Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Коцойты Арсен

ФЕМБÆЛДЫСТЫ

Æфсæнперилæджын мраморæй асиныл сындæг хызти уæлæмæ иу-18-азыккон чызг. Æмпъызт къалостæ, адаргæ зымæгон пъалто æмæ ихсыд кæлмæрзæн йæ уæлæ.

Афтæ зынди, цыма уый барæй йæхи фæстиат кодта асиныл, цыма йæхи ууыл хъардта, цæмæй йын, æнæ исчи фенгæйæ, фылдæр ахæрын бантыса кæрдзынæй. Кæрдзын дардта йæ галиу къухы, рахиз къухæй та дзы-иу стыдта гæбаз æмæ-иу æй æрдæгæууылдæй аныхъуырдта.

Æгæр фæстиаты амал дæр ын нæ уыди, тарсти, йæ мад кæнæ йæ хо куынæуал фæлæууой æмæ куы ракæсой дуарæй.

— Гъе, залиаг калм! Хæрыс та йæ? — æрыхъуысти чызгмæ йæ мады хъæлæс.

Чызг, йæ дзыхы цы уыди, æууылдæй-æнæууылдæй, уый æвиппайды иу ныхъуырд акодта æмæ сдзырдта:

— Æппындæр нæ. Уый дæумæ афтæ кæсы!

Схæццæ ис чызг æртыккаг уæладзыгмæ.

Мад ын йæ къухтæй атыдта кæрдзын.

***

Кæрдзын стъолыл лæууы — армытъæпæны йас. Цавæр хоры мыггагæй конд у, уый равзарæн нæй. Зыны тар æлыджы гæбазы хуызæн. Æрттивынц дзы хоры агъудтæ, фæйнæрдæм дзы хъилæй лæууынц хоры сыгтæ æмæ хъæмпы муртæ.

Кæрдзынмæ æмдзастæй кæсынц æртæйæ: мад Къати — уындæй иу-50-азыккон ус, хистæр чызг — 18-азыккон Пъело, кæстæр — 8-азыккон Марикъо.

— Ам джиранка æмæ æрдæг ис? — сдис кодта Къати. — Раст ын йæ æмбис ахордтай, залиаг калм.

Къати афтæ мæллæг уыди, æмæ йæ русты кæрæдзиуыл сæмбæлынмæ бирæ нал хъуыди. Мæстыйæ-иу куы дзырдта, уæд-иу зынди афтæ, цыма стæгдар йæ æфсæртæ кæрæдзиуыл хойы.

Ныр чызг мады дзырдтæм йæхи фæхъуынджын кодта æмæ загъта:

— Æппындæр нæ, нана! Æнгуылдзы йас къæбæр дзы хицæнæй уыди æмæ йæ, зæхмæ хауыны бæсты, мæ дзыхы баппæрстон!

— Æмæ мæнæ йæ фæрстæй дæр тындтытæ куы ис!

— Уый та, нана, баргæйæ, æгæр уæззау уыди æмæ йын барæг йæ уæлдæйттæ атыдта.

Мады цъæх цæстытæ æррайы цæстытау ферттывтой.

— У... у, залиаг калм! Дæуæн басæттæн ис! — ныззылди ма фæстаг хатт Къати æмæ кæрдзын скъаппы афснайдта.

Скъаппы гуыдыры зæлланг куы ссыди, уæд гыццыл Марикъо йæ былтæ бæргæ асдæрдта, фæлæ йæ мад хъуыды дæр не ’ркодта — фæлæууæд, хъуамæ æнхъæлмæ кæсыныл ахуыр кæна! Сихорафон куы ’рцæуа, уæд сын кæрдзын дæр ратдзæн, картофтæ дæр.

Картофтæ Къати дардта гуыдырæй æхгæд чыргъæды. Бирæ дзы нал уыдис. Фыццаг дзы иста бонæн 9 картофы, фæйнæ æртæйы алкæмæн дæр, фæлæ афæстаг бонты иста æрмæст фæйнæ дыууæйы.

Ныр хъуамæ фæкъаддæр кодтаид нымæц, Хуыцау зоны, кæд та ссардзысты, æмæ ма ссардзысты, уый дæр чи зоны.

Уæддæр йæхи фæрæдау кодта Къати æмæ ма фæстаг хатт систа фæйнæ дыууæ картофы, — кæд Хуыцау йæ адæмы бынтон сæфт нæ фæкæнид!

Пъело уатмæ ацыди æмæ уым йæхи чиныджы кæсæг скодта, афтæмæй картофтæ сæрæй цух нæ кодтой. Хъуамæ афойнадыл аджы уæлхъус уа, æмæ стырдæр картофтæ йæ къухы бафтой.

Бантыстис ын уый.

Куыддæр Къати картофтæ агæй сæппæрста, афтæ Пъело стырдæр дыууæ картофыл йæхи ныццавта.

— Æри сæ, цъаммар! Æри сæ, залиаг калм! — фæлæбурдта чызджы къухтæм Къати.

Картофтæй иу хатæны пъолмæ æрхауди, иннæ та цыппар къухы астæу ныппырх ис.

Æрдиаг æмæ цъæхахстæй байдзаг ис фатер.

Гыццыл чызг, хылмæ кæсгæйæ, йæхи æрæппæрста пъолыл æмæ судзаг ниуд ныккодта.

***

Нæ бахордта мад йæ хай. Æхсæвы, суанг кæркуасæнты онг бафынæйæн ницы фæрæзта. Йæ сæрымагъзы зылдысты йæ фыццаг царды нывтæ. Алы райсом ын кондитер æрвыста æвзаргæ торт райсомы кофийы афон. Уыйфæстæ фыдуæйгæнæг æрвыста хуыздæр фыдызгъæл басæн, хуыздæр фыдызгъæл физонæгæн... Цы цард уыди, цы!.. Кофе ахицæн ис, уæд хæдзары истæуыл дæхи ирхæфыс, йе фистæгæй атезгъо кæндзынæ, йе автомобилы исчердæм ацæудзынæ... 12 сахатыл — аходæн: йе карчы физонæг, йе æндæр исты ахæм, фæсарæйнаг сæнимæ; 2 сахатыл цай хъæбынтимæ, кæнæ æндæр ахæм истæимæ... Аходæны фæстæ, куы-иу æй фæндыди, уæд-иу сывæллæтимæ горæты алы къуымты æрзылдысты автомобилы 6 сахатыл сихор. Хæринæгтæ — 4–5 блюдæйы коньячимæ, æвзаргæ сæнтимæ. Фылдæр бонты сæм сихорыл уыдис уазджытæ — дыууæ, æртæ æмæ фылдæр. Хъæлдзæг ныхас, зард, худтæн-иу кæрон нæ уыди. Сихоры фæстæ-иу залмæ куы рацыдысты, уæд-иу чи роялæй цагъта, чи заргæ кодта, чи та-иу къамæй хъазыди. Изæры — оперæ, драмæ кæнæ кино... Æмæ Кисловодск та? О... о... о... куыд хъæлдзæгæй-иу æрвыста Къати уым рæстæг! Иннæ курорттыл дæр-иу азылди, фæлæ йæм Кисловодск се ’ппæтæй хуыздæр касти... Тынг уарзта Къати Кисловодскы цæрын... Ныр та? О... о... цæй цардмæ æрхаудта!.. Цæй зын ран ис йæ зæронды бонты!..

Нал баурæдта Къати йæхи. Хъæццулы бын амбæрзта къухтæй йæ цæсгом, æмæ чысыл-ма хъæуа, хъæрæй ма нынниуа... Нынниудтаид, фæлæ сывæллæттæй æфсæрмы кодта.

Уæддæр-иу хаттæй-хатт йæ уынæргъын хъæццулы бынæй сирвæзтис. Уайтагъд базы иу фарс ногæхсадау ахуылыдз ис цæссыгæй. Къати зыдта, баз кæй ныххуылыдз ис, фæлæ йæ барæй нæ фæлдæхта иннæрдæм. Хъæрæй нынниуынæй хуыздæр æм бæргæ ницы фæкастаид, фæлæ уымæн амал кæм нæ уыди, уым та цас уыцы цæссыгты змæсты фылдæр фæмæцыдаид, уыйас ын йæ маст рогдæр уыди.

Бирæ фæуынæргъыдта хъæццулы бын Къати, бирæ цæссыг амызти йæ цæстытæй... Куы банцади йæ кæуынæй, уæд дæр бирæ афонты фынæй кæнынæн ницы фæрæзта. Хъуыдытæ кодта йæ уынгæг царды тыххæй дæр, цы балцы цæуын сфæнд кодта, уый тыххæй дæр... Куы ницы йын бантыса, уæд хъуамæ фæстæмæ мауал æрбаздæха, хъуамæ ацы æгад цардæй иу бон дæр мауал фæцæра... Сывæллæттæ? Чи зоны, кæд уыдонæн дæр хуыздæр уаид йæ фесæфт, кæд сæм исчи фæкæсид, кæд сæм мыййаг, хицауад йæ хъус æрдарид... Сæ фыд фесæфти, йæ кой-йæ хъæр никæцæйуал хъуысы дыккаг аз. Кæд уый исты аххосджын уыди, уæд уый нал ис, æмæ сывæллæттæм хъуамæ мачи мацы азым хæсса.

Къати йæхæдæг дæр ницыуал пайда фæуыдзæн сывæллæттæн. Фæлтау йæхи куы аиуварс кæна, уæд хуыздæр.

Знон изæры, Къати балцы цæуыны фæнд куы скодта, уæд бирæ фæхъуыды кодта, цы ахæсдзæн йемæ уæй кæнынмæ.

Ницæуылуал цæст хæцыди. Рояль, трюмо, зынаргъ нывтæ, персайнаг гауызтæ æмæ бирæ æндæр цыдæртæ хæрд фесты. Ис ма йæ рагон дарæстæй цыдæртæ. Йæ зынаргъ зæлдаг къаба дæр ма æгас у, — иунæг хатт йеддæмæ йæ уæлæ дæр нæ уыди. Хæссын хъæуы уыдæттæ ивынмæ, æндæр гæнæн нæй, — гæххæттын æхцайыл чи ратдзæн хор, кæнæ картоф!

Къатийы хъуыдытæ куыдфæстæмæ уæлæнгайæ-уæлæнгайдæр кодтой, æппынфæстаг фынтæм ахызтысты. Хуылыдз базы йæ сæр тъыст, афтæмæй бафынæй ис Къати — йæ мæстытæй фервæзти ардыгæй райсоммæ.

Боныцъæхы тынтæ рудзгуыты зыхъхъыртæй мидæмæ фæндаг гæрстой, уынгтæй алыхуызон уынæр хъуысын байдыдта, афтæ Къати дæр балцы арастмæ цæттæ уыди. Иу голлаг атыхта æмæ йæ иннæйы ныппæрста, ивынмæ цы дарæстæ хаста, уыдон дæр уым.

Ныппæрста уым ноджы гæххæтты тыхтæй йе зноны кæрдзыны хай. Йæ картоф дæр дзы æвæрынмæ хъавыди, фæлæ цыдæр ахъуыды кодта æмæ йæ йæ дзыппы авæрдта. Хъарм кæлмæрзæны йæхи æрбатыхта, пъалтойы цæппæртæ биноныг сæвæрдта, æрмкъухты атъыста йæ къухтæ.

— Чи зоны, нал æрбаздæхдзынæн фæстæмæ, — сдзырдта хинымæр Къати, æмæ йæ сывæллæтты хуыссæнтыл ахаста йæ цæст.

Æркаст кæстæрмæ хæстæг æмæ йыл дзуар афтыдта... Стæй йæ дзыппæй фелвæста картоф æмæ йын æй йæ нывæрзæн авæрдта.

Ракасти хистæр чызджы хуыссæнмæ дардæй æмæ йæ сæр цæнкъуыста. Йæ зæрдыл æрбалæууыди, фыццаг рæстæджы йын Пъело алы æмбæлдæн пъатæ куыд кодта.

«Афæлдæхти дуне! Фесæфти дуне! Чызг мады дзыккуты йæ ныхтæ ныссагъта!..»

Афтæ ма сдзырдта ус хинымæр, ныуулæфыди арф æмæ араст ис фатерæй.

***

Уынгтæ афтид нал уыдысты. Кæмæн чыргъæд йæ къухы, кæмæн — базармæ цæуæн хызын, кæмæн — голлаг, афтæмæй адæм алырдæм цыдысты тротуартыл дæр, уынгты астæуты дæр. Æрдæгнад миты хъыст-хъыст къæхты бынæй дардмæ хъуысти.

Цæуджытæн сæ уындмæ, сæ цыдмæ гæсгæйæ, адæймаг загътаид: «Адон ныртæккæ рацыдысты рынчындонæй». Сæ цæсгæмтты туджы цъыртт нæ зынди, сæ зæнгтæ сæ быны дыдæгътæ кодтой.

Уыдонæй иуæй-иутæ фырихсыдæй, фырæдыхæй хаудысты фæндагыл æмæ-иу уым баззадысты фæлдæхтæй, иннæ цæуджытæ сæ иувæрсты здæхтысты æмæ цыдысты дарддæр.

Уыцы адæм иууылдæр цыдысты хæринаг агурынмæ. Иуты уыди ныфс горæтæн йæхимидæг исты ссарын, иннæтæ цыдысты дард хъæутæм, йе картоф, йе ссад, йе дзидза ссарын æнхъæлæй.

Къати æндæр дыууæ усимæ сæхи сарæзтой вагзалы ’рдæм, — дзырдгонд уыдысты раздæр.

Цæуынц, хæринаджы кой кæнынц, чи цы бахордта знон, æндæрæбон, уый размæ... Сæ фæрсты дыууæрдæм чи цыди, уыдонæй дæр хъуысти æрмæст хæринаджы кой.

Бахордтон, бахордтам, бахæрдзынæн, бахæрдзыстæм, æгас бон ницы бахордтон, дыууæ боны ницы бахордтам... ссад, мæнæу, картоф, дзидза — ахæм дзырдты йеддæмæ никæй дзыхæй хауди æндæр истæй кой.

Къатийы æмбæлттæй иу дзырдта: Мах дыууæ боны æппындæр ницы бахордтам, бадтыстæм стонгæй, не ’рдиаг, нæ хъаст кæрæдзийæн кодтам. Иу хатт, хъеллаугæнгæйæ, ацыдтæн базары ’рдæм. Кæсын, мæнæ иу ус къулы рæбын, къуымгонды лæууы, йæ разы голлаг. Мæ зæрдæ ныггуыпп кодта — исты йæм куы разынид! Фæрсын æй:

— Исты уæййаг дæм ис?

— Ис диссаджы хорз картоф.

Байгом кодта голлаг. Æцæгдæр — диссаджы ставд картоф. Салд уыди, фæлæ уый хъуыды кодтон! Уайтагъд афидыдтон аргъыл. Куыддæр фидыд фæдæн, афтæ нæ разы æндæр æлхæнджытæ æрбалæууыдысты. Фæлæ ма цы, уыдонмæ йæ ауагътаин!.. Рахæццæ нæ кодтой картофтæ абоны онг. Ныр та цæуын агурынмæ.

Къати хъуыста сыхагмæ, фæлæ дзырдтæ йæ хъусты иувæрсты уадысты, — знон ницы бахордта, æмæ йыл стонг тæфсын байдыдта. Йæ къæхтæ йæ быны тынгæй-тынгдæр дыдæгътæ кодтой. Йæ хъару нал уыди дарддæр æнхъæлмæ кæсын æмæ систа голлагæй йе зноны кæрдзыны хай. Алырдыгæй йæм æркасти æмæ дзы ставддæр цы хъæмпы муртæ зынди, уыдон æппæрста.

— Уыйфæстæ та? — фæсмонгæнæгау ахъуыды кодта Къати, фæлæ йæ комы дæттæ æркалдысты... Йæ бон нал бауыдаид уыцы къæбæр фæстæмæ голладжы нывæрын.

Уый цалынмæ кæрдзын æууылдта, уалынмæ йæм йе ’мбæлттæй бакæсын ничи бауæндыди: афтæ фæлмæцыд уыдысты стонгæй уыдон дæр, æмæ сын æгæр зын уыдаид æууилæг адæймагмæ кæсын.

***

Æртæ версты бæрц ауадысты бæлццæттæ, фæлæ уый уыди фæндагæн йæ æнцондæр хай. Зындæр уыди билеттæ райсын æмæ вагоны сбадын.

Вагзал æмызмæлд кодта адæмæй. Кæмæн йæ къухты, кæмæн йæ фæсонтыл зындысты голлæгтæ, дзæкъултæ. Уыдонæн сæ бирæ фылдæр хай уыдысты хæринагагурджытæ, æрмæст дзы иуæй-иутæ цыдысты æнæуый хъуыддæгты тыххæй.

Билеттæ исыныл дæр бирæ фыдæбон бахъуыди рады лæууыны, фæлæ вагоны бадынмæ куы ’рцыди хъуыддаг, уæд уый уыдис стыр тох. Адæм иууылдæр размæ бырстой æмæ, бырсгæйæ, кæрæдзи схуыстой фæйнæрдæм. Æдыхдæртæй бирæтæ къæхты бынмæ хаудысты æмæ уырдыгæй сæ æрдиаг цыди. Хъæр, цъæхахст æмæ æлгъыст хъуыстысты алырдыгæй. Райдианы кондуктортæ авзæрстой исты æгъдау аразыныл, фæлæ сæ адæмы зæй чердæмыты ахаста, уый бæрæг дæр нал сси.

Вагæтты мидæгæй къахдзæф акæнæн нал уыди. Бадæнтæ, уæлвæйнæгтæ, цæуæнтæ иууыл тъысгæдзаг уыдысты адæмæй. Бæлццæттæ иууылдæр кæрæдзимæ афтæ æнгом бадтысты æмæ лæууыдысты, æмæ дзыхæй-дзыхмæ кæрæдзи улæфт ныхъуырдтой.

Къати лæуд фæци дуармæ хæстæг иу мæгуыр усимæ; йæ фæйнæфарс дæр хуымæтæджы адæм. Уыдон æнæхсад буары смагæй æмæ чъиуæйдзаг дарæсы тæфæй уайтагъд йæ сæр разылди. Куы иуæрдæм, куы иннæрдæм йæхи азилыны фæндтæ кодта, фæлæ йын ницы æнтысти. Цæмæй уыцы смагджын уæззау уæлдæфæй ма улæфа, уый тыххæй йæ цæсгом радав-бадав кодта, фæлæ алырдыгæй иухуызон уæлдæф уыди. Сивæзта-иу йæ цæсгом цары ’рдæм, — уым ноджы æвзæрдæр: тæф бæзджын мигъау бадти цары бын æмæ тагъди бынмæ, адæмыл.

Къати — инæлары ус — афтæмæйты балцы цæуын ахуыр нæ уыди. Уый-иу цыди фыццаг къласы, хицæн купейы, кæнæ номергонд бынаты. Ныр мæнæ цæмæ æрхаудта! Йе ’мбал устытæ уæддæр йæ разы куы фæцадаиккой. Уыдон йæ æмсæр сты, æмæ йын уыдонимæ æнцондæр уыдаид, фæлæ сæ адæмы зæй чердæм ахаста, чи зоны...

Машинæйы фезмæлдæй рацыдаид æрмæст фынддæс минуты бæрц, афтæ Къати йæ уд исынмæ æрцыди æнудæй, смагæй æмæ мæстæй.

«Фæлтау куынæ рацыдаин! Ацы фыдæбæттæ, ацы æгаддзинад бавзарыны бæсты, фæлтау уым стонгæй куы ныммардаин!»

Афтæ дзынæзта Къати хинымæры, фæлæ-иу гыццыл Марикъо йæ зæрдыл куы æрбалæууыди, уæд та-иу йæ æдыхдзинадыл фæсмон кодта.

«Авзарон-ма хъуамæ! — загъта йæхицæн фæстагмæ Къати. — Авзарон-ма, кæннод мын уыцы чысыл уды тæригъæд мæрдты дæр æнцой нæ ратдзæн!»

Цыма расыг уыди, уыйау, цудтытæ кæнгæйæ, Къати зынæй бахæццæ ис станцæйы дуармæ æмæ уым къулы æнцой йæ голлагыл æрхаудта. Цас фæбадти уым, æнæзмæлгæйæ, чи зоны, афтæ йæм чидæр сдзырдта:

— Ам дæ, Къати?

Цыма фынæйæ райхъал ис, уыйау скасти Къати: мæнæ йе ’мбæлттæй иу. Йæ былтæ базмæлын кодта, фæлæ цы загъта, уый сыхаджы хъустæм не схæццæ ис, афтæ саст уыди йæ хъару.

Машинæ аивгъуыдта дарддæр. Адæм алырдæм апырх сты. Бирæ ничиуал уыди станцæйы.

— Не ’мбалæн нæ бантысти, æвæццæгæн, вагоны сбадын, — загъта Къати.

Сыхаг ус сыстади.

— Цæуын хъæуы. Уымæ æнхъæлмæ кæсынæй пайда нал ис. Ам куы уаид, уæд афонмæ искæцæй зындаид.

Араст сты æндæр цæуджыты амынд æрдæгнад фæндагыл.

Цы хъæумæ цыдысты, уырдæм уыди æрмæст цыппар версты, фæлæ уыцы цыбыр фæндагыл дыууæ усы дæс хатты æрбадтысты фæллад уадзынмæ.

Ахæм бæлццæттыл ацы хъæуы ахуыр уыдысты. Уайтагъд кæройнаг хæдзарæй сæ размæ рауади ацæргæ ус, йæ фæдыл дыууæ чызджы. Уыдон агуырдтой къахыдарæс. Куы нæ уыди, уæд фæстæмæ аздæхтысты.

Дыккаг хæдзарæй рацыди бæзджын ус, йæ цæсгом дзаг мæйы хуызæн тымбыл. Цавæр ивинæгтæ ис бæлццæттæм, уый куы базыдта, уæд сæ бакодта хæдзармæ.

Хæдзары хицау æмбæрста, бæлццæттæ фæллад кæй сты, æмæ æвиппайды хъуыддаджы тыххæй нæ райдыдта дзурын, фæлæ сæ артмæ сбадын кодта, цыдæр хæринæгтæ сын авæрдта сæ разы. Уый тæригъæд, мыййаг, нæ кодта бæлццæттæн, фыдæлтон уазæгуарзондзинады тыххæй дæр сæ нæ уыдта хорз, — адæм кæрæдзи хæрынмæ куы æрцыдысты, уæд ма чи хъуыды кодта ахæм митæ! Нæ, уыцы ус хъуыды кодта æрмæст былццæтты æххæстдæр бастигъыны тыххæй. Уый зыдта хорз, цы къæбæр сыл бахардз кæна, уый дæсвæлтæр фылдæрæй кæй райсдзæн.

Хъуыддаджы тыххæй ныхас куы бацайдагъ ис, уæд хæдзармæ бауади, заргæйæ, иу-ссæдзазыккон саулагъз чызг. Уый нæ зыдта, ам бæлццæттæ кæй ис, æмæ ныр æвиппайды зард фæурæдта æмæ сдзырдта:

— Æгас цæут!

Йæ мад æм уайдзæф баппæрста:

— Сывæллон ма дæ, Нинæ, цæй рог схъиудтытæ кæныс!

Чызг мады уайдзæф хъуыды дæр не ’ркодта, фæлæ февнæлдта æмæ йæхиуыл барын райдыдта къабатæ, юбкæтæ, кофтæтæ; хæстæгмæ дæр сæ уыдта, дардмæ дæр сæм-иу акасти. Уыдон уынгæйæ, чызг фæкæс-фæкæс кодта уазджытæм дæр æмæ дис кодта, куыд мæллæг сты, куыд фæлурс сты. Иу хатт Къатимæ æдзынæгдæр бакасти, цыдæр хъуыдытæ фегуырди йæ сæры, фæлæ уайтагъд фæтар сты, чызг та дарæстæм кæсыныл фæци. Иу зæлдаг къабайыл ныххæцыди æмæ загъта:

— Ацы къаба мæн у!

Къати дыууæ азы размæ дæс туманæй цы зæлдаг къаба балхæдта, уый ацыди мæнæуы сады путыл. Фæуæй сты Къатийæн ноджы дыууæ кофтæйы æмæ дыууæ юбкæйы сады путыл æмæ картофы путыл. Чысыл цыдæртæ ма йæм аззадис, фæлæ уыдон ам нал æлхæдтой.

Иннæ ус ауæй кодта 20 адылийы цикъæ ссады пут æмæ æрдæгыл. Æндæр дзы ам ницы балхæдтой. Фæлæ уалынмæ сыхæгтæй чидæртæ æрбауади æмæ бæлццæтты дзауматæ иууылдæр алхæдтой.

Дыууæ усы æхцайæ исты æлхæныны кой дæр скодтой, йе царв, йе сой, фæлæ сын æфсин цыбыр загъта:

— Æхца та цы у? Дзауматæ хъæуы, дзауматæ!

Æхсæвы Къати æмæ йе ’мбал баззадысты ацы хæдзары. Æфсин сын тыргъы хуыссæн бакодта.

***

Саулагъз Нинæ æхсæвæры фæстæ айста йемæ зæлдаг къаба йæ хуыссæнмæ, уым ма йæм лампæйы раз æркæстытæ кодта æмæ мидбылты бахудти... Хорз ыл фидаудзæн. Æгас зылды ахæм къаба никæмæн ис.

Раласта Нинæ йæ дарæс æмæ хъарм хъæццулы бын аныгъуылди. Уым дæр та уади Нинæйы цæстытыл йæ зæлдаг къаба. Куыд æм хæлæг кæндзысты йе ’мбæлттæ! Нæй, ахæм къаба æгас дунейы дæр нæ разындзæн.

Уым Нинæйы цæстытыл ауади уыцы къаба рауæйгæнæджы цæсгом... Федта йæ кæмдæр. Уыцы цъæх цæстытæ! Бæлвырд, Нинæ федта ацы усы кæмдæр. Исчи йын куы зæгъид: «Нæ йæ федтай», уæд ын Нинæ хъæбæр зæгъид: «Федтон æй!»

Суанг æмбисæхсæвы онг нæ бафынæй ис Нинæ, хъуыды кодта йæ зæлдаг къабайы тыххæй, йæ рауæйгæнæджы тыххæй дæр. Чи уа, цымæ? Кæм æй федта?

Æвиппайды фæрухс ис Нинæйæн йæ сæрымагъз... Калак...

Ахалкалак... Инæлар Луарсаб. Йæ ус Къати...

— Ау, æмæ ай Къати у! — сдис кодта хинымæры Нинæ. — Уыцы Къати уыди саусæрыхъуынджын, дзагрус. Ай та мæнæ зæронд хебра, афтид стджытæ, рустæ мидæмæ хауд, сæрыхъуынтæ урс-урсид... Афтæ фендæрхуызон ис! Дыууæ азы йеддæмæ куы нæ рацыди!.. Фæлæ цæстытæ... ных... роцъо... сау стъæлф йæ русыл... Бæлвырд, ай у Къати!

Æрлæууыди Нинæйы зæрдæйыл йæ цард Къатийы хæдзары. Царди дзы кусæг чызгæй. Æхсæв, бон не ’взæрста, æрæнцой нæ уыди куыстæй. Инæлар йæхæдæг дард кæмдæр куыста, искуы иу хатт ацарди йæ хæдзары дыууæ-æртæ къуырийы. Фæлæ ацы ус! Йæ уд ын йæ хъуырæй ласта.

Ахъуыды кодта Нинæ уый дæр, куыд рахаудта уыцы хæдзарæй.

Æнтæф сæрдыгон бон. Сихор ахицæн ис. Уазджытæ инæларимæ залмæ ацыдысты, — уым къамæй хъазынц. Къати дæр уырдæм тагъд кодта æмæ, хæрæнуат æфснайгæйæ, «марадз»-æй сфæлмæцын кодта Нинæйы. Нинæ, тæбæгътæ буфетмæ хæсгæйæ, куыддæр фæбырыди ногсæрфт пъолыл, тæбæгътæ æрхаудтой æмæ ныппырх сты.

Къати иу минут æдзынæг ныккасти саст тæбæгътæм, стæй æнцад сдзырдта Нинæмæ:

— Ницы кæны. Бафиддзынæ сæ!

Нинæ фырмæстæй ссыгъди...

Мæй йын ис мызд 7 сомы, уыдон дæр ын алы æфсонæй фæстæмæ уромынц.

— Мæ аххос нæ уыди, æхсин, — йæ маст тыхæй уромгæйæ, сдзырдта Нинæ. — Ды мын «тагъд-тагъд» кодтай, æмæ куыд фæбырыдтæн, нæ зонын.

— Цъаммар! Уæддæр ма дзургæ кæны! — фæхъæр кодта ус. — Нæ руаджы кæрдзын хæрут, уæддæр бузныг не стут!

Нинæ нал баурæдта йæхи æмæ кæуынхъæлæсæй фæхъæр кодта:

— Бирæ мын фидыс! Авд сомы... Æмæ уый тыххæй æхсæв, бон нæ иртасын.

Ус ноджы мæстыдæрæй сдзырдта:

— Цъаммар, налат! Мах куы нæ уаиккам, уæд стонгæй ныммæликкат. Нæ кæрдзынæй цæрут, уæддæр бузныг не стут!

Нинæ скуыдта:

— Æри мын мæ мызд, мæ паспорт! Æз цæугæ кæнын... Нæ мæ хъæуы дæ кæрдзын!

Къати радавта паспорт æмæ йæ чызджы былтыл ныццавта.

— Уый дын дæ паспорт. Мызд дын нæй мæнмæ. Мæ дзауматæ мын кæй ныппырх кодтай, уый тыххæй ма дæ ахæстоны дæр æмбæлы бакæнын... Цъаммар! Нæ руаджы цæрынц, æмæ дын уый сæ бузныг!

Ацы хыл, ацы ныхæстæ Нинæйы сæры сног сты. Æрбалæууыди йæ цæстыты раз Къатийы цæсгом дæр, хæмпус, æдзух мидбылты худгæ цæсгом цъæх цæстытимæ, русыл сау стъæлф.

Бæлвырд, ацы ус у Къати! — сдзырдта та хинымæр Нинæ... — Йæхæдæг мæ, цымæ, нæ базыдта?

Уым Нинæ фæхъуыды кодта, Къати йæм иу хатт дæр комкоммæ кæй нæ бакасти... Уый хуымæтæжы нæ уыди... Тынг хорз æй базыдта, фæлæ йæхи æнæзонгæ барæй скодта... Базыдта йæ, фæлæ йæм, æвæццæгæн, æгад касти йæхи рахъæр кæнын.

Нинæйæн ацы маст йæ зæрдæйы сног ис.

Рабадти йæ хуыссæны.

— Хъуамæ йæ æмбисæхсæв дуары æдде фæкæнон!

Ахæм хъуыды фегуырди йæ сæрымагъзы.

Фестади Нинæ, авнæлдта йæ пъалтомæ, фæлæ йæ къух фæстæмæ æрхауди, йæхæдæг дæр æнцад æруагъта йæхи хуыссæныл.

— Къати у, бæлвырд, — сдзырдта чызг хинымæры, — фæлæ фыццаджы Къати нæу. Уый уыди схъæлсæр, хæмпусдзæсгом, ацы Къатийæн та рустæ мидæмæ бахаудтой, йæ былтæ кæрæдзиуыл æлхъывд, æвæццæгæн, худт цы у, уый рагæй нал зоны.

Фæсмон кодта Нинæ йæ фæндыл. Цы ма йæ æфхæра, уæртæ йæхæдæг — æфхæрд. Йæ иу къахæй ингæны лæууы.

Уый бæсты чызг æрхъуыды кодта æндæр цыдæр æмæ уыцы хъуыдыимæ йæхи хъæццулы æртыхта.

— Æндæр ын ницы ракæндзынæн, фæлæ йын хъуамæ уыцы дзырдтæ зæгъон. Æгъгъæд ын уыдзæн!

Уыцы дзырдтæ зæрдыл даргæйæ, бафынæй ис Нинæ.

***

Райсомæй бæлццæттæ куы сыстадысты, цæуынмæ сæхи цæттæ куы кодтой, уæд Нинæ Къатийы раз æрбалæууыди — йæ къухы цыдæр гæххæтты тыхтæй.

— Кæд дын, мыййаг, æнахъом сывæллон ис, уæд дын мæнæ иучысыл царв.

Уыцы дзырдтимæ Нинæ ноджы зæгъынмæ хъавыди:

«Нæ руаджы кæрдзын хæрут æмæ уæдæ æндæр цы гæнæн ис!»

Йæ дзых бахæлиу кодта чызг, фæлæ йе ’взаг нæ фæтасыди уыцы дзырдтæ зæгъынмæ.

Ус царв райста, фæлæ кæсгæ дæр нæ кодта чызгмæ, бузныг дæр ын нæ загъта.

— Цы æмбæлди, уый нæ бакодтон, — фæхъуыды кодта чызг, æмæ фæсмон кæнгæйæ, дуары æдде фæци.

ФИППАИНÆГТÆ

Ист у «Уацмыстæй». Фыццаг мыхуыр уыд «Фидиуæджы», № 1, 1928 аз. Ис чингуыты: ЦХ-29, РÆ-34. Фыст æрцыд 1921 азы.

...Инæлары ус... цыди фыццаг къласы, хицæн купейы... — революцийы агъоммæ вагæттæ дих цыдысты цалдæр къласыл, уæздæттæ æмæ хъæздгуытæ цыдысты 1-аг къласы.

Ахалкалак — цæрæнуат Гуырдзыстоны.

Уацмысты номхыгъдмæ »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.