Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Коцойты Арсен

АФТÆ ДÆР ВÆЙЙЫ

Хосдзау йæ уатæй рацыди, арвыл афæлгæсыди æмæ хинымæр сдзырдта:

— Хуыцауæй бузныг, æвзæр бон нæу нæ кусджытæн.

Акасти кæрты къуымты æмæ йæ фыртты фырттæй иу бæгъæмзæнгмæ фæхъæр кодта:

— Марадз, лæппу, дæ фындз къахыны бæсты стурты хъоммæ ахæццæ кæн!

Æндæр кæмæ сдзырдтаид Хосдзау! Бинонтæй кусынхъом чи уыди, уыдон — æмæ æххуырстытæ дæр семæ — иууылдæр сæумæцъæхæй быдыры кусынмæ аивгъуыдтой.

Бæгъæмзæнг лæппу тынг æвæндонæй йе ’нгуылдз йæ фындзæй æрласта æмæ стурты аскъæрдта.

Уæд Хосдзау лæдзæг йæ фæсонтыл цæхгæрмæ æрцарæзта, афтæмæй сындæггай, хъуыдытæ кæнгæйæ, дуармæ рацыди. Уым фæйнæгыл абадти æмæ-иу къах иннæйыл баппæрста.

Бады. Хъуыдытæ кæны. Уайтагъд йæ галиу рихи фæзылын ис. Куыд нæ зылын кæна рихи дæр! Æгас сыхы ма ахæм бæстыхæйттæ искæмæн ис? Кæрты алыварс дурын быру дæр амад фæци... Бæхтæ — фаг, гал — фаг, хъуг дæр — афтæ. Хохы йæ фысты дзугтæ ацы аз баисты цыппарсæдæйы бæрц. Хизынц сæ уым йæ фыртты фырттæй æртæ: иу — ас лæг Дзамболат, иннæтæ 15-æмæ 16-азыккон хæффындзхортæ.

Хосдзау йæ былтæ тынгдæр фæзылын кодта æмæ сдзырдта: «Афтæ дæр вæййы! Афтæ дæр вæййы!»

Хъуыдытæ кæны дарддæр.

Цæсгом дæр рухсæй-рухсдæр кæны.

Цыппар чызджы йын уыди. Æртæйы дзы федде кодта. Уæдæ ацы галуантæ цæмæй аскъæрдтаид! А цыппæрæм чызг ма баззад, иннæтæй рæсугъддæр, афтæмæй йын ацæуынæн ницыуал æнтысы.

Куырд бæргæ у... Фæлæ иу гæвзыкк... Ныр дыккаг аз ирæд бафидынæн ницы фæразы. Куы дыууын сомы æрбарвиты, куы æртын. Афтæмæй дæс азмæ дæр нæ ахицæн уыдзæн ирæд!

Хосдзауæн йæ ных фæтар ис. Рихитæ араст сты. Былтæ базмæлыдысты.

— Лæппуйæн ирæд бафидын йæ бон куы нæ уа, уæд хъуамæ йæхицæн æнцад бада!

Афтæ загъта Хосдзау. Стæй сыстади æмæ бараст ис хæдзармæ — йæ зæрдыл æрбалæууыдысты хъарм уæливых æмæ арахъ.

***

Æцæгдæр, Сугарты Саугуди Дзæхойты Хосдзауы чызджы куы ракуырдта, уæдæй рацыди дыууæ азы.

Кæцæй ахицæн кæна Саугуди ирæд афтæ тагъд? Кæркдоны хуызæн ын иу къуым баззади йæ фыдæй æмæ ма иу къуылых бæх. Гал нæй. Хъуг нæй. Йæ зæронд мад ма йæхи хъары хæдзарон мæргътæ арæх кæныныл. Йæ бон, йæ хъару цас у Саугудийæн, уыйас кусы, архайы. Иуæй — хæссы йæхи æмæ йæ зæронд мады. Дыккаг — архайы йæ хæдзары уаг фæхуыздæр кæныныл, цæмæй, Дзерассæйы куы æрхæсса, уæд уый раз къæмдзæстыг ма уа. Æртыккаг та — ирæд фидыныл тындзы...

Ирæд зæгъæм, æмæ хуымæтæджы ирæд нæу.

Нæ йын лæвæрдтой Дзерассæйы — лæппу, дам, мæгуыр у. Чызг та Саугудийы йеддæмæ никæмæн куымдта.

Уæд Хосдзау загъта:

— Фæндараст фæуæд нæ чызг, фæлæ ирæдæн мæ нымадæй къаддæр кæнæн нæй!

Йæ нымад та уыди Хосдзауæн афтæ: мин сомы æхца, дыууæ галы, дыууæ хъуджы æмæ иу бæх, стæй ма чызгæн чындздзон дзаумæттæ æмæ ноджы чындзæхсæвы хардз.

Лæппу йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта. Уый афтæ тынг уарзта Дзерассæйы, æмæ йæ ныфс дæрдтыл хаста. Мæнæ мын уыцы хъуыддаг нæ бантысдзæн, зæгъгæ, ницæмæй загътаид.

Фæлæ афæдз куы аивгъуыдта, уæд бамбæрста Саугуди, ахæм ирæд æнцон афидæн кæй нæ у. Фарон йæ хæдзары æмбис дурæй бамбæрзта, иннæ æмбис абон дæр ма хъæмпы бын лæууы. Ахæм хæдзар куыд сфидауа — иу къахыл цырыхъ, иннæуыл — æрчъи! Ахæм хæдзармæ Саугуди Дзерассæйы не ’рхæсдзæн — хъуамæ иннæ æмбис дæр бамбæрза дурæй, хъуамæ йæ мидæгæй дæр саивтæ кæна!.. Стæй ирæд... О, ирæд!.. Аивгъуыдта дыууæ азы æмæ дæс æмæ ссæдз туманы йеддæмæ нæма бафыста.

Йæ зæрдæ ныууазал вæййы Саугудийæн, куы ахъуыды кæны ирæды тыххæй. Æрæджы та æртæ туманы бамбырд кодта æмæ сæ барвыста Хосдзаумæ. Барвыста æхцаимæ ноджы ахæм ныхæстæ: «Мæ хорз хæстæг, Хосдзау, ахицæн кæндзынæн мины æрдæг. Уымæй фылдæр мæ ма бахъыгдар!»

Хосдзау æхца айста, йæ дзыппы сæ бафснайдта æмæ рарвыста ахæм ныхæстæ: «Гъе, лæппу, хынджылæг ма кæн! Чызг дæ кæд хъæуы, уæд, дзырд цас уыдыстæм, уый æххæстæй бафид! Уымæй уæлдай мæнæн демæ дзуринаг ницы ис!»

***

Арф ныхъхъуыды кодта Саугуди. Цы кæна ныр? Ирæд бафидын рæхджы йæ бон нæ бауыдзæн.

Чи зоны, фондз азы, кæнæ дæс азы ма йæ æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæн. Афтæмæй æнæ Дзерассæ та цæрын куынæуал фæразы! Æхсæвæй, бонæй йæ хъуыдытæ сты уыимæ. Аскъæфид æй, мыййаг?..

Скъæфгæ?!

Нæ, Саугуди йæ усаджы скъæфгæ нæ акæндзæн!.. Йæхицæй хынджылæг чи кæны, скъæфгæ уыдон фæкæнынц... Скъæфын у чъизи хъуыддаг. Æдылы лæг йæ усаджы аскъæфы. Хъæбысæй хъæбысмæ чызг рахау-бахау фæкæны... Фæлæ æнæ афтæ дæр, скъæфын цъаммардзинад у... Чызг нæ фæкомы. Æмбæлттæ йыл ныххæцынц æмæ... кæсынц...

— Пуй, хуытæ! — Саугуди уыцы ран йæхи нал баурæдта æмæ хъæбæр нытту кодта.

Æрæджы Саугуди йæхæдæг дæр иу лæппуйæн скъæфæг фæци. Чысыл-ма бахъæуа, чызг уый хъæбысмæ дæр ма æрбахауа. Саугуди йæхи баурæдта... Фæлæ чызг цалынмæ хъæуæй-хъæумæ, пыхсытæй-пыхсытæм рахау-бахау кодта, уалынмæ йыл иннæ æмбæлттæй чидæртæ сæ къухтæ æрхастой... Нæ нæ... Саугуди скъæфыныл нæ ныллæудзæн! Цъаммартыл йæхи нæ банымайдзæн!..

Уæдæ цы кæна ныр? Чызг ракуырдта, фæлæ йæ кæд æрхæсдзæн, уымæн бæрæг куы нæ ис æппын!.. Æрæджиау-æрæджиау Саугуди мæсты кæнын байдыдта Хосдзауы ныхæстыл. Æхсæвы йæ хуыссæг нал ахста, бон та куыстмæ йæ зæрдæ нал лæвæрдта. Доны тылд каркау хъуынтъызæй дыууæрдæм хъеллау кодта.

Иу райдзаст райсом йæ мад кæсы, æмæ Саугуди йæ уатæй хъæлдзæгæй рауади. Рауади æмæ йемæ дзæбæх аныхæстæ кодта. Бацин кодта мад — рагæй нал федта йæ лæппуйы афтæ хъæлдзæгæй, къуырийы дæргъы йæ дзыхæй ныхас дæр дзæбæх нал схаудта.

Бавнæлдта та Саугуди зæрдиагæй куыстмæ. Райдыдта та хъазын, худын йе ’мбæлттимæ дæр.

***

Мæнг сты, мæнг адæймаджы фæндтæ æмæ хъуыддæгтæ! Дзаг хæдзарæй царди Хосдзау. Алы бон æнæрæнцойæ хæбизджынтæ куы хордтаид æмæ арахъ куы нозтаид, уый фаг дæр æм уыди. Фæлæ кæсут — уæртæ æрдиаг кæны ныр!

Иу мæйы бæрц рацыди, афтæ йæ фырт Бибо нартхор фæцæйласта горæтмæ уæй кæнынмæ. Иу пыхс ран æм абырджытæ рагæпп кодтой, йæ къухтæ, йæ къæхтæ йын сбастой, йæ дзыхы йын къæрмæг нытътъыстой, афтæмæй йæ æрхы нывзылдтой. Уым æгас бон баззади, цалынмæ йæ иу фистæг бæлццон не ссардта. Бричкæ, хорæй йæ тæккæ дзаг, æмæ дыууæ бæхы доны къусы сæфт фæкодтой. Абырджытæн сæ сæртæ басылыхъыты тыхт уыдысты, æмæ, чи уыдысты — ацу æмæ сæ базон! Къуыри фæстæдæр иннæ æртæ бæхы, куысты фæстæ, хъæугæрон хызтысты. Изæрæй сæм лæппутæй иу æрбаскъæрынмæ куы ацыди, уæд сæ нал ссардта. Кæм нæ фæцагуырдтой, кæуылты нæ фæзылдысты Хосдзауы фырттæ æмæ йæ хæстæджытæ! Нæй, бæхтæн сæ кой дæр нал æрыхъуысти.

Æрмæст уыцы иу мæйы дæргъы бирæ фæзæронддæр ис Хосдзау. Йæ цæсгомы æнцъылдтæ зынгæ арфдæр фесты.

Сбады Хосдзау иунæгæй дуармæ фæйнæгыл æмæ хъынцъым кæны. Никуы дзы ницы адавдæуыди. Уæд ныр цæй фыдбылыз хъуыддаг у, куы ницы йын æмбары!.. Сыхæгтæ дæр йæ зиантыл сæхи хъыггæнæг скæнынц. Фæлæ Хосдзау хорз æмбары, уыдонæн йæ зиантæ æхсызгон кæй сты. Мæнæ, йæ цæрæнбон бирæ уæд Саугудийæн, уый æцæг бахъыг кодта. Куыддæр фехъуыста хабар, афтæ фынддæс туманы иу лæвæрд ракодта, стæй сын бæх дæр æрбарвыста. Уый куы нæ уыдаид, уæд сын фезмæлæн ницæмæйуал уыдис.

Хъыг кæны, æрдиаг кæны Хосдзау. Хаттæй-хатт йæ зæронд цæстытæй цæссыгтæ дæр æрхауы.

Фæлæ цы кæндзæн Хосдзау, куыд бауромдзæн йæ зæрдæ, йæ хъустыл куы ауайа абоны æбуалгъ фыдбылызы хабар?

***

Дыккаг бон хæдзары бады фыййæутты хистæр Дзамболат. Уый æрцыди хъæумæ йæ дзауматæм зилынмæ.

Раст цы бон рацыдис фосдарæнæй, уыцы бон æрцыди фыдбылыз.

Стыр диссаг уыди! Æртæ куыдзæй иу сæумæрайсом амарди, йæ гæндзæхтæ бирæ фæцæгъдгæйæ, дыккаг амарди æмбисбон, æртыккаг та — изæрырдæм... Цы кæной ныр лæппутæ? Æнафон у хъæумæ хъусын кæнынмæ цæуынæн, фæлæ сæумæрайсом хъуамæ исчи ацæуа — фыййауæн æнæ куыдз цæрæн нæй.

Хур къæдзæхты æдде фæци, кæмдæрты ма мигътыл йæ тынтæ хафта. Арв тарæй-тардæр кодта.

Дыууæ лæппуйæ — 16-азыккон нымæтыл хуыссыди, хуырхуыргæнгæйæ, фынддæсазыккон та арты фарсмæ бадти — æхсæвæр цæттæ кодта.

Куыд æрцыди хъуыддаг, уый дыууæ дæр нæ бамбæрстой, нæ бахъуыды кодтой, æрмæст фынддæсазыккон загъта:

— Иу уынд сæ акодтон, — æртæ уыдысты, сæ сæртæ басылыхъытæй тыхт.

Уайтагъд абастой абырджытæ дыууæ лæппуйæн сæ къухтæ æмæ сæ къæхтæ æмæ сæ æрхмæ ныттылдтой.

Аскъæрдтой абырджытæ фос. Иу фыс, иу уæрыкк дæр дзы нæ ныууагътой.

Æндæр фыййæуттæ ссардтой дыккаг бон изæрæй лæппуты, стонгæй æмæ дойныйæ мæлгæйæ. Бахæрын, баназын сын кодтой æмæ сæ арвыстой хъæумæ.

***

Ныххоста Хосдзау тымбыл къухæй йæ сæр, кæрты астæу лæугæйæ ныккуыдта, ныббогъ-богъ кодта:

— О, цæй бын бадæн фæстаджырдæм! Цæй фыдбылыз, цæй æнамонд мæ æрæййæфта мæ зæронды бонты!

Æгас зылды стражниктæ, стæй Хосдзауæн йæ фырттæ, йæ бирæ хæстæджытæ сæ къæхтыл слæууыдысты. Агурын байдыдтой хæстæг бæстæты æмæ дард бæстæты. Бирæ фæцагуырдтой. Ницы ссардтой. Хосдзауы стыр дзуг доны къусы сæфт фæкодта, йæ кой дæр никæцæйуал æрыхъуысти.

Саугуди уыцы фыдбылызы бон быдыры куыста. Куы æрыздæхти æмæ куы фехъуыста уыцы æбуалгъ зианы тыххæй, уæд йæ каистæм ныццыди, тынг хъыг фæкодта зианыл, стæй дыууæсæдæ сомы систа æмæ загъта:

— Адон æвæрдтон мæхицæн, мæ хæдзары уаг фæхуыздæр кæнынæн. Фæлæ сæ айсут, æз та исты амалтæ кæндзынæн!

Тынг дзы фæбузныг сты Хосдзауы бинонтæ, дзырдтой æмдзыхæй:

— Амалджын лæг у Саугуди. Хæстæгæн нын бæздзæн!

Афæдзы бæрц рацыди уæдæй. Саугудийы хæдзарæн иннæ æмбис дæр дурæй æмбæрзт фæци. Кæрты алыварс фидар быру быд. Хæдзары мидæг дзæбæх ног дзауматæ.

— Афон у ныр! — загъта Саугуди, æмæ ма ирæдæй цы баззади, уый ахицæн кодта.

Чындзæхсæв ахæм хорз сарæзта, æмæ хъæубæстæ бирæ афонты йæ кой кодтой.

***

Саугуди йæ цæрæнбонты æрдуйы йас никуы ницы радавта. Дзæхойты фосмæ куы бавнæлдта, уæд дæр афтæ фæнд кодта йæхицæн: «Бафиддзынæн ирæд, æрхæсдзынæн Дзерассæйы æмæ мæхицæн æнцад цæрдзынæн!»

Фæлæ, æвæццæгæн, афтæ гæнæн нæй. Æвæццæгæн, афтæ арæзт у нæ цард, æвæццæгæн, ахæм бындурон уаг ис адæймаджы зæрдæмæ æмæ, галиу хъуыддæгтыл чи ацахуыр уа, уымæн фæстæмæ зын раздæхæн вæййы.

Саугуди ма æфсонæн кодта хæдзары куыстытæ, йæ æцæг куыст та сси давын, стигъын.

Æмæ уæртæ уынут?

Дæс боны йеддæмæ нæ ацарди рæсугъд Дзерассæимæ. Уæртæ мард фæци, бæхтæ давгæйæ, æмæ йæ æрбаласынц, æрмæст ма уд исыны размæ бафæрæзта зæгъын стражниктæн:

— Хуыцау ма ныббарæд мæ каис Хосдзауæн: уый тыххæй фæцахуыр дæн давыныл!

Æрбаласынц Саугудийы. Уæрдоны фæдыл ис адæм, фæлæ уыдонæй мардыл хъыг ничи кæны.

Хъыг кæны йæ зæронд мад, хæрз иунæгæй чи баззади.

Хъыг кæны рæсугъд Дзерассæ — æнафоны идæдз.

Ахст бæлæттау къуымты раппар-баппар кæнынц сæхи. Русты туг риутыл уарынау кæлы. Дзыккутæ бындзыггай фæйнæрдæм тæхынц.

ФИППАИНÆГТÆ

Мыхуыр у «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт рацыд «Рæстдзинады», № 62, 1926 аз; уыд газет «Хурзæрины», № 3, 1927 аз; альманах «Зиуы» 1927 азы. Бацыд авторы чингуытæм: ЦХ-29, РÆ-34. Фыст æрцыд 1913 азы.

Уацмысты номхыгъдмæ »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.