Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Бесплатная подготовка к егэ 2010 на Учёба.про. Единый экзамен встречаем дружно.

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыстæг ефесæгтæм. Сæр 5

Аудио (mp3, ~2 МБ)

1 Уæдæ, уарзон хъæбултау, фæзмут Хуыцауы,

2 Æмæ цæрут кæрæдзи уарзгæйæ, Чырысти мах куыд бауарзта æмæ нæ сæраппонд Хуыцауæн æхсызгон хæрздæф нывондæн Йæхи куыд æрхаста, афтæ.

3 Хæтынæн, цавæрфæнды чъизи мийæн æмæ кæрæфæн сымахмæ хъуамæ сæ кой дæр ма уа, сыгъдæджытæн куыд æмбæлы, афтæ.

4 Стæй уыл фыддзых, дзæгъæлдзырд æмæ æнæуаг хъазæн ныхæстæ дæр нæ фидауынц, уый бæсты арфæ кæнут Хуыцауæн.

5 Зындгонд уын хъуамæ уа: нæдæр хæтагæн, нæдæр чъизи адæймагæн, нæдæр кæрæфæн, — уымæн æмæ кæрæф мæнгхуыцауæн кувæг у, — Чырыстийы æмæ Хуыцауы Паддзахады хай нæ уыдзæн.

6 Дзæгъæлдзырдæй уæ мачи асайæд. Æппæт уыдæтты тыххæй Хуыцау Йæ азар ныккалдзæн, басæттын чи нæ комы, уыдоныл.

7 Уæдæ уын уыдонимæ иумæйагæй мацы уæд.

Рухсы хъæбултæ

8 Сымах кæддæр талынджы уыдыстут, ныр та рухсы стут Хицауимæ. Уæдæ цæрут рухсы хъæбулты цардæй,

9 Уымæн æмæ рухс кæм ис, уым сты алы хорздзинад, рæстад æмæ æцæгад.

10 Архайут, Хуыцауæн фæндон цы у, уый базоныныл,

11 Æмæ уын талынджы хъæбулты æнæпайда хъуыддæгтимæ иумæйагæй мацы уæд, фæлæ сын сæ хурмæ хæссут.

12 Уымæн æмæ уыдон сусæгæй цы кæнынц, уыдæттæн суанг сæ кой дæр худинаг у.

13 Рухсмæ цыдæриддæр рахастæуы, уый раргом вæййы, æмæ цы раргом уа, уый та рухс фесты.

14 Уый тыххæй у загъд: «Райхъал у, фынæй, рабад мæрдтæй, æмæ дæ Чырысти ныррухс кæндзæн».

15 Уæдæ кæсут уæ цардмæ; уæхи дарут æнæзæндтау нæ, фæлæ зондджынтау.

16 Пайда кæнут алы фадатæй дæр, уымæн æмæ рæстæг æвзæр у.

17 Æнæмбаргæ ма ут, фæлæ базонут, Хицауæн фæндон цы у, уый.

18 Фыднозт ма кæнут сæн, уымæн æмæ уый расайы хæлд митæ. Фæлтау хайджын кæнут Сыгъдæг Удæй.

19 Куы æрæмбырд вæййут, уæд зарут псаломтæ, гимнтæ æмæ удварны зарджытæ; зæрдиагæй заргæйæ стаут Хицауы.

20 Иудадзыг æмæ алцæй тыххæй дæр нæ Хицау Йесо Чырыстийы номæй бузныг ут Фыд-Хуыцауæй.

21 Чырыстийы тас уæм кæй ис, уымæ гæсгæ кæрæдзийæн ут коммæгæс.

Чырыстон бинонтæ

22 Сылгоймæгтæ, цыма Хицауы коммæ кæсут, афтæ уæ лæгтæн ут коммæгæс.

23 Уымæн æмæ нæлгоймаг сылгоймаджы хицау у, Чырысти Аргъуаны хицау куыд у, афтæ. Чырысти у Йæ буары, Аргъуаны, Ирвæзынгæнæг дæр.

24 Фæлæ Аргъуан Чырыстийæн куыд коммæгæс у, афтæ сылгоймæгтæ дæр кæддæриддæр хъуамæ кæсой сæ лæгты коммæ.

25 Лæгтæ, уарзут уæ устыты, Чырысти Аргъуан куыд бауарзта, афтæ — йæ сæраппонд Йæхи æрхаста нывондæн,

26 Цæмæй йæ цæхса дон æмæ ныхасæй, æмæ йæ афтæмæй снывонд кæна Хуыцауæн,

27 Æрлæууын æй кæна Йæ разы намысджын Аргъуанæй, æнæ сау стъæлфæй, æнæ къæмæй, æнæ æндæр исты аиппæй, сыгъдæг æмæ æнæфау куыд уа, афтæ.

28 Лæггæ сæхи буар куыд уарзынц, афтæ хъуамæ уарзой сæ устыты. Йæ усы чи уарзы, уый йæхи уарзы.

29 Йæ буар æнæуынон никуы никæмæн уыди, фæлæ йæ алчидæр æфсады æмæ йыл мæт кæны. Афтæ Чырыстийæн дæр Йæ мæт Аргъуаныл у,

30 Уымæн æмæ мах Йæ Буары уæнгтæ стæм.

31 «Уымæ гæсгæ адæймаг ныууадздзæн йæ фыд æмæ йæ мады, баиу уыдзæн йæ усимæ, æмæ дыууæ уыдзысты иу буар».

32 Уыцы ныхæсты стыр сусæгдзинад æвæрд ис, æмæ æз зæгъын: уый хауы Чырысти æмæ Аргъуанмæ.

33 Уыимæ хауы сымахмæ дæр: алчвдæр йæхи куыд уарзы, афтæ уарзæд йæ усы, ус та стъæлфæд йæ лæгæй.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.