Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 11

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Кувыны тыххæй

1 Иухатт Йесо иу ран куы куывта æмæ куывд куы фæци, уæд Ын Йæ ахуыргæнинæгтæй иу загъта: «Хицау, сахуыр нæ кæн кувын, Иоанн йæ ахуыргæнинæгты куыд сахуыр кодта, афтæ».

2 Йесо сын загъта: «Куы фæкувут, уæд-иу дзурут: „Нæ Фыд, сыгъдæг уæд Дæ ном. Æрцæуæд Дæ Паддзахад. [Уæларвы куыд у, афтæ зæххыл дæр уæд Дæ фæндон.]

3 Алы бон дæр нын дæтт цæрынваг къæбæр.

4 Ныббар нын нæ тæригъæдтæ, уымæн æмæ мах дæр барæм неппæт хæсджынтæн. Ма нæ бафтау фæлварæны, [фыдбылызæй нæ бахиз]“».

Фæсномыг ныхас хъуырмæгæнæг хæлары тыххæй

5 Йесо сын загъта: «Зæгъæм, сымахæй искæмæн хæлар куы уаид. Æмбисæхсæв куы бацæуид уыцы хæлармæ æмæ йын куы зæгъид: „Мæ хæлар, ратт мын æртæ дзулы æфстау.

6 Мæ хæлар мæм фæндагæй фездæхт, æмæ йæ цæмæй суазæг кæнон, уый мæм нæй“.

7 Æмæ йæм уый мидæгæй куы радзурид: „Ма мæ хъыгдар, мæ дуар ныридæгæн æхгæд у, мæ сывæллазттæ дæр хуыссæны мемæ сты. Мæ бон нæу сыстын æмæ дын раттын“.

8 Зæгъын уын: уый сæ хæлардзинады тыххæй куы нæ сыста æмæ йын куы нæ ратта, фæлæ йæ ай уæддæр куынæуал уадза, уæд сыстдзæн æмæ йын ратдзæни, цас дзы кура, уыйбæрц.

9 Уæдæ уын Æз дæр зæгъын: курут æмæ райсдзыстут, агурут æмæ ссардзыстут, хойут æмæ уын байгом уыдзæн.

10 Уымæн æмæ алы курæг дæр райсы, агурæг ссары æмæ хойæгæн дуар байгом вæййы.

11 Йæ фырт дзы дзул куы кура, уæд ын дур чи ратта, уе ’хсæн ахæм фыд ис? Кæнæ йын кæсаджы бæсты калм ратдзæн?

12 Кæнæ дзы айк куы кура, уæд ын скорпион ратдзæн?

13 Уæдæ сымах фыдзæрдазтæ куы стут, æмæ уæддæр уæ зæнæгæн хорзы цæуын куы зонут, уæд Уæларвон Фыд куыннæ ратдзæни Сыгъдæг Уд, чи Дзы кура, уыдонæн!»

Æгомыг хæйрæджджын сдзæбæх

14 Иухатт Йесо иу адæймагæй сырдта æгомыггæнæг дæлимоны. Дæлимон дзы куы рацыд, уæд æгомыг райдыдта дзурын, æмæ адæм дисы бафтыдысты.

15 Иуæй-иутæ та загътой: «Уый дæлимонты суры дæлимонты æлдар веелзевулы хъаруйæ».

16 Иннæтæ та Дзы Йæ бафæлварыны тыххæй домдтой уæларвæй æвдисæйнаг равдисын.

17 Фæлæ сын Йесо зыдта сæ хъуыдытæ, æмæ сын загъта: «Алы паддзахад дæр куы ныддихтæ уа æмæ йæ адæм кæрæдзи ныхмæ куы фæуой, уæд федзæрæг уыдзæн, æмæ иу хæдзар иннæйыл рафæлдæхдзæн.

18 Уæдæ кæд хæйрæг йæхи ныхмæ тох кæны, уæд йæ паддзахад куыд фæлæудзæн? Сымах та афтæ дзурут, цыма Æз веелзевулы хъаруйæ сурын дæлимонты.

19 Кæд Æз дæлимонты веелзевулы хъаруйæ сурын, уæд сæ уæ фæдонтæ та кæй хъаруйæ сурынц? Уымæ гæсгæ уын уыдон уыдзысты тæрхонгæн джытæ.

20 Фæлæ кæд Хуыцауы хъаруйæ сурын дæлимонты, уæд уæм, бæгуыдæр, æрхæццæ Хуыцауы Паддзахад.

21 Тыхджын йæ хæдзар æдхæцæнгарз куы хъахъхъæна, уæд йæ исбонæн тас нæу.

22 Фæлæ йæм йæхицæй тыхджындæр куы бабырса æмæ йыл куы фæуæлахиз уа, уæд ын байсдзæн, йæ зæрдæ цы хæцæнгæрзтыл дардта, уыдон, æмæ дзы цы рахæсса, уый байуардзæн.

23 Мемæ чи нæу, уый Мæ ныхмæ у; æмæ Мемæ чи не ’мбырд кæны, уый хæлæттаг кæны.

Æнæзæгъинаг æрбаздæхы йæраздæры бынатмæ

24 Æнæзæгъинаг адæймагæй куы рацæуы, уæд æнцой агурæг фæзилы æнæдон рæтты, æмæ куы не ссары, уæд фæзæгъы: „Раздæхон, цы хæдзарæй рацыдтæн, уырдæм“.

25 Æмæ куы æрцæуы, уæд æй æрæййафы марзт æмæ æфснайдæй.

26 Уæд ацæуы æмæ йемæ æркæны æндæр авд æнæзæгъинаджы, йæхицæй фыддæрты, бацæуынц уырдæм æмæ дзы æрцæрынц; æмæ уыцы адæймаг бахауы, раздæр цы уыди, уымæй ноджы æвзæрдæр уавæры».

Æцæг амонд

27 Йесо уый куы дзырдта, уæд Ын адæмы æхсæнæй иу сылгоймаг хъæрæй загъта: «Тæхудиаг сты, Дæу чи хаста, уыцы гуыбын, æмæ Ды кæй дадтай, уыцы риутæ!»

28 Йесо та загъта: «Тæхудиаг сты, Хуыцауы ныхасмæ чи хъусы æмæ йæ чи æххæст кæны, уыдон».

Йесойæ домынц æвдисæйнаг

29 Адæм фылдæрæй-фылдæр куы кодтой, уæд Йесо райдыдта дзурын: «Ацы фæлтæр хæлд фæлтæр у. Æвдисæйнаг домы, фæлæ йын Ионæйы диссагæй дарддæр æндæр æвдисæйнаг нæ рардæуыдзæн.

30 Уымæн æмæ Ионæ ниневиæгтæн æвдисæйнаг куыд уыди, ацы фæлтæрæн дæр Адæймаджы Фырт афтæ уыдзæн.

31 Хуссары ус-паддзах тæрхоны бон рацæудзæн ацы адæмы фæлтæры ныхмæ æмæ сæ фæзылын кæндзæн, уымæн æмæ зæххы кæронæй æрцыди Соломоны зондджын ныхæстæм байхъусынмæ; ныр та ам ис, Соломонæй уæлдæр Чи у, Уый.

32 Ниневиæгтæ тæрхоны бон рацæудзысты ацы фæлтæры ныхмæ æмæ йæ фæзылын кæндзысты, уымæн æмæ уыдон Ионæйы ныхасæй æрфæсмон кодтой; ныр та ам ис, Ионæйæ уæлдæр Чи у, Уый.

Фæсномыг ныхас цырагъы тыххæй

33 Цырагъ чи ссудзы, уый йæ хибар къуымы нæ сæвæры, дурыны бын дæр æй нæ бавæры, фæлæ йæ сæвæры цырагъдарæныл, бацæуджытæ рухс куыд уыной, афтæ.

Рухсгæнæн буарæн

34 Буарæн йæ рухсгæнæн цæст у. Æмæ дæ цæст сыгъдæг куы уа, уæд дæ буар æгасæй дæр рухс уыдзæн. Фæлæ дæ цæст чъизи куы уа, уæд дæ буар дæр талынг уыдзæн.

35 Уæдæ дæхимæ кæс, цæмæй дæм цы рухс ис, уый ма разына талынг.

36 Кæд дæ буар иууылдæр рухс у, иунæг талынг уæнг дæр ыл нæй, уæд иууылдæр уыдзæни рухс, рухсгæнæн дæ цыма рухс кæны, афтæ».

Йесо багæды кодта фарисейты æмæ динамонджыты

37 Йесо Йæ ныхас куы фæци, уæд Æй иу фарисей бахуыдта йæхимæ сихор хæрынмæ. Йесо бацыд æмæ æрбадт фынгыл.

38 Сихоры размæ Йесо Йæ къухтæ кæй нæ цæхсадта, уый фарисей куы федта, уæд дисы бафтыд.

39 Фæлæ йын Хицау загъта: «Сымах, фарисейтæ, къус æмæ тæбæгъ æддейæ сыгъдæг кæнут, мидæгæй та кæрæф æмæ хæрамæй дзаг стут.

40 Æнæзæндтæ! Æддейæ цы ис, уый Скæнæг не скодта, мидæгæй цы ис, уый дæр, æви?

41 Цы уæм ис, уымæй иннæтæн дæр фæхай кæнут, æмæ уæд уæ алы-алцы дæр уыдзæни сыгъдæг.

42 Фæлæ сар уæ сæр, фарисейтæ! Моисейы Æгъдаумæ гæсгæ суанг битъына, рутæ æмæ æппæт иннæ кæрдæджыты дæсæймаг хай дæттут, Хуыцауы рæстдзинад æмæ уарзт та ницæмæ дарут. Сымахæн æмбæлд адæттæ кæнын æмæ уыдæттæ дæр рохуаты нæ ныууадзын.

43 Сар уæ сæр, фарисейтæ! Сымах уарзут синагогæты раззаг бынæтты бадын æмæ сахарты фæзты адæмы арфæтæм хъусын.

44 Сар уæ сæр! Сымах стут, бæрæг чи нал дары æмæ, уый нæ зонгæйæ, адæм кæуыл хæтынц, уыцы ингæнты хуызæн».

45 Уæд Йесойæн иу динамонæг загъта: «Ахуыргæнæг, Ды афтæ кæй зæгъыс, уымæй мах дæр æфхæрыс».

46 Йесо дзуапп радта: «Сар уæ сæр сымахæн дæр, динамонджытæ! Адæмыл æвæрут зынхæссæн уæргътæ, уæхæдæг та сæм уæ ныхы кæронæй дæр не ’вналут.

47 Сар уæ сæр! Уæ фыдæлтæ цы пехуымпарты фæцагътой, уыдонæн аразут зæппæдзтæ —

48 Уымæй сымах æвдисут, уæ фыдæлты хъуыддæгтæ растыл кæй нымайут, уый. Уыдон сæ фæцагътой, сымах та сын зæппæдзтæ аразут.

49 Уымæ гæсгæ Хуыцауы уæлзонд загъта: „Арвитдзынæн сæм пехуымпарты æмæ минæвæртты, æмæ дзы кæйдæрты æфхæрдзысты æмæ сæ амардзысты“.

50 Уæдæ ацы фæлтæрæн фидинаг у, дуне сфæлдисынæй нырмæ цы пехуымпарты туг фæкалд, уый:

51 Авелы тугæй, нывондхæссæнæй Кувæндоны æхсæн кæй амардæуыд, уыцы Захарийы туджы онг. О, зæгъын уын, уый ацы фæлтæрæн фидинаг у.

52 Сар уæ сæр, динамонджытæ! Сымах байстат зонынады дуары дæгъæл; уæхæдæгдæр нæ бацыдыстут, стæй бацæуын кæй фæндыд, уыдоны дæр нæ бауагътат».

53 Йесо куы рацыд, уæд динамонджытæ æмæ фарисейтæ райдыдтой Йæ ныхмæ дзурын æмæ Йыл фарстытæ ныккалдтой —

54 Къахтой Йæ, цæмæй йын Йæ ныхæстæ Йæхи ныхмæ фæкæной.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.