Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 90. Плутон

Уранау, Нептунæн дæр йе ’цæг орбитæ зын ссарæн уыд. Планетæ нæ цыди, теоретикон амалæй йын цы орбитæ ссардтой, ууыл, фæлæ дзедзро кодта уыцы орбитæйы алыварс. Хъуыддаг та фæци, Нептуны æддейы æнхъæл кæмæн уыдысты, ахæм планетæйы аххос.

Уыцы æнæзонгæ планетæйы орбитæ рахынцын æмæ, планетæ йæхæдæг цы ран ис, уый базоныныл куыстой бирæ астрономтæ. Уæлдай зæрдиагæй йыл бакуыста Ловелл. 1915 азы Ловелл рахынцыдта æнæзонгæ планетæйы орбитæ æмæ бацамыдта, арвыл æй цы ран хъæуы агурын, уый дæр. Фæлæ йын йæ фæндон сæххæст кæнын нæ бантыст. Иу азы фæстæ Ловелл амард. 1929 азы Ловеллы обсерваторийы сæвæрдтой стыр телескоп æмæ уый фæрцы истой арвы зæрдæхсайгæ бынæтты фотографион нывтæ. 1930-æм азы февралы райдайæны æвзонг ахуыргонд Томбаф, уыцы нывтæ æрæмных кæнгæйæ, бафиппайдта, цавæрдæр æрвон буар йæ бынат кæй аивта иртасинаг облæсты. Уый уыдис, Ловелл æнæзонгæ планетæйы цы ран амыдта, уымæй 3° æддæдæр. Уæдæй фæстæмæ уыцы æнæзонгæ æрвон буармæ сæ цæст дардтой Ловеллы обсерваторийы кусджытæ æмæ, планетæ у, уый куы базыдтой, уæд æй 12 мартъийы телеграфæй дунейæн фехъусын кодтой.

Ног планетæйы ссарды хабар дунейыл куы айхъуыст, уæд рабæрæг ис, уыцы планетæ ма уый размæ дæр фотографи конд кæй æрцыдис æндæр обсерваториты. Уыцы обсерваторитæй зонæнтæ æрæмбырд кæнгæйæ, астрономтæн фадат фæци ног планетæйы орбитæ рахынцынæн. Ног ссаргæ планетæйыл дæр та сæвæрдтой мифологон ном—Плутон. Ромаг мифологийы Плутон уыди Юпитеры æфсымæр.

Дун-дуне куы байуæрстой, уæд дзы Плутоны зындоны йеддæмæ ницы фæци æмæ уымæ гæсгæ уый нымад уыди дæлзæххы хуыцауыл.

Хурæй Плутоны онг рæстæмбис нымадæй ис 5915 млн. км. Хуры алыварс иу зылд æркæнынæн Плутоны бахъæуы 248 азы. Афтæ даргъ у Плутоны афæдз. Цыфæнды тыхджын телескопы дæр Плутон зыны æрмæст къаннæг стъæлфы хуызæн. Уымæ гæсгæ бирæ азты дæргъы Плутоны фæдыл нæ зонындзинæдтæ лæмæгъ уыдысты. Фæлæ фæстаг рæстæджы хъуыддæгтæ фæрæвдздæр сты. Куыд бæрæг кæны, афтæмæй Плутоны массæ Зæххы массæйæ 500 хатты къаддæр у. Йæ радиус æввахс нымадæй æййафы 1500 км. Хуры системæйы, астероидтæй фæстæмæ, Плутонæй къаннæгдæр æвæццæгæн планетæ нæй.

1978 азы америкаг астроном Дж. Кристи ссардта Плутонæн иу æмбæлццон. Схуыдтой йæ Харон. Йæ радиус хъуамæ уа 650 км. Йæ массæ Плутоны массæйæ 12 хатты къаддæр у. Уыди ахæм гипотезæ, зæгъгæ, дам, Плутон раздæр уыди Нептуны æмбæлццон, фæлæ йæ Нептун æмæ Тритон сæ иумæйаг знæтгæнæн тыхтæй раддæмæ кодтой æмæ æмбæлццоны бæсты хæдбар планетæ сси.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.