Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Коцойты Арсен

ЦУАНОНТÆ

Тедо æмæ Симон цæрынц фæрсæй-фæрстæм. Симон йæхицæн бадæн скодта йæ хæдзары дуармæ фæйнæджы гæбазæй. Тедо та сарæзта йæ хæдзары дуармæ бадæн дуртæй.

Райсомæй изæрмæ, кæд иууыл æвзæр бон нæ вæййы, уæд дыууæ зæронды бадынц иумæ — куы Симоны дуармæ, куы та Тедойы дуармæ.

Кæд Симон рацæуы уынгмæ раздæр, уæд æм сындæггай йæхи баласы Тедо æмæ йæ фарсмæ йæхи истæй æнцой æруадзы. Кæд та Тедо рацæуы йæ бынатмæ раздæр, уæд æм сындæггай йæхи баласы Симон æмæ уый дæр иу дуры æнцой бакъул кæны.

Симоныл цæуы æстай азы, Тедойыл та — нæуæдз фондз, фæлæ сæ ничи зоны йæ азтæ бæлвырдæй — иу фылдæр зæгъы, иннæ та къаддæр.

Симон цæуы иу лæдзæджы æнцой, Тедо та æнæ дыууæ лæдзæджы цæуын нæ фæразы.

Дыууæ зæронды дæр тынг уарзынц сæ лæппуйы бонтæ мысын, — алчи дæр сæ йæхицæй æппæлы.

Симон зæгъы:

Æз хъочах5 уыдтæн мæ лæппуйы бонты... Кæм нæ балæууыдаин. Уыдтæн Лечъы бæстæйы, уыдтæн Сомихы бæстæйы, Кæсæджы бæстæйы дæр балæууыдтæн.

— Кæмæн дзурыс уый, Симон, кæмæн? — мæстыхуызæй зæгъы Тедо. — Æз кæм нæ уыдтæн, ахæм бæстæ куынæуал баззади... Æз уыдтæн Дзæуджыхъæуы, уыдтæн Бакуйы, уыдтæн Кæсæджы бæстæйы дæр, суанг Мæскуымæ дæр ма ахæццæ дæн. Æз хъочах уыдтæн, хъочах, Симон, уый зон!

— О Тедо, цы ныхæстæ ракодтай, уыдон ацу æмæ сæ дæ фыртты сывæллæттæн радзур! Æз дæ куы зонын, æмæ Арвыкомыл иу хатт дæр куы нæ ацыдтæ.

Уæд Тедо дæр йæ бадт фендæрхуызон кæны æмæ зæгъы:

Цы дын зæгъын, Симон, уый зоныс? Дæлæ æнгуз бæласы бын сывæллæттæ хъазынц, фæдзур сæм, дæ хорзæхæй, ардæм æмæ дæ ныхæстæ уыдонæн радзур. Ды кæд искуы Арвыкомыл ацыдтæ, уый уыдаид, уæд, сывæллæттæ дæр дзы æдасæй цæуын куы байдыдтой... Æз та дзы къаддæр фондз хатты ацыдтæн уыцы рæстæджы, цъиу дæр дзы атæхын куы нæ уæндыди.

Хъочахдзинады кой куы æрцæуы дыууæ зæрондмæ, уæд сæ фæхыл кæнынмæ бирæ нал фæхъæуы, фæлæ æххæст никуы фæхыл сты — æнæ кæрæдзи цæрын дæр нæ базониккой.

Æрцæуы дыууæ зæрондмæ паддзæхты кой дæр.

Симон зæгъы:

— Паддзæхтæ сты æртæ.

Тедо ууыл разы нæ кæны æмæ зæгъы:

— Нæ, æгас дунейы паддзæхтæ ис фондз.

Фæлæ бафидауынц дыууæ зæронды ууыл, паддзæхтæй æппæтæй Уæрæсейы паддзах тыхджындæр кæй у.

Ракæнынц зæрæдтæ се ’лдар Гарсеваны кой дæр.

Тедо уый тыххæй иу хабар зоны æмæ йæ арæх ракой кæны:

Иу хатт Гарсеван уыди Уæрæсейы æмæ фысыммæ уыди паддзахмæ...

— Нæ, Тедо, уый Гарсеван нæ уыди, фæлæ йæ фыд Росеб уыди, — зæгъы Симон...

Тедо хъæбæр лæууы йæ ныхасыл:

— Цæмæн зæгъыс уый, Симон? Æз ацы хъуыддаг мæ дыууæ къухы хуызæн куы зонын! Байхъус мæм... Паддзахæн чидæр ралæвар кодта рæсугъд къæлæсы уæрдон æртæ рæсугъд сау бæхимæ. Паддзах афæнд кодта уæрдоны сбадын, фæлæ йын Гарсеван загъта: «Ма дзы сбад, паддзах, авзарын уал æй хъæуы!» Паддзах бакасти Гарсеваны коммæ æмæ не сбадти уæрдоны, фæлæ дзы лæваргæнæгæн йæхи сбадын кодта, загъта йын: «Ды уал дзы сбад, æз та уал æм дардæй бакæсон!» Лæваргæнæг дзы бадынмæ нæ хъавыд, алы æфсæнттæ кодта, фæлæ ма йын цы гæнæн уыди — паддзахы ныхас тыхджын у... Сбадти лæваргæнæг уæрдоны, æмæ бæхтæ фезмæлыдысты. Уæрдон куыддæр иучысыл ауади, афтæ ныггуыпп кодта æмæ ныппырх ис. Бакасти уæд паддзах Гарсеванмæ: «Мæ паддзахадæн дын йе ’мбис дæттын, Гарсеван. — Ды мæ мæлæтæй фервæзын кодтай!» — «Нæ, паддзах, — загъта Гарсеван, — нæ райсдзынæн. Уый æз лæвары тыххæй нæ, фæлæ хæлардзинады тыххæй бакодтон».

Симон ацы ныхæстæм зæрдиагæй хъусы, стæй, дисгæнгæйæ фæрсы:

— Æмæ уæдæ Гарсеван уыцы лæвар нæ райста?

— Æмæ дзы цы кæны? Хъуаг у? Йæхи зæххытæн кæрон куы нæ ис!

Уыцы хуызæнæй дыууæ зæронды сæ бонтæ æрвитынц...

***

Иу хатт Симон дуармæ куы рацæйцыди, уæд кæрты астæу зæххыл федта нартхоры æфсир, систа йæ æмæ йæ йемæ рахаста. Иу карк йæ фæдыл рауади æмæ йын уæд Симон иу къорд нартхоры нæмгуытæ аппæрста. Карк нæмгуытæ ауыгъта æмæ Симоны суанг йæ бынатмæ уæгъд нал суагъта... Уæд Симонмæ æрцыди ахæм хъуыды: «Цæй, æмæ йæ снард кæнон æмæ йæ стæй хорз аргъыл ауæй чындæуыдзæн». Æмæ уæд нартхоры нæмгуытæ зæрдиагæй згъалын байдыдта каркæн.

Уалынмæ йæм Тедо йæ дыууæ лæдзæджы æнцой æрбахæстæг ис.

— Уый цы ми кæныс, Симон? — бафарста Тедо.

— Цы ми кæнын? Мæнæ карк нард кæнын Джиуæргуыбамæ.

— Куыннæ стæй!

— Уæд цæуылнæ? Бæрæгбонмæ нын исты æргæвдын æнахуыр хъуыддаг мыййаг куы нæ у!

Тедойы ноджыдæр амæстæй марыны тыххæй Симон загъта æддæдæр:

— Уæд хъыбыл куы аргæвстам куадзæнмæ. Цас ыл цæуы ныр? Фарон уыди, æнхъæлдæн... Хъыбыл куы аргæвстам... Пау... пау... пау! Цы хуызæн уыди, цы! Йæ нард уыди, бауырнæд дæ, Тедо, цыппар æнгуылдзы нæ, хистæр æнгуылдз дæр ма йыл афтауæм... афтæ, гъе!

— О Симона, Симона! Нард афтæ бæзджын хъыбылæн нæ, фæлæ ас хуыйæн дæр нæ уыдзæн.

— Уыди, Тедо, уыди... фыддæрагæн — уыди!

Симонæн ма йæ зæрды ноджы адзурын уыди хъыбылы тыххæй, фæлæ Тедо уæртæ фæцæуы.

— Кæдæм цæуыс, кæ, Тедо?

Тедо нал ракасти фæстæмæ, ницыуал сдзырдта.

Симон иунæгæй баззади æмæ дис кодта, цымæ цæмæн ацыди Тедо? Цымæ нал рацæудзæн?

Уалынмæ уыны Симон — рацæуы Тедо, нартхоры æфсир йæ къухы, ранæй-ран æрлæууы йæ дыууæ лæдзæджы æнцой, нартхор азгъалы æмæ асиды:

— Цип... цип... цип!

Йæ фæдыл рауигъ-бауигъгæнгæ цæуы бабыз.

Тедо Симоны размæ куы æрбахæццæ, уæд загъта:

— Ацы бабыз æз куадзæнмæ нард кæнын.

Æрбадти Тедо йæ бынаты æмæ бабызæн нартхоры нæмгуытæ аппæрста.

Уыцы бонæй фæстæмæ дыууæ зæрондæн сæ ныхас дæр фендæрхуызон ис, фылдæр кодтой карк æмæ бабызы кой. Карк æмæ бабыз дæр сыл сахуыр сты æмæ сæ разæй никæдæмуал цыдысты.

— Кæс-ма, кæс, Тедо, — дзырдта Симон, — мæ карк куыд тымбыл кæнын байдыдта!

— Бакæс-ма, Симон, уыцы бабызмæ, — дзуапп лæвæрдта Тедо, — цыхуызæн сси — фырнæрдæй къах айсын нал фæразы.

— Бабыз? Бабыз та цы у! Не ’лдар дæр карчы фыд йеддæмæ куы ницы хæры! — дзырдта Симон.

Фæлæ Тедо дзуапп лæвæрдта:

— Карк? Карчы бабызимæ иу кæнынмæ хъавыс? Нæма фехъуыстай, æвæццæгæн, паддзах карчы фыд йæхимæ хæстæг дæр кæй нæ уадзы. Уый хæры æрмæст бабызы фыд.

Уыцы хуызæнæй дыууæ зæрондмæ ног хъуыдытæ, ног мæт, ног цин фæзынди.

***

Иу сæрдыгон хур бон Тедо йæ къухæй аууон акодта æмæ кæсы хъæдрæбынмæ.

— Акæс-ма, Симон, цымæ уыцы барджытæ чи уой?

Акасти Симон æмæ загъта:

— Ардыгæй уырдæм цы загъдæуа, барджытæ сты цыппар-фондз...

Барджытæ иу къорд афонты фæаууон сты, æрхы ныххызтысты, фæлæ уалынмæ хæстæгдæр къуыбырыл фæзындысты.

— Симон, уыдон чи сты, уый зоныс?

— Чи?

Æлдар Гарсеван йæ чапартимæ6, йæ куыйтимæ.

Симон ныккасти зæрдиагæй æмæ загъта:

— Афтæ у, уыдон сты... Цуаны уыдысты, æвæццæгæн. Цуанон хызынтæ дæр сæм ис.

Барджытæ баурæдтой бæхты æнгуз бæласы раз. Чапартæ рагæппытæ кодтой бæхтæй. Дыууæ дзы фæлæбурдтой æлдары бæхы рохыл хæцынмæ. Æлдары фырт та, æвддæсазыккон лæппу, йæхæдæг рагæпп кодта бæхæй. Бæхты иуварс акодтой æмæ сæ суагътой хизынмæ. Æлдарæн чапартæ бæласы аууон фæндаггон бандон авæрдтой, фæлæ Гарсеван иуварс цъæх нæууыл æркъул кодта, йæ сæр къухыл æрæнцой кæнгæйæ.

***

Уазджытæ куы бацыдысты, уæд дыууæ зæронды сыстадысты, систой сæ худтæ, фæлæ сæ ничи æрхъуыды кодта...

Ныр сæм бацыди кънйазы фырт Миха. Баздæхти Тедомæ, бавнæлдта йын йæ лæдзджытæм.

— Адон дын цы сты? Цыппар къахыл цæуын æнцондæр у, нæ? Бæх дæр, гал дæр афтæ фæцæуынц. Уыдон фæзмыс?

Стæй Миха бавнæлдта Симоны рихитæм:

— Цæмæн афтæ сбур сты дæ рихитæ? Фæздæгмæ ауыгъд вæййынц? Мæнæ дзы хъæмпы муртæ дæр ис.

Дыууæ зæронды бахудтысты.

Уым Миха цыдæр ахъуыды кодта æмæ иуварс ауади. Зæрæдтæ куыд лæууыдысты, афтæмæй баззадысты.

Иу минуты бæрц рацыди, афтæ топпы гæрах фехъуысти.

Иууылдæр акастысты уыцырдæм. Гарсеван дæр фехъал ис гæрахмæ.

Михайы къухы топп фæздæг калдта. Лæппу худгæйæ амыдта цæмæдæр æмæ дзырдта:

— Акæсут-ма, æвзæр топпæхсæг дæн?

Йæхицæй иу-дæс къахдзæфы æддæдæр Симоны карк афæлдæхти, йæ базыртæ ма тылдта.

— Ахæсс æй Габо æмæ йæ сфыц, уый уæ иннæ мæргътæй хуыздæр уыдзæн! — сдзырдта Миха, стæй топп йе уæхскыл баппæрста æмæ дарддæр араст ис.

Симон лæдзæгыл арфдæр æрæнцой кодта, æмæ æнæзмæлгæйæ, йæ каркмæ кæсгæйæ, баззади. Тедойæн æхсызгон уыди, йе ’мбал æнæ каркæй кæй баззад, иуварсырдыгæй-иу æм бакасти æмæ та-иу ныххудти.

— Габо, Габо! — фæхъæр кодта Гарсеван, — уый цавæр у, уæртæ?

Амыдта Тедойы бабызмæ.

— Фырнæрдæй йæхи айсын куынæуал фæразы!.. Уымæй мын сараз, Габо, аходæн, уымæй!.. Сырх сæн æмæ бабызы фыд иумæ!.. — Пау... пау... пау... уымæн æмбал та кæм ис!

Габо рацахста бабызы.

Уый фенгæйæ, Тедо йæ худынæй банцади, худ йæ сæрыл æркодта æмæ йæхи уæззау æруагъта бадæныл.

Симон дæр æрбадти, зулмæ бакасти Тедомæ æмæ загъта:

— Ахуд, ахуд, Тедо! Цæмæн банцадтæ?

Минуты бæрц джихæй фæлæууыди Тедо.

— Æмæ дæ карк мæ бабызæй, мыййаг, æвзæрдæр уыди? — загъта Тедо, йæ худ арф æркодта, æмæ, кънйазмæ мæсты каст бакæнгæйæ, уæззау æруагъта йæхи йæ бадæныл.

ФИППАИНÆГТÆ

5 Сахъ.

6 Æлдары фæсдзæуинтæ.

Мыхуыр цæуы «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт авторæн йæхи тæлмацæй уыд газет «Правда»-йы 1912 азы, «Помечтали», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Уыдис ыл фыссæджы фæсномыг — Арсен Дарьяльский. Иронау раздæр рацыд альманах «Малусæджы» 1922 азы, йæ быны дыууæ дамгъæйы — А. К., стæй уыд Арсены чингуыты се ’ппæты дæр. Авторæн йæхи нысанмæ гæсгæ фыст æрцыд 1902 азы. «Малусæджы» текст æмæ фæстаг редакциты ’хсæн ис чысыл ивдтытæ.

Автор йæ фиппаинæгты амоны дыууæ гуырдзиаг дзырды нысан:

1) хъочах — сахъ, 2) чапартæ — æлдары фæддзутæ.

Лечъы бæстæ — афтæ хуыдтой ирон адæм Дагъистаны.

рæсугъд къæлæсы уæрдон — файтон.

... йæ нард уыди... цыппар æнгуылдзы — нард барст цыди æнгуылдзты уæрхæй.

Уацмысты номхыгъдмæ »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.