Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыстæг дзуттæгтæм. 6-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

1 Уæдæ ныууадзæм Чырыстийы ахуырады абетæ æмæ не ’ргом аздахæм, хъомылæн цы æмбæлы, уымæ. Ма бавналæм ногæй бындур æвæрынмæ — мауал ахуыр кæнæм мæлæтхæссæг хъуыддæгтыл æрфæсмон кæныныл æмæ Хуыцауыл æууæндыныл,

2 Алыхуызон аргъуыдтыл, къухтæ æрæвæрыныл, мæрдты райгасыл æмæ мыггагмæйы тæрхон рахæссыныл.

3 Нæ фæлæ Хуыцау фадат куы ратта, уæд нæ къухы бафтдзæни дарддæр ацæуын.

4 Уымæн æмæ иу хатт рухс кæй зæрдæйы ссыгъдæуыд, уæларвон хорзæхы ад чи базыдта æмæ Сыгъдæг Удæй чи схайджын,

5 Хуыцауы ныхас куыд арфæйаг у, уый чи базыдта, фидæны дунейы цы тых æвдыст æрцæудзæн, уый чи банкъардта,

6 Æмæ уый фæстæ уырнындзинад чи ныууагъта, уыдонæн дыккаг хатт фæсмонмæ æркæнæн нал ис, уымæн æмæ Хуыцауы Фырты ногæй сæ зæрдæты байтындзынц дзуарыл æмæ Йæ æгад кæнынц.

7 Бирæ къæвдатæй æфсæст æмæ йæм чи зилы, уыдонæн цардыхосы зайæгхал дæттæг зæхх арфæгонд вæййы Хуыцауæй;

8 Сындз æмæ пыхсы бын чи фæвæййы, уыцы зæхх та ницæмæн бæззы æмæ у æлгъыстæввонг, æппынфæстаг арты амæддаг бауыдзæн.

9 Æниу, кæд дзургæ афтæ кæнæм, мæ уарзон хæлæрттæ, уæддæр æууæндæм, сымах хуыздæр уавæры кæй стут æмæ ирвæзындзинады фæндагыл кæй цæут, ууыл.

10 Уымæн æмæ Хуыцау раст у, æмæ Дзы нæ ферох уыдзæн, сыгъдæджытæн цы лæггад бакодтат æмæ кæнут, уымæй Йæ кадæн цы фæллой æмæ уарзондзинад равдыстат, уый.

11 Мах бæллæм, цæмæй уæ алчидæр кæронмæ баззайа ахæм æнувыдæй æмæ æххæстæй райса, йæ зæрдæ цæуыл дары, уый.

12 Ма сут зивæггæнаг, фæлæ фæзмут, Хуыцау зæрдæ цæмæй бавæры, уый уырнындзинады æмæ фæразоны фæрцы чи райсы, уыдоны.

Хуыцау зæрдæ бавæрдта

13 Хуыцау Авраамæн зæрдæ куы æвæрдта, уæд ын Йæхицæй сомы кодта, уымæн æмæ Йæхицæй уæлдæр кæмæй расомы кодтаид, ахæм нæ уыди.

14 Хуыцау загъта: «Æцæгæй дæ Мæ арфæты бын фæкæндзынæн æмæ дын ратдзынæн тынг бирæ цот».

15 Æмæ фæразонæй бирæ фенхъæлмæ кæсыны фæстæ Авраам райста, Хуыцау ын зæрдæ цæмæй бавæрдта, уый.

16 Адæм сомы кæнынц сæхицæй уæлдæрæй, æмæ сæ ныхас раст кæй у, уымæн æвдисæн вæййы сæ уыцы сомы, æмæ уæд алы быцæуæн дæр æрцæуы кæрон.

17 Афтæ Хуыцаудæр Йæ зæрдæвæрд сфидар кодта сомыйæ; зæрдæ сын цæмæй бавæрдта, уый чи хъуамæ райстаид, уыдонæн Йæ сомыйæ бæлвырд равдыста, Йæ фæндон кæй никуы аивдзæн, уый.

18 Хуыцауы зæрдæвæрд æмæ сомыйæн ивæн нæй, æмæ дзы Хуыцауы бон мæнг зæгъын нæу. Йæ уыцы дыууæ хъуыддаджы махæн дæттынц стыр ныфс, æмæ мах, Хуыцауы дæлбазыр æмбæхсæн ссарджытæ, фидар хæцæм, зæрдæ нын цæмæй бавæрдта, ууыл.

19 Уыцы зæрдæдарæн махæн у науæнгуырау æдас æмæ фидар, æмæ кæны фæсæмбæрзæнмæ — Иууылсыгъдæг Бынатмæ,

20 Мелхиседекы хуызæн Алчер мыггагмæ Чи сси, уыцы Йесо нæ сæраппонд фæндагамонæгæй кæдæм бацыди, уырдæм.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.