Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны Евангели. Сæр 19

Аудио (mp3, ~5 МБ)

1 Уæд Пилат Йесойы радта ехсæй нæмынмæ.

2 Æфсæддонтæ сбыдтой сындзын кадыхуд æмæ Йын æй æркодтой Йæ сæрыл, скодтой Йыл сæнтсырх пæлæз.

3 Бацыдысты-иу Æм æмæ Йын дзырдтой: «Æгас цæуæд иудейаг Паддзах!» Æмæ Йæ дзæхстытæ кодтой.

4 Пилат ногæй рацыд адæммæ æмæ сын загъта: «Æз уæм Æй ныртæккæ раховдзынæн, цæмæй зонат, кæй ницы аххос Æм арын, уый».

5 Уæд рацыд Йесо сындзын кадыхуды æмæ сæнтсырх пæлæзы. Пилат сын загъта: «Мæнæ уыцы Адæймаг!»

6 Алчертæ æмæ хъахъхъæнджытæ Йесойы куы федтой, уæд хъæр систой: «Байтындз Æй, байтындз Æй!» Пилат сын загъта: «Акæнут Æй æмæ Йæ уæхæдæг байтындзут, æз Æм ницы аххос арын».

7 Иудейтæ йын дзуапп радтой: «Махæн ис Æгъдау, æмæ уыцы Æгъдаумæ гæсгæ Уый хъуамæ амæла, уымæн æмæ Йæхицæй Хуыцауы Фырт аразы».

8 Пилат уыцы ныхæстæ куы фехъуыста, уæд ноджы тынгдæр фæтарст.

9 Ногæй та бацыд галуанмæ æмæ бафарста Йесойы: «Кæцон дæ?» Фæлæ йын Йесо дзуапп нæ радта.

10 Пилат Ын загъта: «Мæнæн нæ дæттыс дзуапп? Дæ рауадзыны бар дæр æмæ Дæ байтындзыны бар дæр мæнмæ кæй ис, уый нæ зоныс?»

11 Йесо йын дзуапп радта: «Дæ бар Мыл æппындæр нæ цæуид, уæларвæй дын лæвæрд куы нæ уаид, уæд. Уымæ гæсгæ Мæн дæ къухмæ чи радта, уымæн йæ тæригъæд дæ тæригъæдæй уæззаудæр у».

12 Уæдæй фæстæмæ Пилат архайдта Йæ рауадзыныл. Иудейтæ та хъæр кодтой: «Куы Йæ рауадзай, уæд кесæры лымæн нæ дæ. Йæхицæй паддзах чвдæриддæр аразы, уый кесæры знаг у».

13 Пилат уый куы фехъуыста, уæд Йесойы ракодта æддæмæ æмæ, Лифостротон1 кæй хуыдтой, дзуттагау та — Гаввафæ, уым сбадт тæрхонгæнæджы бынаты.

14 Уыди Куадзæнмæ цæттæ кæныны бон, æхсæзæм сахатмæ æввахс. Пилат загъта иудейтæн: «Мæнæ уæ Паддзах!»

15 Фæлæ уыдон хъæр систой: «Амар Æй! Амар Æй! Байтындз Æй!» Пилат сын загъта: «Уæ Паддзахы уын байтындзон?» Алчертæ дзуапп радтой: «Махæн кесæры йеддæмæ паддзах нæй».

16 Æппынфæстаг Пилат сразы семæ, æмæ Йесойы радта дзуарыл байтындзынмæ. Æмæ Йæ акодтой.

Йесойы байтыгътой

17 Йæ дзуаримæ Йесо рацыди, Сæргæхцы бынат чи хуыйны, дзуттагау та — Голгофæ, уырдæм.

18 Уым Æй байтыгътой æндæр дыууæимæ Йæ фæйнæфарс, астæуæй — Йесойы.

19 Пилат фæйнæгыл ныффыссын кодта æмæ йæ дзуарыл ныххуыйын кодта; фыст уыди афтæ: «Назаретаг Йесо, иудейаг Паддзах».

20 Иудейтæй йæ бирæтæ кастысты, уымæн æмæ Йесойы кæм байтыгътой, уыцы бынат сахармæ хæстæг уыд. Фыст уыди дзуттаг, ромаг æмæ бердзенаг æвзæгтыл.

21 Иудейаг алчертæ загътой Пилатæн: «„Иудейаг Паддзах“ ма ныффысс. Ныффысс афтæ: „Ацы лæг дзырдта: Æз иудейаг Паддзах дæн“».

22 Пилат дзуапп радта: «Цы ныффыстон, уый ныффыстон».

23 Æфсæддонтæ Йесойы куы байтыгътой, уæд Ын райстой Йæ дарæстæ æмæ сæ цыппар хайыл адих кодтой, алы æфсæддонæн дæр иу хай. Йæ хæдон та хуыд нæ уыд, фæлæ сæрæй бынмæ уафт.

24 Æмæ кæрæдзийæн загътой: «Скъуынгæ йæ ма акæнæм, фæлæ хæлттæ сæппарæм, кæддæра кæмæ æрхауид». Афтæ хъуамæ сæххæст уыдаид, Сыгъдæг Фыст цы зæгъы, уый: «Се ’хсæн Мын байуæрстой Мæ дарæс æмæ Мын Мæ хæдоныл хæлттæ сæппæрстой». Æмæ æфсæддонтæ бакодтой афтæ.

25 Йесойы дзуары цур лæууыдысты Йæ Мад, Йæ мадыхо, Клеопайы ус Мариа, æмæ магдалæйаг Мариа.

26 Йесо Йæ Мады æмæ Йæ уарзон ахуыргæнинаджы уым лæугæ куы федта, уæд Йæ Мадæн загъта: «Мæ Мад, мæнæ уый Дæ фырту».

27 Стæй загъта ахуыргæнинагæн: «Мæнæ уый дæ Мад у!» Æмæ Йæ уæд ахуыргæнинаг акодта йæхимæ.

Йесойы мæлæт

28 Йесо зыдта, ныридæгæн æппæт дæр кæй сæххæст, уый. Æмæ загъта, Сыгъдæг Фысты цы загъдæуыд, уый куыд сæххæст уа, афтæ: «Дойны Мын у».

29 Уым уыди туаг сæнæй дзаг мигæнæн. Æфсæддонтæ губкæ стылдтой туаг сæны, æрсагътой йæ иссопыл æмæ Йын æй схастой Йæ дзыхмæ.

30 Йесо туаг сæнæй куы ацахуыста, уæд загъта: «Æппæт дæр сæххæст!» Уыйадыл Йæ сæр æркъул кодта æмæ Йæ уд радта Йæ Фыды къухмæ.

31 Уыди майрæмбон, æмæ иудейты нæ фæндыди, цæмæй мæрдтæ сабаты дзуарыл уой, уымæн æмæ уыцы сабат стыр бæрæгбон уыди. Уымæ гæсгæ Пилатæй куырдтой мæрдтæн сæ зæнгтæ асæттын æмæ сæ дзуарæй æрисын.

32 Уæд æфсæддонтæ æрцыдысты, æмæ Йесоимæ тыгъд чи уыд, уыдонæй фыццаг иуæн, стæй иннæмæн асастой сæ зæнгтæ.

33 Йесомæ куы бацыдысты, уæд Æй федтой мардæй æмæ Йын Йæ зæнгтæ нал асастой.

34 Фæлæ Йын æфсæддонтæй иу арцæй барæхуыста Йæ фарс æмæ дзы уайтагъд ракалд туг æмæ дон.

35 Æппæт уыдæтгæ чи федта, уый æвдисæн лæууы, йæ æвдисæнад æцæг у, æмæ зоны: раст дзуры, сымах дæр куыд баууæндат, афтæ;

36 Уымæн æмæ ай æрцыд, цæмæй сæххæст уа, Сыгъдæг Фыст цы зæгъы, уый: «Йе стæг нæ асæтдзæн».

37 Æмæ ма æвдæр ран дæр Сыгъдæг Фысты загъд ис: «Кæй барæхуыстой, Уымæ кæсдзысты».

Йесойы баныгæдтой

38 Уый фæстæ аримафейаг Иосиф (уый дæр Йесойы ахуыргæнинаг уыди, фæлæ йæ не ’ргом кодта, уымæн æмæ иудейтæй тарсти) бахатыди Пилатмæ, цæмæй йын ратта Йесойы мард. Пилат ын бар радта. Иосиф ацыд æмæ Йесойы мард ахаста.

39 Æрцыд Никодим дæр — кæддæр æхсæвы Йесомæ чи æрцыд, уый, — æмæ æрхаста фондзыссæдз джиранкайы2 бæрц хæрздæфгæнæнтæ — смирнæ æмæ алой хæццæйæ.

40 Уыдон Йесойы мард иудейаг æгъдаумæ гæсгæ батыхтой, хæрздæфгæнæнтæ кæуыл бапырх кодтой, уыцы мæрддзæгты.

41 Дзуарыл Æй кæм байтыгътой, уым уыди дыргъдон, дыргъдоны та — æвæрд кæм ничима уыд, ахæм ног зæппадз.

42 Иудейаг сабатмæ бирæ кæй нал баззад, æмæ зæппадз хæстæг кæй уыди, уымæ гæсгæ дзы бавæрдтой Йесойы.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.