Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

— Æмæ йæ бирæ уарзыс?
— Бæрзондыл бадæг мæ уыйас бауарза!

Гæдиаты Секъа.
Садуллæ æмæ Манидзæ

Гæдиаты Секъа

ХÆЛÆГДЗИНАД

Нæ Хицау Йесо Чырысти иу сабат боны сдзæбæх кодта тынг уæззау рынчын усы, дзуттыты Ныхасы астæу. Ацы Ныхасы хистæр хицау хъуамæ Чырыстийæ бузныг фæцадаид, ахæм низджын усы кæй сдзæбæх кодта, уый тыххæй. Уый та мæсты сси æмæ загъта: «Хъуыддаг кæнынæн ис æхсæз боны, уыцы бонты цæут уæхи дзæбæх кæнынмæ, фæлæ сабат боны ма цæут». Цæмæн афтæ смæсты ис, ме ’фсымæртæ, Ныхасы хицау? Куыд уыд уый, уыцы тæригъæддаг рынчын усы фенæг цин кæныны бæсты цæмæн смæсты ис, цæмæн йæ зæрдæ хæрамдзинадæй байдзаг?

Мæ уарзон æфсымæртæ, уый афтæ хæлæгдзинады тыххæй смæсты, хæлæгдзинад ын баталынг кодта йæ цæст, йæ зæрдæ æмæ йæ намыс, æмæ уарзон циндзинад æмæ уырнындзинады бæсты йæ зæрдæ масты цæхæртæ акалдта. Цы у хæлæгдзинад? Хæлæгдзинад у истæуыл искæмæ хæрам кæнын, мæсты кæнын; хæлæг адæймаг æндæры хорздзинад куы уыны, уæд мæстæй судзы, хъыг кæны. Афтæ уыцы Ныхасы хицау дæр ирвæзынгæнæг Чырыстийы хорз хъуыддæгтæ уынгæйæ мæсты кодта, уымæн æмæ Чырыстийы адæм дзуттыты дин амонджытæй фылдæр бауарзтой, æмæ уый тыххæй уыцы Ныхасы хицауæн дæр йæ кой дæлдæр кодта.

Ныр ацы хъуыддагæй бæрæг у, хæлæгдзинад цас æвзæр тæригъæдтæ кæнын кæны адæймагæн, уый. Дæ хæстæджы хорздзинад уынгæйæ ууыл цин куы нæ кæнай, фæлæ ма йæм хæрам цæстагй дæр куы кæсай, ахæм адæймагмæ Чырыстийы ирвæзындзинады уд дард ис. Чи зоны, исчи иу иннæмæ хæлæгдзинадæй хæрам у, мæсты кæны æмæ йæ зæрдæйы хæрамдзинад фехалыны тыххæй хъуыды дæр нæ кæны, ахæм адæймаг фæстагмæ стыр зындзинады нæ бахаудзæн, цы!

Ирон адæммæ хæлæгдзинад ницы тæригъæдау кæсы, фæлæ уый ахæм фыдбылыз у, æмæ уый аххосæй лæг æндæр стыр тæригъæдтæ дæр ракæндзæн. Кæцæй æрцыди райдианы адæймагмæ тæригъæддзинад, кæд хæлæгдзинадæй нæ уыд, уæд. Хæйрæг бахæлæг кодта фыццаг лæг æмæ усы тæхудиаг цардмæ æмæ сæ фæрæдийын кодта. Хæлæгдзинад ныккалын кодта фыццаг адæймаджы туг зæххыл, дыууæ æфсымæры Каен æмæ Абел; Каен Абелы хæлæгдзинады тыххæй амардта. Хæлæгдзинады тыххæй æнæаххос Иосебы йе ’фсымæртæ ауæй кодтой египетаг къупецтæн. Кæд хæлæгдзинад нæ уыди, уæд Саул паддзах цæй тыххæй ратæр-батæр кодта æмæ йæ марынмæ агуырдта Даут-пахуымпары? Æппæтыфæстаг уый бæрц цы баталынг кодта фарисетæн æмæ дзуттыты чиныджы дæснытæн сæ зонд æмæ сæ намыс, кæд хæлæгдзинад нæ уыд, уæд; цæуылнæ сæ бауырныдта ирвæзынгæнæджы диссаг хъуыддæгтæ! Куыннæ дис фæкæндзæн адæймаг, куыннæ æрхъуыды кæндзæн лæг, хæлæгдзинадмæ цас тых æмæ хæрамдзинад ис, уый. Фарисетæ æмæ дзуттытæ уыдтой сæхи цæстæй Чырыстийы диссаг хъуыддæгтæ, куырмыты кæсын кодта, сæ цæстытæ сын дзæбæх кодта, мард æгас кодта, фондз дзулæй фондз мин лæджы æфсæста, гобиты дзурын кодта, хъотырджынты дзæбæх кодта; ацы диссæгтæ фарисетæ æмæ дзуттытæ сæ цæстæй уыдтой, уæддæр сæ хæлæгдзинад Чырыстимæ хæстæг нæ бауагъта æмæ талынджы баззадысты, сæ мыггаг дунейы кæрæтты ныххæлиу. Цы ма нæ хъæуы хуыздæр æвдисæн, хæлæгдзинад адæймаджы зæрдæйы тæригъæды мыггаг тауæг, хæрам цыдæр кæй у, уый тыххæй.

Мах, ирон адæм, бирæ зылын стæм Хуыцауæй, иу æгъдауæй дæр ын не ’ххæст кæнæм йæ хорз амонындзинæдтæ; бирæ цæмæйдæрты мæсты кæнæм Хуыцауы зæрдæ. Фæлæ уыцы зылындзинæдтæй се ’ппæтæй тынгдæр хъыгдары Хуыцауы нæ хæлæгдзинад, адæймаджы зæрдæ йæхимæ магниты хуызæн ласы, æмæ йæ йе стыр æнамонддзинады хуызы стыхсын кæны. 0 Хуыцау! Æрцæудзæн цымæ искуы уыцы рæстæг, æмæ адæймаджы мыггаг йæхи базондзæн? Æрцæудзæн цымæ уыцы сахат, æмæ лæг базондзæн, йæ цард ын цы хъыгдары æмæ цы рæвдауы, царды хæрзæбонæй йæ фæсвæд цы здахы, йæ уд æмæ йын йæ буары цы мæллæг кæны, цы сафы, уый базондзæн искуы? Æрцæудзæн цымæ искуы уыцы рæстæг, Хуыцау, æмæ дæ сыгъдæг уды хорз лæвардзинад срухс кæндзæн нæ зæрдæтæ æмæ уæд зæгъдзыстæм æмдзыхæй: мæнæ не знаг, мæнæ нæ марæг, мæнæ, чи нæ фыдбонæй мардта, уый, мæнæ, Чырыстийæ нæ дардмæ чи ласта, уый. Бæлвырд, ме ’фсымæртæ, хæлæгдзинад у тæригъæдтæ æппæтыл хæцæг, мах не ’ппæт дæр уыцы сау калмы уацартæ стæм.

Кæй æвзаг бафæраздзæн хæлæгдзинады лæзгъæртæ зæгъын, кæй зонд равзардзæн уый талынг фæндæгты, нæ Ирыстоны зæрдиаг уарзон цæстæнгас чи халы. Гæды дзырд нæ уыдзæн, ирон адæммæ хæлæгдзинад куынæ уаид, уæд фондзыссæдз хатты хуыздæр цæриккой. Фыццаг заманы æрвад æрвады фосмæ хæлæггæнгæйæ йе ’рвады марын кодта, æмæ йын-иу йæ бын байуæрстой. Ныр уырысы паддзахы руаджы уый нал ис, фæлæ æфсымæр æфсымæры нæ уарзы, фырт фыды коммæ нæ кæсы, ус йæ мойы дзырдæн аргъ нæ кæны. Хæлæгдзинад халы бирæ хорз цæрæг хæдзæртты.

Цæмæн афтæ здæхт сты хæлæгдзинады ’рдæм ирон адæм иннæ хорз адæмты хъауджыдæр? Æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ уый нæ зыд æмæ нæ магусадзинады аххос у, фыццаг райдианæй зыддзинад нæ туджы æмæ не стæджы ахъардта æмæ йын ратæрынæн ницыуал фæразæм, нæ зæрдæ не ’лгъæд кæны, нæ цæст не ’фсæды; дыккаг, иутæ хорз кусынц, архайынц алырдæм дæр æмæ хорз цæрынц, иннæтæ та бон-изæрмæ Ныхасы бадынц æмæ къæцæлтæ амайынц, кæрæдзийы фыдгой кæнынц æмæ, сæ хорз сыхаджы цард куы уынынц, уæд æм хæлæг кæнынц æмæ йын йæ хорз цард фехалыныл зилынц; ахæм хъуыддæгтæ бирæ æрцыд Ирыстоны. Кус ды дæр, магуса лæг, къæцæлтæ амайыны бæсты. Хуыцау загъта: «Кус æмæ схъæздыг уай».

Дыккаг нæм хæлæгдзинад тынгдæр уый тыххæй арæх кæны, æмæ ныронг дæр нæма бахъардта нæ зæрдæмæ чырыстон дины рухс æмæ уарзондзинад. Евангелийы хорз уацхъуыды ныхæстæ нæма фехæлдтой нæ зæрдæйы мидæг хæлæгдзинады ахстон. Тæригъæды бахауæг адæймаджы зæрдæ кæддæриддæр хæлæгдзинадырдæм зилы, фæлæ йæ мах хъуамæ уромæм чырыстон дины уарзон æгъдæуттæй.

Хæлæгдзинад низ у нæ буар æмæ нæ удæн; æмæ алы низæн дæр хицæн хос ис: хæлæгдзинад фесафыны хос сты Чырыстийы дзырдтæ Евангелийæ. Уымæ зæрдиагæй куы хъусай, алыбон дæр æй куы кæсай, йæ дзырдты уидæгтæ йын хорз куы æвзарай, уæд дæ зæрдæ сæлгъæд уыдзæн, срухс уыдзæн, ацы дуне дæм æрдуйы хуызæн нал фæкæсдзæн, æмæ ферох кæндзынæ хæлæгдзинад.

Йесо Чырысти, царддæттæг, уарзондзинады суадон, ахицæн кæн махæй хæлæгдзинад æмæ хæрамдзинад; нæ зæрдæ æмæ нын нæ уды чи судзы, уыцы хæлæгдзинады арт ахуыссын кæн æмæ уый бæсты нæ хуылфы æцæгдзинады æмæ уарзондзинады уд снæуæг кæн дæ сыгъдæг уды фæрцы, амин.

Гæдиаты Секъайы радзырдтæ | Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.