Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 66. Мæйыл нæй дон æмæ уæлдæф

Мæйногæй 4—5 боны фæстæ Мæй фæзыны фæтæн æхсырфы хуызæн. Уыцы рæстæджы Мæймæ лæмбынæгæй нæ цæст куы дарæм, уæд дзы æрттиваг цы хай у, уымæй дарддæр ма фендзыстæм Мæйæн йæ талынг хай дæр. Уый зындзæн фæлурс хуызæй, мæнæ æртхутæг куыд зыны, афтæ. Уыцы талынг хай хъуамæ æппындæр ма зынид, уымæн æмæ йæм Хур никуыцæй кæсы, Мæй йæхæдæг та рухс нæ кæны.

Уæдæ-иу цæмæн хатæм Мæйы талынг фарс? Буарыл рухсы тынтæ куы сæмбæлынц, уæд сын сæ иу хай баныхъуыры, иннæты та аздахы фæстæмæ. Ахæм миниуæг ис Мæй æмæ Зæхмæ дæр, Мæйыл цы рухсы тынтæ æмбæлы, уыдон се ’ппæт нæ баныхъуыры, кæд талынг буаргъæдæй конд у, уæддæр. Хуры тынтæн сæ иу хай Мæй æппары фæстæмæ æмæ йæ уыцы фæстæмæ ’ппæрст рухсы фæрцы уынæм мах. Раст афтæ æппары фæстæмæ хуры тынты Зæххы къори дæр. Уыцы фæстæмæ ’ппæрст тынтæ хæлиу кæнынц арвы тыгъдады æмæ афтæмæй Зæхх зыны æрвон дунетæм. Фæлæ Мæй æмæ Зæххы ’хсæн ацы хъуыддаджы дæр стыр хицæндзинад ис. Мæй фæстæмæ æппары, Хурæй йыл цы рухсы тынтæ æмбæлы, уыдонæн сæ 7%, иннæты баныхъуыры. Зæххы къори фæстæмæ ’ппары Хуры рухсæн йæ 46%. Уый уымæн афтæ у, æмæ Зæххы къорийæн йæ алыварс ис атмосферæйы бæзджын цъар, атмосферæ та рухс фæстæмæ тынгдæр æппары сау мæрæй. Æнæуи дæр Зæххы къорийæн йæ фылдæр хай æмбæрзт у дон æмæ митæй, дон та рухс фæстæмæ æппарынмæ айдæнæй уæлдай нæу.

Зæххы фæстæмæппæрст рухс куыд дарддæр лæмæгъæй-лæмæгъдæр кæны. Уыцы лæмæгъ рухс Мæйæн срухс кæны йæ талынг фарс. Ахæм дыдзы рухсæй Мæйы талынг фарс зыны, мæнæ арты зынджытыл æртхутæг куыд æрбада, афтæ, æмæ йæ уымæ гæсгæ хонынц æртхутæг рухс.

Æртхутæг рухс æмæ Мæйæн йе’рттиваг хай сты кæрæдзийæ цæхгæр дихгонд, цыма сын се’хсæн исчи хахх акодта, уыйау. Уыцы хахх хонынц терминатор. Мæйыл уæлдæф куы уаид, уæд уый пырх кæнид хуры тынты æмæ-иу Мæйы талынг хай æрттиваг хайæ афтæ цæхгæр нæ хицæн кæнид.

Мæйыл атмосферæ кæй нæй, уымæн бафиппайæн ис стъалыты бамбæрзыны рæстæджы дæр. Стъалы Мæйы зылдмæ куы ’рбацæйæввахс кæны, уæд-иу раздæр хъуамæ аныгъуылид Мæйы атмосферæйы æмæ йæ рухс фæлæмæгъдæр уаид. Æцæгæй та стъалытæ цалынмæ æнæхъæнæй Мæйы аууон нæ фæвæййынц, уæдмæ сæ рухс æппындæр нæ фæлæмæгъ вæййы. Афтæ вæййы, стъалы Мæйы «чъылдымæй» куы разыны, уæд дæр.

Мæйыл атмосферæ куы уаид, уæд, фæстæмæ цы рухс æппары, уый иу чысыл уæддæр хъуамæ хицæн кæнид, Хурæй нæм комкоммæ цы рухс цæуы, уымæй. Спектрты теори куыд домы, афтæмæй Мæйæ цы рухс исæм, уым иуæй-иу спектрон хæххытæ уæрæхдæр хъуамæ уаиккой. Æцæгæй та Хуры спектр Мæйы спектрæй æппындæр ницæмæй хицæн кæны.

Мæйыл атмосферæ кæй нæй, уымæй бæрæг у, дон дæр дзы кæй нæй, уый. 14 боны Мæй Хуры ’рдæм фæдары йæ иу фарс, 14 боны та йæ иннæ фарс. Хуры тынтæ цы фарсмæ кæсынц, уый афтæ стæвд вæййы, æмæ дзы дон куы уаид, уæд уайтагъд тæф фестид æмæ дзы Мæйы алфæмблай сырæзид атмосферæ, фæлæ дзы уый дæр нæй.

Цы фæцис Мæйы атмосферæ? Мæй фыццаг куы равзæрди, уæд ыл атмосферæ хъуамæ уыдаид, фæлæ йæ бавæрын нæ бафæрæзта. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ атмосферæйы чысыл хæйттæ (молекулæтæ) змæлынц тынг тагъд. Молекулæты змæлыны тагъдад бæрæг асæй егъаудæр куы фæвæййы, уæд сæ æрвон буар йæ алфæмблай нал бауромы æмæ ныххæлиу вæййынц. Æрвон буары химæлвасынады тых цас егъаудæр уа, уыйас молекулæтæн зындæр у сæхи атонын. Зæххы химæлвасынады тыхыл фæуæлахиз уæвынæн атмосферæйы молекулæтæ хъуамæ тæхой секнд 11,2 км.

Уыйбæрц стыр тагъдад молекулæтæн зын райсæн у. Гъе уымæ гæсгæ Зæхх «фидар хæцы» йæ атмосферæйыл. Фæлæ уæддæр 57 §-ы куыд федтам, афтæмæй зæххы атмосферæ дæр цадæггай ихсийы.

Мæйыл хъуыддаг афтæ нæу. Мæйæн йæ массæ чысыл у. Химæлвасынады тых дзы æхсæз хатты къаддæр у, Зæххыл цæйас у, уымæй. Уымæ гæсгæ Мæйыл газы молекулæтæн сæхи ссæрибар кæнын æнцондæр у. Секунд 2,5 км тагъдад цы молекулæтæн уа, уыдон Мæй нал бауромдзæн æмæ арвы тыгъдады ныххæлиу уыдзысты. Мæйы рухс фарсыл тынг тæвд кæй вæййы, уымæ гæсгæ молекулæтæн секунд 2,5 км тагъдад райсын хæрз æнцон у. Афтæмæй, кæд искуы Мæйыл атмосферæ уыди, уæддæр дзы ныртæккæйы заманы уый бынтондæр цух у. Мæйыл атмосферæ кæй нæй, уымæ гæсгæ дзы адæймаг бирæ диссæгтæ фенид. Фыццаджыдæр Мæйыл арв уаид сау-сауид, стъалытæ зыниккой куыд æхсæв, афтæ бон дæр. Æнæуи дæр стъалытæ тыбар-тыбур нал кæниккой, фæлæ æрттивиккой сабыр æнæцудгæ рухсæй. Мæйыл никуы вæййы уарын, арвы нæрын дзы нæ фехъусдзынæ, нæ дзы вæййы дымгæ дæр, уымæн æмæ уыдон иууылдæр вæййынц атмосферæйы аххосæй. Дыууæ адæймаджы Мæйыл кæрæдзи ныхас нæ фехъусиккой, уымæн æмæ æнæуæлдæф ран ныхас нæ хъуысы.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.