Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны Евангели. Сæр 6

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Йесо бафсæста фондз мин лæджы

1 Уый фæстæ Йесо ацыд Галилейы, ома, Тивериадæйы, денджызы иннæ фарсмæ.

2 Йæ фæдыл ацыд бирæ адæм, уымæн æмæ федтой, рынчынты дзæбæх кæнгæйæ кæй равдыста, уыцы диссæгтæ.

3 Йесо схызт хохмæ æмæ уым бадт Йæ ахуыргæнинæгтимæ.

4 Æрхæстæг Куадзæн, иудейаг бæрæгбон.

5 Йесо ракаст, æмæ йæм бирæ адæм кæй цыди, уый куы федта, уæд Филиппæн загъта: «Сæ бафсадынæн кæрдзын кæм балхæнæм?»

6 Афтæ дзырдта Филиппы бафæлварыны тыххæй. Йæхæдæг та ныридæгæн зыдта, цы бакæндзæн, уый.

7 Филипп Ын дзуапп радта: «Цæмæй сæ фæйнæ къæбæры фæуа, уый тыххæй дыууæсæдæ динары аргъ кæрдзын дæр не сфаг уыдзæн».

8 Йæ ахуыргæнинæгтæй Йын иу, Симон Петры æфсымæр Андрей, загъта:

9 «Ам иу лæппумæ ис хъæбæрхоры фондз кæрдзыны æмæ дыууæ гыццыл кæсаджы. Фæлæ уый цы фаг у утæппæт адæмæн?»

10 Йесо загъта: «Æрбадын сæ кæнут». Уыцы ран уыди бирæ кæрдæг. Æмæ адæм æрбадтысты; нæлгоймæгтæ уыдысты фондз мины бæрц.

11 Йесо райста кæрдзынтæ, арфæ ракодта æмæ сæ байуæрста, бадгæ чи кодта, уыдоныл. Кæсаг дæр сын радта, кæй цас хъуыди, уыйбæрц1.

12 Адæм куы бафсæстысты, уæд Йесо загъта Йæ ахуыргæнинæгтæн: «Цы уæлдæйттæ баззад, уыдон æрæмбырд кæнут, куыд ницы дзы фесæфа, афтæ».

13 Æрæмбырд сæ кодтой, æмæ хъæбæрхоры фондз кæрдзынæй цы баззад, уыдонæй байдзаг кодтой дыууадæс чыргъæды — чи хордта, уыдоны уæлдæйттæ.

14 Йесо цы диссаг скодта, уый адæм куы федтой, уæд загътой: «Дунемæ æрцæуинаг Чи у, ай æцæг уыцы Пехуымпар у».

15 Адæм æрбацæуынмæ æмæ Йæ тыххæй паддзахæй сæвæрынмæ кæй хъавынц, Йесо уый куы базыдта, уæд та иунæгæй ацыд хохмæ.

Йесо къахæй цæуы денджызыл

16 Куы баизæр, уæд Йæ ахуыргæнинæгтæ ныццыдысты денджызмæ,

17 Сбадтысты бæлæгъы æмæ араст сты денджызы иннæ фарсмæ, Капернауммæ. Баталынг, Йесо зынæг та нæма уыд.

18 Дымдта тыхджын дымгæ æмæ денджыз фæйлыдта.

19 Фондз æмæ ссæдз — дæс æмæ ссæдз стадийы2 бæрц куы ацыдысты, уæд Йесойы федтой денджызыл къахæй цæугæ, бæлæгъмæ хæстæгæй-хæстæгдæргæнгæ, æмæ фæтарстысты.

20 Фæлæ сын Йесо загъта: «Уый Æз дæн, ма тæрсут».

21 Фæндыди сæ Уый бæлæгъы сбадын кæнын, фæлæ бæлæгъ уайтæккæ бахæццæ, цы былмæ цыдысты, уырдæм.

Царды дзул

22 Денджызы иннæ былыл цы адæм баззад, уыдонæн дыккаг бон сæ зæрдыл æрлæууыд, знон былыл иунæг бæлæгъ кæй уыди, уый. Уыдон зыдтой: Йесо ахуыргæнинæгтимæ не сбадти уыцы бæлæгъы — иунæгæй ацыдысты.

23 Уалынмæ Тивериадæйæ æрцæуæг æндæр бæлæгътæ хæстæг бацыдысты, Хицауы арфæйы куывды фæстæ адæм кæрдзын кæм хордтой, уыцы бынатмæ.

24 Нæдæр Йесо, нæдæр Йæ ахуыргæнинæгтæ ам кæй не сты, уый адæм куы федтой, уæд сбадтысты бæлæгъты æмæ Йесойы агурæг бахæццæ сты Капернауммæ.

25 Æмæ Йæ денджызы фаллаг фарс куы ссардтой, уæд Ын загътой: «Равви, кæд æрбацыдтæ ардæм?»

26 Йесо сын дзуапп радта: «Æцæг, æцæг зæгъын сымахæн: диссæгтæ кæй федтат, уый тыххæй Мæ нæ агурут, фæлæ кæрдзын кæй бахордтат æмæ кæй бафсæстыстут, уый тыххæй.

27 Фесæфæн цы хойрагæн ис, ууыл ма тыхсут, фæлæ тыхсут, фесæфæн кæмæн нæй, мыггагмæйы цард чи дæтты, уыцы хойрагыл. Уыцы хойраг уын ратдзæн Адæймаджы Фырт, уымæн æмæ Йын ахæм бар Фыд-Хуыцау радта».

28 Уæд Ын загътой: «Нæ хъуыддæгтæ Хуыцауæн фæндон куыд уой, уый тыххæй нын цы гæнгæ у?»

29 Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцау Кæй рарвыста, Ууыл æууæндын — гъе уый у Хуыцауæн фæндон хъуыддаг».

30 Уæд Ын загътой: «Цавæр диссаг нын равдисдзынæ, цæмæй йæ фенæм æмæ Дыл баууæндæм? Дæ бон цы бакæнын у?

31 Нæ фыдæлтæ æдзæрæг бæстæйы маннæ хордтой, фыст куыд у, афтæ: „Уæларвæй сын радта дзул хæрынæн“».

32 Йесо сын загъта: «Æцæг, æцæг зæгъын сымахæн: уæларвæй уын дзул Моисей нæ радта, фæлæ уын уæларвæй Мæ Фыд дæтты æцæг дзул.

33 Уымæн æмæ уæларвæй чи æрцæуы æмæ дунейæн цард чи дæтты, уый у Хуыцауы дзул».

34 Уæд Ын загътой: «Хицау, дæтт нын кæддæриддæр уыцы дзул».

35 Йесо сын загъта: «Æз дæн царды дзул. Мæнмæ æрцæуæг нал сыстонг уыдзæн, æмæ Мæныл æууæндæг мыггагмæ дæр нал сдойны уыдзæн.

36 Фæлæ уын раздæр куыд загътон, афтæ Мæ кæд федтат, уæддæр не ’ууæндут.

37 Мæ Фыд Мын кæй дæтты, уый Мæнмæ æрцæудзæн, æмæ Мæнмæ æрцæуæджы нæ фæтæрдзынæн.

38 Уымæн æмæ Æз уæларвæй æрцыдтæн, Мæхи цы фæнды, уый нæ, фæлæ Мæ Рарвитæджы фæндон æххæст кæнынмæ.

39 Мæ Рарвитæгæн та фæндон у, цæмæй Уый Мæнæн кæй радта, уыдонæй Æз макæй фесафон, фæлæ сеппæты дæр райгас кæнон фæстаг бон.

40 Уымæн æмæ Мæ Фыды фæнды, Фырты чвдæриддæр уыны æмæ Йыл чидæриддæр æууæнды, уымæн мыггагмæйы цард куыд уа, афтæ. Æмæ йæ Æз фæстаг бон райгас кæндзынæн».

41 Уæд Ыл иудейтæ райдыдтой хъуыр-хъуыр кæнын, «Æз уæларвæй æрцæуæг дзул дæн» кæй загъта, уый тыххæй.

42 Уыдон дзырдтой: «Ай Иосифы фырт Йесо нæу, мыййаг? Йæ фыд æмæ Йын Йæ Мады дæр куы зонæм, уæд Уый куыд зæгъы: „Æз уæларвæй æрцыдтæн“?»

43 Йесо сын дзуапп радта: «Ма хъуыр-хъуыр кæнут.

44 Мæнмæ æрцæуын никæй бон у, Мæ рарвитæг Фыд æй куы нæ æркæна, уæд. Æмæ йæ Æз фæстаг бон райгас кæндзынæн.

45 Пехуымпартæмфысту: „Æмæ Хуыцау сеппæты дæр сахуыр кæндзæн“. Фыдæй чи фехъусы æмæ Фыд кæй сахуыр кæны, уый æрцæуы Мæнмæ.

46 Æз афтæ нæ зæгъын, æмæ Фыды исчи федта. Хуыцауæй Чи у, Фыды æрмæстдæр Уый федта.

47 Æцæг, æцæг зæгъын сымахæн: Мæныл æууæндæгæн ис мыггагмæйы цард.

48 Æз дæн царды дзул.

49 Уæ фыдæлтæ æдзæрæг бæстæйы маннæ хордтой, уæддæр амардысты.

50 Уæларвæй æрцæуæг дзул та ахæм у, æмæ дзы чи хæра, уымæн мæлæт нæ уыдзæн.

51 Æз дæн уæларвæй æрцæуæг царддæттæг дзул. Уыцы дзул чи хæра, уый цæрдзæни мыггагмæ. Æз цы дзул ратдзынæн, уый та у, дунейы царды сæраппонд нывондæн кæй æрхæсдзынæн, Мæ уыцы Буар».

52 Уæд иудейтæ кæрæдзиимæ райдыдтой быцæу кæнын: «Ай нын Йæ Буар куыд ратдзæн хæрынмæ?»

53 Йесо сын загъта: «Æцæг, æцæг зæгъын сымахæн: Адæймаджы Фырты Буар куы нæ хæрат æмæ Йын Йæ Тугæй куы нæ нуазат, уæд уæм цард нæ уыдзæн.

54 Мæ Буар чи хæры æмæ Мæ Туг чи нуазы, уымæн ис мыггагмæйы цард, æмæ йæ Æз фæстаг бон райгас кæндзынæн.

55 Уымæн æмæ Мæ Буар у æцæг хойраг, Мæ Туг та — æцæг нозт.

56 Мæ Буар чи хæры æмæ Мæ Туг чи нуазы, уый баиу Мемæ æмæ Æз баиу дæн йемæ.

57 Мæн цардæгас Фыд куыд рарвыста æмæ Æз Фыды лæвæрд цардæй куыд цæрын, афтæ Мæн чи хæры, уый дæр цæрдзæн Мæ лæвæрд цардæй.

58 Ахæм у уæларвæй æрцæуæг дзул. Уæ фыдæлтæ хордтой маннæ æмæ амардысты; ацы дзул та ахæм нæу — чи йæ хæра, уый цæрдзæни мыггагмæ».

59 Йесо афтæ дзырдта, Капернаумы синагогæйы куы амыдта, уæд.

Ахуыргæнинæгтæ ныууагътой Йесойы

60 Йæ ахуыргæнинæгтæй бирæтæ уыцы ныхæстæ куы фехъуыстой, уæд дзырдтой: «Цы æнахуыр ныхас кæны! Уыдæттæ хъусын кæй бон у?»

61 Ахуыргæнинæгтæ ууыл кæй хъуыр-хъуыр кодтой, Йесо уый æнæ зæгъгæйæ дæр зыдта æмæ сын загъта: «Уый уæ къуылымпы кæны?

62 Адæймаджы Фырт раздæр кæм уыд, уырдæм Æй ссæугæ куы фенат, уæд та?

63 Хуыцауы Уд цард дæтты, адæймаг та æдых у. Æз уын цы ныхæстæ дзурын, уыдоны царддæттæг Уды хъару ис.

64 Фæлæ сымахæй иуæй-иутæ не ’ууæндынц». Йесо райдианæй зыдта, Чи Йыл не ’ууæнды, уыдоны, стæй Йыл гадзрахатæй чи рацæудзæн, уый дæр.

65 Йесо дарддæр загъта: «Гъе, Æз уын уый тыххæй дзырдтон, Мæнмæ æрцæуын никæй бон у, зæгъгæ, Мæ Фыдæй йын лæвæрд куы нæ уа, уæд».

66 Уый фæстæ Йæ ныууагътой Йæ ахуыргæнинæгтæй бирæтæ æмæ нал цыдысты Йемæ.

67 Уымæ гæсгæ Йесо загъта дыууадæсæн: «Сымах дæр фæнды Мæ ныууадзын?»

68 Симон Петр Ын дзуапп радта: «Хицау, кæмæ фæцæуæм? Дæумæ сты мыггагмæйы цард дæттæг ныхæстæ.

69 Мах бауырныдта æмæ базыдтам, Ды Хуыцауы Сыгъдæг кæй дæ, уый3».

70 Йесо сын дзуапп радта: «Уæ дыууадæсы дæр Æз нæ сæвзæрстон, æви? Фæлæ уæ иухæйрæгу».

71 Йесо афтæ загъта Симон Искариоты фырт Иудæйы тыххæй. Уымæн æмæ Иудæ Йæ дыууадæс ахуыргæнинагæй иу уыдис, фæлæ Йыл фæстæдæр рацыд гадзрахатæй.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.