Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 24

Евангелие от Луки. Глава 24

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Чырысти райгас

1 Къуырийæн йæ фыццаг бон та сæумæйæ æрцыдысты зæппадзмæ; семæ æрхастой, цы хæрздæфгæнæнтæ æрцæттæ кодтой, уыдон.

2 Зæппадзы дур æрæййæфтой фæлдæхтæй.

3 Бацыдысты мидæмæ, фæлæ дзы Хицау Йесойы мард не ссардтой,

4 Æмæ фæджих сты. Æваст сæ разы февзæрдысты дыууæ лæджы æрттивгæ дарæсы.

5 Сылгоймæгты тас бацыди, сæ сæртæ æруагътой, фæлæ сын лæгтæ загътой: «Удæгасы мæрдтимæ цы агурут?

6 Ам нæй, райгас и. Галилейы ма куы уыди, уæд уын цы дзырдта, уый уæ зæрдыл æрлæууæд:

7 „Адæймаджы Фырт хъуамæ лæвæрд æрцæуа тæригъæдджын адæмы къухтæм, байтындздзысты Йæ дзуарыл æмæ æртыккаг бон райгас уыдзæн“».

8 Уæд сылгоймæгтæн сæ зæрдыл æрлæууыдысты Йесойы ныхæстæ.

9 Раздæхтысты зæппадзæй æмæ æппæт уыдæтты тыххæй радзырдтой иуæвдæс ахуыргæнинагæн, стæй иннæтæн дæр.

10 Уыцы сылгоймæгтæ уыдысты магдалæйаг Мариа, Иоаннæ, Иаковы мад Мариа æмæ иннæтæ, семæ ма чи уыдис, уыдон. Хабар радзырдтой апостолтæн,

11 Фæлæ сæм сылгоймæгты ныхæстæ дзæгъæлы дзæнгæдайау фæкастысты, æмæ сыл нæ баууæндыдысты.

12 Петр уæддæр сыстад æмæ азгъордта зæппадзмæ, æргуыбыр кодта, бакаст æм, федта дзы æрмæстдæр мæрддзæгтæ æмæ фæстæмæ раздæхт, цы æрцыд, ууыл хинымæр дисгæнгæйæ.

Эммаусмæ цæугæйæ

13 Уыцы бон ахуыргæнинæгтæй дыууæ фæцæйцыдысты, Иерусалимæй æртиссæдз стадийы1 дæрддзæф цы Эммаусы хъæу лæууыд, уырдæм.

14 Ныхас кодтой, цы æрцыд, æппæт уыцы цаутыл.

15 Æмæ ныхас куыд кодтой æмæ кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ куыд дзырдтой, афтæ сæм Йесо Йæхæдæг бахæстæг æмæ баиу семæ.

16 Фæлæ сæ цæстытæй рæстмæ нал уынæгау Æй нæ базыдтой.

17 Йесо сæ бафарста: «Уый цæуыл дзурут цæугæ-цæуын?» Уыдон æнкъардæй æрлæууыдысты.

18 Сæ иу, Клеопа, дзуапп радта Йесойæн: «Иерусалиммæ æрцæуджытæй, æвæццæгæн, иунæг Ды нæ зоныс, ацы бонты уым цы æрцыд, уыдæтты тыххæй?»

19 Йесо сæ бафарста: «Цы нæ зонын?» Уыдон Ын загътой: «Назаретаг Йесойы хабар. Хъуыддагæй дæр æмæ ныхасæй дæр Уый тыхджын пехуымпар уыди Хуыцауы æмæ æппæт адæмы раз.

20 Нæ алчертæ æмæ Йæ нæ хицæуттæ радтой мæлæты тæрхон Ын рахæссынмæ, æмæ Йæ дзуарыл байтыгътой.

21 Мах та нæхицæн ныфсытæ æвæрдтам, Израилы Чи фервæзын кæндзæн, Уый у, зæгъгæ. Уыимæ Йæ байтындзыныл ныр æртыккаг бон цæуы,

22 Æмæ нæ сылгоймæгтæй чидæртæ мах дисы бафтыдтой — сæумæйæ уыдысты зæппадзы цур,

23 Фæлæ Йын Йæ мард не ссардтой. Æрцыдысты æмæ радзырдтой, зæдтæ нæм фæзындысты æмæ нын загътой, Йесо удæгас у, зæгъгæ.

24 Уæд махæй чидæртæ ацыдысты зæппадзмæ æмæ алцыдæр ссардтой, сылгоймæгтæ куыд загътой, афтæмæй; Йæхи та Йын нæ федтой».

25 Уæд сын Йесо загъта: «О æнæмбаргæтæ! Пехуымпартæ цы загътой, æппæт уыдæттыл куыд зынтæй æууæндут!

26 Чырыстийæн афтæ фæхъизæмар кæнын æмæ Йæ намыс райсын не ’мбæлд, æви?»

27 Æмæ сын, Моисейæ æмæ æппæт пехуымпартæй райдайгæйæ, бамбарын кодта, æппæт Фыстыты Йæхи тыххæй цы загъд ис, уыдæттæ иууылдæр.

28 Цы хъæумæ цыдысты, уымæ куы баввахс сты, уæд Йесо Йæхи дарддæр цæуæг скодта.

29 Фæлæ Йæ уыдон урæдтой, лæгъстæ Йын кодтой: «Баззай немæ, тагъд баизæр уыдзæн, бон фæвæййы». Уæд бацыди хъæумæ æмæ баззади семæ.

30 Æмæ Йесо семæ фынгыл куы æрбадт, уæд райста дзул, арфæ ракодта, асаста йæ æмæ сæм æй радта.

31 Уæд ракастысты сæ цæстытæй, базыдтой Йæ, фæлæ Йæ цæстæй нал уыдтой.

32 Æмæ кæрæдзийæн загътой: «Фæндагыл немæ куы ныхас кодта æмæ нын Сыгъдæг Фыст куы амыдта, уæд нæ риуы нæ зæрдæтæ нæ сыгъдысты, æви?»

33 Уайтæккæ сыстадысты æмæ раздæхтысты Иерусалиммæ, æмæ уым баййæфтой иуæндæс ахуыргæнинаджы иннæтимæ иумæ —

34 Уыдон дзырдтой, Хицау бæлвырд райгас æмæ Йæхи равдыста Симонмæ, зæгъгæ.

35 Уæд сын ацы дыууæ радзырдтой, фæндагыл цы æрцыд, стæй Йесо дзул куы асаста, уæд Æй куыд базыдтой, уыдæтты тыххæй.

Йесо Йæхи равдыста ахуыргæнинæгтæм

36 Уыдæтты тыххæй куы дзырдтой, уæд мæнæ Йесо Йæхæдæглæууы се ’хсæн æмæ сын зæгъы: «Фæрнджын ут!»

37 Уыдон фæджих сты æмæ сæ тас бацыди — афтæ фенхъæлдтой, цыма уд уынынц.

38 Фæлæ сын Йесо загъта: «Цæуыл скатай стут æмæ уæм ахæм хъуыдытæ цæмæн æвзæры?

39 Фенут Мын Мæ къухтæ æмæ Мæ къæхтæ: ай Æз Мæхæдæг дæн. Басгарут Мæ æмæ сбæлвырд кæнут: удæн фыд æмæ стджытæ нæй, Мæнæн та ис, куыд уынут, афтæмæй».

40 Уый зæгъыны фæстæ сын фенын кодта Йæ къухтæ æмæ Йæ къæхтæ.

41 Фырцинæй сæ куы нæма уырныдта æмæ дисы куы бафтыдысты, уæд сын загъта: «Исты хæринаг уæм ис?»

42 Радтой Йын физонæг кæсаджы кæрдих,

43 Райста йæ æмæ сæ разы бахордта.

44 Æмæ сын загъта: «Уемæ ма куы уыдтæн, уæд уын Æз уый тыххæй дзырдтон, Моисейы Æгъдауы, пехуымпарты чингуыты æмæ псаломты Мæн тыххæй цы загъд ис, æппæт уыдæттæ хъуамæ сæххæст уой, зæгъгæ».

45 Уæд сын байгом кодта сæ зонд Сыгъдæг Фыст æмбарынæн,

46 Æмæ сын загъта: «Сыгъдæг Фыст афтæ зæгъы, Чырысти хъуамæ фæхъизæмар кодтаид æмæ æртыккаг бон мæрдтæй райгас уыдаид;

47 Æмæ, Иерусалимæй райдайгæйæ, æппæт адæмтæм Йæ номæй фæсидтæуа, цæмæй æрфæсмон кæной æмæ сын ныббарстæуа сæ тæригъæдтæ.

48 Уымæн сымах стут æвдисæнтæ.

49 Æз уын рарвитдзынæн, Мæ Фыд зæрдæ кæмæй бавæрдта, уый. Æмæ уал баззайут ацы сахары, цалынмæ уæларвон тыхæй схайджын уат, уæдмæ».

Йесо ацыд уæлæрвтæм

50 Æмæ сæ сахарæй рахуыдта Вифанийы онг, систа Йæ къухтæ уæлæмæ æмæ сыл арфæ бафтыдта.

51 Арфæтæ сыл куы æфтыдта, уæд адард уыдонæй æмæ Йæ уæларвмæ систæуыд.

52 Уыдон Æм бакуывтой æмæ стыр цинимæ раздæхтысты Иерусалиммæ.

53 Уæдæй фæстæмæ иудадзыг уыдысты Кувæндоны æмæ кад кодтой Хуыцауæн.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.