæзындзысты мæнгчырыститæ æмæ мæнгпехуымпартæ, равдисдзысты æвдисæйнæгтæ æмæ диссæгтæ, цæмæй, гæнæн æмæ амалæй, асайой æвзæрстыты.

23 Уæхи хизут — æппæт уыдæтты тыххæй уын Æз загътон рагацау.

Адæймаджы Фырты æрцыд

24 Уæд, уыцы бæллæхты фæстæ, баталынг уыдзæни хур, мæй нал ратдзæн йæ рухс,

25 Стъалытæ хаудзысты арвæй, æмæ уæларвон тыхтæ нынкъуысдзысты.

26 Уæд Адæймаджы Фырты фендзысты стыр тых æмæ намысимæ æврæгътыл æрцæйцæугæ.

27 Рарвитдзæн зæдты æмæ Йе ’взæрстыты æрæмбырд кæндзæн алы рæттæй — зæххы кæронæй арвы кæронмæ.

Фæсномыг ныхас легъуибæласы тыххæй

28 Райсут цæвиттонæн легъуибæлас: йæ къалиутæ куы сфæлмæн вæййынц æмæ сыфтæр куы рафтауынц, уæд фæзонут, сæрд кæй æрæввахс.

29 Уæдæ сымах æппæт уыдæттæ æххæстгæнгæ куы фенат, уæд-иу зонут, афон кæй æрæввахс, ныридæгæн къæсæрыл кæй ис, уый.

30 Æцæг уын зæгъын: ацы фæлтæр нæма аивгъуыйдзæни, цалынмæ æппæт уыдæттæ æрцæуой.

31 Арв æмæ зæхх нал уыдзысты, Мæ ныхæстæ та мыггагмæ дæр уыдзысты сæ тыхы.

Хæдзары хицаумæ æнхъæлмæ кæсгæйæ

32 Уыцы боны кæнæ сахаты тыххæй ничи зоны: нæдæр уæларвон зæдтæ, нæдæр Фырт — æрмæст æй Фыд зоны.

33 Цырд лæуут æмæ фынæй ма кæнут, уымæн æмæ уыцы афон кæд æрцæудзæн, уый нæ зонут.

34 Цæвиттон, иу лæг цыди балцы æмæ йæ хæдзар ныууагъта йæ цагъарты æвджид, алкæмæн дæр дзы бахæс кодта бæлвырд хъуыддаг æмæ дуаргæсæн бафæдзæхста къæрцхъусæй лæууын.

35 Уæдæ сымах дæр ут къæрцхъус, уымæн æмæ нæ зонут, хæдзары хицау кæд æрцæудзæн, уый: изæры, æмбисæхсæв, кæркуасæнты æви райсомæй.

ЗбÆваст куы æрцæуа, уæд уæ фынæйæ цæмæй ма æрæййафа.

37 Сымахæн цы зæгъын, уый хауы алкæмæ дæр: ут къæрцхъус».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.