Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыстæг дзуттæгтæм. 2-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Де ’ргом аздах фарны уацмæ

1 Уæдæ цы фехъуыстам, уымæ хъуамæ здахæм уæлдай æргом, цæмæй ма фæдзæгъæл уæм.

2 Зæдты фæрцы загъд цы ныхас æрцыд, уымæн æнæххæстгæнгæ куы нæ уыд, æмæ-иу Æгъдау фехалыны æмæ коммæ нæ бакæсыны тыххæй адæймаг алкæддæр аккаг æфхæрд куы баййæфта,

3 Уæд мах куыд баззайдзыстæм æнæфхæрдæй, уыцы стыр ирвæзындзинадыл æнувыд куы нæ уæм, уæд? Ацы ирвæзындзинады тыххæй фыццаг дзырдта Хицау, æмæ йыл мах фидарæй баууæндын кодтой, Уымæй йæ чи фехъуыста, уыдон.

4 Уыцы уац æцæг кæй у, уый Хуыцау Йæхæдæг равдыста æвдисæйнæгтæй, диссæгтæй, алыхуызон домбай хъуыддæгтæй, Сыгъдæг Уд цы курдиæттæ дæтты, уыдонæй Йæхи фæндонмæ гæсгæ бахай кæнынæй.


Ирвæзынгæнæг Чырысти у

5 Цы фидæны дун-дунейы кой кæнæм, уый Хуыцау зæдты дæлбар нæ бакодта.

6 Афтæ кæй у, уый тыххæй чидæр Сыгъдæг Фысты загъта: «Цы у адæймаг, æмæ йыл Ды тыхсай? Кæнæ цы у адæймаджы фырт, æмæ йыл Ды мæт кæнай?

7 Цыбыр æмгъуыдмæ йæ сæвæрдтай зæдтæй дæлдæр, радтай йын кад æмæ намыс. [Цы сфæлдыстай, уый йын бакодтай йæ бар.]

8 Æппæт дæр ын æрæвæрдтай йæ къæхты бын». Хуыцау ын æппæт дæр йæ дæлбар куы бакодта, уæд ын йæ дæлбар цы нæ бакодта, ахæмæй ницыуал ныууагъта. Ныртæккæ та нæма уынæм, æппæт дæр йæ дæлбар кæй у, уый.

9 Фæлæ махуынæм, цыбыр æмгъуыдмæ зæдтæй дæлдæр Кæй сæвæрдæуыд, уыцы Йесо Йæ мæлæты руаджы кæй схайджын кад æмæ намысæй. Уымæн æмæ хорзæхджын Хуыцауы бафæндыд, Йесо алкæй сæраппонд дæр мæлæт куыд бавзара.

10 Æппæт дæр Кæмæн у æмæ æппæт дæр Кæй фæрцы фæзынд, уыцы Хуыцауы бафæндыд Йæ бирæ хъæбулты намысмæ æрхонын. Æмæ уый тыххæй хъизæмæртты фæрцы Йесойы уыдонæн скодта алцæмæй дæр æххæст Ирвæзынгæнæг.

11 Уымæн æмæ Сыгъдæггæнæг дæр, стæй чи ссыгъдæг, уыдон иууылдæр иунæг Хуыцауæй сты. Уымæ гæсгæ сæ Йе ’фсымæртæ хонын Чырысти æфсæрмыйагыл нæ нымайы æмæ зæгъы:

12 «Дæ ном фехъусын кæндзынæн Ме ’фсымæртæн, се ’мбырды æппæлдзынæн Дæуæй».

13 Æмæ ноджыдæр: «Æз Ыл дардзынæн Мæ зæрдæ». Æмæ ноджыдæр: «Мæнæ Æз Мæхæдæг æмæ Мын Хуыцау кæй радта, Мæ уыцы хъæбултæ».

14 Уæдæ хъæбултæ туг æмæ стæгæй кæй сты, уымæ гæсгæ Чырысти дæр сси уыдоны халдих, цæмæй Йæ мæлæты фæрцы мæлæты æлдары — хæйрæджы — æнæхай фæкæна йæ хъаруйæ,

15 Æмæ ссæрибар кæна, сæ цæргæбонты мæлæты тасæй цагъар чи уыд, уыдоны.

16 Кæй зæгъын æй хъæуы, Уый райста зæдты æрдзыхъæд нæ, фæлæ Авраамы байзæддаджы æрдзыхъæд.

17 Йесо алцæмæй дæр хъуамæ уыдаид Йе ’фсымæрты хуызæн, цæмæй Хуыцауы раз суа уарзæгой æмæ иузæрдион Алчер æмæ æрхæсса Хуыцауимæ фидауынгæнæг нывонд адæмы тæригъæдты тыххæй.

18 Æмæ Йæхæдæг фæлварæнтæ кæй бавзæрста, уымæ гæсгæ Йæ бон у, фæлварæнты чи бахауы, уыдонæн баххуыс кæнын.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.