Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Коцойты Арсен

РÆДЫД

«Цымæ цæмæн атигъ кодта йæхи Хъуыдинæ? Тæккæ æрæджы мын комкоммæ куы раргом кодта йæ уарзондзинад, куы мын фехъусын кодта йæ фæндон, мæн Уырысбийы йеддæмæ ничи хъæуы, зæгъгæ, уæд ыл ныр цы æрцыди?»

Афтæ Уырысби æгас къуыри хъуыдытæ кодта.

Æхсæв æй хуыссæг нал ахста, бон та куыстмæ йæ къух рæвдз нал уыди. Быдыры, Ныхасы, хæдзары — алыран дæр йæ сæрæй цух нал кодтой ацы дзырдтæ:

«Цæмæн?.. Уæддæр мæм цæмæн атигъ кодта йæхи?»

Уырысби уыди фондз æмæ ссæдзазыккон бæзæрхыг лæппу. Йæ цæсгомыл иугай хæбуздзыхъхъытæ уыди, фæлæ йæ уыдон фыдуынд, мыййаг, нæ кодтой. Хъуыдинæ афтæ загъта йæ хистæр хойæн:

Чи зоны, уыцы хæбуздзыхъхъытæ йыл куы нæ уыдаид, уæд æз Уырысбийы нæ бауарзтаин.

Фæлæ, æвæццæгæн, æрмæст хæбуздзыхъхъыты аххос нæ уыди уый. Хъæубæсты дзырдтой:

— Хъаруджын лæппу у Уырысби, бонзонгæ, сабыр, куыстуарзаг.

Ахæм ныхæстæ дæр, æвæццæгæн, уадысты Хъуыдинæйы хъустыл. Афтæ уыди, æндæрхуызæн уыди, уæддæр Хъуыдинæйы зæрдæйы ахаст æддæмæ бæрæг кæнын байдыдта. Дардмæ куы уыдта Уырысбийы, уæддæр-иу хурау ныррухс ис йæ цæсгом. Стæй йæ лæппу куы бафæрсын кодта, уæд уый загъта:

— Сдзур, сразы уыдзынæн...

Фæлæ ныр æгас къуыри Хъуыдинæ Уырысбийы уындæй йæхи хизын байдыдта, уымæй æмбарын кодта лæппуйæн: «Æз дæуæн къайаг нал дæн».

Уырысби адæргæй цы ракодтаид, уый нæ зыдта.

Уациллайы бонмæ бирæ нал уыди. Уыцы бæрæгбон-иу фæсивæд хъæуы æдде, Хъазæн фæзы, алы хъæзтытæ сарæзтой. Уæдмæ æмгъуыд кодта Уырысби, уæд æй фендзынæн, загъта, æмæ баныхас кæндзынæн йемæ, базондзынæн, цæмæн аивта æвиппайды йæ зæрдæ.

Ралæууыди бæрæгбон. Хъазæн фæз иу кæронæй иннæмæ дзаг уыди бæрæгбонарæзт фæсивæдæй.

Иу лæгъз ран бæхыл хъазт йæ тæккæ тынгæй уыди. Фыдæбоны-иу фæци уыцы хъазæг, кæцы-иу зæххæй ехс, кæнæ æвзист æхца нæ фелвæстаид, кæцы бæхыл аив нæ бадтаид, кæнæ, бæхæй рагæпп кæнгæйæ, фæстæмæ сгæпп кæнын нал бафæрæзтаид.

Алырдыгæй-иу фæсивæд суасыдысты:

— Æйтт, фæхудинаг дæ!

— Æнæ хъазгæ дæ ничи уагъта!

Хъыг ыл чи кодтаид, уыдон-иу, сæр тилгæйæ, дзырдтой:

— Куы нæ рацыдаис фæлтау!

Хъазæн фæзы астæу лæппутæ æмæ чызджытæ кафт сарæзтой. Фæндыры хъæр-иу чысылгай тынгæй-тынгдæр кæнын куы байдыдта, уæд-иу кафæг лæппу уарийау йæхи ауагъта чызджы фæстæ, фæлæ цыфæнды зылдтытæ кодтаид, уæддæр чызгыл цæстæй-цæстмæ нæ хæст кодта, — чызг-иу куы иуæрдæм зылди, куы иннæрдæм, йæ къайы алы фæзылд хъуыды даргæйæ.

Иуæй-иу лæппу, йæ кафæг къайæн уæлдай кад скæныны тыххæй, фелвæстаид дамбаца æмæ-иу æй чызджы къæхты бын ныццавта. Цæст дæр нæ фæныкъуылдтаид чызг: ахуыр уыдысты топпыхосы фæздæгыл.

Афтæмæй фæсивæд æрвыстой бæрæгбон. Алырдыгæй худт æмæ хъæлдзæг ныхас хъуысти.

Хъæлдзæг нæ уыди æрмæст Уырысби. Хъамайы сæрыл къухтæ æрæвæргæйæ, уый лæууыди иуварс кæсджыты къордимæ, нывыл ныхас дæр никæимæ кодта. Йæ сæрæй хицæн нæ кодта ацы хъуыды: «Цæмæн?.. цæмæн атигъ кодта йæхи Хъуыдинæ?»

Уый ныр афтæ фæнд кодта: симд куы райдайа, уæд бацæудзæн, йæ уарзон чызджы къухыл ныххæцдзæн æмæ йын афтæмæй бамбарын кæндзæн йæ зæрдæйы рис.

Уалынмæ Хъазæн фæзæн иуварсырдыгæй æрбазындысты æртæ барæджы. Адæм иууылдæр акастысты уыцырдæм. Уазджытæ, бæхтæй нæ рахизгæйæ, адæмæн арфæ загътой æмæ комкоммæ баздæхтысты бæхылхъазджытæм.

Хорз бæхылхъазджытæ разындысты дыууæ лæппуйы — уым хъæубæсты хуыздæр хъазджыты æмрæнхъ æрлæууыны аккаг уыдысты. Фæлæ æртыккаг уазæг, æппæты кæстæр, хъазын куы райдыдта, уæд адæм иууылдæр кастысты уыцы уазæджы бæхылхъазтмæ.

Уый уыди ссæдзазыккон хæрзконд лæппу. Йæ сау цæстытæ цæхæрау сыгъдысты, дардмæ æрттывтой йæ рихитæ — бындзы базырты йас, уыдысты биноныг здыхт.

Куы, бæхыл лæугæйæ, уый уадау тахти дыууæрдæм, куы-иу дамбаца сæппæрста йæ разæй уæлæмæ æмæ-иу æй уыцы уайгæ-уайын ацахста. Зæхмæ-иу истæмæ, уыцы тæхгæ-тæхын дамбацайæ куы фæхъавыди, уæд-иу йæ тæккæ астæу сæмбæлди. Агæпп-абадгæйæ-иу бæхы Хъазæн фæзыл куы ауагъта, уæд ыл цæст нæ хæцыди.

Уыцы уазæджы æгас хъæубæсты ничи зыдта. Къуыри раздæр ма уыди уый ам хъазты. Уæдæй фæстæмæ-иуæй-иутæ зыдтой, Бадæг кæй хуыйны, фæлæ чи у, кæмæй у, кæцон у, уый бæлвырд ничи зыдта.

Иутæ йæ хуыдтой абырæг, иннæтæ та йæ хуыдтой сабыр, кусæг лæппу — махческаг. Йæхи та йын фæрсгæ ничи кодта, — уазæджы æнæхъуаджы рафæрс-бафæрс аипп хуыдтой.

Бæхыл хъазты фæстæ уазджытæ зæрдиагæй бавнæлдтой кафынмæ дæр.

Фыццаг хатт, йæ кафыны рад цы чызгæн уыди, уыимæ æрцыди Бадæгæн йæ кафт. Фæлæ йæ дыккаг хатт куы кафын кодтой, уæд йæхæдæг бараст ис чызджытæм æмæ дæрддзæфæй, сæрæй акувгæйæ, сындæг сдзырдта:

— Саккаг кæнут.

Цы чызгæн акуывта, уый, ленкгæнæгау, сиргæйæ лæппуйы разæй ауагъта йæхи.

Ацы хатт Бадæг афтæ скафыди, æмæ йæм фæсивæдæй бирæтæ кæсгæйæ баззадысты.

— Уый кафт у, уый! — хъуысти ныхас алырдыгæй.

Бирæ чызджытæ, хæлæггæнгæйæ, кастысты йæ кафæг къаймæ. Кафæг чызгæн та йæ цæсгом хурау ныррухс ис. Нæ бафæлладаид кафынæй уыцы лæппуимæ, не схъыг уыдаид уый раз уæвынæй, фæлæ цы гæнæн уыди — хъазт у æхсæны хъазт, æмæ хъуамæ йæ кафынæн зыдтаид æгъдау, — сиргæйæ, чысылгай йæхи ауагъта йе ’мбæлтты къордмæ.

Уæд Бадæг, йæ къухыл цæст дæр нæ фæхæцыди, афтæмæй фелвæста дамбаца æмæ йæ чызджы къæхты бын ныццавта. Чызг мидбылты бахудти. Сæ цæстæнгас кæрæдзийыл аныдзæвди.

— Амондджын у, — сдзырдта лæппу æмæ йæ лæууæнмæ бацыди.

Уыцы чызг уыди Хъуыдинæ.

Къуыри раздæр Бадæг ацы хъæуы хъазты куы уыд, уæддæр ма кафыди Хъуыдинæимæ, тымбыл кафт æмæ симд.

Уæд сæ Уырысби уыдта кафгæйæ, фæлæ йæ зæрдæ ницæуыл фехсайдта. Ныр та æххæстæй бамбæрста, цæмæн æм атигъ кодта йæхи Хъуыдинæ.

Йæ зæрдæ йын уыцы сахат судзаг маст къахын байдыдта. Фæлæ лæппу йæхи ныффидар кодта.

«Уый та куыд? — дзырдта хинымæры Уырысби. — Исчи мын мæ усаг байса, æмæ ма æз цæрон уый фæстæ?»

Уыцы ран Уырысби бакасти чызгмæ — чызг йæ цæстытæ зæххы ацавта, бакасти лæппумæ — уый сыхæгтимæ ныхас кодта.

«Цы зæгъæн ис, — ахъуыды кодта Уырысби, — хæрзконд, рæсугъд лæппу у, нарæгастæу, уæндон цæстæнгас. Рагæй дæр афтæ у, ахæмты уарзынц чызджытæ... Сахъ гуырд дæ, уазæг, — фæлæ дæ къæбут куыд нæ уыныс, афтæ Хъуыдинæйы дæр нæ фендзынæ. Мæн у, мæн... Йе — мæлæт, йе — Хъуыдинæ, æндæр хъуыды мæнмæ нал æрцæудзæн!»

Ацы дзырдты фæстæ лæппуйы зæрдæ æрсабыр ис, йæ сæры мæт фæаууон, — хъазын, худын байдыдта иннæтимæ, йæхи сындæг кафджытæм дæр баласта.

Хъуыдинæ кæм симдта, уырдæм æввахс Уырысби иу чызгыл ныххæцыди æмæ симын байдыдта.

Иу зылд куы ракодта, уæд кæсы, æмæ лæуджыты къордæй рахицæн Бадæг, бараст комкоммæ Хъуыдинæмæ æмæ йемæ симын райдыдта.

Симд цыди æддæдæр. Симджытæ ивтой кæрæдзи.

Уалынмæ Уырысби Хъуыдинæйы ’рдыгæй айхъуыста сабыр ныхас.

«Ницы кæны, аныхас кæнут, бирæ нал фæдзурдзыстут иумæ», — хъуыды кодта Уырысби. Фæлæ уыцы минут ахæм дзырдтæ ауадысты йæ хъустыл, кæцытæ дзы бауагътой мæт.

Бадæг дзырдта:

— Æз цæттæйæ æрцыдтæн... Ахсæв...

Уырысбийæн йæ ных уазал хидæй æрæмбæрзта... Чызг, ныхæстæм гæсгæйæ, разы нæ кодта лæппуйы фæндыл. Фæлæ Уырысби æмбæрста, лæппу афтæ цæттæйæ кæм æрцыди, уым æй кæй нал ныууадздзæн.

Уырысби йæхи ныхъхъæбæр кодта, æмæ йын йæ тыхстдзинадæн ничи ницы бамбæрста, симгæйæ, лæууæг лæппуты къордмæ куы бахæццæ ис, уæд йæхи аивын кодта æмæ бацыди лæуджытæм.

Иуимæ аныхас кодта, иннæимæ дæр цыдæр сдзырдта, алæууыди иучысыл, стæй адæмы æхсæн фæаууон ис æмæ сындæг ацыди Хъазæн фæзæй.

Уыди талынг æхсæв. Хъæу тарф фынæйæ хуыссыди. Хъыпп-сыпп никæцæй хъуысти, æрмæст-иу хаттæй-хатт куы иуæрдыгæй, куы иннæрдыгæй куыдз срæйдтаид, йæ фæдыл æндæртæ дæр, фæлæ та уайтагъд банцадаиккой.

Хъæуы æдде, чысыл æрхы, æмбæхст уыдысты æртæ барæджы сæ бæхтимæ. Дзургæ нæ кодтой, фæлæ-иу афонæй-афонмæ куы сæ иу, куы иннæ æрхæй ракасти æмæ-иу байхъуыста. Бæрæг уыди — уыдон кæмæдæр æнхъæлмæ кæй кастысты. Бирæ фæбадтысты афтæмæй, фæлæ никæцæй ницы зынди.

— Кæд дзæгъæлы бадæм, кæд уыдон сæ фæнд аивтой! — æппынæрæджиау сдзырдта сæ иу.

— Лæуут æнцад, — банхъæлмæ кæсын хъæуы, — сдзырдта сындæггай иннæ.

Æмбисæхсæвæй аивгъуыдтаид, афтæ хъæдырдыгæй фехъуысти фæд-фæдыл æртæ гæрахы.

— Уыдон бæрæггæнæн гæрæхтæ сты, — загъта барджытæй иу.

— Æвæццæгæн æм уый нæ бацæудзæн хъæумæ, фæлæ йæм йæхæдæг рацæудзæн ардæм, — сдзырдта дыккаг.

Æртыккаг загъта:

— Хæцут уæ бæхты рохтыл æмæ цæуæм йæ размæ, чи зоны, æмæ хъуыддаг сырæзид æнæ хъаугъайæ, æнæ туг калгæйæ.

Хъæумæ бахæстæг сты, афтæ уынынц: тындзгæ æрбахæстæг кæны цавæрдæр æндæрг.

— Уый у чызг йæхæдæг, — сдзырдта иу. — Хъусут, фæндагыл иу дзырд дæр мачи скæнæд!

Уыцы ныхæстимæ дзурæг бæхыл багæпп кодта, иннæтæй йæхи аразæй кодта. Чызгмæ куы бахæццæ, уæд æм сындæг сдзырдта:

— Бадгæ тагъд.

Чызг сахъ барæгау бæхмæ сгæпп кодта. Иннæ дыууæ лæппуйы дæр бæхтыл абадтысты æмæ иууылдæр хъæды ’рдæм араст сты, гæрах кæцæй фæцыди, уыцырдæм нæ, фæлæ æндæрырдæм.

***

Ралæууыди райдзаст сæрдыгон райсом. Мæргътæ райхъал сты, æмæ сæ алфамбылай зард æмæ цъыбар-цъыбурæй байдзаг. Хаттæй-хатт куы иуæрдыгæй, куы иннæрдыгæй булæмæргъы æхситтытæ цыди, æмæ-иу уæд иннæ мæргъты зард нал фæзынди, цыма-иу барæй фæхъус сты, уыйау. Хур сындæггай сцæйбырыди къæдзæхты æддейæ æмæ алырдæм къæдзæхтыл æмæ бæлæстыл йæ тынтæ нывæзта. Уыцы афон тар хъæды сау нымæтыл хуыссыди чызг фынæйæ. Чысыл æддæдæр, къутæрты æхсæн цъæх нæууыл бадтысты æртæ лæппуйы æмæ хъус-хъусæй цыдæр уынаффæ кодтой.

Уалынмæ чызг райхъал ис, ракасти, фæстæмæ бамбæрзта цæстытæ æмæ мидбылты бахудти. Йæ фыццаг хъуыды уыди йæ уарзон Бадæджы тыххæй... Ракасти та, алырдæм афæлгæсыди æмæ, чысыл былтæ базмæлын кæнгæйæ, сдзырдта:

— Кæм ис, кæм?

Фæлæ йæ алфамбылай ничи зынди.

Уæд чызгæн йæ зæрдæ нал фæлæууыди æмæ хъæрæй сдзырдта:

— Кæм дæ, Бадæг?

Мæнæ дæн, мæнæ, — хъæлдзæгæй дзуапп ратта Уырысби æмæ бараст ис чызгмæ.

— А... а... а... цæй ми мыл æрцыди! Уый ды куы дæ! — сæрдиаг кодта Хъуыдинæ. Адæргæй фестади, мидбынаты рауай-бауай акодта æмæ нынниудта:

— Цæй ми мыл æрцыди, цæй æнамонд фæдæн!

Лæппу йæм бахæстæг ис.

— Басабыр у, мæ уарзон Хъуыдинæ, — райдыдта дзурын Уырысби. Чызджы æрбадын кодта нымæтыл, йæхæдæг дæр æрбадти. — Мах хорз зонæм, Хъуыдинæ, кæрæдзи... Æнцадæй, нæ ныййарджыты фæндæй, нæ чындзæхсæв арвыстаиккам. Фæлæ кæцæйдæр фæзынди хæйрæджы лæппын æмæ нын нæ амонд аскъæфыны фæнд скодта. Афтæ тынг мæ зæрдæмæ цæуыс, Хъуыдинæ, афтæ тынг дæ уарзын, æмæ дæу тыххæй цы нæ бакодтаин æмæ цы нæ бакæндзынæн, ахæм дунейыл ницы ис. Зæгъ-ма ныр, куыд ауагътаин афтæмæй æз дæу æндæрмæ?

Хъуыдинæ йæ кæуынæй фæсабырдæр æмæ ныхъхъуыста Уырысбийы зæрдæбын ныхæстæм.

Æз ахсæв рацыдтæн мæлæтон хъазуатмæ, — дзырдта дарддæр Уырысби. — «Йе æз, йе уый», афтæ уыди мæ хъуыды, нæ дыууæйæн уæлæуыл баззайæн нæ уыди. Чи зоны, нæ дыууæ дæр фæмард уыдаиккам, фæлæ, æз афтæ æнхъæл дæн æмæ, ныхæй-ныхмæ æрлæугæйæ, æз уымæн йæ гæрзтæ байстаин æмæ йын сывæллонау йæ къухтæ сбастаин... Æхсызгон мын у уæддæр, хъуыддаг æнæ туг калгæйæ кæй ахицæн ис.

Уырысби ма ноджы цыдæртæ зæгъынмæ хъавыди, фæлæ йæм Хъуыдинæ йæхи баппæрста æмæ йе ’фцæгыл ныттыхсти.

ФИППАИНÆГТÆ

Ист у «Уацмыстæй». Фыццаг мыхуыр уыд альманах «Малусæджы», æвæрд ыл уыд Арсены фæсномыг — Габойты Габо, бацыд фыссæджы радзырдты æппæт æмбырдгæндтæм дæр. Фыст æрцыд 1903 азы.

Уацмысты номхыгъдмæ »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.