Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Цы хъуамæ кæна адæймаг, цæмæй фылдæр фæцæра? (дохтыр Дзугкойты Маринæйы статья)

Газет «Рæстдзинад», 2011 азы 6 октябрь

Æгъатыр низ

Вирусты гепатит

Цы бирæ хæцгæ низтæ ис æмæ адæймаджы тæккæ уæззаудæр уавæрмæ чи æркæны, уыдоны ’хсæн вирусты гепатит ахсы раззаг бынæттæй иу. Афтæ йæ уымæн хонынц, æмæ адæймагыл хæцы вирусты, ома, æрмæстдæр удæгас кълеткæты чи фылдæр кæны, ахæм цыренгæнджыты æххуысæй, æмæ ныронг медицинæйы зындгонд сты вирусты гепатиттæ A, B, C, D, E.

Уавæр дарддæр афтæ у, æмæ гепатитты низхæссæг хæрзчысыл организмтæ нырраууат кæнынц хицæн адæймæгты кæнæ та суанг æнæхъæн бинонты æнæниздзинад дæр. Уæдæ ацы низ арæх рыны хуызы дæр фæзыны иу кæнæ иннæ цæрæн бынаты, æмæ дзы уæд адæм къордгæйттæй æруатон вæййынц.

Дунейы мидæг, уыимæ Уæрæсейы дæр, уæлдай тынгдæр æргом сæхимæ здахынц хицæн гепатиттæ, кæцытæм ис стыр тых æмæ арæх низ рахизы хроникон хуызтæм дæр. Куыдæй фæзынынц, уый та мах хъуамæ бæлвырд зонæм. Зæгъæм, вирусты гепатит «В» иу адæймагæй иннæуыл бахæцы медицинон кæнæ цардыуаджы архайдтыты руаджы, уæлдайдæр, буар хъыгдард куы вæййы, уæд. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, инструмент рынчыны тугæй «чъизи» куы вæййы, иу дасæн кæнæ къухыныхтæм зилæн прибортæ æмæ иумæйаг дæндæгтæ æхсæн щеткæйæ пайда кæныны рæстæг. Уæдæ нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы æхсæн цы сусæг ахастдзинæдтæ вæййы, уыдонæй дæр æнцонæй ис фæрынчын уæвæн. Æппæтæй тæссагдæр та сты æнæмедицинон архайдтытæ — уæлдайдæр наркотиктæ венæтæм мидæмæ уадзын, хъусы æлгътæ хуынчъытæ кæнын æмæ буарыл бирæ судзинтæй татуировкæтæ аразын.

Ахуыргæндтæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй гепатит «А» æнцонæй бахæцы вирусæй хъæстæ хойраджы продукттæй, нуазыны донæй, «чъизи» къухты æвнæлдæй — иуныхасæй, хи гигиенæйы амынддзинæдтæ куы ницæмæ дарай, уæд. Уавæр дардцæр афтæ у, æмæ гепатит «А» тынг фæразон у бæрзонд температурæтæн, туагæдтæн, дезинфекцигæнæн фæрæзтæн æмæ уый тыххæй дæргъвæтин рæстæг хъахъхъæд æрцæуы нæ алыварс, æгъатыр низы тыххæй та фаг нæ зонæм.

Ныр дæр ма вирусты гепатит адæм хонынц сафрон («желтуха»), уымæн æмæ низ фехалы игæр æмæ уый тыххæй буар йæ хуыз раивы бурæй. Фылдæр хатт æмбæхст къуыртт уадзыны рæстæг ахæссы 20-35 боны. Низы фыццаг гуырæн та æдзухдæр вæййы рынчын адæймаг, цавæрфæнды инфекцион уавæры куы уа, уæддæр. Алыварс адæмæн уæлдай тæссагдæр вæййынц вирусты гепатит «А»-йæ рынчынтæ, кæцытыл нæма фæзыны сафрон кæнæ низы æндæр фыццаг миниуджымах хъуамæ зонæм ацы низы фыццаг бæрæггæнæнтæ æмæ уыдон та сты: адæймаджы тæвд схизы 38–39 градусмæ, сæр фæриссы, хæрын къаддæр фæцæуы, зæрдæ фæхæссы, рахиз фæрсчыты бынмæ фæхъыгдары, мизынцъаг фæтар вæййы.

Вирусты гепатит «А»-йæ рынчын кæнынц канд сывæллæттæ нæ, фæлæ ма карджын адæм дæр. Фæззыгонзымæгон рæстæджыты та низ йæхи арæхдæр æвдисы афæдзы иннæ афонтæй хъауджыдæр. Фыццагдæр дзы фæрынчын вæййынц скъоладзаутæ, фæстæдæр та рахизы скъолайы агъоммæйы сывæллæттæм. Уый та уымæн афтæ у, æмæ гепатит «А»-йы къуыртуадзыны рæстæг хатгай ахæссы дыууæ мæйы бæрц дæр.

Низ уæззау уавæрты куы фæцæуы, уæд тæссаг вæййы, игæры æмæ мастуадзæн системæйы куы фехæла, уымæй. Афтæ цæмæй ма рауайа, уый тыххæй та æппæт хъæугæ мадзæлттæ дæр бакæнын фæхъæуы сæ цæфыл. Иугæр хæцгæ низы фыццаг миниуджытæ банкъардтай, зæгъгæ, уæд тæккæ хуыздæр хос у дохтырмæ æвæстиатæй фæдзурын. Рынчын хъуамæ афоныл æмæ æнæмæнгæй æрцæуа госпитализацигонд. Æрмæстдæр афтæмæй бахъахъхъæндзæн йæхи фыддæр уавæрæй, йæ бинонтæ æмæ йæ алыварс адæмы та низ бахæцынæй.

Ахсджиаг у низ не ’руадзыны хъæугæ профилактикон мадзæлттæ æххæст кæнын дæр. Æмæ уыдон та вирусты гепатит «А»-йæн сты, хуылфыдзаумæтты иннæ хæцгæ низты ныхмæ куыд архайын хъæуы, уый хуызæн. Фыццаджыдæр, æххæст кæнын хъæуы хи гигиенæйы амынддзинæдтæ, гигиенæйы нормæтæ æмæ санитарон æгъдæуттæм хъуамæ лæмбынæг цæстдард уа скъолайы агъоммæйы кусæндæтты, ахуыргæнæндæтты æмæ æхсæнадон хæлцы объектты. Хойраджы продукттæ æлхæнæн нæй, уæй кæнынæн барлæвæрд кæм нæй, ахæм бынæтты. Низ куы фæзыны, уыцы сезоны профилактикон мадзæлтты тæккæ ахъаззагдæр у фыхдон нуазын. Сывæллæттæн та æппæтæй хуыздæр у «Иммуноглобулин», зæгъгæ, ахæм препарат сæ организммæ бауадзын. Маргхъæстæ вирустæй сæ нæ хъахъхъæны, фæлæ æххуыс кæны, низ æнцондæрæй цæмæй ацæуа, уымæн.

Кæронбæттæны мæ зæгъын фæнды уый, æмæ æрмæстдæр профилактикæйы хуымæтæг мадзæлттæ æмæ æгъдæуттæ æххæст кæныны руаджы бахъахъхъæндзыстут сымах уæхи æвирхъау низ гепатитæй.

Сихъоты Тамарæ, дохтыр-эпидемиолог


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.