Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 18

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Хъалонисæг Закхей

1 Уый фæстæ Йесо бацыд Иерихонмæ æмæ фæцæйцыд уынджы.

2 Уым уыдис иу адæймаг, йæ ном Закхей — хъалонисджыты хицау æмæ хъæздыг лæг.

3 Фæндыд æй Йесойы фенын, фæлæ Йæ адæмæй нæ уыдта, цыбыр лæг кæй уыд, уымæ гæсгæ.

4 Уæд азгъордта размæ æмæ Йæ феныны тыххæй схызти легъуи бæласмæ, уымæн æмæ Йесойæн уыцы бæласы цурты цæугæ уыд.

5 Йесо уырдæм куы бахæццæ, уæд скаст уæлæмæ, федта йæ æмæ йын загъта: «Закхей, æрхиз рæвдздæр, абон дæ хæдзары хъуамæ уон».

6 Закхей æрхызт рæвдз æмæ Йæ суазæг кодта æхсызгонæй.

7 Æмæ адæм уый куы федтой, уæд сеппæт дæр райдыдтой хъуырхъуыр кæнын æмæ дзырдтой, Уый бацыд тæригъæдджын адæймагмæ, зæгъгæ.

8 Закхей та сыстад æмæ загъта Йесойæн: «Хицау, мæ мулкæн йе ’мбис ратдзынæн мæгуыртæн, æмæ кæд искæй хъыджы бацыдтæн, уæд ын æй цыппар ахæмæй бафиддзынæн».

9 Йесо йын загъта: «Абон ирвæзындзинад æрцыд ацы хæдзармæ, уымæн æмæ ацы адæймаг дæр Авраамы байзæддаг у.

10 Адæймаджы Фырт сæфтыты бацагурынмæ æмæ сæ фервæзын кæнынмæ æрцыд».

Фæсномыг ныхас дæс минæйы тыххæй

11 Адæм байхъуыстой, цы загъта, уымæ. Йесойы Иерусалиммæ бирæ кæй нал хъуыд, уымæ гæсгæ уыдон æнхъæл уыдысты, Хуыцауы Паддзахад рæхджы æрцæудзæн, зæгъгæ. Æмæ ма сын уый тыххæй Йесо радзырдта фæсномыг ныхас дæр.

12 Загъта: «Иу лæг, уæздан мыггагæй, цыди дард бæстæмæ, цæмæй йæ уым сæвæрдæуа паддзахæй æмæ раздæха фæстæмæ.

13 Басидт йæ дæс цагъармæ, радта сын дæс минæйы æмæ сын загъта: „Пайда сæ кæнут ме ’рцыдмæ, цæмæй райсат æфтиаг“.

14 Фæлæ йе ’мбæстæгтæн æнæуынон кæй уыди, уымæ гæсгæ йын йæ фæдыл арвыстой минæвæрттæ зæгъынмæ: „Мах нæ фæнды, цæмæй нын уый паддзахиуæг кæна“.

15 Паддзахæй йæ сæвæрыны фæстæ куы æрыздæхт, уæд чи цас æфтиаг райста, уый базоныны тыххæй басидт, æхца кæмæн радта, уыцы цагъартæм.

16 Æрцыд фыццаг æмæ загъта: „Хицау, дæ минæ æфтиаг æрхаста дæс минæйы“.

17 Уый йын загъта: „Хорз, мæ дзæбæх цагъар! Чысыл хъуыддаджы иузæрдион кæй уыдтæ, уымæ гæсгæ дæ хицауæй æвæрын дæс сахарæн“.

18 Æрцыд дыккаг æмæ загъта: „Хицау, дæ минæ æфтиаг æрхаста фондз минæйы“.

19 Уымæн дæр загъта: „Дæу та хицауæй æвæрын фондз сахарæн“.

20 Æрцыд æртыккаг æмæ загъта: „Хицау, мæнæ дæ минæ, æз æй хæцъилы тыхтæй фæдардтон.

21 Тæрсгæ дæ кодтон, уымæн æмæ карз лæг дæ. Цы нæ нывæрдтай, уый дæхи бакæныс, цы нæ байтыдтай, уый æркæрдыс“.

22 Хицау ын загъта: „Дæхи ныхæстæй дын тæрхон кæндзынæн, æвзæр цагъар! Æз карз лæг кæй дæн, æмæ цы нæ нывæрдтон, уый мæхи кæй бакæнын, цы нæ байтыдтон, уый кæй æркæрдын, уыдæттæ куы зыдтай,

23 Уæд цæуылнæ радтай ме ’хца пайдадзы скæнынмæ, куы æрцыдтæн, уæд æй æфтиагамæ куыд райстаин, афтæ?“

24 Æмæ уым чи лæууыд, уыдонæн загъта: „Райсут ын йæ минæ æмæ йæ раттут, дæс минæйы кæмæ ис, уымæн“.

25 Уыдон ын загътой: „Хицау, уымæ дæс минæйы куы ис“.

26 Уый дзуапп радта: „Зæгъын уын, кæмæ ис, уымæн рардæуыдзæн;

кæмæ нæй, уымæй та ист æрцæудзæн, цы йæм ис, уый дæр.

27 Паддзах сын уон, уый кæй нæ фæндыд, мæ уыцы знæгты та æркæнут æмæ сæ мæ разы амарут“».

Йесо æрцыд Иерусалиммæ

28 Уый зæгъыны фæстæ Йесо араст Йæ фæндагыл Иерусалиммæ.

29 Елеон цы хох хуындæуы, уымæн йæ фахсыл чи ис, уыцы Виффаги æмæ Вифанимæ куы баввахс, уæд арвыста Йæ ахуыргæнинæгтæй дыууæйы,

30 Æмæ сын загъта: «Ацæут, уæ ныхмæ цы хъæу ис, уырдæм. Куы бацæуат, уæд ссардзыстут, адæймаг кæуыл нæма сбадт, ахæм къæлæу бастæй. Суадзут æй æмæ йæ æркæнут.

31 Исчи уæ куы бафæрса: „Цæмæн æй уæгъд кæнут?“, уæд-иу ын зæгъут: „Хицауы хъæуы“».

32 Ахуыргæнинæгтæ ацыдысты æмæ æппæт дæр ссардтой, Йесо сын куыд загъта, афтæ.

33 Къæлæуы куы уæгъд кодтой, уæд сын йæ хицæуттæ загътой: «Цæмæн уæгъд кæнут къæлæуы?»

34 Уыдон дзуапп радтой: «Хицауы хъæуы».

35 Æмæ къæлæуы æркодтой Йесомæ, æрæфтыдтой йыл сæ дарæстæ æмæ йыл Йесойы сбадын кодтой.

36 Йесо куы фæцæйцыд, уæд Ын адæм сæ дарæстæ тыдтой Йæ фæндагыл.

37 Елеоны хохы æруайæнмæ куы баввахс, уæд Йæ ахуыргæнинæгтæ сеппæт дæр райдыдтой цингæнгæ хъæрæй Хуыцауы стауын, кæй федтой, æппазтуыцыдиссæпытыххæй:

38 «Арфæгонд уæд Хуыцауы номæй æрцæуæг Паддзах! Фарн æмæ намыс Хуыцауæн уæлæрвты!»

39 Адæмимæ чи уыди, уыцы фарисейтæй Йын чидæртæ загътой: «Ахуыргæнæг, ныхъхъус кæн Дæ ахуыргæнинæгты».

40 Фæлæ сын Йесо дзуапп радта: «Зæгъын уын: уыдон куы ныхъхъус уой, уæд дуртæ ныхъхъæр кæндзысты».

Йесо кæуы Иерусалимыл

41 Йесо сахармæ куы баввахс æмæ йæ куы федта, уæд ыл скуыдта

42 Æмæ загъта: «Гъæй-джиди, ды дæр абон куы базонис, фарны хос дын цы у, уый! Фæлæ дын ныр æргом нæу.

43 Уымæн æмæ дыл скæндзæн ахæм бонтæ, æмæ де знæгтæ дæ къулты алыварс ныккалдзысты сыджыты рæгътæ, æртыхсдзысты дыл æмæ дæ цъист кæндзысты алырдыгæй.

44 Дæу æмæ дын дæ хъæбулты дæ мидæг сæмвæз кæндзысты зæххимæ, æмæ дæ дур дурыл нал ныууадздзысты, Хуыцау дæм куы æрцыд, уыцы афон кæй нæ базыдтай, уый тыххæй».

Йесо сыгъдæг кæны Кувæндон

45 Йесо Кувæндонмæ бацыд æмæ уырдыгæй тæрын райдыдта уæйгæнджыты.

46 Дзырдта сын: «Фыст у: „Мæ хæдзар кувæн хæдзар уыдзæн“; сымах та дзы абырджыты лæгæт сарæзтат».

47 Йесо алы бон дæр адæмы ахуыр кодта Кувæндоны. Алчертæ, динамонджытæ æмæ Йæ адæмы хистæртæ хъавыдысты амарынмæ,

48 Фæлæ Йын уыцы ми цы амалæй бакодтаиккой, уый нæ зыдтой, уымæн æмæ Йæм æппæт адæм дæр æнæрынцойæ хъуыстой.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.