Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны Евангели. Сæр 13

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Йесо цæхсадта ахуыргæнинæгты къæхтæ

1 Æрæввахс Куадзæн. Йесо зыдта, кæй ралæууыди ацы дунейæ Фыдмæ Йæ ацæуыны афон. Уый уарзта йæхионты ацы дунейы, бауарзта сæ кæронмæ.

2 Уыцы рæстæг хæйрæг ныридæгæн Симон Искариоты фырт Иудæйы зæрдæйы нывæрдта Йесойы ауæй кæныны фæнд.

3 Йæ Фыд Ын æппæт дæр Йæ къухмæ кæй радта, Хуыцауæй кæй æрцыд æмæ ныр Хуыцаумæ кæй цæуы, уый Йесо зыдта; æмæ æхсæвæры рæстæг

4 Сыстад фынгæй, раласта Йе ’ддаг дарæс, райста хисæрфæн æмæ йæ æрбабаста Йæ астæуыл.

5 Уый фæстæ дон ныккодта хъуывгъаны æмæ райдыдта Йæ ахуыргæнинæгты къæхтæ æхсын æмæ сын сæ Йæ астæуыл баст хисæрфæнæй сæрфын.

6 Йесо Симон Петрмæ куы бацыд, уæд Ын уый загъта: «Хицау, мæ къæхтæ мын Ды цæхсай?»

7 Йесо йын дзуапп радта: «Æз цы кæнын, уый ды ныртæккæ не ’мбарыс, фæлæ йæ фæстæдæр бамбардзынæ».

8 Петр Ын загъта: «Никуы мын цæхсдзынæ мæ къæхтæ». Йесо йын дзуапп радта: «Куы нæ дæ цæхсон, уæд дын Мемæ иумæйагæй ницы ис».

9 Уæд Ын Симон Петр загъта: «Хицау, цæхс æрмæст мæ къæхтæ нæ, фæлæ мæ къухтæ æмæ мæ сæр дæр».

10 Йесо йын загъта: «Æхсадæн æрмæст йæ къæхтæ цæхсын хъæуы, уымæн æмæ æгасæй дæр сыгъдæг у. Сымах дæр сыгъдæг стут, æрмæст уеппæт нæ».

11 Йесо зыдта Йæ уæйгæнæджы, æмæ уымæ гæсгæ загъта: «Уеппæт сыгъдæг не стут».

12 Сæ къæхтæ сын куы цæхсадта, йæ дарæс куы скодта æмæ ногæй куы сбадти, уæд сын загъта: «Æз уын цы бакодтон, уый не ’мбарут?

13 Сымах Мæн Ахуыргæнæг æмæ Хицау хонут, æмæ раст зæгъут, уымæн æмæ Æз Ахуыргæнæг æмæ Хицау дæн.

14 Уæдæ уын кæд Æз, Хицау æмæ Ахуыргæнæг, уæ къæхтæ цæхсадтон, уæд сымах дæр хъуамæ æхсат уæ кæрæдзийы къæхтæ.

15 Уымæн æмæ уын Æз равдыстон, цæмæй сымах дæр кæнат, Æз уын цы бакодтон, уый.

16 Æцæг, æцæг зæгъын сымахæн: цагъар йæ хицауæй уæлдæр нæу, æмæ минæвар йæ рарвитæгæй уæлдæр нæу.

17 Кæд уый зонут æмæ йæ æххæст кæнут, уæд тæхудиаг уыдзыстут.

Йесо зæгъы Йæ уæйгæнæджы тыххæй

18 Уеппæты тыххæй нæ зæгъын. Кæй равзæрстон, Æз уыдоны зонын. Фæлæ хъуамæ сæххæст уа, Сыгъдæг Фысты цы загъд ис, уый: „Мемæ кæрдзын чи хордта, уый рацыди Мæ ныхмæ“.

19 Уый нæма æрцыд, Æз та уын ныридæгæн зæгъын, куы æрцæуа, уæд куыд баууæндат — ÆЗ ДÆН.

20 Æцæг, æцæг зæгъын сымахæн: Æз кæй арвитон, ууыл зæрдиаг чи уа, уый Мæныл у зæрдиаг;

Мæныл зæрдиаг чи у, уый та Мæ Рарвитæгыл у зæрдиаг».

21 Уыцы ныхæсты фæстæ Йесо тынг фæтыхст æмæ сын загъта: «Æцæг, æцæг зæгъын сымахæн, уæ иу Мыл рацæудзæни гадзрахатæй».

22 Уæд ахуыргæнинæгтæ фесты кæрæдзимæ ракæс-бакæсыл, Йесо кæй тыххæй зæгъы, уый не ’мбаргæйæ.

23 Йесо кæй уарзта, уыцы ахуыргæнинаг бадти Йесойы фарсмæ.

24 Симон Петр æм ацамыдта, Йесо кæй тыххæй загъта, уымæй Йæ куыд бафæрса, афтæ.

25 Ахуыргæнинаг йæхи баввахс кодта Йесомæ æмæ Йын загъта: «Хицау, уый чи у?»

26 Йесо дзуапп радта: «Къæбæр цæхдоны куы атулон, уæд æй кæмæ раттон, уый». Уæд атылдта къæбæр æмæ йæ радта Иудæмæ, Симон Искариоты фыртмæ.

27 Æмæ дзы уыцы къæбæры фæстæ бацыд хæйрæг. Уæд Йесо Иудæйæн загъта: «Цы кæнинаг дæ, уый тагъддæр кæн».

28 Цæй тыххæй йын афтæ загъта, уый фынгыл бадджытæй ничи бамбæрста.

29 Фæлæ Иудæмæ æхцайы лагъз кæй уыд, уымæ гæсгæ иуæй-иутæ æнхъæлдтой, цыма йын Йесо афтæ зæгъы: «Бæрæгбонмæ нæ цы хъæуы, уый балхæн», кæнæ та йын мæгуыртæн исты дæттын кæны.

30 Иудæ къæбæр куы райста, уæд уайтагъд феддæдуар. Уыд æхсæв.

Ног фæдзæхст

31 Иудæ куы ацыд, уæд Йесо загъта: «Ныр снамысджын Адæймаджы Фырт, æмæ Хуыцау дæр снамысджын Йæ фæрцы.

32 Кæд Хуыцау Йæ фæрцы снамысджын, уæд Æй Хуыцау Йæхæдæгдæр снамысджын кæндзæн, æмæ Йæ снамысджын кæндзæн рæхджы.

33 Мæ хъæбултæ, Æз бирæ нал фæуыдзынæн уемæ. Агурдзыстут Мæ æмæ, Æз иудейтæн куыд загътон, Æз кæдæм цæуын, сымахæн уырдæм æрцæуын уæ бон нæ бауыдзæн, зæгъгæ, афтæ ныртæккæ зæгъын сымахæн дæр.

34 Дæттын уын ног фæдзæхст: кæрæдзи уарзут. Æз уæ куыд бауарзтон, сымах дæр афтæ кæрæдзи уарзут.

35 Кæрæдзи куы уарзат, уæд уымæ гæсгæ алчидæр зондзæн, сымах Мæ ахуыргæнинæгтæ кæй стут, уый».

Йесо зæгъы Петры тыххæй

36 Симон Петр Ын загъта: «Хицау, Ды кæдæм цæуыс?» Йесо йын дзуапп радта: «Æз кæдæм цæуын, уырдæм Мæ фæдыл цæуын ныртæккæ дæ бон нæу, фæлæ фæстæдæр рацæудзынæ Мæ фæдыл».

37 Петр Ын загъта: «Хицау, цæуылнæ у мæ бон ныртæккæ Дæ фæдыл цæуын? Æз Дæу сæраппонд мæ цард дæр ратдзынæн».

38 Йесо йын дзуапп радта: «Дæ цард Мæн сæраппонд ратдзынæ?

Æцæг, æцæг зæгъын дæуæн: уасæг нæма ныууасдзæн, афтæ Мыл æртæ хатты атигъ кæндзынæ дæхи.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.