Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 89. Нептун

Ураны фыццаг хатт куы ссардтой æмæ йын цалдæр фенды фæстæ йæ орбитæ куы базыдтой, уæдæй фæстæмæ арвыл йе ссарын хъуамæ зын мауал уыдаид. Фæлæ хъуыддаг афтæ хуымæтæг нæ разынд. Уран æдзухдæр дзедзро кодта йæ орбитæйыл æмæ йын æнхъæл кæм нæ уыдысты, ахæм ран-иу февзæрд. Хъуыддагмæ та ногæй æркастысты, бахыгътой, Юпитер æмæ йын Сатурн йæ фæндаг цас хъуамæ халой, уый дæр æмæ та-йу дырысдæрæй рахынцыдтой Ураны орбитæ. Фæлæ уымæй дæр ницы рауади, планетæ-иу фыццагау ахызт йæ раст фæндагæй æмæ та-иу разынди, «кæм ын не’мбæлд», ахæм ран.

Уæд ахуыргæндтæм æрцыди ахæм хъуыды, зæгъгæ, æвæццæгæн Ураны æддейы ис цавæрдæр æнæзонгæ планетæ, кæцы Ураны йæхимæ ’лвасы æмæ йын «змæнты» йæ фæндаг. Базонын хъуыди, уыцы планетæйы массæ æмæ арвыл цы ран ис, уый. Ахæм зын хынцинаг саразын сфæнд кодта францаг астроном У. Леверье (1811 — 1877). Уый уыдис 1845 азы. Иу азы фæстæ Леверье йæ куыст сæххæст кодта æнтыстджынæй æмæ 1846 азы 31 августы йæ куыстытæй цы рауади, уыдон Францы академийæн фехъусын кодта. Сентябры райдайæны ныффыста писмо Берлины обсерваторийы кусæг И. Галлемæ (1812—1910). Леверье куырдта, цæмæй Галле скастаид Донуадзæджы стъалыбардзмæ æмæ дзы бацагуырдтаид ног планетæйы. Галле писмо цы бон райста, тæккæ уыцы изæр скасти Донуадзæджы стъалыбардзмæ æмæ йын Леверье кæдæм амыдта, уыцы бынатмæ хæрз æввахс федта иу лæмæгъ стъалы. Уый уыди ног планетæ. Ацы планетæйыл дæр сæвæрдтой ном — Нептун, афтæ хуынди ромаг мифологийы Юпитеры æфсымæр, денджызты хуыцау. Леверьейæ чысыл раздæр Нептуны орбитæ рахынцыдта англисаг ахуыргонд Д. Адамс (1819—1892) дæр, фæлæ йæ куыстытæ Гринвичы обсерваторимæ куы арвыста, уæд сæм йæ хъус ничи æрдардта, ног планетæ бацагурын никæй бафæндыд. Æрмæст Леверьейы куыстытæ Англисмæ куы фехъуыстысты, уæд ма æркастысты Адамсы куыстытæм дæр, фæлæ æгæр ферæджы — ног планетæйы ссарæджы кады ном баззади Леверьейыл.

Хурæй Нептуны онг ис 4500 млн. км. Хуры алыварс иу зылд æркæнынæн Нептуны бахъæуы 164 азы æмæ 280 боны. Куы йæ ссардтой, уæдæй фæстæмæ уый йæ орбитæйыл иу хатт дæр нæма æрзылди. Нептуны зынгæ змæлд афтæ сабыр у, æмæ афæдзæй-афæдзмæ æрмæст хæрз чысыл аивы йæ бынат æнæзмæлгæ стъалыты ’хсæн. Зæхх æй уайтагъд аййафы æмæ алы 367 боны фæстæ йемæ оппозицийы бацæуы.

Нептуны диаметр Зæххы диаметрæй 4,15 хатты даргъдæр у. Зæххы йас къоритæ Нептунæй рацæуид 72. Иннæ стыр планетæтау, уый дæр конд у рог буаргъæдæй. Йæ атмосферæ конд у метан хæццæ донгуырæй. Уымæ гæсгæ йæ массæ Зæххы массæйæ фылдæр у æрмæст 15 хатты. Уæзы тых Зæххы цъарыл цæйас у, уыйас у Нептуныл дæр. Йæ сæмæны алыварс æрзилынæн Нептун бахъæуы 16 сахаты æмæ 48 минуты. Нептунæн ис дыууæ æмбæлццоны.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.