Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны Евангели. Сæр 16

Аудио (mp3, ~5 МБ)

1 Адæттæ уын уый тыххæй загътон, цæмæй ма фæкæлат.

2 Ацух уæ кæндзысты синагогæтæй. Æрцæуы ахæм рæстæг дæр, æмæ уæ чидæриддæр мара, уый æнхъæл уыдзæн, цыма уымæй Хуыцауæн кусы.

3 Уыдон уын афтæ кæндзысты, нæдæр Мæ Фыды, нæдæр Мæн кæй нæ базыдтой, уый тыххæй.

4 Фæлæ уын ай уый тыххæй загътон, уыцы афон куы æрцæуа, уæд уæ зæрдыл куыд лæууа, Æз уæ рагацау кæй фæдзæхстон, уый. Раздæр уын æй нæ дзырдтон, уымæн æмæ уемæ уыдтæн.

Сыгъдæг Уды куыст

5 Ныр та цæуын Мæ Рарвитæгмæ, æмæ Мæ сымахæй ничи фæрсы: „Кæдæм цæуыс?“

6 Уый уын кæй загътон, уымæ гæсгæ уæ зæрдæ суынгæг.

7 Фæлæ уын æцæг зæгъын: Мæ ацыд сымахæн хуыздæр у. Уымæн æмæ Æз куы нæ ацæуон, уæд уæм Рæвдауæг не ’рцæудзæн. Куы ацæуон, уæд та уæм Æй рарвитдзынæн.

8 Æмæ куы æрцæуа, уæд раргом кæндзæн дунейы азым — тæригъæдмæ, рæстадмæ æмæ тæрхонмæ цы цæстæй кæсы, уый.

9 Тæригъæд уый мидæг ис, æмæ Мыл не ’ууæндынц.

10 Рæстад уый мидæг ис, æмæ Æз Мæ Фыдмæ цæуын, æмæ Мæ нал фендзыстут.

11 Тæрхон уый мидæг ис, æмæ ацы дунейы æлдар æрцыд тæрхонгонд.

12 Сымахæн ма мæм бирæ ис зæгъинаг, фæлæ нырма йæ бамбарын уæ бон нæ бауыдзæн.

13 Æцæгады Уд куы æрцæуа, уæд уын раргом кæндзæн æппæт æцæгад. Уымæн æмæ Йæхи номæй нæ дзурдзæн, фæлæ цы фехъуса, уый дзурдзæн, æмæ уын фехъусын кæндзæн, фидæны цы уыдзæн, уый.

14 Уый Мын скæндзæн намыс, уымæн æмæ уын фехъусын кæндзæн, Мæнæй цы фехъуса, уый.

15 Фыдмæ цыдæриддæр ис, уый Мæн у. Уымæ гæсгæ загътон, Мæнæй цы фехъуса, уый уын фехъусын кæндзæн, зæгъгæ.

Ахуыргæнинæгты хъыг раивдзæн цинæй

16 Рæхджы Мæ нал фендзыстут, фæлæ та Мæ рæхджы ногæй фендзыстут [уымæн æмæ Æз Мæ Фыдмæ цæуьн]».

17 Йæ ахуыргæнинæгтæй иуæйиутæ дзырдтой кæрæдзийæн: «Уый нын цы зæгъы: „Рæхджы Мæ нал фендзыстут, фæлæ та Мæ рæхджы ногæй фендзыстут“, æмæ: „Æз Мæ Фыдмæ цæуын“?»

18 Уыдон ма ноджыдæр дзырдтой: «Цавæр „рæхджыйы“ кой кæны? Цы нын зæгъы, уый не ’мбарæм».

19 Бафæрсынмæ Йæ кæй хъавынц, Йесойæн уый зындгонд уыд, æмæ сын загъта: «Æз уын афтæ кæй загътон: „Рæхджы Мæ нал фендзыстут, фæлæ та Мæ рæхджы ногæй февдзыстут“, кæрæдзи уый тыххæй фæрсут?

20 Æцæг, æцæг зæгъын сымахæн: сымах кæудзыстут æмæ дзыназдзыстут, дуне та цин кæндзæн. Сымах хъыг кæндзыстут, фæлæ уæ хъыг раивдзæн цинæй.

21 Арæг сылгоймаг хъыг фæкæны, уымæн æмæ йæ удхары афон ралæууыд. Фæлæ йын сывæллон куы райгуыры, уæд дзы фырцинæй йæ удхар ферох вæййы, уымæн æмæ дунемæ адæймаг фæзынд.

22 Афтæ ныр сымах дæр хъыг кæнут. Фæлæ та уæ Æз фендзынæн, æмæ уæд уæ зæрдæтæ байдзаг уыдзысты цинæй, æмæ уын уæ цин байсын никæй бон бауыдзæн.

23 Уæд Мæ ницæмæй фæрсдзыстут. Æцæг, æцæг зæгъын сымахæн: Мæ номæй цыдæриддæр ракурат Фыдæй, уый уын ратдзæн.

24 Ныронг Мæ номæй ницы куырдтат. Ныр курут æмæ райсдзыстут, æмæ уæ цинæн кæрон нæ уыдзæн.

«Æз фæуæлахиз дæн дунейыл»

25 Æз уын ныронг фæсномыг ныхæстæй дзырдтон. Фæлæ æрцæуы афон, æмæ уын Æз фæсномыг ныхæстæй нал дзурдзынæн, фæлæ уын æргомæй зæгъдзынæн Фыды тыххæй.

26 Уыцы бон курдзыстут Мæ номæй, æмæ уын нæ зæгъын, сымах тыххæй Æз Мæ Фыдмæ хатдзынæн, зæгъгæ.

27 Уымæн æмæ уæ Мæ Фыд Йæхæдæг уарзы, Мæн кæй бауарзтат æмæ Æз Хуыцауæй кæй æрцыдтæн, ууыл кæй баууæндыдыстут, уый тыххæй.

28 Æз Мæ Фыдæй рацæугæ дæн æмæ æрцыдтæн дунемæ. Ныр уадзын дуне æмæ цæуын Мæ Фыдмæ».

29 Йæ ахуыргæнинæгтæ Йын загътой: «Ныртæккæ Ды æргомæй дзурыс, æнæ фæсномыг ныхасæй.

30 Ныр уынæм: Ды æппæт дæр зоныс. Ды развæлгъау фæзоныс, цæмæй Дæ фæрсдзысты, уый. Æмæ нæ уымæй уырны: Ды Хуыцауæй æрцыдтæ».

31 Йесо сын дзуапп радта: «Ныр баууæндыдыстут?

32 Мæнæ æрцæуы рæстæг, æниу, цæугæ дæр æркодта, æмæ ныххæлиу уыдзыстут — алчидæр уæ ацæудзæн сæхимæ æмæ Мæн ныууадздзыстут иунæгæй. Фæлæ Æз иунæг нæ дæн, уымæн æмæ Мæ Фыд Мемæ ис.

33 Уыдæттæ уын Æз уый тыххæй загътон, Мемæ куыд уат æмæ фарнæй куыд схайджын уат. Дунейы æвзардзыстут хъизæмæрттæ, фæлæ фидар лæуут: Æз фæуæлахиз дæн дунейыл».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.