Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны Евангели. Сæр 21

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Тивериадæйы денджызы былыл

1 Уый фæстæ та Йесо Йæ ахуыргæнинæгтæм фæзынд ногæй. Уый уыди Тивериадæйы денджызы былыл. Хабар уыди афтæ.

2 Симон Петр, фæсномыгæй Фаззон чи хуынд, уыцы Фома, Нафанаил галилейаг Канæйæ, Зеведейы фырттæ æмæ Йесойы иннæ дыууæ ахуыргæнинаджы уыдысты иумæ.

3 Симон Петр сын загъта: «Æз кæсаг ахсынмæ цæуын». Уыдон ын загътой: «Мах дæр демæ цæуæм». Ацыдысты æмæ сбадтысты бæлæгъы, фæлæ уыцы æхсæв ницы æрцахстой.

4 Боныцъæхтыл Йесо лæууыд денджызы былгæрон. Фæлæ Йесо кæй у, уый ахуыргæнинæгтæ нæ базыдтой.

5 Йесо сæ бафарста: «Мæ хæлæрттæ, исты æрцахстат?» Уыдон Ындзуаппрадтой: «Не ’рцахстам».

6 Уый сын загъта: «Хыз баппарут бæлæгъæн йæ рахиз фарс, æмæ æрцахсдзыстут». Уыдон баппæрстой хыз, æмæ сын бирæ кæсæгтæ кæй æрцахста, уымæ гæсгæ йæ сæ бон раласын нæ уыд.

7 Йесо кæй уарзта, уыцы ахуыргæнинаг загъта Петрæн: «Ай Хицау у». Симон Петр куы фехъуыста, Хицау у, зæгъгæ, уæд йæ пæлæз æрбалвæста ронæй (æндæр ыл ницы уыд), æмæ йæхи нывзылдта денджызмæ.

8 Иннæ ахуыргæнинæгтæ та хыз кæсæгтимæ ластой сæ фæдыл, афтæмæй æрбацыдысты бæлæгъы; былмæ сæ бирæ нæ хъуыди дыууæсæдæ æлмæрины1 бæрц.

9 Былмæ куы рахызтысты, уæд цæхæрыл федтой кæсаг, йæ фарсмæ та — дзул.

10 Йесо сын загъта: «Рахæссут, цы кæсæгтæ æрцахстат, уыдонæй».

11 Симон Петр схызт бæлæгъмæ æмæ хыз раласта зæхмæ. Хыз дзаг уыди стыр кæсæгтæй — æдæппæт сæдæ фæндзай æртæ кæсаджы. Ахæм бирæ кæсæгты уæзæй хыз нæ аскъуыд.

12 Йесо сын загъта: «Рацæут æмæ аходæн бахæрут». Ахуыргæнинæгтæй йæ ныфс ничи бахаста Йæ бафæрсынмæ, «Чи дæ», зæгъгæ. Уыдон базыдтой, Хицау кæй у, уый.

13 Йесо бацыд, райста дзул æмæ сын æй радта, радта сын кæсаг дæр.

14 Афтæ мæрдтæй райгасы фæстæ Йесо æртыккаг хатт фæзынд Йæ ахуыргæнинæгтæм.

Йесо æмæ Петр

15 Аходæн куы бахордтой, уæд Йесо бафарста Симон Петры: «Иоанны фырт Симон, уыдон Мæ цас уарзынц, ды Мæ уымæй фылдæр уарзыс?» Петр Ын дзуапп радта: «О, Хицау! Ды зоныс, æз Дæ кæй уарзын, уый». Йесо Йын загъта: «Хиз Мæ уæрыччыты».

16 Дыккаг хатт дæр та йæ бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мæ?» Петр Ын дзуапп радта: «О, Хицау! Ды зоныс, æз Дæ кæй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «У фыййау Мæ фыстæн».

17 Æртыккаг хатт æй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мæ?» Æртыккаг хатт æй «уарзыс Мæ?» кæй бафарста, уый тыххæй Петр фенкъард æмæ Йын дзуапп радта: «Хицау, Ды алцыдæр зоныс. Ды зоныс, æз Дæ кæй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мæ фысты.

18 Æцæг, æцæг зæгъын дæуæн: ды æрыгон куы уыдтæ, уæд-иу дæ рон дæ астæуыл дæхæдæг æрбабастай, æмæ дæ кæдæм фæндыд, уырдæм-иу ацыдтæ. Фæлæ куы базæронд уай, уæд айтындздзынæ дæ къухтæ, æрбабæтдзæн дæ æндæр адæймаг æмæ дæ акæндзæн, кæдæм дæ нæ фæнда, уырдæм».

19 Уыцы ныхæстæй Йесо фæсномыгæй загъта, Петр Хуыцауы цавæр мæлæтæй скадджын кæндзæн, уый тыххæй. Уый фæстæ йын Йесо загъта: «Мæ фæдыл цу».

20 Петр ракаст фæстæмæ æмæ сæ фæдыл цæугæ федта Йесойы уарзон ахуыргæнинаджы. Уый уыди, æхсæвæры рæстæг Йесомæ йæхи чи баввахс кодта æмæ афтæ чи загъта: «Хицау, гадзрахатæй Дыл чи рацæудзæн?», уыцы ахуыргæнинаг.

21 Петр æй куы федта, уæд бафарста Йесойы: «Хицау, уый та цы фæуыдзæн?»

22 Йесо йын загъта: «Кæд Мæн афтæ фæнды, æмæ Ме ’рцыдмæ удæгас уа, уæд дæу цы хъуыддаг и? Ды цу Мæ фæдыл».

23 Æмæ уый айхъуыст æфсымæртыл, уыцы ахуыргæнинаг нæ амæлдзæн, зæгъгæ. Йесо та нæ амæлдзæн нæ загъта, фæлæ: «Кæд Мæн афтæ фæнды, æмæ Ме ’рцыдмæ удæгас уа, уæд дæу цы хъуыддаг и?»

24 Ацы ахуыргæнинаг æвдисæн у æппæт уыдæттæн, æмæ сæ ныффыста. Æмæ мах зонæм, йæ ныхас æцæг кæй у, уый.

25 Йесо ма скодта бирæ æндæр хъуыддæгтæ дæр. Фæлæ сеппæты тыххæйлæмбынæгныффысс, зæгъгæ, уæд уыцы чингуытæ, мæнмæ гæсгæ, суанг дунейы дæр нæ бацæуиккой.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.