Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 15

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Фæсномыг ныхас дзæгъæл фысы тыххæй

1 Хъалонисджытæ æмæ тæригъæдджынтæ сеппæтдæр цыдысгы Йесомæ байхъусынмæ.

2 Фарисейтæ æмæ динамонджытæ та хъуыр-хъуыр кодтой æмæ дзырдтой: «Ай тæригъæдджынты суазæг кæны æмæ хæры семæ».

3 Уæд сын Йесо радзырдта ацы фæсномыг ныхас:

4 «Сымахæй искæмæ фондзыссæдз фысы куы уаид æмæ дзы иу куы фесæфид, уæд, мыййаг, йæ нудæс æмæ цыппарыссæдз фысы æдзæрæг ран нæ ныууадзид æмæ йæ сæфт фысы агурæг нæ ацæуид, цалынмæ йæ ссара, уæдмæ?

5 Æмæ йæ куы ссара, уæд æй цингæнгæ сæвæрдзæн йæ уæхскыл,

6 Æрцæудзæн хæдзармæ, æрбахондзæн йæ хæлæртты, йæ сыхæгты, æмæ сын зæгъдзæн: „Цин кæнут мемæ, æз ссардтон мæ сæфт фысы“.

7 Зæгъын уын, фæсмоны сæр кæй нæ хъæуы, ахæм нудæс æмæ цыппарыссæдз рæстгæнæгæй иу фæсмонгæнæг тæригъæдджыны тыххæй фылдæр цин уыдзæн уæларвы.

Фæсномыг ныхас сæфт драхмæйы тыххæй

8 Кæнæ сылгоймагмæ дæсдрахмæйы куы уа, æмæ йын дзы иу куы фесæфа, уæд, мыййаг, цырæгътæ не ссудздзæн æмæ нæ райдайдзæн хæдзар мæрзын æмæ зæрдиагæй агурын, цалынмæ йæ ссара, уæдмæ?

9 Æмæ йæ куы ссара, уæд æрæмбырд кæндзæн йæ хæлар æмæ сыхаг сылгоймæгты æмæ зæгъдзæн: „Цин кæнут мемæ, æз ссардтон мæ сæфт драхмæ“.

10 Зæгъын уын, афтæ цин кæнынц Хуыцауы зæдтæ иу фæсмонгæнæг тæригъæдджыны тыххæй».

Фæсномыг ныхас дзæгъæлдзу фырты тыххæй

11 Йесо дзырдта дарддæр: «Иу лæгæн уыди дыууæ фырты.

12 Кæстæр йæ фыдæн загъта: „Мæ фыд, ратт мын, дæ мулкæй мын цы æмбæлы, уыцы хай“. Æмæ сын фыд байуæрста йæ мулк.

13 Цалдæр боны фæстæ кæстæр фырт бамбырд кодта, цыдæриддæр æм уыди, уый, ацыди дард бæстæмæ, уым бафтыд хæлд цардыл, йæ мулк бахордта.

14 Æмæ йæм куы ницыуал баззад, уæд уыцы бæстæйы скодта тынг æххормаг рæстæг, æмæ лæппу райдыдта хъуаг æййафын.

15 Уæд æрцыд уыцы бæстæйы цæрджытæй иумæ, æмæ йæ уый арвыста йæ быдыртæм хуытæ хизынмæ.

16 Лæппу райгонд уыдаид суанг хуыты холлагæй дæр йæ гуыбын бафсадынæй, фæлæ йын уый дæр ничи лæвæрдта.

17 Йæхи куы æрæмбæрста, уæд загъта: „Мæ фыдмæ цас æххуырстытæ ис, æмæ хойрагæй сæ уæлдæйттæ уадзынц, æз та стонгæй мæлын!

18 Сыстон, ацæуон мæ фыдмæ æмæ йын зæгъон: мæ фыд, æз мæ тæригъæдæй бафхæрдтон уæларв æмæ дæу,

19 Æмæ дæ фырты ном хæссыны аккаг нал дæн. Де ’ххуырстытау мæ исты куыстыл бафтау“.

20 Уæд сыстад æмæ ацыд йæ фыдмæ. Фыд æй дардмæ ауыдта æмæ йын фæтæригъæд кодта, разгъордта йæм, ныттыхсти йын йе ’фцæгыл æмæ йын батæ кодта.

21 Фырт ын загъта: „Мæ фыд, æз мæ тæригъæдæй бафхæрдтон уæларв æмæ дæу, æмæ дæ фырты ном хæссыны аккаг нал дæн“.

22 Фыд загъта йæ цагъартæн: „Рæвдздæр рахæссут тæккæ хуыздæр дарæс æмæ йæ сфæлындут, бакæнут ын йæ къухыл къухдарæн, йæ къæхтыл ын скæнут дзабыртæ.

23 Ракæнут хæрзхаст род æмæ йæ аргæвдут; кæнæм минас æмæ цин.

24 Уымæн æмæ мæ ацы фырт уыди мард æмæ райгас, уыди сæфт æмæ разынд“. Æмæ бæрæгбон райдыдта.

25 Хистæр фырт та быдыры уыди. Уырдыгæй куы æрбацæйцыд æмæ хæдзармæ куы æрбаввахс, уæд фехъуыста фæндыры цагъд æмæ кафын.

26 Басидти фæсдзæуинтæй иумæ æмæ йæ бафарста: „Ай цы у?“

27 Уый йын загъта: „Де ’фсымæр æрцыд æмæ дæ фыд аргæвста хæрзхаст род, дзæбæхæй йыл кæй сæмбæлд, уый тыххæй“.

28 Æфсымæр смæсты æмæ йæ мидæмæ цæуын нал фæндыд. Уæд æм фыд рацыд æмæ йын райдыдта лæгъстæ кæнын.

29 Уый йæ фыдæн дзуапп радта: „Ныр дын цал æмæ цал азы кусын, æмæ дæ иу дзырды сæрты дæр никуы ахызтæн, ды та мын мæ хæлæрттимæ фæминас кæнынæн сæныкк дæр никуы радтай.

30 Фæлæ хъахбайтимæ дæ мулк чи бахордта, дæ уыцы фырт куы æрцыд, уæд ын ды аргæвстай хæрзхаст род“.

31 Фыд ын загъта: „Мæ хъæбул, ды кæддæриддæр мемæ дæ, æмæ мæм цыдæриддæр ис, уый дæу у.

32 Фæлæ цины бæрæгбон саразын æмбæлд, уымæн æмæ дæ уыцы æфсымæр уыди мард æмæ райгас, уыди сæфт æмæ разынд“».

-17-

Тæригъæдмæ мондаггæнæнтæ

1 Йесо Йæ ахуыргæнинæгтæн ноджыдæр загъта: «Тæригъæдмæ мондаггæнæнтæ æнæмæнг хъуамæ уой, фæлæ сар йæ сæр, кæй аххосæй æрцæуой, уымæн.

2 Ацы кæстæртæй иуы тæригъæды чи бафтауа, уымæн фæлтау йæ хъуырыл куыройыфыд куы æрцауывдзиккой æмæ йæ денджызы куы баппариккой, уæд ын хуыздæр уаид.

Ныббар де ’фсымæрæн

3 Кæсут уæхимæ. Де ’фсымæр дæ тæригъæды куы бацæуа, уæд ын бауайдзæф кæн, æмæ кæд æрфæсмон кæна, уæд ын ныббар.

4 Бон авд хатты дæ тæригъæды куы бафта æмæ дæм бон авд хатты куы бацæуа æмæ дын куы зæгъа: „Фæсмон кæнын“, — уæд ын ныххатыр кæн».

Уырнындзинад

5 Апостолтæ Йесойæ куырдтой: «Фæфылдæр нын кæн нæ уырнындзинад».

6 Йесо загъта: «Хъыцъыйы гагайыйас уырнындзинад уæм куы уаид æмæ ацы тутабæласæн куы зæгъиккат: „Æд уидæгтæ дæхи срæдув æмæ денджызы ныссæдз“, уæд уæм байхъусид.

Фæсномыг ныхас ницæйаг цагъарты тыххæй

7 Зæгъæм, сымахæй искæмæн ис, хуым чи кæны кæнæ фос чи хизы, ахæм цагъар. Æмæ уый быдырæй куы æрбацæуа, уæд ын зæгъдзынæ, мыййаг: „Рæвдздæр рацу æмæ фынгыл æрбад“?

8 Уый нæ, фæлæ йын афтæ, мыййаг, нæ зæгъдзынæ: „Сцæттæ мын кæн æхсæвæр, бафистæг кæн дæхи æмæ, цалынмæ хæрон æмæ нуазон, уæдмæ мын лæггад кæн; уый фæстæ ды дæр хæр æмæ нуаз“?

9 Цы йын бафæдзæхстæуыд, уый кæй сарæзта, уый тыххæй уыцы цагъарæн арфæтæ кæндзынæ? [Æнхъæл нæ дæн.]

10 Афтæ сымах дæр — цыдæриддæр уын бафæдзæхстæуыд, уый куы бакæнат, уæд зæгъут: „Мах ницæйаг цагъартæ стæм — цы нын æмбæлд, айдагъ уый сарæзтам“».

Дæс хъотырджыны сдзæбæх сты

11 Йесо Иерусалиммæ куы цыди, уæд Йæ фæндаг уыди Самарийы æмæ Галилейы æхсæн арæныл.

12 Æмæ Йыл иу хъæуы сæмбæлдысты дæс хъотырджын лæджы. Уыдон дæрддзæф æрлæууыдысты,

13 Æмæ хъæр кодтой: «Хицау Йесо, батæригъæд нын кæн!»

14 Йесо сæ куы федта, уæд сын загъта: «Ацæут, уæхи фенын кæнут сауджынтæн». Æмæ ма фæндагыл куы уыдысты, уæд ссыгъдæг сты.

15 Кæй сдзæбæх, уый сæ иу куы федта, уæд раздæхт æмæ хъæлæсыдзагæй кад кодта Хуыцауæн.

16 Адæлгом Йесойы къæхты раз æмæ Йын арфæ кодта. Уый уыди самариаг.

17 Уæд Йесо загъта: «Дæсæй не ссыгъдæг сты, æви? Иннæ фараст адæймаджы кæм сты?

18 Ацы æндæрбæстаг куы раздæхт, уæд уыдон цæуылнæ раздæхтысты Хуыцауæн кад скæнынмæ?»

19 Æмæ йын загъта: «Сыст æмæ ацу. Дæ уырнындзинад дæ фервæзын кодта».

Хуыцауы Паддзахады æрцыды тыххæй

20 Иухатт фарисейтæ Йесойы бафарстой, Хуыцауы Паддзахад кæд æрцæудзæн, зæгъгæ. Уый сын дзуапп радта: «Хуыцауы Паддзахады æрцыдæн цæстæй фенæн нæ уыдзæн.

21 Афтæ ничи зæгъдзæн: „Мæнæ ам ис“, кæнæ: „Уæртæ уым ис“. Уымæн æмæ Хуыцауы Паддзахад уæ зæрдæйы ис»1.

22 Йæ ахуыргæнинæгтæн загъта: «Скæндзæн ахæм рæстæг, æмæ уæ бафæнддзæн Адæймаджы Фырты Паддзахады бонтæй иу уæддæр фенын, фæлæ йæ нæ фендзыстут.

23 Уæд уын зæгъдзысты: „Мæнæ ам ис“, кæнæ: „Уæртæ уым ис“. Ма цæут уырдæм, ма згъорут сæ фæдыл.

24 Уымæн æмæ æрвæрттывд арвы иу кæронæй иннæ кæронмæ куыд ныррухс кæны, афтæ уыдзæн Адæймаджы Фырты æрцыд дæр.

25 Фæлæ уал фыццаг хъуамæ бавзара бирæ хъизæмæрттæ æмæ Йыл ацы фæлтæр йæхи атигъ кæна.

26 Æмæ Нойы бонты куыд уыдис, афтæ уыдзæн Адæймаджы Фырты æрцыды рæстæг дæр.

27 Хордтой, нуæзтой, хастой устытæ, цыдысты моймæ, цалынмæ Ной наумæ нæ бацыд æмæ доны хъаймæт сеппæты дæр нæ фесæфта, уæдмæ.

28 Афтæ уыди Лоты бонты дæр: хордтой, нуæзтой, æлхæдтой, уæй кодтой, тыдтой хуымтæ, арæзтой.

29 Фæлæ Лот Содомæй куы рацыд, уыцы бон уæларвæй æруарыд цæхæр сондонимæ æмæ сеппæты дæр фесæфта.

З0 Адæймаджы Фырт куы æрцæуа, уæд дæр афтæ уыдзæн.

31 Уыцы бон уæлхæдзар чи уа, уый хæдзармæ ма æрхизæд уырдыгæй йæ дзаумæттæ рахæссынмæ. Быдыры чи уа, уый дæр ма раздæхæд.

32 Уæ зæрдыл дарут Лоты усы.

33 Йæ цард бахъахъхъæнынмæ чи бæллы, уый йæ фесафдзæн; йæ цард чи фесафа, уый та йæ бахъахъхъæндзæн.

34 Зæгъын уын: уыцы æхсæв дыууæ уыдзысты иу хуыссæны — сæ иу ист æрцæудзæн, иннæ та баззайдзæн.

35 Дыууæ сылгоймаджы иумæ сдзысты хор — сæ иу ист æрцæудзæн, иннæ та баззайдзæн.

36 [Дыууæ лæджы уыдзысты быдыры — сæ иу ист æрцæудзæн, иннæ та баззайдзæн.]»

37 Уæд Æй бафарстой: «Уый кæм уыдзæн, Хицау?» Йесо сын загъта: «Холы кæм уа, цæргæстæ дæр уым æрæмбырд уыдзысты».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.