Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Коцойты Арсен

ЦЫППАР ТУАЛЛАДЖЫ

I

Сосо къæлæт бандоныл бæхбадт æркодта, рæстæгæй-рæстæгмæ адауы йæ сау зачъе, аздухы куы иу рихи, куы иннæ.

Бады Сосо, йæ къухтæ бандоны къæлæтыл æруадзгæйæ, хаттæй-хатт лулæ йæ дзыхæй райсы, æмæ уæд фæздæджы бынæй хъуысы ахæм ныхæстæ:

— Собрани æркæсæд, постановлени рахæссæд, доложит æй скæнæд.

Дзуры Сосо, йæ былтæ иучысыл асчъил вæййынц, цыма схудынмæ фæхъавы. Уый не схуды, фæлæ йæ алыварс иннæ делегаттæ — цæгатæгтæ дæр, хуссайрæгтæ дæр — худæгæй афæлдæхынц.

Цæгатæгтæй исчи дзырд баппары:

— Дæ рын схæрон, къацо, икнеба.

Сосо дзуапп дæтты:

— Ныр Мишайы очеред у говорит кæнын, стæй та Володкæ говорит кæндзæн.

Худт фæсабыр вæййы, стæй та фемæхсы.

Цæгатæгтæй та исчи баппары дзырд:

— Дзукъи ауæй кодтой. Жæбæх ашæл кодтон. Ицоцхле, къацо.

Сосо зæгъы:

— Значит æмæ неужели та цы сты?

Цæгатæгтæй дæр исчи фæрсы:

— Унда æмæ рогорц та цы сты? Къи цы у, къи?

Афтæ кæрæдзи мæстæй мардтой Дзæуджыхъæуы Ирыстоны стыр æрцыды26 делегаттæй чидæртæ.

Абон у æрцыды фæстаг бон, æмæ ма Сосо фæстаг хатт йе ’взаг цыргъ кæны цæгатæгты амæстæй марыныл.

Куыддæр делегаттæ залы бамбырд сты, афтæ Ирыхъæуы делегаттæй иу, Зауырбег Б., азылди залыл, кæмæндæрты цыдæр æмбарын кодта, æдæппæт иу-дыууадæсæн. Уыцы дыууадæсæй цыппар уыди хуссайрæгтæ: Сосо, Пъауыле, Иуане æмæ Дато.

Фæстагмæ æмбырд æхгæд æрцыди.

Сосо йе ’мбæлттыл азылди, фæрсы сæ:

— Цæут Зауырбеджы хуындмæ?

Æртæ дæр, цыма дзырд бакодтой, уыйау хъæбæр загътой:

Зауырбегæн ацæуыны дзырд раттон, фæлæ нæ ацæудзынæн.

Цæуылнæ цæуынц, ууыл Сосо дис кодта, фæлæ сæ бирæ рафæрс-бафæрс нал фæкодта.

II

Пъауыле, Иуане æмæ Дато бадтысты сæ номеры. Алчи дæр сæ хинымæр дзырдта:

— Бирæ нæ афæстиат уыдзæн Сосо, ныртæккæ йæ ардæм хъæуы.

Фæлæ Сосо уыцы бон æппындæр нæ фæзынди. Фæзынди дыккаг бон 11 сахатыл, райсомæй.

Бацыди Сосо йе ’мбæлтты номермæ, лулæ дымгæйæ.

Уыдонæй иу газет касти, иннæ — чиныг, æртыккаг æд дзаумæттæ сынтæгыл уæлгоммæ ныффæлдæхти.

Сосо бандоныл æрбадти, лулæ йæ дзыхæй райста æмæ сдзырдта:

— Хуынд мондагæй цы ракæнат, уый куынæ зонут, уæ фындзыл цæлы тæф куы ауайы, уæд хæддзуйæ куы фæцæут. Цы уыл æрцыди ныр? Зæгъ-ма ды, Пъауыле, цæуылнæ рацыдтæ?

Пъауыле иучысыл алæууыди, хъуыдытæ кæнгæйæ, стæй загъта:

— Ницы ахæм хабар ис, фæлæ сомыгонд дæн цæгатаг хæдзармæ хуынды цæуыныл.

Сосо йæ зачъе адаудта æмæ сдзырдта:

— Зæгъ, радзур дæ «хабар», исты дзы ис, æвæццæгæн!

Пъауыле радзырдта:

Дыууæ азы цæуы, афтæ æз уыдтæн Дзæуджыхъæуы иу хъуыддаджы тыххæй. Иу бон фæцæуын фæтæн уынгыл, хуыйны, æнхъæлдæн, Калакаг уынг. Иу хæдзары дуармæ бадти ирон ацæргæ лæг. Йæ тæккæ рæзты цыдтæн æмæ æнæсдзургæ кæм уыди!

— Дæ бон хорз! — загътон.

Загъта:

— Хорз дæ хъуыддаг!

Иу минут алæууыди, цыма хъуыды кæнгæйæ, стæй мæ фæдыл дзуры:

— Уазæг, фысым дын стæм. Фездæх нæм!

Мæн хъуыддаджы тыххæй тагъд цæуын хъуыди æмæ арфæ ракодтон.

Араст дæн.

Дзуры мæ фæдыл:

— Уазæг, æвæджиау дзæбæх арахъ нæм ис, æмæ дзы фæйнæ аназæм!

Æз зивæг кодтон.

— Фездæх, уазæг! — дзуры та. Сыстади. Мæ фæдыл ракъахдзæфтæ кодта.

Цы амал ма уыди, фефсæрмы дæн зæронд лæгæй.

Бацыдыстæм хæдзармæ.

Бакастæн. Иу удгоймаг дзы нæй. Артдзæст дæр хуыстæй лæууыди.

Æрбадтыстæм къонайы фарсмæ Дадайы бандоныл.

Ныхæстæ кæнæм.

Фæрсы мæ туалты царды тыххæй. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны иумæйаг мыггæгты тыххæй дæр нæм ис ныхас.

Бадæм дыууæйæ.

Ныхас кæнæм.

Æркæсын сахатмæ. Уынын — æрæджы мын кæны. Фæнды мæ, фысым куы фæтагъддæр кæнид хъуыддаг.

Фæлæ фысым бады, ныхас кæны, æндæр ницы.

Æз æмбарын байдыдтон, йæ ныхас фидар кæй нæ уыди, йæ зæрдæ цæмæдæр кæй æхсайдта. Мæнмæ афтæ кæсын байдыдта, æмæ фысымтæм арахъ нæ уыди, æмæ дисæй мардтæн: кæд сæм арахъ нæй, уæд мæ цавæр «дзæбæх арахъ» нуазынмæ хуыдта?

Æмæ ноджы: æнæ хонгæ йæ ничи уагъта!

Бадæм. Ныхас кæнæм.

Æркастæн та мæ сахатмæ. Æнхъæлмæ кæсын нал уыди мæ бон æмæ загътон:

— Бахатыр кæн, æрæджы мын кæны!

Сыстадтæн.

Фысым дæр сыстад æмæ загъта:

Хорз уынинаг уазæг бæргæ дæ, фæлæ ницæмæй цæттæ стæм. Æндæр хатт дæ афтæмæй нæ ауадздзыстæм!

Æз хæрзбон загътон æмæ рацыдтæн мæ фæндагыл.

Иу минуты бæрц цыппар лæджы æнæ дзургæйæ фæлæууыдысты. Ничи сæ ницы загъта хабары тыххæй.

III

— Мæ хъуыддаг уымæй диссагдæр у, — загъта Иуане æмæ радзырдта ахæм хабар.

— Фарон сæрды æз уыдтæн Дзæуджыхъæуы. Уырдыгæй мæ Беслæныхъæумæ дæр ныууайын бахъуыди. Уым фембæлдтæн иу рагон зонгæйыл, кæддæр кæмдæр иумæ ахуыр кодтам, йæ ном Бимболат. Царди Дзæуджыхъæуы йæхи хæдзары, кæцыйы ныхтæ цыдысты дыууæ уынгмæ.

Бацин кодтам кæрæдзиуыл.

Иттæг зæрдиагæй ныллæуыди Бимболат:

— Иу-дыууæ æмбалы ракæн демæ æмæ сомбон дыууæ сахатмæ æввахс фæзын!

Нæ къухтæ кæрæдзимæ куы раттам æмæ фæйнæрдæм куы ацыдыстæм, уæддæр йæ зæрдæ нæ фæлæууыди мæ рагон хæларæн, фæкасти ма Бимболат фæстæмæ æмæ дзуры:

— Иуане, куыддæр нæ фæзынай, афтæ мæ амардтай! — Мæ дзыхæй дæр дæм нал сдзурдзынæн!

Уырыссаг æмбисонд мæ зæрдыл æрбалæууыди: «Старый друг лучше новых двух».

Сомбон мæм дард касти, фæндыди мæ абон дæр мæ хæларимæ фæбадын, фæныхæстæ кæнын. Фæлæ цы гæнæн ис — банхъæлмæ кæсын хъæуы соммæ, сомбон дард нæу.

Райсом 11 сахатыл машинæйы куы бадтæн, уæд хъуыды кодтон: адæймаг кæимæ схъомыл уа, кæимæ сахуыр уа йæ лæппуйы бонты, уыдонæн рохгæнæн нæй амæлæты бонмæ. Куыд мыл бацин кодта! Бирæйы аргъ у уыцы фембæлд. Куыд æнхъæлмæ кæсдзæн абон мæ фæзындмæ! Æвæццæгæн, йæ бинонты æппæт сæ къæхтыл слæууын кодта, æмæ афонмæ дыууæрдæм згъорынц, цæттæ кæнынц сæхи уазæджы фæзындмæ. Уым мæ зæрдыл æрбалæууыди Бимболаты ныхас, зæгъгæ, искæйты демæ ракæн. Нæма мын уыди бæрæг, кæй акæндзынæн мемæ. Бирæйæ куы ацыдаиккам, уый мæ нæ фæндыди, фæлæ иу искæй хъуамæ акодтаин мемæ.

Раджы ма уыди, æмæ мæхи бульварыл фæстиат кодтон.

Мæ зæрдыл æрбалæууыди Зураб. Зондзыстут æй, иу-дæс азы размæ ралыгъди ардæм, иучысыл хæдзар балхæдта Ирыхъæуы, Терчы был, æмæ уым цæры. Хорз зонгæ уыдыстæм уыимæ. Ануазынмæ, ацæл кæнынмæ уый хуызæн кæм ис! Сахат æмæ æрдæджы бæрц уынджы æнхъæлмæ кæсыны бæсты араст дæн уымæ. Бацин кодта, æз, дам, æгас мæйы дæргъы æцæг цæл куынæуал федтон, йæхæдæг — цыбыркъух лæг — ницæмæй цæттæ уыди.

Афойнадыл сыстадыстæм æмæ араст стæм Бимболаты хæдзармæ.

Уынгты ныл æмбæлдысты бæрæгбонон арæзт адæм, дыгæйттæ æмæ фылдæртæ алырдæм цыдысты. Дуканитæ иууыл æхгæд.

Зураб ануазаг кæм уыди, уым æз хинымæр тарстæн, æгæр куы срасыг уа, мыййаг, æмæ æгъдау кæронмæ ахæссын куы нæ бафæраза. Бакастæн æм иуварсырдыгæй — йæ цæсгомыл æхсызгондзинад фыст! Дзурын æм:

— Зураб, ардыгон ирон адæм æгъдауыл тынг хæцынц, æмæ хъуамæ æгæр нуазынæй нæхи бахизæм!

Зураб сразы ис мæ ныхасыл, æрмæст загъта:

— Æнаккаг хуызмæ хъуамæ нæхи мæ ’руадзæм, фæлæ дзы хæрд æмæ нуæзт хорз куы уа, уæд дын зæгъын, хорз азилдзынæн æз фынгыл. Хъуамæ æрæджиау ма зæгъон: «Цæуылнæ ма дзы ахордтон, цæуылнæ ма дзы ануæзтон!»

Уалынмæ бахæццæ стæм Бимболаты хæдзармæ. Дзæбæх хæдзар, райдзаст. Нæ зæрдæтæ барухс сты: æгайтма ирæттæ афтæ амалтæ кæнынц Дзæуджыхъæуы!

Мæ æвдисæн æнгуылдз бацарæзтон мырмыраджы цæппæрмæ, æмæ зæлланг айхъуысти дардмæ.

Иу минуты бæрц ничи ракасти, æмæ мæ зæрдæ æхсайын байдыдта, кæд, мыййаг, Бимболаты хæдзар нæу.

Уалынмæ дуары гуыдыры сызмæлыди дæгъæл.

Хъуыды кæнын: «Ныртæккæ разындзæн Бимболаты рухс цæсгом».

Дуар даргъ хъыллист ныккодта.

Нæ разы лæууыдис иу-дыууадæсазыккон лæппу.

Лæууы æнæ дзургæйæ къæсæрыл.

Æз дæр исдугмæ нæ сарæхстæн сдзурынмæ, стæй фæрсын:

— Лæппу, Бимболат уæхимæ ис?

— Нæй, — загъта лæппу. — Сæумæрайсом Джызæлмæ ацыди.

Хъуыды кæнын: «Кæд лæппу ницы зоны, мыййаг».

Фæрсын та йæ:

— Дæ мад дæр нæй уæхимæ?

— Уый дæр Бимболатимæ ис.

Мах Зурабимæ бакастыстæм кæрæдзимæ.

Лæппу фæрсы:

— Куы ’рбацæуа, уæд-иу цы зæгъон?

— Ницы, мæ хур, ницы, — загътон æз.

Афтæ ахицæн ис уыцы диссаджы хуынд.

Ацы радзырдмæ байхъусгæйæ, Пъауыле сонт сдзырдта:

— Федтат, федтат? Уый уын не ’фсымæртæ!

IV

Сосо бандоныл йæ бадт фендæрхуызон кодта, лулæйы фæздæг та скалдта æмæ баздæхти Датомæ:

— Дæумæ дæр исты уыдзæн, æвæццæгæн? Радзур!

Дато радзырдта:

Кæд æндæр гæнæн нал ис, уæд æз дæр радзурдзынæн. Æз радзурдзынæн рагон нæ, фæлæ æрыгон хабар. Цыппар-фондз боны раздæр æмбырды бацагуырдта мæн иу æнæзонгæ лæг 40–45-азыккон. Бафарста мæ:

— Æцæг Дзугкатæй дæ?

Загътон:

— Бæлвырд, Дзугкатæй.

— Уæдæ мах стæм æрвад, — загъта уыцы лæг. — Хъуамæ æз саразон куывд уый тыххæй, ахæм хорз лæгтæ нæ мыггаджы дæр кæй ис.

Хуыйны ме ’рвад Хъасболат, Дзугкаты Хъасболат. Бацамыдта мын йæ хæдзар. Цæры Ирыхъæуы. Ис ын хорз дыууæуæладзыгон хæдзар, цъæх ахуырст, уыдæттæ мын тынг лыстæгæй радзырдта. Æвæццæгæн, ме ’рвад йæхицæй æппæлаг уыди. Æнæуи мæм фæкасти хорззæрдæджын æмæ раст лæг.

Тынг æхсызгон мын уыди Хъасболатимæ базонын. Тынг фæндонæй сразы дæн йæ хуындмæ ацæуыныл. Афтæ мын загъта:

— Цал дæ фæнды, уал ракæн де ’мбæлттæй æмæ нæм сомбон фæзын сихорафон.

Бамбырд кодтон фондз æмбалы — нæхионтæй æртæ, цæгатæгтæй дыууæ. Ирыхъæу афтæ дард нæ уыди фистæгæй цæуынæн дæр, фæлæ ме ’рвады тыххæй сфæнд кодтон автомобилыл цæуын. Автомобиль æххуырсын, мыййаг, нæ хъуыди — нæхи автомобильтæй иу мæхи къухы уыди.

Рагацау базылдтæн мæ автомобильмæ. Куы йæ ракодтон æддæмæ, уæд нæуæджы хуызæн æрттывта. Афойнадыл сбадтыстæм нæ машинæйы æмæ йæ ауагътам уæлæрдæм, Ирыхъæумæ.

Хъасболат царди Ирыхъæуæн йæ уæллаг кæрон. Дыууæ-æртæ зылды, æмæ мæнæ фæхæццæ кæнæм.

Иу ран мæ цæст цæуылдæр аныдзæвди, ахæм цæуылдæр, æмæ æнæбары фæсындæг кодтон автомобилы цыд.

Мæнæ уынджы æрцæуы, æрхæццæ кæны лæгты къорд. Цы базонын æй хъуыди, иу дзы уыди ме ’рвад.

Йæхæдæг дæр мæ базыдта.

Ахъуыды кодтон: æвæццæгæн нæ размæ рацæуы иунæгæй нæ, фæлæ æмбæлттимæ.

Æз автомобиль фæуромынмæ хъавыдтæн, фæлæ йæ уромын нал бахъуыди.

Лæгты къорд автомобилы фæрсты фæраст ис. Хъасболат фæстæмæ дзуры:

— Йæ, ме ’рвад, æвæджиау хонинаг мын бæргæ дæ... Цæй, фембæлдзыстæм та, æмæ мын уæд афтæмæй нал аирвæздзыстут!

Æз ма æфсоны зылд иу уынгыл акодтон, стæй разылдтон автомобиль горæты астæуы ’рдæм.

«Æвæццæгæн æй ферох ис», — хъуыды кодтон æз.

Иу дзырд дæр нæ ничи скодта æгас фæндаг. Нæхи цæл кæнынмæ бацæттæ кодтам æмæ ныр куыддæр ныхъхъус стæм. Иннæтæн нæ зонын, фæлæ æз мæхимæ кастæн афтæ, цыма цъыфы мидæг арф æрбадтæн.

V

Цыппар лæджы дæр дзæвгар æнæ дзургæйæ баззадысты. Хатæны æнцад уыди. Хъуысти дзы æрмæст сау бындзы гуыв-гуыв рудзынджы авгæй æмæ къулы сахаты нымад: иу...иу...иу... Цыппар лæгæй алчи дæр цы фехъуыста, уый тыххæй хъуыдытæ кодта.

Сосо фыццагæй зæрдиагдæрæй цъырдта лулæ æмæ фæздæджы къуыбылæйттæ йæ сæрмæ азылдысты.

Мæнæн дæр раттут дзырды бар! — загъта Сосо. — Ис мæнмæ дæр иу хабар, радзурынæн бæзгæ. Æртæ азы размæ æрхаудтæн ардæм. Иу ирыхъæуккаг æрхуыдта йæхимæ иу-дæс лæджы. Хæдзары дуармæ куы бахæццæ стæм, уæд нæ разы фегуырдысты ацæргæ ус æмæ лæг. Мыдхуыз фæтæн зачъе лæджы риу æмбисмæ æмбæрзта. Сыгъдæг ирон дзаумæттæ хорз фидыдтой уындджын лæгыл. Уæздандзинад, æууæнкдзинад зындысты йæ райдзаст цæсгомыл. Ус лæууыди йæ разы. Йæ уæлæ рагон сыгъдæг ирон дарæс.

Тарбын морæ кæлмæрзæн йæ уæхсчытыл æппæрст. Асæст бон мигъы скъуыдæй хур куыд ракæсы, афтæ йæ цæсгом æрттывта.

Нæ къухтæ нын айстой, кæй сæм фæзындыстæм, уый тыххæй бузныг дзургæйæ. Бакодтой нæ фыццаг хатæнмæ æмæ нæ æндæрты бар фæуагътой. Сæхæдæг рацыдысты фæстæмæ ног уазджытæм.

Мидæггаг хатæны баййæфтам иу-фондз лæджы — чи бадгæ кодта, чи — лæугæ.

Базонгæ стæм уыдонимæ, ныхас кæнын байдыдтам.

Иугай, дыгай цæуын байдыдтой ног уазджытæ. Баистæм иу-дыууадæс.

Уалынмæ бацыдысты фысымтæ дæр — уыцы хурау рухс дыууæ цæсгомы.

Райдыдта цæл. Мæныл ныр цæуы 45 азы. Уынгæ дæр никуы фæкодтон, хъусгæ дæр никуы фæкодтон ахæм цæлы тыххæй. Алы хæринæгтæ фæд-фæдыл ивд цыдысты. Уыди дзы физонджытæ, пецы фых — бур-бурид фыдджынтæ, лывзæтæ æмæ æндæртæ. Лывзæ куы бахастой, уæд хатæн байдзаг ис дзæбæх тæфæй. Арæзт уыди лывзæ карчы фыдæй, хъæдындзимæ, бырцимæ æмæ ма ноджыдæр, чи зоны, цæйтимæ. Уый ахæм адджын хæринаг уыди, æмæ æнхъæл дæн, цыфæнды æфсæст адæймаг дæр æм нæ фæлæууыдаид. Ныр дæр ма, куы ’рымысын уыцы лывзæ, уæд мæ комыдæттæ нæ уромын.

Уыцы ран Сосо бахъуыды дардта, иннæ æртæ æцæг сæ комыдæттæ кæй аныхъуырдтой.

— Нуæзт куы зæгъай, — дзырдта дарддæр Сосо, — уæд дзы цы нæ уыди: коньяк, сæн, ирон двайно, хæдзары арæзт алыхуызон наливкæтæ æмæ бæгæны, диссаджы ирон бæгæны.

Хъæлдзæг ныхас, зард, худт — арæх, афтæмæй ныл æризæр ис.

Уæд кæцæйдæр фæндыры хъæр ссыди — уый нæ фысымтæн рагацау хъуыдыгонд уыди — сыхæгтæй иу къорд чызджытæ æмæ лæппутæ уым æрбалæууыдысты.

Бирæ фæхъазыдыстæм, фæкафыдыстæм, стæй та нæм фынгмæ фæдзырдтой.

Фынгæй куы сыстадыстæм, уæд уыди æмбисæхсæвæй фылдæр.

Иу хъуыддагыл хъыг кодтой фысымтæ — хуынд адæмæй чидæртæ не ’рцыдысты. Къорд хæттыты бахъынцъым кодтой фысымтæ уыдон не ’рцыды тыххæй.

Цæл цæл уыди, фæлæ фысымты рæвдаугæ ныхас, уыдоны рухс цæсгом æз никуы ферох кæндзынæн.

Уым Сосо бакасти радгай йе ’мбæлтты цæсгæмттæм æмæ сындæг сдзырдта:

— Дыууæ ныхасы ма мын аззади зæгъинаг. Ацы хуынд æртæ азы размæ нæ уыди, фæлæ знон — Зауырбеджы хуынд. Фысымтæ кæй не ’рцыдыл хъыг кодтой, уыдон та стут сымах.

Бульварты æмæ ныхæсты цæгатаг æмæ хуссайраг къуыдиппытæ кæрæдзийыл бирæ цыдæртæ æвæрынц. Уыдæттæм хъусгæйæ, хъуамæ ныр ам дæр нæ уаиккам... Бадут ныр афтæ!

Афтæ фæци Сосо йæ ныхас, фæстаг хатт ма лулæйы фæздæг скалдта æмæ номерæй рацыди.

ФИППАИНÆГТÆ

Фыццаг хатт рацыд «Фидиуæджы», N° 1, 1927 аз. Авторы ном нысан уыд — Ар. К. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Нæ бацыд Арсены чингуытæм. Кæцы азы фыст у, уый бæрæг нæу.

Тексты мидисмæ гæсгæ цыппар æмбалы «туаллæгтæ» не сты, фæлæ сты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ.

«Собрание æркæсæд, постановлени рахæссæд, доложит æй скæнæд»... æмæ дарддæр — ам радзырды дыууæ архайæджы фæзмынц æмæ худынц, иронау дзургæйæ уырыссаг æмæ гуырдзиаг дзырдтæй æвзаг æнæхъуаджы чи хæццæ кæны, уыдоныл. Арсен стыр аргъ кодта æндæр адæмты æвзæгтæн, йæхæдæг иттæг хорз зыдта уырыссаг æвзаг (хуымæтæджы нæ куыста Ленины «Правда»-йы корректорæй!), кæм хъуыд æмæ æмбæлд, уым дзы пайда кодта, фæлæ нæ быхста æвзаг арвистон кæнын. Куыста æмæ архайдта ирон литературон æвзаджы сыгъдæгдзинадыл. Ныффыста сæрмагонд фельетон «Ирыстоны нæуæг паддзах» (газет «Хурзæрин», № 21, 1927 аз), уым цыргъзонд æмæ рæстдзæвин ныхæстæй фæхудт, æцæгæлон дзырдтæй æвзаджы фидауц чи халы, уыдоныл.

Радзырды Арсен хъæлдзæг юморы фæрцы худы хицæн адæймæгты хъæнтыл; кæд цалдæр хабары æрхаста, уæддæр гуырысхойаг нæ кæны ирон æгъдæуттæ уазæг хынцыны тыххæй. Уымæн æвдисæн фæстаг хабар.

26 1917 аз.

Уацмысты номхыгъдмæ »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.