Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 22

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Сусæгвæнд Йесойы ныхмæ

1 ÆрхæстæгДонгонд дзулты бæрæгбон, Куадзæн кæй хуындæуы, уый.

2 Алчертæ æмæ динамонджытæ агуырдтой, цæсты сæ чи нæ бафтауа, Йесойы амарыны ахæм фадат, уымæн æмæ адæмæй тæрсгæ кодтой.

3 Хæйрæг бацыд, Искариот кæй хуындæуыд, уыцы Иудæйы — дыууадæс ахуыргæнинагæй иуы.

4 Æмæ Иудæ ацыд, Йесойы куыд ауæй кæна, уый тыххæй алчертимæ æмæ Кувæндон хъахъхъæнджыты хицæуттимæ баныхас кæнынмæ.

5 Уыдон бацин кодтой æмæ сразы сты Иудæйæн æхца раттыныл.

6 Уый сын зæрдæ бавæрдта æмæ агуырдта, Йесо адæмимæ куыд нæ уа, афтæмæй сын Æй сæ къухтæм раттыны фадат.

Куадзæны æхсæвæр

7 Æрхæццæ Донгонд дзулты бæрæгбон, Куадзæны уæрыкк æргæвдыны бон.

8 Йесо арвыста Петр æмæ Иоанны æмæ сын загъта: «Ацæут æмæ нын æрæвæрут Куадзæны фынг».

9 Уыдон Æй бафарстой: «Куыд Дæ фæнды, кæм æй æрæвæрæм?»

10 Уый сын загъта: «Сахармæ куы бацæуат, уæд уыл сæмбæлдзæн иу адæймаг доны дурынимæ. Цы хæдзармæ бацæуа, уырдæм-иу бацæут йæ фæдыл,

11 Æмæ-иу хæдзары хицауæн зæгъут: „Ахуыргæнæг дын зæгъы: Мæ ахуыргæнинæгтимæ Куадзæн кæм бахæрон, уыцы уат кæм ис?“

12 Æмæ уын уый уæллаг уæладзыджы фенын кæвдзæн стыр æфснайд уат; уым-иу æрæвæрут фынг».

13 Уыдон ацыдысты æмæ æппæт дæр ссардтой, Йесо сын куыд загъта, афтæ; æмæ æрæвæрдтой Куадзæны фынг.

14 Афон куы æрцыд, уæд Йесо æмæ апостолтæ æрбадтысты фынгыл.

15 Йесо сын загъта: «Мæ хъизæмары размæ Мæ тынг фæндыд ацы Куадзæн уемæ бахæрын.

16 Уымæн æмæ уын зæгъын: нал бахæрдзынæн Куадзæн, цалынмæ Хуыцауы Паддзахады алцæмæй дæр сæххæст уа, уæдмæ».

17 Райста сæны кæхц, арфæ ракодта æмæ загъта: «Айсут æй æмæ дзы алчидæр баназæд.

18 Уымæн æмæ уын зæгъын, нал баназдзынæн сæнæфсиры сæнæй, цалынмæ Хуыцауы Паддзахад æрцæуа, уæдмæ».

19 Уый фæстæ райста дзул, арфæ ракодта, асаста йæ, радта сын æй æмæ загъта: «Ай Мæ Буар у, æмæ уæ сæраппонд лæвæрд цæуы мæлæтмæ. Афтæ кæнут Мæ æрымысынæн».

20 Æхсæвæры фæстæ райста сæны кæхц дæр æмæ загъта: «Ацы кæхц у ног фидыд — уый фидаргонд цæуы, сымах сæраппонд чи акæлдзæни, Мæ уыцы Тугæй.

21 Фæлæ мæнæ Мæ уæйгæнæг Мемæ иу фынгыл бады.

22 Адæймаджы Фырт фæивгъуыйы, нысангонд Ын цы фæндаг у, ууыл. Фæлæ сар йæ сæр, гадзрахатæй Йыл цы адæймаг рацæуа, уымæн».

23 Уæд райдыдтой кæрæдзи фæрсын, Йæ уæйгæнæг чи уыдзæни, зæгъгæ.

Уæлдæрыл нымад чи у

24 Рауад сæм быцæу дæр, уæлдæрыл нымад сæ чи хъуамæ уа, ууыл.

25 Йесо сын загъта: «Паддзæхтæ хицауиуæг кæнынц адæмтæн, æмæ адæмтыл барджын чи у, уыдоны хæрзгæнджытæ хуындæуы.

26 Сымахмæ та афтæ ма уæд, фæлæ уе ’хсæн уæлдæр чи у, уый уын уæд кæстæрау, хистæр та лæггадгæнæгау.

27 Чи у уæлдæр — фынгыл бадæг æви кæстæриуæггæнæг? Фынгыл бадæг уæлдæр нæу, æви? Æз та уын кæстæриуæггæнæгау дæн.

28 Сымах Мæ фæлварæнты Мемæ уыдыстут.

29 Мæ Фыд Мын Паддзахад куыд радта, афтæ уын æй Æз дæр дæттын,

30 Цæмæй Мæ Паддзахады хæрат æмæ нуазат Мæ фынгыл. Æмæ сбаддзыстут уæле Израилы дыууадæс хæдзарвæндагæн тæрхон кæнынмæ.

Йесо Петры тыххæй

31 Симон, Симон, хæйрæг ракуырдта, цæмæй уæ балуæрстæуа мæнæуау.

32 Фæлæ Æз куывтон дæу тыххæй, цæмæй дæ уырнындзинад ма слæмæгъ уа. Æмæ Мæм куы раздæхай, уæд-иу сфидар кæн де ’фсымæрты уырнындзинад».

33 Петр Ын дзуапп радта: «Хицау, æз цæттæ дæн Демæ цæуынмæ ахæстонмæ дæр æмæ амæлынмæ дæр».

34 Фæлæ Йесо загъта: «Зæгъын дын, Петр, ахсæв уасæг нæма ныууасдзæн, афтæ Мыл æртæ хатты атигъ кæндзынæ дæхи, æз Æй нæ зонын, зæгъгæ».

35 Йесо сæ бафарста: «Æз уæ æнæ æхцайы дзæкъулæй, æнæ хордзенæй, æнæ дзабыртæй куы æрвыстон, уæд истæмæй хъуаг æййæфтат?» Уыдон дзуапп радтой: «Ницæмæй».

36 Уæд сын загъта: «Ныр та æхцайы дзæкъул кæмæ ис, уый йæ айсæд йемæ; хордзен кæмæ ис, уый дæр æй айсæд йемæ. Æхца кæмæ нæй, уый та ауæй кæнæд йæ пæлæз æмæ балхæнæд кард.

37 Зæгъын уын, Сыгъдæг Фыст цы зæгъы, уый Мыл хъуамæ æрцæуа: „Фыдгæнджыты хыгъдмæ Йæ бахастæуыд“. Мæн тыххæй фыст цы ис, уый рæхджы сæххæст уыдзæн».

38 Уыдон загътой: «Хицау, мæнæ ам ис дыууæ карды». Уый сын загъта: «Æгъгъæд у!»

Йесо кувы Елеоны хохыл

39 Йесо рацыд æмæ иннæ хæттытау ныр дæр та араст Елеоны хохмæ. Йæ ахуыргæнинæгтæ дæр ацыдысты Йæ фæдыл.

40 Бынатмæ куы бахæццæ сты, уæд сын загъта: «Кувут, цæмæй фæлварæны ма бахауат».

41 Дур кæйонг фехсæн ис, Йесо уыйбæрц фæхибар, æрзоныгыл æмæ куывта:

42 «Мæ Фыд, кæд Дын фæндон разына, уæд Мын ацы хъизæмæртты кæхц ма бадар. Æниу, Мæн куыд фæнды, афтæ нæ, фæлæ Дæу куыд фæнды, афтæ фæуæд».

43 [Уæд Æм уæларвæй æрцыди зæд æмæ Йæ удвидар кодта.

44 Утæхсæн кæнгæйæ, Йесо куывта зæрдиагдæрæй; æмæ Йæ хид туджы æртæхтау тагъди зæхмæ.]

45 Куывд куы фæци, уæд бацыд Йæ ахуыргæнинæгтæм æмæ сæ баййæфта фынæйæ, уымæн æмæ сын мæт сæ тых асаста.

46 Йесо сын загъта: «Цы фынæй кæнут? Сыстут æмæ кувут, цæмæй фæлварæны ма бахауат».

Йесойы æрцахстой

47 Йесо Йæ ныхас нæма фæци, афтæ фæзындысты адæм; дыууадæс ахуыргæнинагæй иу, Иудæ, цыди сæ разæй. Уый бацыд Йесомæ аба Йын кæнынмæ.

48 Йесо йын загъта: «Иудæ, байæ гадзрахатæй цæуыс Адæймаджы Фыртыл?»

49 Хъуыддаг цæмæ цæуы, Йесойы ахуыргæнинæгтæ уый куы федтой, уæд Ын загътой: «Хицау, кардæй цæвæм?»

50 Æмæ сæ иу кардæй ныццавта алчеры цагъары æмæ йын йæ рахиз хъус ахауын кодта.

51 Уæд Йесо загъта: «Æрсабыр ут». Бавнæлдта цагъары хъусмæ æмæ йын æй сдзæбæх кодта.

52 Йе ’рцахсынмæ æрцæуæг алчертæн, Кувæндон хъахъхъæнджыты хицæуттæн æмæ адæмы хистæртæн Йесо загъта: «Цыма абырæджы ахсут, уыйау Мæм кæрдтæ æмæ хъилтимæ куы рацыдыстут.

53 Æз æрвылбон Кувæндоны уемæ уыдтæн, æмæ Мыл уæ къух нæ андзæвыд. Фæлæ ныр уæ рæстæг æрцыд — талынг хицауиуæг кæны».

Петр йæхи атигъ кодта Йесойыл

54 Уæд Йесойы æрцахстой æмæ Йæ акодтой алчеры хæдзармæ. Петр дæрддзæф цыди сæ фæдыл.

55 Кæрты астæу арт куы скодтой æмæ куы сбадтысты, уæд Петр дæр сбадти семæ.

56 Иу лæггадгæнæг сылгоймаг Петры федта арты рухсмæ, æдзынæг æм ныккаст æмæ загъта: «Ай дæр Йемæ уыд».

57 Фæлæ Йыл Петр атигъ кодта йæхи: «Хорз ус, æз Æй нæ зонын».

58 Чысыл фæстæдæр æй федта æндæр чвдæр æмæ йын загъта: «Ды дæр уыдонæй дæ». Петр уымæн дæр загъта: «Нæ дæн».

59 Рацыд сахаты бæрц, æмæ та иу æндæр адæймаг дæр фидарæй дзырдта: «Ай дæр æнæмæнг Йемæ уыд, уымæн æмæ галилейаг у».

60 Фæлæ Петр уымæн дæр загъта: «Цы дзурыс, уый нæ зонын». Петр йæ ныхас нæма фæци, афтæ уасæг ныууасыд.

61 Уæд Хицау Йе ’ргом разылдта æмæ бакаст Петрмæ. Æмæ Петр æрымысыд, Хицау ын цы загъта, уый: «Ахсæв уасæг нæма ныууасдзæн, афтæ Мыл æртæ хатты атигъ кæндзынæ дæхи».

62 Петр рацыд æддæмæ æмæ судзаг цæссыгтæй ныккуыдта.

Æфхæрынц Йесойы

63 Йесойы чи хъахъхъæдта, уыцы адæм Дзы хынджылæг кодтой æмæ Йæ надтой.

64 Сæхгæдтой-иу Ын Йæ цæстытæ æмæ Йæ фарстой: «Кæд пехуымпар дæ, уæд Дæ чи ныццавта, уый базон».

65 Æмæ Йын дзырдтой бирæ æндæр фауæн ныхæстæ.

Йесо — синедрионы

66 Куы сбон, уæд æрæмбырд сты адæмы хистæртæ, алчертæ, динамонджытæ, æмæ Йæ бакодтой сæ синедрионмæ.

67 Бафарстой Йæ: «Зæгъ-ма нын, Ды дæ Чырысти?» Уый сын загъта: «Куы уын зæгъон, уæд дæр уæ нæ бауырндзæн;

68 Куы уæ бафæрсон, уæд дæр Мын дзуапп нæ ратдзыстут.

69 Нырæй фæстæмæ Адæймаджы Фырт æрбаддзæн Æппæтхъомыс Хуыцауы рахиз фарс».

70 Уæд сеппæт дæр загътой: «Уæдæ Ды Хуыцауы Фырт дæ?» Уый сын дзуапп радта: «Уæхæдæг æй куы зæгъут, Æз Хуыцауы Фырт кæй дæн, уый».

71 Уыдон загътой: «Цавæр æвдисæйнаг ма нæ хъæуы? Йæхи дзыхæй йын æй куы фехъуыстам!»

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.