Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 36. Нæ къæлиндары хъæндзинæдтæ. Фидæны къæлиндар

Астæуккаг скъолайы геометри чи ахуыр кодта, уыдон зонынц, зиллаччы диаметры дæргъ иуæгæн куы райсæм, уæд уыцы иуæгæй зиллаччы дæргъ нæ бон кæй нæ бауыдзæн бынтон дырысæй сбарын. Æндæр ныхæстæй зæгъæн ис афтæ, зæгъгæ, зиллаччы дæргъ диаметры дæргъыл куы райуарæм, уæд нæм рауайдзæн нæдæр æнæхъæн, нæдæр мурон нымæц, фæлæ иррационалон, зæгъгæ кæй хонынц, ахæм нымæц. Раст афтæ у тропикон афæдз æмæ суткæйы хъуыддаг дæр. Суткæйы дæргъ иуæгæн равзаргæйæ, тропикон афæдзæн нæй бынтон дырысæй, хæрз бæлвырдæй базонæн уыцы иуæджы фæрцы; нæй ссарæн нæдæр æнæхъæн, нæдæр мурон нымæц, цæмæй йæ суткæйы дæргъыл ахатт кæнæм æмæ нæм рауайа тропикон афæдзы дæргъ. Æмæ кæд уый афтæ у, уæд бынтон дырыс къæлиндар саразыныл хъуамæ хъуыды дæр ма кæнæм. Бынтон дырыс къæлиндар саразæн нæй! Григорийы къæлиндар Юлийы къæлиндарæй уымæй хуыздæр у, æмæ уый иучысыл дырысдæр у, фæлæ уый дæр бынтон дырыс къæлиндар нæу. Юлийы къæлиндар 400 азы дæргъы фæсте баззайы 3 суткæйы. Æцæгæй та уыцы рæдыд у 3 суткæйы нæ, фæлæ 3 суткæйы 2 сахаты æмæ 53 минуты. Уыцы 2 сахаты æмæ 53 минуты Григорийы къæлиндар ницæмæ дары. Афтæмæй уыдон цадæггай æмбырд кæнынц æмæ сæ 3300 азы фæстæ рауайы иу суткæ. Григорийы къæлиндары райдианæй 3300 азы куы рацæуа, уæд уый дæр иу суткæ фæстейы баззайдзæн æмæ уалдзыгон бонæмиасад æрцæудзæн 20 мартъийы, мах та йæ нымайдзыстæм 21 мартъийы. Фæлæ 3300 азы дæргъы иу суткæ фæрæдийын стыр аипп нæу, æмæ уыцы хъуыддаг ног къæлиндары ныхмæ азымæн хъуамæ ма бадарæм.

Нæ къæлиндармæ ис æндæр хъæндзинæдтæ: 1) иу азы къæлиндарæй иннæ аз нал вæййы пайда кæнæн, алы аз хъæуы къæлиндар ногæй мыхуыр кæнын; 2) мæйтæ æмдæргъæн не сты: кæм ис 28, кæм 29, 30, кæм та 31 бон, 3) къуыритæ фæвæййынц дыгай дихтæ, сæ иу хай иу мæйы, вæййы, иннæ хай та дыккаг мæймæ ахауы, 4) нæ бæрæгбонтæ (зæгъæм 1 мæй, 7 ноябрь) алы аз æрцæуынц хицæн æмæ хицæн бонты, 5) афæдзы райдайæн 1 январæй кæй у, уымæн ницы астрономон бындур ис, 6) нæ эрæйы райдайæны аз æрымысæггаг у,— Чырысти куыд уæвæг, афтæ зæххыл никæд царди, 7) мæйтыл ис рагон паддзæхты кæнæ муртатон хуыцæутты нæмттæ.

Ацы хъæндзинæдтæ раджы фæбæрæг сты æмæ ахуыргæндтæ бирæ фæкуыстой, цæрæнбонтæм чи бæзза, алы аз ногæй мыхуыр кæнын кæй нал хъæуа, ахæм къæлиндар æрхъуыды кæныныл.

1923 азы Дунейы нациты цæдис (Нациты Лига) сæвзæрста сæрмагонд къамис, кæцыйæн бабар кодтой, ног къæлиндармæ ахизыны фæдыл цы проекттæ æрбацыд, уыдонмæ æркæсын. Проекттæн ис дыууæ сæйраг къордыл адих кæнæн. Фыццаг къорды проекттæ домынц, цæмæй афæдзы уа 13 мæйы фæйнæ 28 боны. Алы мæйы дæр уыдзæн 4 къуырийы; мæйы райдайæн уыдзæн хуыцаубон, йæ кæрон та сабат. 13-мæйон къæлиндармæ бирæ хорздзинæдтæ ис, фæлæ йæ иу хъуыддаг тынг аиппджын кæны. 13 мæйы 28-гай бонтæй æййафынц 364 боны, афæдзы та ис 365 1/4 боны. Уыцы уæлдай боны тыххæй 13-мæйон къæлиндары автор зæгъы, цæмæй уыцы бон уа æппæт дунейæн «ног азы бон», фæлæ нымад хъуамæ макæцы мæйыл уа, стæй йын къуырийы искæцы бон схонæн дæр нæ уыдзæн, ома уый нæ уыдзæн нæдæр хуыцаубон, нæдæр къуырисæр, нæдæр дыццæг æмæ аф. д. Даргъ азы ахæм «афтид бонтæ» уыдзæни дыууæ; дыккаг «афтид бон» та хъуамæ уа июны кæрон.

12-мæйон къæлиндары фарсхæцджытæ зæгъынц, зæгъгæ, дам, 13-мæйон къæлиндар расайдзæн бирæ хæццæдзинад, уымæн æмæ уæд историон датæтæ бахынцын фæзын уыдзæн, 12-мæйон къæлиндары бындурыл цы алыхуызон таблицæтæ æрцыдис арæзт, уыдон та ногæй аразын бахъæудзæн. Уый бæсты, дам, хуыздæр уыдзæни 12-мæйон къæлиндармæ ивддзинæдтæ бахæссын. Уыцы ивддзинæдтæ бахæссыны фæстæ 12-мæйон къæлиндар бирæ фæхуыздæр уаид.

12-мæйон къæлиндары проекттæй иу у ахæм. Афæдзы ис цыппар кварталы, фæлæ, ныры кварталтæй хъауджыдæр, уыдон се ’ппæт дæр сты æмдæргъæн — фæйнæ 91 бон. Алы кварталæн дæр йæ фыццаг мæй (январь, апрель, июль, октябрь) ралæудзæн къуырисæры æмæ фæуыдзæн дыццæджы. Уыцы мæйты уыдзæн фæйнæ 30 боны, кæцытæй 26 уыдзысты кусгæбонтæ, 4 та улæфты бонтæ. Кварталтæн сæ дыккаг мæйтæ (февраль, май, август, ноябрь) ралæудзысты æртыццæджы æмæ-иу фæуыдзысты цыппæрæмы. Уыцы мæйты дæр уыдзæн фæйнæ 30 боны. Кварталты фæстаг мæйтæ (март, июнь, сентябрь, декабрь) ралæудзысты майрæмбоны æмæ фæуд кæндзысты хуыцаубоны. Уыцы мæйтæй алкæм дæр уыдзæн фæйнæ 31 боны, кæцытæй 26 уыдзæн кусгæ бонтæ, 5 та улæфты бонтæ. Йæ авторты фæндмæ гæсгæ ацы къæлиндар йæ тыхы хъуамæ бацыдаид 1934 азы, уымæн æмæ уыцы аз 1 январь уыди къуырисæры. («Хуры зылдмæ» гæсгæ та æввахсдæр рæстæджы 1 январь къуырисæр боны æрцæудзæн 2018 азы). Ахæм ивддзинæдтæ бахæссыны фæстæ 12-мæйон къæлиндар уаид стандартон къæлиндар, алы аз ногæй нал хъæуид къæлиндартæ мыхуыр кæнын. Астрономон, метеорологон æмæ проценттæ нымайынæн æнусгай цы таблицæтæ фæцарæзтой, уыдон ногæй аразын нал бахъæуид.

13-мæйон къæлиндаримæ абаргæйæ, ацы къæлиндармæ ис ноджы æндæр хорздзинæдтæ дæр, фæлæ 13-мæйон къæлиндармæ цы фау æрхастам, уымæй цух нæу 12-мæйон къæлиндары ног проект дæр: цы дыууæ «афтид боны» тыххæй дзырдтам, уыдон ацы къæлиндары дæр зайынц афтæ «афтид бонтæй». Æнæ фæнысан та сын уæвгæ нæй, уымæн æмæ æнæ уыдон бахынцгæйæ, къæлиндарон афæдзы дæргъ тропикон афæдзы не ’ййафдзæн.

Цы дыууæ проектмæ æркастыстæм, уыдонæй дарддæр ма уыди ноджы бирæ алыхуызон варианттæ. Нациты Лигæ саккаг кодта 12-мæйон къæлиндар, æмæ 1939 азæй уыцы къæлиндар æппæт бæстæты дæр хъуамæ кусын байдыдтаид, фæлæ дунейы политикон уавæртæ фæзынвадат сты, райдыдта дунеон хæст æмæ хъуыддаг йæ бынаты баззади.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.