Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 1

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Раздзырд

1 Махмæ цы цаутæ æрцыд, уыдоны фæдыл ныридæгæн бирæтæ ныффыстой.

2 Уыцы цауты тыххæй нын радзырдтой, тæккæ райдианæй сæ йæхи цæстæй чи федта æмæ Хуыцауы ныхас адæммæ хæссыны куыст кæмæ æрхауд, уыдон.

3 Æмæ æз дæр, æппæт уыдæттæ сæрæй кæронмæ бæстон раиртасыны фæстæ, сфæнд кодтон дæумæ сæ фæд-фæдыл ныффыссын, кадджын Феофил,

4 Цæмæй базонай, цы ахуырад дын бацамындæуыд, уымæн йæ фидар бындур.

Захарийæн загъдæуыд Иоанны райгуырды тыххæй

5 Иудейаг паддзах Ироды заман уыд иу сауджын, йæ ном Захари — Авийы мыггагæй чи уыд, уыцы сауджынты къордæй. Йæ ус дæр уыд Аароны байзæддагæй, йæ ном Елисаветæ.

6 Сæ дыууæ дæр Хуыцауы раз уыдысты рæстаг, æнаиппæй æххæст кодтой Хуыцауы æппæт фæдзæхстытæ æмæ амындтæ.

7 Сывæллæттæ сын нæ уыд, уымæн æмæ Елисаветæ уыдис æнæзæнæг; сæ дыууæ дæр тынг базæронд сты.

8 Иухатт Захари лæггад кодта Хуыцауы раз, уымæн æмæ æрæййæфта сæ сауджынты къорды рад.

9 Æмæ Захарийæн, сауджынты æгъдаумæ гæсгæ, схауд йæ хал, æмæ буд судзынмæ бацыди Хуыцауы Кувæндонмæ.

10 Буд судзыны афон кæрты уыди бирæ кувæг адæм.

11 Уæд Захаримæ фæзынд Хуыцауы зæд. Зæд лæууыди будсудзæн нывондхæссæны рахиз фарс.

12 Захари йæ куы федта, уæд фæджих æмæ тынг фæтарст.

13 Фæлæ йын зæд загъта: «Ма тæрс, Захари, уымæн æмæ дæ куывд фехъуыст Хуыцаумæ. Дæ ус Елисаветæ дын ныййардзæн фырт æмæ йæ схондзынæ Иоанн.

14 Дæ фырт дын æрхæсдзæн стыр цин, йæ райгуырдыл бацин кæндзысты бирæтæ,

15 Уымæн æмæ цытджын уыдзæни Хуыцауы раз. Нæ нуаздзæн сæн æмæ æндæр карз нозт, Сыгъдæг Удæй схайджын уыдзæн йæ мады гуыбынмæ.

16 Æмæ израилаг адæмæй бирæты раздахдзæн сæ Хицау Хуыцаумæ.

17 Илиайы уд æмæ тыхимæ цæудзæни Хицауы разæй, цæмæй фыдæлты зæрдæтæ раздаха цотмæ, хивæндтæн ратга рæстгæнджыты зонд, адæмы æрцæттæ кæна Хицауы æрцыдмæ».

18 Захари бафарста зæды: «Æз ууыл куыд баууæндон? Уымæн æмæ зæронд дæн, мæ ус дæр æгæр базæронд».

19 Зæд ын дзуапп радта: «Æз дæн Хуыцауы раз лæууæг Гавриил æмæ æрвыст дæн дæуæн ацы хорз хабар зæгъынмæ.

20 Афон куы ралæууа, уæд æнæмæнг чи сæххæст уыдзæн, мæ уыцы ныхæстыл кæй нæ баууæндыдтæ, уый тыххæй ныртæккæ багомыг уыдзынæ, æмæ цалынмæ уыцы хъуыддаг æрцæуа, уæдмæ не сдзурдзынæ».

21 Адæм та æнхъæлмæ кастысты Захаримæ æмæ дис кодтой, Кувæндоны кæй ныффæстиат, ууыл.

22 Куы рацыд, уæд та семæ ныхас кæнын йæ бон нæ уыд. Æмæ бамбæрстой, Кувæвдоны диссаг кæй федта, уый. Йæ зæгъинæгтæ æмбарын кодта къухæй, æмæ баззад æгомыгæй.

23 Кувæндоны йæ лæггад кæныны бонтæ куы фесты, уæд æрбаздæхт хæдзармæ.

24 Уый фæстæ йæ ус Елисаветæ банхъæлцау, фовдз мæйы йæхи æмбæхста æмæ дзырдта:

25 «Уый мын Хуыцау сарæзта æркаст мæм, цæмæй адæмы æхсæн фидиссаг мауал уон».

Æхсызгон хабар

26 Елисаветæ æхсæзæм мæй æнхъæлцау куы уыди, уæд Хуыцау Йæ зæд Гавриилы арвыста галилейаг сахар Назаретмæ,

27 Æнæцыд Чызгмæ, Давиды байзæддаг Иосифæн куырдуаты Чи бадт, Уымæ; Чызгæн Йæ ном Мариа.

28 Зæд Æм бацыд æмæ Йын загъта: «Цин кæн, Фæрнæйдзаг! Хуыцау Демæ ис. [Арфæгонд дæ сылгоймæгты æхсæн.]»

29 Мариа зæды ныхæстæй фæджих æмæ хъуыдыты бафтыд, уыцы арфæ цы амона, зæгъгæ.

30 Зæд ын загъта: «Ма тæрс, Мариа, уымæн æмæ Дæ Хуыцау схайджын кодта йæ хорзæхæй.

31 Банхъæлцау уыдзынæ, ныййардзынæ Фырт æмæ Йæ схондзынæ Йесо.

32 Уый уыдзæни цытджын, схуындæйæуыдзæн Дунедарæджы Фырт, æмæ Йын Хицау Хуыцау ратдзæн Йæ фыдæл Давиды паддзахад.

33 Иаковы байзæддагæн паддзахиуæг кæндзæн мыггагмæ, æмæ Йæ Паддзахадæн кæрон никуы æрцæудзæн».

34 Мариа зæдæн загъта: «Æз мойы хъæстæ куы нæ дæн, уæд уый куыд уыдзæн?»

35 Зæд Ын дзуапп радта: «Ды схайджын уыдзынæ Сыгъдæг Удæй, æмæ Дунедарæджы тых Дæу бакæндзæн йæ дæлбазыр. Уымæ гæсгæ Дын цы Хъæбул райгуыра, Уый уыдзæни сыгъдæг æмæ Йæ схуындæуыдзæн Хуыцауы Фырт.

36 Мæнæ Дæ хæстæг Елисаветæ дæр ма зæрондæй куы банхъæлцау æмæ ныр æхсæзæм мæй цæуы лæппуйыл, афтæмæй йæ æнæзæнæг хуыдтой.

37 Уымæн æмæ Хуыцауæн æппæт дæр Йæ бон у».

38 Уæд Мариа загъта: «Æз Хицауы цагъар дæн; ды цы загътай, уый Мыл æрцæуæд». Æмæ Йæ зæд ныууагъта.

Мариа бабæрæг кодта Елисаветæйы

39 Уыцы бонты Мариа бавдæлд æмæ атындзыдта хæхбæстæм, иудейаг сахармæ.

40 Уым бацыд Захарийы хæдзармæ æмæ салам радта Елисаветæйæн.

41 Елисаветæ Мариайы салам куы фехъуыста, уæд сывæллон йæ гуыбыны базмæлыд, Елисаветæ схайджын Сыгъдæг Удæй

42 Æмæ хъæрæй загъта: «Арфæгонд дæ сылгоймæгты æхсæн, æмæ арфæгонд у, Дæ гуыбыны цы Сывæллон ис, Уый!

43 Мæ Хицауы Мад мæм æрбацæуа, ахæм хорзæх мæм цæмæн æрхауд?

44 Дæ салам Дын куы фехъуыстон, уæд мæ гуыбыны сывæллон цингæнгæ базмæлыд.

45 Тæхудиаг у, Хуыцау Ын цы загъта, уый кæй æрцæудзæн, ууыл баууæндæг Чызг».

46 Уæд Мариа загъта: «Стауы Мæ зæрдæ Хицауы.

47 Мæ уд цин кæны Хуыцауыл, Мæ Ирвæзынгæнæгыл —

48 Уый æркаст Йæ сæрныллæг цагъар Чызгмæ; æппæт фæлтæртæ Мæ нырæй фæстæмæ арфæгонд хондзысты.

49 Уымæн æмæ Æппæтхъомыс стыр хъуыддаг сарæзта Мæнæн. Сыгъдæг у Йæ ном!

50 Чи Дзы тæрсы, уыдон фæлтæрæй-фæлтæрмæ Йæ хорзæхæй хайджын сты.

51 Стыр хъуыддæггæ сарæзта Йæ къухæй, ныххæлиу кодта, сæ зæрдæты хъал хъуыдытæ чи нывæнды, уыдоны,

52 Тыхджынты раппæрста сæ бадæнтæй æмæ сбæрзонд кодта сæрныллæгты.

53 Æххормæггы бафсазста хорзæхтæй, бонджынты та ауагъта ницæимæ.

54 Æрцыд æххуысмæ Йæ лæггадгæнæг Израилмæ, нæ Дзы ферох хорзæхтæй йæ мыггагмæ хайджын кæнын,

55 Нæ фыдæлтæн — Авраамæн æмæ йæ байзæддагæн — зæрдæ куыд бавæрдта, афтæ».

56 Мариа Елисаветæмæ фæци æртæ мæйы бæрц æмæ раздæхт Йæ хæдзармæ.

Аргъауæг Иоанны райгуырд

57 Елисаветæйæн та æрхæццæ йæ афон æмæ ныййардта фырт.

58 Хуыцау ыл стыр арфæ кæй бафтыдта, уый фехъуыстой йæ сыхæгтæ, йæ хæстæджытæ æмæ цин кодтой йемæ.

59 Æстæм бон æрцыдысты сывæллоны сунæт кæнынмæ, æмæ сæ фæндыд йæ фыды ном Захари йыл сæвæрын.

60 Фæлæ йæ мад загъта: «Нæ, схонæм æй Иоанн».

61 Уæд ын загътой: «Дæ хæстæджытæй ахæм ном никæуыл ис».

62 Нысæнттæй йын фарстой йæ фыды, цы ном сæвæрын æй фæнды, зæгъгæ.

63 Уый ракуырдта фæйнæг æмæ йыл ныффыста: «Йæ ном Иоанн у». Æмæ сеппæт дæр дисы бафтыдысты.

64 Уайтæккæ райхæлдысты Захарийы дзых æмæ æвзаг, æмæ райдыдта дзурын, Хуыцауы стауын.

65 Сæ алыварс цæрджыты бацыди тас. Æппæт уыдæтты тыххæй дзырдтой уæлхох Иудейæйы алы кæрæтты.

66 Хабар чи фехъуыста, уыдон æй сæ зæрдыл бадардтой æмæ дзырдтой: «Чи уыдзæн ацы сывæллон?» Æмæ Хуыцау уыдис Иоаннимæ.

Захарийы пехуымпар ныхас

67 Иоанны фыд Захари схайджын Сыгъдæг Удæй, райдыдта пехуымпариуæг кæнын æмæ дзырдта:

68 «Арфæгонд уæд Израилы Хицау Хуыцау — æркаст Йæ адæммæ æмæ сын æрхаста сæрибар.

69 Йæ цагъар Давиды байзæддагæй нын радта домбай Ирвæзынгæнæджы,

70 Рагзаманы сыгъдæг пехуымпарты дзыхæй куыд фехъусын кодта, афтæ.

71 Уый мах фервæзын кæндзæн не знæгтæй, æмæ æнæуынон кæмæн стæм, уыдоны къухæй.

72 Хуыцау зæрдæ бавæрдта, Йæ хорзæхæй нæ фыдæлты кæй схайджын кæвдзæн, Йæ сыгъдæг фидыд Дзы кæй нæ ферох уыдзæн, уымæй.

73 Расомы кодта нæ фыдæл Авраамæн,

74 Байсдзæни нæ знæгты къухæй, зæгъгæ,

75 Æмæ Йын нæ цæргæбонты кусдзыстæм æдасæй, Йæ цæсты уыдзыстæм сыгъдæг æмæ раст адæм.

76 Дæу та, саби, схуындæуыдзæн Дунедарæджы пехуымпар, уымæн æмæ цæудзынæ Хицауы разæй фæндаг Ын æрцæттæ кæнынмæ.

77 Йæ адæммæ æрхæсдзынæ уац сæ фервæзыны тыххæй — сæ тæригъæдтæ уыдзысты хатыргонд,

78 Уымæн æмæ нæ Хуыцау уарзæгой æмæ хорзæхджын у. Йæ хорзæхмæ гæсгæ уæлæрвтæй æркæсдзæни Хур æмæ нæ бабæрæг кæндзæн,

79 Ныррухс кæндзæни мæлæты талынг бæстæйы цæрджыты, æмæ нæ сараздзæн Хуыцауимæ фидыды фæндагыл».

80 Сывæллон рæз хаста æмæ фидар кодта удæй. Цалынмæ Израилы адæмы размæ рацыди, уæдмæ цардис æдзæрæг бæстæйы.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.