Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны Евангели. Сæр 14

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Йесо у фæндаг Уæларвон Фыдмæ

1 Ма тыхсут. Æууæндут Хуыцауыл æмæ Мæныл дæр æууæндут.

2 Мæ Фыды хæдзары цæрæн бынæттæ бирæ ис. Афтæ куы нæ уаид, уæд уын нæ загътаин: „Æз цæуын бынат уын æрцæттæ кæнынмæ“.

3 Куы ацæуон, æмæ уын бынæттæ куы æрцæттæ кæнон, уæд та уæм æрцæудзынæн æмæ уæ Мæхимæ акæндзынæн, цæмæй сымах дæр уат, Æз кæм дæн, уым.

4 Æз кæдæм цæуын, сымахуырдæм фæндаг зонут».

5 Фома Йын загъта: «Хицау, кæдæм цæуыс, уый нын зындгонд куы нæ у, уæд æм фæндаг куыд хъуамæ зонæм?»

6 Йесо йын загъта: «Æз дæн фæндаг, æцæгад æмæ цард. Мæ Фыдмæ ничи æрцæудзæн, Мæ фæрцы куы не ’рцæуа, уæд.

7 Сымах Мæн куы зониккат, уæд Мæ Фыды дæр зониккат. Æмæ Йæ ныр зонут æмæ Йæ уынгæ дæр фæкодтат».

8 Филипп Ын загъта: «Хицау, равдис нын Дæ Фыды, æмæ нын уый фаг уыдзæн».

9 Йесо йын загъта: «Уыйбæрц рæстæг дæн уемæ, æмæ Мæ нæ зоныс, Филипп? Мæн чи федта, уый федта Фыды. Уæд ды куыд зæгъыс: „Равдис нын Дæ Фыды“?

10 Ау, Æз Мæ Фыдимæ иу кæй дæн, æмæ Мæ Фыд Мемæ иу кæй у, уый дæ нæ уырны? Æз уын цы зæгъын, уый Мæхи номæй нæ дзурын — Мемæ иу Чи у, Мæ уыцы Фыд кæны Йæ хъуыддæгтæ.

11 Æууæндут Мыл: Æз Мæ Фыдимæ иу дæн, Мæ Фыд та Мемæ иу у. Кæннод та æууæндут Мæ хъуыддæгтæм гæсгæ.

12 Æцæг, æцæг зæгъын сымахæн: Мæныл чи æууæнды, уый кæндзæн Мæ хъуыддæгты хуызæн хъуыддæгтæ, æмæ уыдонæй ноджы стырдæртæ сараздзæн, уымæн æмæ Æз Мæ Фыдмæ цæуын.

13 Æмæ Мæ ном ссаргæйæ цыдæриддæр ракурат, уый уын ратдзынæн, цæмæй Фырты фæрцы Фыд равдиса Йæ намыс.

14 Мæ ном ссаргæйæ Мæ цы ракурат, уый уын ратдзынæн.

Зæрдæвæрд Сыгъдæг Уд рарвитынæй

15 Кæд Мæ уарзут, уæд æххæст кæндзыстут Мæ фæдзæхстытæ.

16 Æмæ Æз ракурдзынæн Мæ Фыдæй æмæ уын ратдзæн, мыггагмæ уемæ чи уыдзæн, уыцы иннæ Рæвдауæджы —

17 Æцæгады Уды. Дунейы бон Йæ райсын нæу, уымæн æмæ Йæ нæ уыны æмæ Йæ нæ зоны. Сымах та Йæ зонут, уымæн æмæ Уый уемæ ис æмæ уæ зæрдæты цæрдзæн.

18 Сидзæрæй уæ нæ ныууадздзынæн — æрцæудзынæн уæм.

19 Иуцасдæр ма, æмæ дуне нал фендзæни Мæн, сымах та Мæ фендзыстут, уымæн æмæ Æз цæрын æмæ сымах дæр цæрдзыстут.

20 Уыцы бон базондзыстут, Æз Мæ Фыдимæ иу кæй дæн, сымах Мемæ иу кæй стут æмæ Æз уемæ иу кæй дæн, уый.

21 Мæ фæдзæхстытæ кæй зæрдæйы сты æмæ сæ чи æххæст кæны, уый Мæ уарзы. Мæн чи уарзы, уый та Мæ Фыд бауарздзæн, Æз дæр æй бауарздзынæн æмæ йын Мæхи раргом кæндзынæн».

22 Иудæ Йын (Искариот нæ) загъта: «Хицау, уый куыд уыдзæн, æмæ дунейæн нæ, фæлæ махæн Дæхи раргом кæнай?»

23 Йесо йын дзуапп радта: «Чи Мæ уарзы, уый сæххæст кæндзæн Мæ ныхас, æмæ йæ Мæ Фыд бауарздзæн. Мах æм æрцæудзыстæм æмæ æрцæрдзыстæм йемæ.

24 Мæн чи нæ уарзы, уый Мæ ныхæстæ не ’ххæст кæны. Сымах цы ныхас хъусут, уый та Мæнæй нæ, фæлæ Мæ рарвитæг Фыдæй у.

25 Адæттæ уын загътон, цалынмæ ма уемæ дæн, уæдмæ.

26 Мæ Фыд Мæ номыл Кæй рарвитдзæн, уыцы Рæвдауæг, Сыгъдæг Уд, сымах сахуыр кæндзæн алцæуыл дæр, æмæ уын Æз цы дзырдтон, уый уын уæ зæрдыл æрæфтаудзæн.

27 Фарн уын уадзын, Мæ фарн уын дæттын. Дуне куыд дæтты, Æз уын æй афтæ нæ дæттын. Ма тыхсут æмæ ма тæрсут.

28 Сымах фехъуыстат, Æз уын цы загътон, уый: „Æз цæуын, фæлæ та уæм æрцæудзынæн“. Куы Мæ уарзиккат, уæд Фыдмæ кæй цæуын, уый тыххæй сцин кæниккат, уымæн æмæ Мæ Фыд Мæнæй уæлдæр у.

29 Уый нæма æрцыд, Æз та уын ныридæгæн зæгъын, куы æрцæуа, уæд куыд баууæндат, афтæ.

30 Уемæ Мын бирæ дзурыны рæстæг нал ис, уымæн æмæ æрбаввахс ацы дунейы æлдар. Мæныл йæ бар нæ цæуы,

31 Фæлæ Æз Фыды кæй уарзын, æмæ Мын Фыд куыд бафæдзæхста, афтæ кæй кæнын, уый дуне хъуамæ базона. Ныр сыстут æмæ ацæуæм ардыгæй.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.