Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 54. Зæхх цæуыл лæууы

Хæдзары мигæнæнтæ æмæ дзаумæттыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд фендзыстæм, уыдонæй алчидæр цæуылдæр кæй æнцой кæны. Куыддæр уыцы æнцойгæнæн фæиуырдæм уа, афтæ алы мигæнæн дæр ахаудзæн зæхмæ. Зæхмæ хауынц къæвдайы æртæхтæ дæр, уæлдæфы молекулæтæ æмæ алыхуызон рыджы муртæ дæр.

Дунеон химæлвасынады закъон куыд амоны афтæмæй, цыфæнды дыууæ буары дæр сæ кæрæдзийы сæхимæ æлвасынц. Зæххы къори адæймаджы йæхимæ æлвасы бæрæг тыхæй, фæлæ адæймаг дæр раст уыйас тыхæй йæхимæ ’лвасы Зæххы къорийы. Химæлвасынад у буæртты иумæйаг миниуæг, уый у буæрттæн се ’рдзыхъæд æмæ йын нæй скуынæг гæнæн, буаргъæдæн йæхицæн куыннæ ис скуынæг гæнæн, афтæ. Уæдæ кæд алцыппæт дæр Зæххыл æнцой кæны уæд Зæхх йæхæдæг дæр хъуамæ истæуыл æнцой кæнид.

Цæуыл æнцой кæны Зæхх? Ахæм фарста адæймаг йæ разы æрæвæрдта тынг раджы, фæлæ йын раст дзуапп раттын йæ бон нæ уыди. Ацы фарстайæн алы адæм дæр дзуапп лæвæрдтой сæхи ’рдыгонау. Уыцы дзуаппытæ сеппæт дæр ууыл дзурæг уыдысты, адæймаджы кæй уырныдта уæлæрдзон тых, алæмæт. Абон сымахæн исчи куы дзурид, зæгъгæ, Зæхх æнцой кæны цыппар пылы чъылдымтыл, уæд ыл сымах фæхудиккат æмæ ма йæ, чи зоны, æнæзондыл дæр банымаиккат. Фæлæ рагон индусаг адæмы уырныдта, цыма Зæхх у къусы хуызæн æмæ дæлгоммæ фæлдæхт у цыппар пылы чъылдымтыл. Пылтæ лæууынц уартхæфсы чъылдымыл. Уартхæфс, йе ’ккой цы стыр уаргъ ис, уыимæ ленк кæны денджызы. Денджыз йæхæдæг та цæуыл лæууы, уымæн ничи ницы дзуапп лæвæрдта.

Ахæм хъуыдытæ уыди адæммæ, Зæхх цæйас у æмæ йын цавæр формæ ис, уый куы нæма зыдтой, уæд.

Цы зæгъы нырыккон наукæ Зæххы «æнцойгæнæнты» тыххæй? Наукæ зæгъы, зæгъгæ, Зæххы къори æппындæр ницæуыл æнцой кæны. Уый бынтон сæрибарæй згъоры æрвон тыгъдады. Æмæ уæдæ кæд Зæхх ницæуыл лæууы, уæд цæуылнæ хауы?

Ахæм фарста раттынц æнахуыргонд адæм, Зæхх ницæуыл лæууы, зæгъгæ сын куы зæгъай, уæд. Ацы фарстайæн йæ ныхмæ сæвæрын хъæуы æндæр фарста: «Кæдæм ис Зæххы къорийæн ахауæн?». Фæдзурынц-иу: «бынмæ». Фæлæ ма æркæсæм, кæддæра нын цы амонынц дзырдтæ «бынмæ», «бынæй», «уæлейы». «Бынæй» мах хонæм, цыдæриддæр нæ къæхты бын ис, уый, «уæлейæ» та — нæ сæрмæ цы уынæм, уыдон. Мигæнæн куы фæцæйхауы, уæд мах фæзæгъæм: «бынмæ фæхауы». Буæрттæ «бынмæ» кæй хауынц, уымæ гæсгæ мах бафæрсæм, Зæхх йæхæдæг дæр «бынмæ» цæуылнæ хауы, зæгъгæ. Буæрттæ бынмæ уымæн хауынц, æмæ сыл архайы дунеон химæлвасынады тых. Уыцы тых арæзт у Зæххы къорийæн йæ центрмæ æмæ алы буары дæр скъæфы центрмæ. Дунеон химæлвасынады тых куы нæ уаид, уæд буæрттæн æппындæр уæз нæ уаид, «бынмæ» нæ хауиккой; адæймаг бумбулиау рог йæхи æнкъарид æмæ-иу, къуыбырæй чысыл йæхи фесхойгæйæ, арвы тыгъдадмæ атæхид æнæ базыртæй.

Мæй арвы æмбисы куы вæййы, уæд мах фæдзурæм, зæгъгæ, Мæй ис «уæлейы», горизонты бын куы фæвæййы, уæд та йæ хонæм «бынæй». Фæлæ уыцы рæстæджы Зæххы къорийæн йæ иннæ фарс мах комкоммæ чи цæры, уыдон Мæйы уынынц сæ сæрмæ æмæ йæ хонынц «уæлейæ». Афтæмæй мах «бынæй» кæй хонæм, уый уыдон та «уæлейы» хонынц.

Цъай арфæй-арфдæр къахын нæ бон куы уаид, уæд фæстагмæ тъунелы хуызæн Зæххы иннæ фарсæй акæсид. Ахæм тъунелæн йæ дыууæ был фæйнæ адæймаджы куы лæууой æмæ сæ иуы куы бафæрсай, «бынæй» чердыгæй ис, зæгъгæ, уæд йе ’нгуылдзæй ацамондзæн иннæйы ’рдæм. Фæлæ иннæйы куы бафæрсай, «бынæй» чердыгæй ис, зæгъгæ, уæд уый та йе ’нгуылдзæй фыццаджы ’рдæм бацамондзæн.

Зæххы къорийæн йæ иннæ фарс мах комкоммæ чи цæры, уыдонæн сæ къæхтæ сты махырдæм, сæ сæрмæ та уынынц стъалыты, мах сæ ку.ыд уынæм, афтæ. Нæ комкоммæ цы адæм цæры, уыдон дæр Зæхх æлвасы йæхимæ, йæ центрмæ æмæ хаугæ дæр кæнынц Зæххы центры ’рдæм. Уæдæ алы буар дæр хауы, тых ыл кæцырдæм архайы, уыцырдæм.

Цымæ уæдæ Зæххыл ницы тых архайы, ничердæм æй ивæзтæуы? Фæуадзæм уал ацы фарста æмæ дзуапп раттæм æндæр фарстайæн: гæнæн ис æви нæ, Зæххы химæлвасынады тыхæй фервæзынæн, ома нæ бон нæ бауыдзæн Зæххæй нæхи атонын æмæ æрвон дунетæм атæхын?

Ацы фарстайыл нæм ныхас уыди 2-аг параграфы. Уым мах. загътам, зæгъгæ, сармадзаны нæмыгæн йæ райдайæны тагъдад секундмæ 11,2 км куы уа, уæд уый Зæххы химæлвасынады тыхыл фæуæлахиз уыдзæн æмæ бынтондæр атæхдзæн дунейы тыгъдадмæ. Уæдæ цæмæй Зæххы уацайрæгтæ мауал уæм, фæлæ нын арвмæ атæхын бантыса, уый тыххæй хъæуы, секундмæ 11,2 км чи тæха, ахæм машинæ æрхъуыды кæнын.

Секундмæ 7,9 км тагъдадæй цы машинæ атæха, уый зилдух кæндзæн Зæххы алыварс, цалынмæ истæй аххосæй йæ тагъдад нæ фæкъаддæр уа, уæдмæ. Куыддæр йæ тагъдад фæкъаддæр уа, афтæ æввахсæй-æввахсдæр кæндзæн Зæхмæ æмæ та æппынфæстаг «бынмæ» æрхаудзæн.

Раздæхæм ныр, уæлдæр нæхимæ цы фарста радтам, уымæ. Мах загътам, зæгъгæ, Зæхх сæрибарæй згъоры æрврн тыгъдады, фæлæ уый бынтон раст нæу. Кæд Зæхх цæджындзтыл æнцойгæнæгау ницæуыл лæууы, кæд пылты чъылдымтыл дæр не ’нцой кæны, уæддæр æй цыдæр æнæуынгæ тыхтæ бæттынц Хуримæ. Йæ уæлæ уæвæг буæртты Зæхх йæхимæ куыд æлавсы æмæ сæ йæхицæн «уацайрæгтæ» куыд скодта, афтæ йын йæхи та Хур æлвасы æмæ йæ зилдух кæнын кæны йæ алыварс. Уæдæ кæд Хур Зæххы йæхимæ ’лвасы, уæд Хурыл цæуылнæ бахауы, мæнæ мах зæххыл куыд æрхауæм, афтæ? Цы йæ ирвæзын кæны уыцы бæллæхæй? Зæхх Хурыл уымæн нæ хауы, æмæ змæлгæ кæны. Йæ райдайæны тагъдад секунд 7,9 км кæмæн уа, уыцы нæмыг фæстæмæ куыд нæ уал æрыздæхдзæн, фæлæ Зæххы алыварс куыд зилдзæн, афтæ Зæхх дæр зилдух кæны Хуры алыварс.

Зæхх змæлгæ куы нæ кæнид, фæлæ æнцад куы лæууид, уæд æй Хур йæхи ’рдæм аскъæфид æмæ кæрæдзиуыл сæмбæликкой. Зæххы къори йæ орбитæйыл гъенырау секундмæ 30 км нæ, фæлæ 42 км куы згъорид, уæд аскъуынид, Хур æй йæхимæ цы «æнæуынгæ рæхыстæй» бæтты, уыдон, æмæ æрвон тыгъдады афардæг уаид, мæнæ секунд 11,2 км тагъдад цы сармадзаны нæмыг райса, уый Зæххы къорийæ куыд суæгъд уаид, афтæ.

Чи зоны, сымах бафæрсат, зæгъгæ, ам дыууæ хатты цы æнæуынгæ рæхысты кой скодтам, уыдон цавæр «рæхыстæ» сты? Уыдон сты химæлвасынады тыхтæ, уыдонæн нæй фенæн, мæнæ Зæхх адæймаджы йæхимæ цы тыхтæй ’лвасы, уыдонæн куыннæ ис фенæн, афтæ. Афтæмæй Зæххы къорийæн ахауæн ис Хуры ’рдæм, уымæн æмæ йæ Хурæй тынгдæр йæхимæ ницы ’лвасы. Æмæ Зæхх æцæгдæр хауы Хуры ’рдæм. Алы секунд дæр Зæхх Хуры ’рдæм ахауы 3 мм. Фæлæ афтæ ма банхъæлут, цыма алы секунд Хурмæ 3 мм феввахсдæр вæййæм. Уый афтæ куы уаид, уæд афонмæ Хурыл ахаудаиккам, уымæн æмæ Зæххыл цæуы иу цалдæр миллиард азы.

Сармадзаны хæтæл горизонтмæ параллелон куы уа, афтæмæй дзы куы фехсæм, уæд нæмыг атæхдзæн æмраст æмæ, инерцийы закъон куыд амоны, афтæмæй тырндзæн, цæмæй уыцы раст фæндагæй ма фæцуда. Фæлæ йæ Зæхх нæ уадзы уыцы раст фæндагыл змæлын, уый йæ ласы йæхимæ æмæ йын йæ фæндаг зылын кæны. Сармадзаны нæмыгыл архайынц дыууæ тыхы: сармадзан ын цы тых радта (удæгас тых, зæгъгæ, кæй хонынц, уый) æмæ Зæххы химæлвасынады тых (нæмыджы уæз). Фыццаг тых нæмыджы скъæфы размæ æмраст фæндагыл, дыккаг тых та йæ ласы бынмæ.

Афтæмæй нæмыг уыцы иу рæстæджы размæ дæр цæуы æмæ бынмæ дæр хауы. Уымæ гæсгæ йæ фæндаг рауайы нæдæр горизонталон, нæдæр вертикалон хахх, фæлæ цавæрдæр зылын хахх (парабола).

Зæххы хъуыддаг дæр афтæ у, райдайæны йæм цы удæгас тых уыди, уый руаджы тырны æмраст хаххыл змæлынмæ æмæ алы секунд дæр ацæуы 30 км. Фæлæ йæ Хуры химæлвасынады тых дæр «рох нæ уадзы»: 30 км раст фæндагыл ацæугæйæ, Зæхх Хурæй адард вæййы 3 мм æмæ та йæ Хур йæхимæ æрбалвасы.

Ацы дыууæ тыхы сæ кæнон кæнынц секундгай нæ, фæлæ æнæскъуыйгæ, æмæ уымæ гæсгæ Зæххы орбитæ рауайы къæдзтæ-мæдзтæ нæ, фæлæ лæгъз эллипс.


««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.