Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 85. Диссаджы балц

Æвæдза, бирæ фæстиат кæнæм ацы чысыл планетæтыл, афтæмæй та нын нырма бирæ æрвон дунетæ ис фенинаг. Фæлæ уæддæр ма батагъд кæнæм чысыл планетæты ныууадзыныл. Бирæ хъуыддæгтæй уыдон стыр планетæтæй диссагдæр сты. Астероидтыл цы физикон уавæртæ ис, уыдонмæ æркæсгæйæ, мах зондзыстæм, фидæны космосон бæлццæтты раз цы зындзинæдтæ лæудзæни, уыдон. Ноджыдæр ма иу хатт фендзыстæм, æрвон дунетыл æмхуызон физикон уавæртæ кæй нæй, уый.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ ракетæйы скъæрын æмæ раздах-баздахæн æдзухдæр артаг кæй хъæуы. Уымæ гæсгæ, Хуры системæйы хуылфы дыууæрдæм тæхынæн ракетæ тынг пайда нæ уыдзæн. Хуыздæр уаид, искæцы астероидыл абадын æмæ уыимæ иу цалдæр хатты Хуры алыварс æрзилын. Астрономтæ куыд бæлвырд кæнынц, афтæмæй гæнæн ис, æмæ нæм фидæны Гермес æрбаввахс уа, Мæй цы ран ис, уый онг. Афтæ куы ’рцæуа, уæд ракетæйыл артаг ласыны æмæ судзыны бæсты.пайда дæр уаид, Гермес Зæххы цурты куы фæцæйтæха, уæд ууыл абадын æмæ уыимæ планетæты ’хсæн æрзилын.

Гермесæй телескопы кæсгæйæ, нæ Зæхх зынид алыхуызон хуызты, фæлæ йын глобусы цы хуыз ис, уыцы хуызы йæ никуы фениккам. Зæххы къорийæн йæ уæлцъары егъау хæйттæ арæх уаиккой урс æврæгъты бын. Гермесæй кæсгæйæ, Зæххы къори æрттивид, Мæй махмæ куыд æрттивы, уымæй фынддæс хатты тынгдæр. Зæххы полюстæ æдзухдæр зыниккой урс нымæтхуды хуызæн, мæнæ махмæ Марсы полярон худгæндтæ куыд фæзынынц, афтæ.

Гермесы уæлцъарыл уæзы тых 10 мин хатты къаддæр у, Зæххы уæлцъарыл цæйас у, уымæй. Ам йæ уæз 80 кГ кæмæн у, уыцы адæймаг Гермесыл æрласид хъандзалон барæныл æрмæст 8 г.

Зæххыл 100 тоннæйы уæз чи кæны, ахæм дур адæймаг Гермесыл ахæсдзæни, ам 10 кГ куыд æнцонæй ахæсса, афтæ. Гермесыл адæймаг йæхи æнкъарид хæрз рог æмæ цæуынæй æппындæр нæ фæллаид. Йæ санчъехтæ дæр амау цыбыр нæ уаиккой, уый кæнид гигантон санчъехтæ. Фæлæ истæуыл цин кæнгæйæ, дæ фыдгул тæлтæг митыл схæцæд. Куыддæр уæ къах дурыл скъуырат æмæ уæлæмæ фæгæпп кæнат, афтæ планетæйæ фæхицæн уыдзыстут. Былæй ахаугæйæ дæр адæймаг амау нæ ныммур уыдзæн, уымæн æмæ уым буæрттæ хауынц хæрз сындæг. Иу метры бæрзæндæй рагæпп кæнгæйæ, адæймаг æрхаудзæн зæхмæ 42 секунды фæстæ. Æвæдза аргъау æмæ фын дæр диссаг нал сты нæ рæстæджы. Къостайы æрра фыййау мигъы къуымбилтыл баулæфыны æнхъæл хохы цъуппæй рагæпп кодта æмæ ныххæррæгъ ис. Гермесыл ахæм гæппæй адæймагæн æппындæр ницы уаид. Хаттæй-хатт мах фыны фæцæйтæхæм æнæ истæуыл хæцгæйæ æмæ нын уый тынг æхсызгон вæййы, фæлæ куы райхъал вæййæм, уæд нæ зæрдæ бауазал вæййы, нæ фын мæнг кæй разынди, уый тыххæй. Гермесмæ бафтгæйæ, адæймагæн уыцы бæллиц дæр сæххæст уаид: планетæйы къæйтæй арæхстгай размæ хи асхойгæйæ, адæймаг атæхид планетæйы сæрты цалдæр сæдæ метры. Фæлæ æнарæхст æмæ æгæр схуыстæй адæймаг фæхицæн уыдзæн планетæйæ æмæ ма йæ ракетæ дæр уым баззайдзæн. Дæлгоммæ хуысгæйæ, куы ныхснырсат æмæ æвиппайды куы ницæуыл фæхæцат, уæд бумбулиау цалдæр метры хæрдмæ фæхаудзыстут. Авгæй дон баназынмæ куы хъават, уæд уын уый дæр нæ бантысдзæн, уымæн æмæ уæзы тых афтæ лæмæгъ кæм у, уым дон амау тагъд нæ тæдзы. Авгæй цы дон ратæдза, уый дæр тырндзæн тымбылæджы формæ райсынмæ. Ахæм доны тымбылæгмæ уæ былтæй куы фæцагайат, баназон дзы, зæгъгæ, уæд раздæр уæ былтыл андæдздзæн, стæй уæ цæсгом æмæ уæ буарыл ныппырх уыдзæн æмæ уын тæнæг цъарæй уæ буар бамбæрздзæн.

Дон баназыныл афтæ фыдæбон кæнгæйæ, чи зоны, сымах смæсты уат, фæлæ-иу уæддæр уæ авг зæххыл ма ныццæвут, кæннод уæлæмæ фæхаудзыстут æмæ Гермесæй фæхицæн уыдзыстут.

Гермесыл нæй хæринаг сфыцæн дæр, уымæн æмæ дзы дон фыцы 0° уавæрты. Ахæм дон та нуазынмæ дæр æгæр уазал у. Ацы хъуыддаг нæм тынг диссаг хъуамæ ма фæкæса, уымæн æмæ ам дæр бæрзонд хохы цъуппыл æхсидгæ доны æйчытæ сфыцæн нæй. Бæрзонд хæхтыл дон кæд фыцгæ ракæны, уæддæр йæ тæвд

ныллæг вæййы.

Гермесмæ бафтгæйæ, дзедзроджын сахатæй спайда кæнæн дæр нæ уыдзæн гæнæн, уымæн æмæ уый цæудзæн хæрз сындæг. Уым раст цы сахат .куса, уымæн йæ дзедзройы дæргъ миллиметрæй бирæ цыбырдæр хъуамæ уа. Ацы фыд фадæттæй уæлдай ма Гермесыл адæймаг бавзарид æндæр зындзинæдтæ дæр. Хуры алыварс зилгæйæ, Гермес перигелийы тынг стæвд вæййы хуры тынтæй, афелийы та дзы вæййы зындоны уазал. Ахæм чысыл планетæйыл тынг тас уыдзæн æрвон дуртæй дæр. Атмосферæйæ цух уæвгæйæ, Гермесæн ультрафиолетон æмæ космосон тынтæ æмбæлынц коммæ йæ уæлцъарыл, æмæ уыдон архайдæй уым адæймаг уайтагъд амæлдзæн.

Афтæмæй фидæны адæймагæн ракетæйы фæрцы Гермесыл æрбадын куы бантыса, уæддæр дзы бирæ баззайын йæ бон нæ бауыдзæн. Гермесыл адæймаг физикон æгъдауæй тыхджын уыдзæни; цыфæнды æдых адæймаг дæр дзы йемæ æнцонæй ахæсдзæн, 20—30 тоннæйы уæз чи кæны, ахæм уаргъ. Ахæм уæззау уаргъ фæразгæйæ, адæймаг айсдзæн йемæ хæринаг æмæ туаггуыр дæр. Ультрафиолетон æмæ космосон тынты архайдæй адæймаг йæхи бахизид алыхуызон згъæр дзауматæй, фæлæ куыд æмæ цы ’гъдауæй, уый нырма зын зæгъæн у.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.