Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны Евангели. Сæр 15

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Чырысти — сæнæфсиры Тала

1 Æз дæн æцæг сæнæфсиры Тала, Мæ Фыд та — сæнæфсирмæ Зилæг.

2 Мæ къалиутæй сæнæфсир кæуыл не ’рзайы, уый алыг кæны. Сæнæфсир дзы кæуыл æрзайы, уый та бахсæды, фылдæр ыл куыд æрзайа, афтæ.

3 Сымах ныридæгæн бахсæстæуыд, Æз уын кæй загътон, уыцы ныхасæй.

4 Ут Мемæ, æмæ Æз дæр уыдзынæн уемæ. Къалиу сæнæфсиры талайыл куы нæ уа, уæд ыл сæнæфсир нæ зайдзæн. Афтæ сымах дæр пайда не ’рхæсдзыстут, Мемæ куы нæ уат, уæд.

5 Æз дæн сæнæфсиры Тала, сымах та — къалиутæ; Мемæ чи ис æмæ Æз кæимæ дæн, уый æрхæссы бирæ пайда. Уымæн æмæ æнæ Мæн уæ бон ницы кæнын у.

6 Мемæ чи нæ уа, уый æппæрст æрцæудзæн къалиуау æмæ бахус уыдзæн. Ахæм къалиутæ та æрæмбырд кæнынц, баппарынц сæ арты æмæ басудзынц.

7 Сымах Мемæ куы уат, æмæ Мæ ныхæстæ уæ зæрдæйы куы цæрой, уæд уæ цыдæриддæр хъæуа, уый ракурут æмæ йæ райсдзыстут.

8 Сымах бирæ пайда куы æрхæссат æмæ Мæ ахуыргæнинæгтæ куы уат, уæд уымæй раргом уыдзæн Мæ Фыды намыс.

9 Мæ Фыд Мæн куыд бауарзта, Æз дæр уæ афтæ бауарзтон. Уæдæ ут хайджын Мæ уарзтæй.

10 Æз Мæ Фыды фæдзæхстытæ куыд сæххæст кодтон æмæ Йæ уарзтæй хайджын куыд дæн, афтæ сымах дæр Мæ фæдзæхстытæ куы æххæст кæнат, уæд хайджын уыдзыстут Мæ уарзтæй.

11 Адæттæ уын загътон, цæмæй Мæ цинæй уат хайджын, æмæ уæ цинæн ма уа кæрон.

12 Мæнæ уын Мæ фæдзæхст: Æз уæ куыд бауарзтон, афтæ уарзут кæрæдзи.

13 Исчи йæ цард йæ хæлæртты сæраппонд куы ратта, уæд уымæй стырдæр уарзондзинад нæй.

14 Сымах та Мæ хæлæрттæ стут, Æз уын цы фæдзæхсын, уый куы æххæст кæнат, уæд.

15 Æз уæ ныридæгæн цагъартæ нал хонын, уымæн æмæ йæ хицау цы кæны, цагъар уый нæ зоны. Фæлæ уæ Æз Мæ хæлæрттæ схуыдтон, уымæн æмæ уын загътон, Мæ Фыдæй цыдæриддæр фехъуыстон, уый.

16 Сымах Мæ нæ сæвзæрстат, фæлæ уæ Æз сæвзæрстон, æмæ уын бахæс кодтон цæуын æмæ пайда дæттын, уæ уыцы пайда мыггагмæ куыд уа, афтæ. Æмæ уæд Мæ номæй цыдæриддæр ракурат Фыдæй, уый уын ратдзæн.

17 Мæнæ уын Æз фæдзæхсын: уарзут кæрæдзи.

Дунейæн — æнæуынон

18 Дуне уæ йе сæфт куы уына, уæд зонут — сымахæй раздæр Мæнæй уыдта йе сæфт.

19 Сымах дунейæ куы уаиккат, уæд уæ дуне йæхионтау уарзид. Сымах та дунейæ кæй не стут, фæлæ уæ Æз дунейæ кæй сæвзæрстон, уый тыххæй уæ уыны дуне йе сæфт.

20 Æз уын цы ныхас загътон, уый уæ зæрдыл дарут: „Цагъар йæ хицауæй уæлдæр нæу“. Кæд Мæн æфхæрдтой, уæд сымах дæр æфхæрдзысты. Кæд Мæ ныхасмæ хъуыстой, уæд уæ ныхасмæ дæр хъусдзысты.

21 Афтæ уын кæндзысты Мæ номы тыххæй, уымæн æмæ Мæ Рарвитæджы нæ зонынц.

22 Æз куы не ’рцыдаин æмæ сын куы нæ дзырдтаин, уæд тæригъæды тыххæй азымджын нæ уаиккой. Ныр та сæ тæригъæды тыххæй сæхи ницæмæй сраст кæндзысты.

23 Мæнæй йе сæфт чи уыны, уый Мæ Фыдæй дæр йе сæфт уыны.

24 Æз сæ разы куы нæ скодтаин, æндæр исчи кæй нæ сарæзтаид, ахæм хъуыддæгтæ, уæд тæригъæды тыххæй азымджын нæ уаиккой. Ныр та сæ федтой, уæддæр Мæнæй æмæ Мæ Фыдæй се сæфт уынынц.

25 Фæлæ афтæ хъуамæ сæххæст уа, сæ Æгъдауы цы фыст ис, уый: „Дзæгъæлы Мæ уынынц се сæфт“.

26 Æз уæм Мæ Фыдæй рарвитдзынæн Рæвдауæджы — æцæгады Уды. Уыцы Уд Мæ Фыдæй рацæуы, æмæ куы æрцæуа, уæд æвдисæн лæудзæн Мæн тыххæй.

27 Сымах дæр Мын уыдзыстут æвдисæнтæ, уымæн æмæ фыццаг бонтæй фæстæмæ Мемæ стут.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.