Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны Евангели. Сæр 11

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Лазыры мæлæт

1 Иу адæймаг, йæ ном Лазыр, уыди рынчын. Уый уыди, Мариа йæ хо Марфæимæ кæм царди, Вифанийы уыцы хъæуæй.

2 Мариа та уыди, Хицау Йесойы хæрздазфгæнæнæй чи байсæрста æмæ Йын Йæ къæхтæ йæ дзыккутæй чи ныссæрфта, уыцы сылгоймаг. Ныр йе ’фсымæр Лазыр уыди рынчын.

3 Хотæ арвыстой Йесойæн зæгъынмæ: «Хицау, Ды кæй уарзыс, уый рынчын у».

4 Йесо уый куы фехъуыста, уæд загъта: «Уыцы низ мæлæтмæ нæ кæны, фæлæ Хуыцауы кадæн у, цæмæй уый руаджы скадджын уа Хуыцауы Фырт».

5 Йесо уарзта Марфæйы, йæ хо Мариайы æмæ Лазыры.

6 Фæлæ Лазыр рынчын кæй у, Йесо уый куы фехъуыста, уæд кæм уыдис, уым ма афæстиат дыууæ боны.

7 Уый фæстæ загъта ахуыргæнинæгтæн: «Ногæй ацæуæм Иудейæмæ».

8 Ахуыргæнинæгтæ Йын загътой: «Равви, æрæджы дæр ма Дæ иудейтæ дуртæй амарынмæ хъавыдысты, æмæ та ногæй уырдæм цæуыс?»

9 Йесо дзуапп радта: «Боны дыууадæс сахаты нæй? Боныгон чи цæуы, уый нæ кæлы, уымæн æмæ уыны ацы дунейы рухс.

10 Æхсæвыгон чи цæуы, уый та фæкæлы, уымæн æмæ йæм рухс нæй».

11 Уыцы ныхæстыл ма Йесо бафтыдта: «Нæ хæлар Лазыр бафынæй, фæлæ Æз цæуын йæ райхъал кæнынмæ».

12 Йæ ахуыргæнинæгтæ Йын загътой: «Хицау, кæд фынæй баци, уæд сдзæбæх уыдзæн».

13 Йесо сын Лазыры мæлæты тыххæй дзырдта, уыдон та афтæ æнхъæл уыдысты, цыма Уый хуымæтæг фынæйы тыххæй зæгъы.

14 Уæд сын Йесо æргомæй загъта: «Лазыр амард.

15 Æмæ Æз уым кæй нæ уыдтæн, ууыл сымах тыххæй цин кæнын, уымæн æмæ баууæнддзыстут. Ныр та йæм ацæуæм».

16 Уæд фæсномыгæй Фаззон чи хуынд, уыцы Фома иннæ ахуыргæнинæгтæн загъта: «Цом æмæ мах дæр Йемæ амæлæм».

Йесо ныфс æвæры хотæн

17 Йесо куы æрцыд, уæд базыдта, Лазыр цыппар боны зæппадзы кæй ис, уый.

18 Вифани та Иерусалиммæ хæстæгуыд, фынддæс стадийы1 бæрц.

19 Æмæ иудейтæй бирæтæ æрцыдысты Марфæ æмæ Мариамæ се ’фсымæры мæлæты фæдыл сын ныфсытæ æвæрынмæ.

20 Йесо кæй æрбацæуы, уый Марфæ куы фехъуыста, уæд ацыд Йæ размæ. Мариа та хæдзары уыд.

21 Марфæ загъта Йесойæн: «Хицау, Ды ам куы уыдаис, уæд ме ’фсымæр нæ амардаид.

22 Фæлæ ныр дæр зонын: Ды Хуыцауæй цы ракурай, уый Дын ратдзæн».

23 Йесо йын загъта: «Де ’фсымæр райгас уыдзæн».

24 Марфæ Йын загъта: «Фæстаг бон, мæрдты райгасы бон, кæй райгас уыдзæн, уый зонын».

25 Йесо йын загъта: «Æз дæн мæрдтæй æгасгæнæг æмæ царддæттæг. Мæныл чи æууæнды, уый куы амæла, уæддæр райгас уыдзæн.

26 Мæныл æууæндæг кæцыфæнды цардæгас уд мыггагмæ дæр нæ амæлдзæн. Уырны дæ?»

27 Марфæ Йын дзуапп радта: «О, Хицау! Дунемæ Чи хъуамæ æрцæуа, Ды Хуыцауы уыцы Фырт Чырысти кæй дæ, уый мæ уырны».

28 Уый зæгъыны фæстæ Марфæ ацыд æмæ сусæгæй басидт йæ хо Мариамæ: «Ахуыргæнæг ам ис æмæ дæм дзуры».

29 Мариа уый куы фехъуыста, уæд æвæстиатæй фестад æмæ ацыд Йесомæ.

30 Йесо хъæумæ нæма бахæццæ, фæлæ уыди, Марфæ Йыл кæм фембæлд, уыцы ран.

31 Мариаимæ хæдзары чи уыд æмæ йын ныфсытæ чи æвæрдта, уыцы иудейтæ йæ æвæстиатæй сыстгæ æмæ рацæугæ куы федтой, уæд араст сты йæ фæдыл. Уыдон æнхъæл уыдысты, зæппадзмæ кæуынмæ ацыди, зæгъгæ.

32 Йесо кæм уыд, Мариа уырдæм куы æрцыд æмæ Йæ куы федта, уæд Ын æрхауд Йæ къæхтæм æмæ Йын загъта: «Хицау, Ды ам куы уыдаис, уæд ме ’фсымæр нæ амардаид».

33 Мариайы æмæ йемæ æрцæуæг иудейты Йесо кæугæ куы федта, уæд Йæ зæрдæ суынгæг, скатай

34 Æмæ бафарста: «Кæм æй бавæрдтат?» Уæд Ын загътой: «Хицау, рацу æмæ фен».

35 Йесойæн йæ цæссыгтæ æркалдысты.

36 Уæд иудейтæ дзырдтой: «Кæсма, куыд æй уарзта!»

37 Уыдонæй иуæй-иутæ та загътой: «Куырмæн йæ цæстытæ Чи байгом кодта, Уымæн Йæ бон нæ бауыдаид, цæмæй ацы адæймаг ма амæла?»

Лазыр райгас

38 Йесойы зæрдæ та суынгæг, афтæмæй æрцыд зæппадзмæ. Уый уыди лæгæт, йæ бацæуæныл ын бафæлдæхтæуыд дур.

39 Йесо загъта: «Айсут дур». Марды хо Марфæ Йын загъта: «Хицау, мард ныридæгæн смаг кæны. Ныр цыппар боны ис зæппадзы».

40 Йесо йын загъта: «Нæ дын загътон, куы дæ уырна, уæд Хуыцауы намыс фендзынæ, зæгъгæ?»

41 Айстой дур. Йесо скаст уæларвмæ æмæ загъта: «Мæ Фыд, бузныг дæн Дæуæй, кæй Мæ хъусыс, уый тыххæй.

42 Ды Мæ кæддæриддæр кæй фехъусдзынæ, уый Æз зыдтон, фæлæ ай загътон, ам цы адæм ис, уыдоны тыххæй, цæмæй баууæндой, Ды Мæ кæй рарвыстай, ууыл».

43 Уыцы ныхæсты фæстæ Йесо хъæрæй загъта: «Лазыр, æддæмæ рацу!»

44 Æмæ мард рацыд, йæ къухтæ æмæ йæ къæхтæ — мæрддзаг хæцъилтæй тыхт, йæ цæсгом — сæрæмбæрзæнæй баст. Йесо сын загъта: «Райхалут æй æмæ ацæуа».

Сусæгвæнд Йесойы ныхмæ

45 Уæд Мариамæ чи æрцыд æмæ Йесо цы бакодта, уый чи федта, уыцы иудейтæй Йыл бирæтæ баууæндыдысты.

46 Сæ иуæй-иутæ та ацыдысты фарисейтæм æмæ сын радзырдтой, Йесо цы бакодта, уый тыххæй.

47 Уæд алчертæ æмæ фарисейтæ æрæмбырд кодтой синедрион æмæ загътой: «Цы гæнгæ нын у? Ацы Адæймаг бирæ диссæгтæ æвдисы.

48 Афтæ Йæ куы ныууадзæм, уæд Ыл сеппæт дæр баууæнддзысты. Æмæ æрцæудзысты ромæгтæ æмæ фесафдзысты нæ ацы бынат дæр æмæ нæ адæмы дæр».

49 Уыдонæй иу, Каиафæ, уыцы аз алчер уыд. Æмæ сын уый загъта: «Сымах ницы зонут

50 Æмæ не ’мбарут, æппæт адæмы фесафыны бæсты адæмы сæрвæлтау иу адæймаг куы амæла, уæд сымахæн хуыздæр кæй у, уый».

51 Уый Каиафæйæн уыд йæхи хъуыды нæ, фæлæ пехуымпар ныхас, уымæн æмæ уыцы аз алчер уыд, æмæ рагагъоммæ загъта, Йесо кæй хъуамæ амæла Йæ адæмы сæрвæлтау,

52 Æмæ æрмæст Йæ адæмы сæрвæлтау нæ, фæлæ ма æрæмбырд æмæ баиу кæна, чи ныххæлиу, Хуыцауы уыцы хъæбулты дæр.

53 Уыцы бон скодтой Йесойы амарыны фæнд.

54 Уымæ гæсгæ-иу Йесо æргомæй иудейты æхсæн нал фæзынд, фæлæ уырдыгæй ацыд Эфраиммæ — æдзæрæг бæстæмæ æввахс чи уыди, уыцы сахармæ; æмæ уым уыди Йæ ахуыргæнинæгтимæ.

55 Æрхæстæг иудейаг Куадзæн, æмæ бæстæйы алы рæттæй бирæтæ Куадзæны размæ æрцыдысты Иерусалиммæ сæхи ссыгъдæг кæнынмæ.

56 Уæд агуырдтой Йесойы æмæ Кувæндоны дзырдтой сæ кæрæдзийæн: «Куыд уæм кæсы, Йесо бæрæгбонмæ не ’рцæудзæн?»

57 Алчертæ æмæ фарисейтæ та радтой бардзырд: Йесо кæм ис, уый исчи куы базона, уæд сын фехъусын кæнæд æмæ Йæ æрцахсой.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.