Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Коцойты Арсен

ЦÆУКЪА ÆМÆ ФЫРКЪА

(Радзырд-фантази)

Иу зæхкусæгмæ уыди бур цæукъа æмæ сау фыркъа. Хæдзары хицау йæхæдæг дæр, йæ бинонтæ дæр хорз зылдысты цæукъа æмæ фыркъамæ, фаг сын лæвæрдтой æвзаргæ хæринаг, сæ цæрæнбынат сын сыгъдæг дардтой. Дзæбæх цардæй цæукъайы хъуын слæгъз ис æмæ сыгъзæринау æрттывдтытæ калдта, фыркъайы хъуын та къæбæлдзыг кодта, ногзад бухайраг уæрыччы хъуыны хуызæн. Уæддæр уыдон сæ цардæй разы нæ уыдысты. Сæ хицау сæ дардта æдзух кæрты кæнæ скъæты мидæг, уыдон та сæ хъус дардтой кæртæй æддæмæ, фæндыди сæ сæрибарæй цæрын. Хаттæй-хатт-иу кæрты дуарæй куы аирвæзтысты, уæд та сæ-иу уайтагъд фæстæмæ æрбасырдтой. Фыркъа коммæгæсдæр уыди, æнцонæй фæстæмæ здахын куымдта, фæлæ цæукъа бирæ маст кодта йæ хицауæн, нæ куымдта-иу фæстæмæ здахын, тынг æвæндонæй-иу бацыди кæртмæ. Басырдта сæ-иу хицау фæстæмæ, дуæрттæ сыл-иу сæхгæдта, сæ разы сын-иу парахатæй алы хæринаг ныккалдта. Нæ, фыркъа æмæ цæукъамæ уыцы цард æгъгъæд нæ касти, ноджыдæр æмæ ноджыдæр лыгъдысты кæртæй æддæмæ æмæ маст кодтой сæ хицауæн.

Иу хатт хицау æрлæууын кодта йæ разы фыркъа æмæ цæукъайы æмæ сын зонд амонын байдыдта. Уый сын дзырдта:

— Мæ хорз фыркъа æмæ цæукъа, æвзаргæ хæринагæй уæ хæссын, хорз уæм зилын, уæ цæрæнбынат фырсыгъдæгæй æрттывдтытæ калы. Зæгъут цы хъуаг ма стут? Цæмæн лидзут кæртæй æддæмæ? Сымах уæ хъус дарут быдырмæ, хъæдмæ, фæлæ уым цæры бирæгъ, фыркъа æмæ цæукъайы фыд бирæ чи уарзы. Уый уæ бахæрдзæн. Тынгдæр дæуæн дзурын, Бури. Ды дæ амидингæнæг æмæ фыццаджыдæр ды фесæфдзынæ.

Фыркъа æмæ цæукъа æнувыд хъуыстой сæ хицауы ныхæстæм. Фыркъа, йæ бурбын цæстытæ æрцъынд-æрцъынд кæнгæйæ, йæ уæззау дымæг тилгæйæ, хъуыды кодта:

«Хицау раст зæгъы. Æз ам æппындæр ницы хъуаг дæн, хорз хæринаг мын фаг ис, зылд хорз, цæрæнуат хорз, тас мын ницæмæй у. Уым та... Чи йын цы зоны? Кæд дзы æцæг, мыййаг, бирæгъ цæры, уæд мæ бахæрдзæн. Ме ’мбал — бур хæйрæг — æнцад бадын нæ зоны, æдзух алы фыдуагдзинæдтæ хъуыды кæны. Хъуамæ æз уый ма фæзмон».

Цæукъа, йæ даргъ зачъе тилгæйæ, йæ зондджын цæстытæй касти комкоммæ хицауы цæсгоммæ æмæ хъуыды кодта:

«Уыцы кæрдæгджын къуыппытыл куы нæ фæхизон, мæ фæстаг къæхтыл лæугæйæ, хъæды бæлæсты сойджын къалиутæм куы нæ сивазон, быдыры сыгъдæг уæлдæфæй куы нæ аулæфон, къуыппытæ æмæ дзыхъхъытыл куы нæ фæгæппытæ кæнон, фæлмæн цъæх кæрдæгыл куы нæ атылдтытæ кæнон, уæд мæ мæ цард ницæмæн хъæуы — иухуызон, æнтъыснæг æмæ æгад цард смаггæнаг скъæты мидæг. Дæуæн та, нæ хицау, цасфæнды дзур, дæ ныхæстыл æз бирæ нал æууæндын».

Хицау йæ ныхæстæ фæци фыркъа æмæ цæукъайæн æмæ сæ ауагъта.

Уыцы бонæй фæстæмæ фыркъа кæрты дуарæй æддæмæ никуыуал акасти. Цæукъа та тынгдæрæй-тынгдæр йæ хъус дарын байдыдта æддæмæ. Сфæлмæцыдысты дзы хæдзары бинонтæ, æнцой сын нал лæвæрдта æппындæр.

Иу æхсæв, райсомырдæм, бон цъæх нæма кодта, афтæ цæукъа сыстади йæ хуыссæнæй, йæхи аивæзтытæ кодта æмæ бакасти йе ’мбалы ’рдæм, — уый хуыссыди хуырхуыргæнгæ. Цæукъа йæ басхуыста йæ къахæй, — райхъал кæнынмæ йæ хъавыди, фæлæ уымæ райхъалы фæндæй ницы уыдис. Уæд цæукъа æрлæууыди скъæты рудзынджы раз, æрбадти, асхуыста йæхи зæххæй, атыдта рудзынг æмæ агæпп кодта кæртмæ. Минуты бæрц алæууыди иу ран, алырдæм кæсгæйæ æмæ хъусгæйæ. Æдзæм уыди кæрты мидæг, рудзынджы састы уынæр никæй райхъал кодта. Уæд цæукъа бацыди бырумæ, æрлæууыди йæ разы, асхуыста та йæхи æмæ фестади быруйы æдде. Афардæг ис.

Ралæууыди райсом. Хъæу райхъал ис, сызмæлыди, суынæр кодта.

— Цон, — загъта хъæдзары хицау, — рауадзон цæукъа æмæ фыркъайы скъæтæй. — Байгом кодта дуар æмæ уыны — фыркъа йæ фарсыл хуыссы æмæ æнцойæ сынæр цæгъды, рудзынг — саст, цæукъа нæй скъæты. Фæдзырдта хицау бинонтæм æмæ сын загъта:

— Цæукъа афардæг ис. Йæ агурын дзæгъæлы у, — афонмæ йæ бирæгътæ бахордтой. Абонæй фæстæмæ уæ цæст тынгдæр дарут фыркъамæ... нæ, фæлæ йæ скъæты дуарæй æппындæр æддæмæ мауал уадзут.

Фыркъа хицауы дзырдтæ куы фехъуыста, уæд йæ зæрдæ бауынгæг ис, фæсмон æм æрцыди æмæ хинымæр загъта:

— Ме ’мбал, бур хæйрæг, раст уыди, алидзын хъуыди мæн дæр.

***

Уыцы афон цæукъа, фæстæмæ нал кæсгæйæ, лыгъди размæ, уыцы рæсугъд рæттæм, кæцытæ йын бон рæвдыдтой йæ цæстæнгас, æхсæв та йын хъыгдардтой йæ фынæй. Бон-изæрмæ уый æвзæрста, ныронг кæй нæма зыдта, ахæм æхсызгондзинæдтæ. Сæрибарæй тыдта сойджын кæрдæг. Йæ фæстæгтыл лæугæйæ, ивæзта хъæддаг бæлæстæм æмæ хордта сойджын къалиутæ æмæ сыфтæ. Уый ратул-батул кодта фæлмæн кæрдæгыл, фыццаг хатт улæфыди хъæддаг сыгъдæг уæлдæфæй.

— Гъе, ныр базыдтон сæрибардзинады цин, гъе, ныр æз бавзæрстон адджын цард, — дзырдта цæукъа йæхицæн... — Фæлæ уæддæр уый куыд рауади, куыд цардтæн ныронг смаггæнаг скъæты?

Хур аныгуылди. Талынг кæнын байдыдта. Цæукъа равзæрста йæхицæн æхсæвиуаты бынат æмæ æрхуыссыди. Куыддæр рæдзæмæдзæ кæнын байдыдта, афтæ йæ фындзы хуынчъытыл ауад цавæрдæр æнахуыр, ныронг кæй нæма бавзæрста, ахæм смаг. Хи бахъахъхъæныны æмбудындзинад æй фæгæпп кæнын кодта йæ къæхтыл. Алфамбылай уыди æдзæм, æрмæст æхсæвы ирдгæ æнкъуыста бæлæсты сыфтæртæ, æмæ уымæй хъуысти сындæг æмæ æнæскъуыйгæ сыф-сыф. Уыны цæукъа — сындæг æм хæстæгæй-хæстæгдæр цæуынц дыууæ тымбыл зынджы. Бамбæрста, уыдон бирæгъты цæстытæ кæй сты... Йæ зæрдæ бауынгæг ис. Йæ буарыл азгъордта лыстæг ризæг. Фæзынди йæм мæлæты тас. Афтæ уыди æрмæст иу секунды бæрц. Уыйфæстæ секунды цæукъа загъта йæхицæн:

Лидзынæй нæ фервæздзынæн, лидзгæ нæ акæндзынæн. Амæлдзынæн, фæлæ хъазуатон тохы. — Фидар ран æрлæууыди, къæхтæ уæрæх айсгæйæ, йæ сæфтджытæ зæххы æрсагъта æмæ бацæттæ кодта йæ сыкъатæ цæвынмæ. Зыдта, хорз зыдта, йæ цард иунæг цæфыл ауыгъд кæй у, — куы нæ йын фæрæстмæ уа уыцы иунæг цæф, уæд фесæфти. Зыдта цæукъа, цы ран æмæ куыд ныццæвын хъæуы, уый дæр. Хæстæгæй-хæстæгдæр кæнынц дыууæ зынджы. Мæнæ ис... Багæпп кодта бирæгъ, фæлæ уый уыди йæ фæстаг гæпп — цæукъайы рахиз сыкъа йын батыдта йæ хъуыр æмæ йæ тугæйдзаг кæрон азынди къæбутæй. Афæлдæхти бирæгъ, йæ гæндзæхтæ бацагъта æмæ æнæ змæлгæйæ баззади. Цæукъа зынтæй раласта йæ сыкъа бирæгъы хъуырæй æмæ та лидзын байдыдта, æнæ фæстæмæ кæсгæйæ, дарддæр æмæ бæрзонддæр, дарддæр æмæ бæрзонддæр. Хатгай фæкæлы, бæлæсты зыкъуыртæ æмæ сындзытæ йæ тонынц, фæлæ та уайтагъд фесты æмæ лидзы дарддæр.

Мæнæ тар сыфтæрты æхсæнæй фæзындысты хуры рухс стъæлфæнтæ. Мæнæ хъæд фæци æмæ райгом ис арв. Цæукъа æрлæууыди. Йæ разы цы ныв разындис, уымæ баззади кæсгæйæ. Бæрзонд, бæрзонд зындысты митæй æхгæд хæхты цъуппытæ, сæ фæрстыл хъазыдысты райсомы хуры тынтæ, дæлдæр — сау гæмæх хæхтæ, ноджы дæлдæр кæрдæгæй æмбæрзт къуыппытæ, ноджы æмæ ноджы дæлдæр — къутæрджын къуыппытæ. Æгæрон цинæй цæукъайæн йæ зæрдæ скафыди йæ риуы. Бамбæрста цæукъа, уым... уыцы бæрзæндтыл кæй ис йæ цæрæнбынат. Æнæ баулæфгæйæ ауагъта йæхи размæ — дарддæр æмæ бæрзонддæр сæрибары цардмæ уæгъды бæрзæндтыл.

ФИППАИНÆГТÆ

Ист у «Уацмыстæй». Фыццаг хатт фæзынд журнал «Пионер»-ы, №1, 1940; уыйфæстæ — КА-40. Арсены иннæ чингуыты нæ уыд. Фыссæг ыл нысан кодта 1913 аз. Фадат ын уыд, афтæмæй уацмыс 1940 азы онг мыхуыры кæй нæ фæзынд, уый гуырысхойаг кæны уыцы рæстæг. Фæлæ кæд фæнды фыст уæд, уæддæр йæ идейон-аивадон ахадын къаддæр нæ кæны.

«Пионер»-ы тексты ма йæ кæроны уыд: «Зыд цæстæнгасæй афæлгæсыди йæ цæрæнуатыл æмæ дзы ауыдта йæхи хуызæн цæрæгойты. Æмæ йыл мæнæ æмбырдтæ кæнын байдыдтой сæгуыттæ, сычъитæ, дзæбидыртæ, цин кæнгæйæ рауын-бауын кодтой сæ ног уазæджы æмæ дзырдтой кæрæдзийæн:

— Нæхи у. Цæрæд немæ сæрибары цардæй нæ уæгъды бæрзæндтыл».

Уацмысты номхыгъдмæ »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.