Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 2

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Йесойы райгуырд

1 Уыцы рæстæг кесæр Август бафæдзæхста æппæт бæстæйы адæмы сфыссын.

2 Ацы сфыст уыди фыццаг; арæзт æрцыди, Квирини Сирийæн хицауиуæг куы кодта, уыцы заман.

3 Æмæ алчидæр йæхи ныффыссын кæнынмæ ацыд йæ сахармæ.

4 Иосиф дæр галилейаг сахар Назаретæй ацыд Иудейæмæ, Вифлеем кæй хонынц, Давиды уыцы сахармæ, уымæн æмæ Давиды къонайæ уыди, йæ байзæддаг.

5 Ныффыссын кæнынмæ ацыди куырдуаты йын бадæг Мариаимæ; Мариа та æнхъæлцау уыди.

6 Вифлеемы куы уыдысты, уæд Мариайæн æрхæццæ арынафон.

7 Æмæ ныййардта Йæ Фыццаг Фырты, батыхта Йæ хæцъилты æмæ Йæ нывæрдта кæвдæсы, уымæн æмæ сын фысымуаты бынат нæ разынд.

Фыййæуттæ æмæ зæдтæ

8 Уыцы ран, быдыры, уыдысты фыййæуттæ. Уыдон æхсæвы хъахъхъæдтой сæ дзуг.

9 Фыййæутты раз февзæрд Хуыцауы зæд; Хуыцауы намыс сæ ныррухс кодта, æмæ стыр тасы бафтыдысты.

10 Фæлæ сын зæд загъта: «Ма тæрсут, æз уæм æрхастон, æппæт адæм кæмæй схайджын уыдзысты, ахæм стыр цин:

11 Абон уын Давиды сахары райгуырд Ирвæзынгæнæг — Хицау Чырысти.

12 Мæнæ Йæ уымæй базондзыстут: Сывæллоны ссардзыстут хæцъилты тыхтæй, кæвдæсы хуысгæйæ».

13 Зæдимæ æваст баиу æнæнымæц уæларвон æфсад, æмæ кад кодтой Хуыцауæн:

14 «Намыс Хуыцауæн уæлæрвты, зæххыл та фæрнджын уæнт, Хуыцау кæуыл ауды, уыдон».

15 Зæдтæ сæ цурæй уæларвмæ куы сивгъуыдтой, уæд фыййæуттæ кæрæдзийæн загътой: «Уæдæ фæцæуæм Вифлееммæ æмæ фенæм, цы æрцыди — Хуыцау нын цæй тыххæй фехъусын кодта, уый».

16 Атындзыдтой уырдæм; куы бахæццæ сты, уæд дзы баййæфтой Мариа æмæ Иосифы, æмæ Сывæллоны кæвдæсы хуысгæйæ.

17 Куы Йæ федтой, уæд радзырдтой, уыцы Сывæллоны тыххæй сын цы загъдæуыд, уый.

18 Фыййæуттæ сын цы загътой, уый дисы бафтыдта, чи сæ фехъуыста, уыдоны сеппæты дæр.

19 Мариа та æппæт уыдæттæ дардта Йæ зæрдæйы, æмæ сыл нывæзта Йæ хъуыдытæ.

20 Фыййæуттæ раздæхтысты, æмæ цы фехъуыстой, цы федтой, уый тыххæй кад кодтой Хуыцауæн. Æппæт дæр рауади, куыд сын загъдæуыд, афтæ.

21 Аст боны фæстæ, Сывæллонæн сунæты афон куы ралæууыд, уæд Æй схуыдтой Йесо. Зæд Ын уыцы ном рагацау радта, Йæ Мады гуыбыны дæр куы нæма уыд, уæд.

Йесойы æрхастой Кувæндонмæ

22 Моисейы Æгъдаумæ гæсгæ се ссыгъдæг кæныны бонтæ куы аивгъуыдтой, уæд Йесойы æрхастой Иерусалиммæ, Хуыцауы раз Æй æрлæууын кæнынмæ,

23 Хуыцауы Æгъдауы куыд фыст у, афтæ: «Фыццаг сывæллон лæппу куы уа, уæд лæвæрд æрцæуæд Хуыцауæн».

24 Стæй Хуыцауы Æгъдаумæ гæсгæ нывондæн хъуамæ æрхастаиккой дыууæ æхсинæджы кæнæ дыууæ лæппын бæлоны.

25 Уæды заман Иерусалимы уыд иу лæг, йæ ном — Симеон. Уый уыди раст æмæ Хуыцауыл æнувыд адæймаг, æнхъæлмæ каст, Хуыцау Израилы кæд барæвдаудзæн, уымæ; хайджын уыди Сыгъдæг Удæй.

26 Сыгъдæг Уд ын раргом кодта, Хуыцау Кæй рарвита, цалынмæ уыцы Чырыстийы фена, уæдмæ нæ амæлдзæн, зæгъгæ.

27 Æмæ йын Сыгъдæг Уд йæ зæрдæйы нывæрдта Кувæвдонмæ æрцæуын. МоисейыÆгъдаубакæныны тыххæй ныййарджытæ Саби Йесойы Кувæвдонмæ куы æрхастой,

28 Уæд Æй Симеон райста йæ хъæбысмæ, арфæ ракодта Хуыцауæн æмæ загъта:

29 «Зæрдæ мын куыд бавæрдтай, Дунедарæг, афтæ ныр Дæ цагъары æрвитыс фарнимæ,

30 Уымæн æмæ мæхи цæстæй федтон Дæуæй лæвæрд ирвæзындзинад.

31 Æрцæттæ йæ кодтай æппæт адæмтæн;

32 Муртаттæн уый уыдзæни Дæу æргомгæнæгрухс, Дæ адæмæн, Израилæн та — намыс».

33 Йесойы тыххæй цы загъдæуыд, уый диссаг фæкасти Сабийы фыд æмæ Мадмæ.

34 Симеон сыл Хуыцауы арфæ бафтыдта, æмæ Йесойы Мад Мариайæн загъта: «Мæнæ ацы Сывæллоны тыххæй израилаг адæмæй бирæтæ фæкæлдзысты, бирæтæ та сбæрзонд уыдзысты. Уый расайдзæн быцæутæ,

35 Æмæ афтæмæй бирæтæн раргом уыдзысты сæ зæрдæты арф æвæрд хъуыдытæ; Дæуæн та Дæ риуы ахиздзæни цирхъ».

36 Уым уыд Аннæ-пехуымпар дæр, Фануилы чызг, Асиры хæдзарвæндагæй. Уыди тынг зæронд; йæ лæгимæ фæцард авд азы,

37 Баззад вдæдзæй æмæ йыл ныр цыди цыппар æмæ цыппарыссæдз азы. Кувæндон никуы ныууагъта, ком дардта æмæ куывта, æхсæвæйбонæй куыста Хуыцауæн.

38 Уый дæр сæм бацыд уыцы рæстæг, кад кодта Хуыцауæн, Иерусалимы ссæрибармæ чи æнхъæлмæ каст, уыдонæн дзырдта Йесойы тыххæй.

Æрбаздæхтысты Назаретмæ

39 Иосиф æмæ Мариа Хуыцауы Æгъдаумæ гæсгæ æппæт дæр куы бакодтой, уæд раздæхтысты Галилеймæ, сæ сахар Назаретмæ.

40 Сывæллон та рæзыд æмæ фидар кодта, æфтыд Йæ зондыл, хайджын уыди Хуыцауы фарнæй.

Дыууадæсаздзыд Йесо Кувæндоны

41 Йæ ныййарджытæ Куадзæны бæрæгбонмæ æрвылаз Иерусалиммæ цыдысты.

42 Йесойыл дыууадæс азы куы сæххæст, уæд дæр бæрæгбонмæ ацыдысты Иерусалиммæ.

43 Бæрæгбоны фæстæ сæхимæ куы здæхтысты, уæд æнахъом Йесо баззади Иерусалимы, æмæ уый Йæ ныййарджытæ нæ бафиппайдтой.

44 Æнхъæл уыдысты, иннæтимæ æрбацæуы, зæгъгæ, æмæ иу бонцау куы ацыдысты, уæд Æй агурын райдыдтой хæстæджыты æмæ зонгæты æхсæн.

45 Куы нæ Йæ ссардтой, уæд Йæ агурæг аздæхтысты Иерусалиммæ.

46 Æртæ боны фæстæ Йæ ссардтой Кувæвдоны. Йесо бадтис ахуыргæнджыты æхсæн, хъуыста сæм æмæ сæ алцæмæйты фарста.

47 Чи Йæм хъуыста, уыдон сеппæт дæр дис кодтой Йæ зонд æмæ дзуаппытыл.

48 Ныййарджытæ Йæ куы федтой, уæд бафгыдысты дисы. Йæ Мад Ын загъта: «Хъæбул, ай нын цы бакодтай? Дæ фыдимæ Дæ стыр тыхстæй агуырдтам».

49 Йесо сын загъта: «Цæмæ Мæ агуырдтат? Æви сымах нæ зыдтат, Æз Мæ Фыды хæдзары кæй хъуамæ уон, уый?»

50 Фæлæ сын цы загъта, уый нæ бамбæрстой.

51 Йесо араст семæ, æрцыд Назаретмæ æмæ сын уыди коммæгæс. Цы æрцыд, æппæт уыдæттæ Йæ Мад дардта йæ зæрдæйы.

52 Йесо та кодта зондджынæйзондджындæр, рæз хаста Хуыцауæн æмæ адæмæн уарзонæй.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.