Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостол Иоанны фыццаг фыстæг. Æртыккаг сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

1 Кæсут-ма, Фыд нæ куыд бирæ уарзы, Йæ хъæбулты ном куыд хæссæм, афтæ. Æмæ æцæгдæр Йæ хъæбултæ стæм. Дуне Хуыцауы кæй нæ базыдта, мах дæр уый тыххæй нæ зоны.

2 Мæ уарзон хæлæрттæ, мах ныр Хуыцауы хъæбултæ стæм. Фидæны цавæртæ уыдзыстæм, уый та нæма раргом. Фæлæ зонæм: куы раргом уа, уæд уыдзыстæм Уый хуызæн, уымæн æмæ Йæ фендзыстæм, цавæр у, ахæмæй.

3 Æмæ Йыл уыцы хъуыддаджы йæ зæрдæ чидæриддæр дары, уый сыгъдæг кæны йæхи, уымæн æмæ Уый сыгъдæг у.

4 Тæригъæды æфтыд чидæриддæр у, уый халы Хуыцауы æгъдау дæр. Уымæн æмæ тæригъæд ракæнынæй хæлд цæуы Хуыцауы æгъдау.

5 Йесо тæригъæдтæ ахæссыны тыххæй кæй фæзынд, уый сымах зонут. Йæхæдæг та тæригъæдджын ницæмæй у.

6 Чидæриддæр Йемæ баиу, уый тæригъæды не ’фты. Тæригъæд чидæриддæр ракæны, уый Йæ нæ федта æмæ Йæ нæ базыдта.

7 Мæ хъæбултæ, мачи уæ асайæд. Рæстæй чи цæры, уый рæстгæнæг у, Чырысти рæстгæнæг куыд у, афтæ.

8 Тæригъæды чи æфты, уый хæйрæгæй у, уымæн æмæ райдианæй хæйрæг у тæригъæды æфтыд. Æмæ Хуыцауы Фырт дæр уый тыххæй фæзынди, цæмæй хæйрæджы хъуыддæгтæ фехала.

9 Хуыцауæй чидæриддæр райгуырд, уый тæригъæды нал æфты, уымæн æмæ схайджын Хуыцауы цардæй. Æмæ тæригъæды æфтын йæ бон нал у, уымæн æмæ Хуыцауæй райгуырд.

10 Хуыцауы хъæбултæй æмæ хæйрæджы хъæбултæй чи кæцы у, уый афтæмæй базындæуы: рæстæй чидæриддæр нæ цæры æмæ йе ’фсымæры чидæриддæр нæ уарзы, уый Хуыцауæй нæу.

11 Райдианæй мæнæ уыцы уац фехъуыстат: мах хъуамæ уарзæм кæрæдзи.

12 Каины хуызæн ма ут. Уый хæйрæгæй уыд æмæ амардта йе ’фсымæры. Æмæ йæ цæмæн амардта? Уымæн æмæ йæхи хъуыддæгтæ хæрам уыдысты, йе ’фсымæры хъуыддæгтæ та — раст.

13 Æфсымæртæ, дуне уæ йе сæфт кæй уыны, уый уæм диссаг ма кæсæд.

14 Не ’фсымæрты кæй уарзæм, уымæ гæсгæ мах зонæм, мæлæтæй цардмæ кæй рахызтыстæм, уый. Йе ’фсымæры чи нæ уарзы, уый мæлæты къухы ис.

15 Йе ’фсымæрæй йе сæфт чидæриддæр уыны, уый лæгмар у. Сымах та зонут: лæгмартæй иуæн дæр мыггагмæйы цард нæй.

16 Уарзондзинад цы у, уый мах базыдтам, Йесо нæ сæраппонд Йæ цард кæй радта, уымæй. Æмæ мах дæр хъуамæ не ’фсымæрты сæраппонд дæттæм нæ цард.

17 Зæххон цардæн алцыдæр фаг кæмæ ис, уый йе ’фсымæры хъуæгтæ куы уына, фæлæ йæхи нæуынæг куы скæна, уæд йæ зæрдæйы Хуыцауы уарзондзинад куыд цæрдзæн?

18 Мæ хъæбултæ, уæдæ кæрæдзи уарзæм дзыхы ныхæстæй нæ, фæлæ нæ уарзт зæрдиаг кæй у, уый равдисæм хъуыддагæй.

19 Уымæй базондзыстæм, мах æцæгады хъæбултæ кæй стæм, уый. Æмæ Хуыцауы раз æнцой ссардзыстæм нæ зæрдæйæн,

20 Истæй тыххæй нын тæрхон куы кæна, уæд дæр; уымæн æмæ Хуыцау нæ зæрдæйæ стырдæр у æмæ зоны æппæт дæр.

21 Мæ уарзон хæлæрттæ, кæд нын нæ зæрдæ нæ тæрхон кæны, уæд ныфсджын стæм Хуыцауы раз.

22 Æмæ цыдæриддæр фæкурæм, уый Дзы райсæм, уымæн æмæ цæрæм Йæ фæдзæхстытæм гæсгæ æмæ Йын нæ хъуыддæгтæ сты фæндон.

23 Йæ фæдзæхст та ахæм у: мах хъуамæ æууæндæм Йæ Фырт Йесо Чырыстийыл æмæ уарзæм кæрæдзи, куыд нын бафæдзæхста, афтæ.

24 Йæ фæдзæхстытæм гæсгæ чи цæры, уый Хуыцауимæ ис, æмæ Хуыцау йемæ ис. Хуыцау немæ кæй ис, уый нын æргом кæны, Йæхæдæг нын Кæй радта, уыцы Сыгъдæг Уд.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.